07 декабря 2024

ДЗИДЗОЙТИ Анатолий: «ИСФÆЛДЕСÆГ НИН ЦАРДАМОНДÆН РАВГИТÆ ДÆТТУЙ, АРАЗГÆ БА НÆХЕЦÆЙ ÆЙ!..»

05.08.2023 | 13:45

Нæ адæми уодиконд уотæ ’й, æма дзиллити ’хсæн нимад лæги кой ку рацæуй, уæд æнæмæнгæ ин æ муггаг, æ ахили хабæрттæ дæр æримисунцæ, растауйнагæй сæмæ ци фæззонунцæ, уой кой дæр ракæнунцæ. Хумæтæги нæмæ нæ байзадæй нæ фидтæлтæй уæхæн загъд: «Муггаг кадгин лæгтæй федауй!..»

Уогæ кадгин лæгтæ дæр æнай-æнойти нæ фæззиннунцæ. Хуарз тиллæг, дан, айдагъдæр хуарз гъудгонд будури æрзайуй…

* * *

Нимади муггаг адтæнцæ Дзидзойтæ алкæддæр нæ Дигори, уотæ устур æй сæ кадæ абони дæр. Фиццагидæр – ци ахил си рантæстæй, уони лæгдзийнæдтæй. Дзиллитæн берæ хуæрзти ка бацудæй, уонæн сæ еугурей кой ракæнуни равгæ нин нуртæккæ нæййес, фал нæ абони сæрмагондæй зæгъун фæндуй Дзидзойти Дудари фурт Анатолийи туххæй, уой дæр зæрдтагон хабармæ гæсгæ – хуцаубони, 6 августи ибæл æнхæст кæнуй цуппаринсæй анзи. Лæдæрæн æй, берæ кæмæдæрти адæймагæн æ кари æнзти бæрцæ бæрæг кæнун аккаг цаубæл нимад нæ цæунцæ, кадæртæ ба син сæ берæй гъенцъун кæнунцæ… Фал цидæриддæр уа, уæддæр етæ Хуцауи лæвар æнцæ æма гъæуама боз уай, æгайтима дин нæ Исфæлдесæг исаккаг кодта сæ фæццæрун, уæлдайдæр ба ма кæд зæрдрохсдзийнадæй æма æнæнездзийнадæй æнхæст æнцæ… Æма, махмæ гæсгæ, Анатолий ба, æ еци æнзти бæрзондæй æ цардвæндагмæ ку ракæса, уæд гъæуама гъæстаг ма уа. Гъо, адтæй алцидæр – зиндзийнæдтæ дæр, гъезæмæрттæ дæр, зæрдæфхуæрдтитæ дæр, хъонц æма цийнæ дæр… Еузагъдæй, цард цард æй, æма кæрæй-кæронмæ си лигъз нæдтæ некæд некæмæн  ма адтæй, фæууй си къаппæ-къуппитæ, къæхкъуæрæнтæ дæр. Фал адæймаг уони уоййасæбæл нæ фæимисуй, æ карни æ зæрдифæндон гъуддæгутæ ин ку бантæсуй, уæд. Æма Дзидзойти Анатолийи бон ба æй абони æргомзæрдæй уæддæр æхецæн уотæ зæгъун: «Ци мæ бон адтæй æма мæ равгитæ куд амудтонцæ, уонæмæ гæсгæ царди хабæрттæ аразтон уотæ, цæмæй мин си абони æфсæрмиагæй æма фæсмойнагæй маци уа…»

Анатолий райгурдæй 1943 анзи 6 августи Дзидзойти Малийи фурт Дудари æма Елизавети (Темурти Аслангерийи кизгæ) бийнонти ’хсæн – æ фидæ æма æ мадæн иссæй сæ цæуæти фиццаг сабий.

ДЗИДЗОЙТИ Дудар æма æ кæстæр æнсувæр Алихан

Дур-Дури цæргæй, Дзидзойти Дудари бийнонтæ сæ карни хабæрттæ кодтонцæ сæ равгитæ æма гæнæнтæ син куд амудтонцæ, фæлмæн хорбони адæймаг ци зæрдинцойнæ февзаруй, уотæ уодфедарæй бæлдтæнцæ сæ исонибони райдзастмæ. Фал син сæ бæлдити ирд арв æнæй-æнойти адзал ниттар кодта æверхъаудзийнади сау мегътæй – æ кусти фæммард æй Дудар… Уоййасæбæл устур нифс син кæмæй  адтæй, сæ еци фидæй фенæхай æнцæ е ’ртæ фурти, сæ хестæр  Толик, уæд ибæл цудæй æдеугурæй дууадæс анзи. Хæдзари хестæр нæлгоймаги ихæстæ уой æригон усхъитæбæл æрæнцадæнцæ. Уæззаудæр куститæ æ рагъи, æ дууæ кæстæр æнсувæри – Славик æма Валерикки гъомбæл кæнун – уой ихæс, уомæн æма сæ мадæ Темурони еудадзуг кустмæ цæун гъудæй. Мадта цæмæй цардайуонцæ  бийнонтæ уæди, евгъуд æноси фæндзайæймаг æнзти тухст уавæрти…

Мади æ зæрди фæндон æнхæст  нæ евдалдæй биццеутæмæ æма Толик æ амундмæ игъуста, æ фæдзæхститæ ин æнхæст кæнгæй, æ кæстæрти дæр æгъдаубæл, кустбæл ахур кодта.

 

«НÆ НÆ АДТÆЙ БАРÆ НЕКÆД ХОРБАДÆНТÆЙ, МАДИ ФÆНДÆ НÆ ЗÆРДИТИ МАХ ДАРДТАН…»

Зæгъун æнгъезуй, Дудари хестæр фурт айдагъ æ фиди фæсте уой ихæсти уаргъ нæ райста хæдзари, фал ма е ’нсувæртæн дæр иссæй надамонæг, ахургæнæг, гъомбæлгæнæг. Кæстæртæн е ке загътайдæ, уобæл дууæ зæгъæн нæбал адтæй, уой цийфæндийæй дæр æнхæст кæнун гъудæй.

Дудари цардæмбал Темурон Лизæ (Ялтæ, 1964 анз)

Гъуди ма ’й кæнун, се ’мгъæуккаг, зундгонд публицист æма финсæг Æгъузарти Саукуй (гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд…) аци бийнонти туххæй хабæрттæ кæнгæй, уотæ имисидæ:

– Биццеутæ седзæртæй уотæ раги ке байзадæнцæ, е сæ хестæрхуз кодта, уæлдай уаргъ сæбæл æвардта æма еци уаргъ барæ-æнæбари дæр хæссун гъудæй. Изæрæй фæсевæд гъæуи фæсте будурмæ гъазунмæ ку рацæуиуонцæ, уæд Толик ба ахид нæ уидæ нæ хæццæ. Кенæ изæйрон зилдтитæ кодтайдæ, кенæ ба æ уроктæ кæнунбæл фæцайдæ. Ахид – гъуддагхуз, гъудицæстæ, мæтъæл. Скъолай дæр – еци рауон-циуон, дзурдарæхст, дзуапп раттунмæ – дæсни. Бустæги ба, къласи естæй туххæй буцæу дзубанди ку рауайидæ, уæд уой раст ниллух кæнунмæ – тæрхони лæг!  Е ке загътайдæ, е ци унаффæ рахæссидæ, уобæл ахургæнæг дæр дууæ нæбал зæгъидæ. Юристи дæсниадæ æ тоги раги ниххизтæй, е æ тæрнихбæл дæр финст адтæй.

Сæхемæ Дур-Дури 1961 анзи хуарз бæрæггæнæнти хæццæ астæуккаг скъола каст фæууогæй, исфæндæ кодта юристи дæсниадæ райсун. Æ фадуæттæ куд амудтонцæ, уомæ гæсгæ  фæсаууонмæ ахур кæнун райдæдта Мæскуй Еугуруæрæсеуон юридикон институти. Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ба нæхемæ райгон æй университет, фæззиндтæй си юридикон факультет дæр æма Анатолий фæстаг къурси ардæмæ раййивта. Диплом ку райста, уæд  райдæдта прокуратури слестгæнæгæй косун.

 

«НÆ ДЗИЛЛИТÆН КАДÆ ХÆССУН МÆ РАСТ КУСТÆЙ УАРЗУН ÆЗ…»

Æ берæ æма арф зонундзийнæдти хæццæ ма Анатолиймæ  разиндтæй берæ лæгдзийнæдтæ, кæцити фæрци ин æнтæстæй æ фæллойнадон нади тæккæ райдайæни уобæл федар къахдзæфтæй рараст ун. Лæмбунæг, дæргъвæтийнæ хабæрттæ нæ кæнун æ кусти фæдбæл ка ин зонуй æ еци хабæрттæ, уонæн нæуæгæй неци зæгъдзæнæн, ка сæ нæ зонуй, уонæн ба мæ æгæр дæргъвæтин дзубанди кæнун бæгъæудзæнæй æма уомæн ба нуртæккæ фадуат нæййес. Фал æ профессионалон къахдзæфтæ рæстмæ æма æнтæстгин ке адтæнцæ, уобæл дзорæг æй е дæр, æма  Дзидзой-фурт æригонæй иссæй Ирæфи райони прокурор. Æ кусти медес кæмæдæрти кæд тузмæг æма æгъатир кастæй, уæддæр æй е ба уæхæнæй æгириддæр не ’нхæст кодта. Хаста æй, закъон куд амудта, уотæ – æцæг рæстдзийнади æма лæдæруни бундорбæл. Уомæ гæсгæ, уæди рæстæгути æй ка зудта, етæ хумæтæги нæ фæззæгъунцæ, гъома, зудта адæми хæццæ цæрун, дзæгъæли некæд неке бафхуæрун бауагъта. Мадта  Рахесфарси райони, уæдта Кирови райони  косгæй дæр уотæ. 1999 анзи æй  раййивтонцæ республики прокуратурæмæ, куста си ахсгиагдæр хайæдтæй еуей сæргълæууæгæй. Æнтæстгинæй æнхæст кодта æ размæ æвæрд ихæстæ.

Æртæ æнсувæри (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) Анатолий, Славик, Валерик – евгъуд æноси 60-аг æнзти.

Æртиндæс æма инсæй  анзи бакуста прокуратури рæнгъити, иссæй юстиций хестæр советник (болкъон). Берæ аллихузи хуæрзеугутæ исаккаг кодтонцæ æ хуарз æма æнæзæрдихудт фæллойни туххæй Дзидзойти Анатолийæн Советон Цæдеси, уæдта Уæрæсей хецауадæ, прокуратури разамунд.1993 анзи 21 майи Анатолийæн лæвæрд æрцудæй реубæлдаргæ бæрæггæнæн «Почетный работник прокуратуры», никки ма Уæрæсей Федераций Генералон прокурори унаффæй фиццаг къæпхæни майдан «За верность закону», 2013 анзи Анатолийæн исаккаг кодтонцæ Цæгат Иристони æскъуæлхт юристи кадгин ном.

* * *

Æригонæй гъе уотæ исахур æй æма ци гъуддагмæ бавналуй, уой æрдæгкондæй некæд уадзуй, нæй уотæ æ бон. Æнцад нæ лæууй, гъæуама ести архайа, е æ тоги æй. Уой дæр айдагъ æхе гъуддæгути нæ. Еске æ агъаз багъудæй, зæгъгæ, уæд æхе гъуддæгутæ ниууадздзæнæй, фал еци адæймаги фарсмæ ба балæудзæнæй, æ бон ци уа, уомæй имæ фæккæсдзæнæй. Аци гъуддаги ма имæ ес еу, е ’цæг лæгдзийнадæ ин ка æвдесуй, уæхæн менеуæг. Зæгъæн, цæмæдæр гæсгæ æ бон нæ исуодзæнæй кæмæндæр цидæр æхсицгон гъуддаг исаразун, уæд имæ разиннуй уоди хъаурæ уой туххæй æргомæй зæгъун, еске фæффудевгед кæнуни æма мæнгæ æфсæрмий рæуонæй расайуни бæсти. Æ бон æй дзурд нæ раттун, фал еугæр ку зæгъа, уæдта неци хузи фæссайдзæнæй. Фæливд ун, дзурд фæссайун  нимайуй фур æгадæбæл, нæ уодæнсуй уæхæнтти æгириддæр.

Æнзтæ, рæстæгутæ ин нæ исæййивтонцæ æ уодиконд. Кæмидæр уа, цидæриддæр гъуддаги бацæуа – æ архайд уобæл фæууй, цæмæй си алцидæр уа зæрдæмæдзæугæ, дзиллитæн хæсса уодæнцойнæ æма æхцæуæндзийнадæ. Æнæгъдау миуæ æхецæн ке нæ исаккаг кæндзæнæй, уобæл дзубанди дæр нæййес, фал имæ ци берæ хуарз менеугутæ ес, уонæй ба еу е æй, æма, еуети хузæн кедæр æнæгъдау миутæбæл æ къох нæ ракъуæруй, гъома, мæн ци гъуддаг ес, зæгъгæ, – некæд æма некæмæн уодæнсуй æведауцæдзийнадæ æма æнæгъдаудзийнадæ. Уой хæццæ ба нæ фæккæнуй еунæг хъипп дæр нæгъæуаги некæд. Кедæр зæрдæмæ фæццæуни кенæ кæмæндæр ракозбау кæнуни зæрдтæй царди хабæртти фæдбæл æ цæстингас кенæ фæткитæ раййевæ-баййевæ кæнун нæ уарзуй æма уой æ сæрмæ нæ хæссуй.

 

«НÆДТÆ МÆ ХОНУНЦÆ ФÆЛЛОЙНÆН Æ АРТМÆ, ÆМА СÆБÆЛ НÆ КЕУГÆЙ ЦÆУН НУР ÆЗ ДÆР…»

Уобæл дзорæг æй е дæр, æма еу бунати зæрдæй косун фæразта алкæддæр. Æ зæрдихатт уотæ ’й, æма кусти тиллеф нæ зонуй. Хъазар ин æй кадæ æ царди аци лæгæн. Æхуæдæг куд фæззæгъуй: «Алке дæр райгуруй цæрунмæ, ести хуарз гъуддаг бавдесунæн. Адæми хæццæ цæрун ку зонай, уæд некæд кæндзæнæ фæсмон…»

Уомæн æвдесæн Дзидзойти Анатолийæн æхе цардиуагæ. Фæллойнæ уарзуй æма ин, æвæдзи, уомæ гæсгæ ба Хуцау дæр равардта цардамонд. Æхе нимайуй ихæсгинбæл нæ адæмæй. Фæлтæрти рæстбæл сагъæстæ æма гъудитæ æ зæрдæмæ иста алкæддæр æма абони дæр си еуварс нæ ’й.

Æ æнзтæй æрцардæй нерæнгæ цуппаринсæй. Етæ ба хуарздзийнæдтæй уотæ гъæздуг æнцæ, æма сæмæ адæймаг кæдзос зæрдæй куд не ’рхицæ кæна. Æ хæзнати хæзна ба е æй, æма ин уарзон хæстæгутæ æма хеуæнттæй уæлдай ес, сæрустур кæмæй æй æма ин уодæнцойнæдзийнадæ ка дæттуй, æ еци берæ æрдхуæрдтæ, лимæнтæ, хуарз зонгитæ. Куд етæ, уотæ сæ е дæр æ зæрди ауодундзийнадæй батавуй, се ’ной къæбæр нæ хуæруй, сæ хæццæ гъуддаги бацæугæй æ дзурдæн алкæддæр æй федар хецау.

Уогæ мæ аци загъдмæ гæсгæ уотæ маке бангъæлæд, æма æ царди еудадзугдæр хорбæнттæ адтæй, уазал æма тухстдзийнадæ хæссæг мегътæ æ сæрмæ некæд æрбамбурд уиуонцæ. Куд адæми ’хсæн æма уони сæрбæлтау архайæг лæг, уотæ Дзидзой-фуртæн дæр æ царди над æмхузон лигъз кæми адтæй, исæмбæлиуонцæ фудæвзарæнтæ дæр… Фал имæ етæ нимади дæр нæ ’нцæ абони, уомæн æма, æхуæдæг куд фæззæгъуй, хуæрзтæ æма хуарздзийнæдтæ фулдæр адтæнцæ.

Фæндуй ма мæ еу гъуддаги туххæй зæгъун.

Æ рæстæги ин гæнæнтæ æма амæлттæ адтæй, мæ царди æма мæ кусти мин фулдæр кæд бантæсидæ, зæгъгæ, кумæдæр идæрдтæмæ рандæун. Ка ’й зонуй, æндæр кæмидæрти ин, æцæгæйдæр, фулдæр æма хуæздæр бантæстайдæ… Фал некумæ рандæ ’й… Æ ирисхъæ ке исбаста æ райгурæн зæнхи хæццæ, æ амонди «мæсуг» ами, нæхемæ ке исамадта, уобæл æгириддæр нæ фæсмон кæнуй. Е нæ, фал уомæй сæрбæрзонд дæр ма æй.

 

«ДАРГЪ ÆНЗТИ МÆ УÆРГЪТÆ ÆНÆФАУ ХÆССУН, НÆ ЦАРДИ ЦИРÆГЪТÆ НÆ УАДЗУН ХУССУН…»

Прокуратури бæрнон бунати косгæй, уордигæй кади хæццæ ку рацудæй æ æнзтæмæ гæсгæ, уæд хъæбæр зæрдиуагæй бавналдта педагогон æма наукон кустмæ. Хуарз æма зонундзийнадæн кæрон нæййес, е федар æвæрд æй Анатолиймæ. Прокуратури косгæй ци берæ гъуддæгутæ базудта, ци практикон фæлтæрддзийнадæ райста, уони нур ба исбаста теорий хæццæ æма, зæгъун æнгъезуй, арæхстгинæй науки дæр æвдесуй зингæ æнтæстдзийнæдтæ.

Дзидзойти Анатолий, куд ахургонд, уотæ финсуй æгириддæр, кенæ ба хъæбæр минкъий каст кæмæ æрцудæй наукон æгъдауæй, уæхæн барадон фарстатæбæл. Уæрæсей раззагдæр наукон журналти мухургонд цæунцæ æ уадзимистæ, уонæн устур

ДЗИДЗОЙТИ Анатолий (рахесæрдигæй дуккаг) æма Валерий сæ дагестайнаг æмхуæрифуртти (сæ мади хуæрæ Гулинæ авайраг киндзæ адтæй) хæццæ.

аргъ кæнунцæ нæ зундгонд юристтæ. Анатолий ахид фæууй аллихузон наукон конференцити. Фæстаг дæс анзей дæргъи æ ном куд дæсни наукон-æртасæн кустгæнæг юрист, уотæ райгъустæй Нальчикки, Пятигорски, Краснодари, Ростови, Стъараполи, Санкт-Петербурги æма Мæскуй.

Æ профессионалон архайд ин кæд цийнаг æй, уæддæр æ ахсгиагдæр нифс æма зæрдрохс бундор æнцæ æ  сугъзæрийнæ бийнонтæ æма сæрбæрзонд кæмæй æй, еци кæстæр æнсувæр, зундгонд ахургонд Валерий. Æнцæ хъæбæр тумугъ цардгъон бийнонтæ æма е ба айдагъ Анатолийи фæрци нæй, фал æ зæрдхæлар, адæмуарзон бийнойнаг Æлбегати Агубекири кизгæ Клари хъаурæй дæр. Нур дæс æма дууинсæй анземæй фулдæр кæрæдзей лæдæргæй цæрунцæ еумæ. Исгъомбæл кодтонцæ фурт Алан – фæцæй каст  юридикон факультет, иссæй юстиций кæстæр советник (майор). Куста Промышленнон райони прокурори хуæдæййевæгæй…Æ ниййергутæн устур нифсдæттæг бæргæ адтæй, фал… Цалдæр анзей размæ еци цардгъонæй æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй. Еци æверхъау хабари зин абони дæр ма бийнонтæн зæрдрист æй. Ами уой зæгъун гъæуй, æма æ кизгæ Валерия равзурста æ фиди дæсниадæ – æнтæстгинæй каст фæцæй Мæскуй Кутафини номбæл паддзахадон юридикон университет (прокуратури Институт) æма нуртæккæ косуй Дзæуæгигъæуи Цæгат-Нигулæйнаг райони прокурори æгъазгæнæгæй.

Аци къарæ рагон æй, æма ист æрцудæй, ДЗИДЗОЙТИ Анатолий æ бийнонти хæццæ фæлладуадзæн балций ку адтæнцæ, уæд. Галеуæрдигæй си лæууй æ æдзард фурт Алан.

Анатолий æма Клари кизгуттæ Зæлинæ æма Паулæ дæр рацудæнцæ фидæ æма æнсувæри надбæл, райстонцæ юристи дæсниадæ. Зæлинæ косуй Дзæуæгигъæуи администраций, Паулæ ба медгъуддæгути министради къабази.

Куд мадæ, уотæ Кларæ куд нæ цийнæ кæндзæнæй æ кæстæрти рæстмæзунд хабæрттæ æма гъуддæгутæбæл. Уогæ хаттæй-хатт ходгæй уотæ дæр фæззæгъуй:

– Бæргæ неци хилæ кодтайдæ, уæддæр си еу дохтир ку иссайдæ… Фал нæ рауадæй æма ма ибæл ци дзорæн… Хуцау еци хуарз исаккаг кодта, æма абони мæ бон æй хъæбæр боз ун… Дохтир ба?.. Куд фæззæгъунцæ, изæр нæма ’й, æма, ка ’й зонуй, нæ кæстæрти кæстæртæй кæмæдæр еци ацъагъуæ разиндзæнæй…

Боз æнцæ Анатолий æма Кларæ сæ цæуæтæй дæр æма  уони кæстæртæй дæр. Нæ рагфидтæлтæ куд зæгъиуонцæ: «Бæдолæ уæраги хъанз æй, бæдоли-бæдолæ ба зæрди ауиндзæн!..»

Цуппаринсæй анзи æнхæст кæнуй Дзидзойти Дудари фурт Анатолийбæл… Лæгæн æ тæккæ курухон карæ! Нæ бон уотæ зæгъун дæр æй, æма Анатолий гъæуама фæсмойнаг мацæбæл æма гъæстаг мацæмæй уа. Уомæн æма рæстуодæй цæруй  адæми ’хсæн, цидæриддæр æ бон æй, уой æхе бæрни гъуддæгути дæр некæд æвгъау кæнуй, уой хæццæ ба ма æнхæстæй дæттуй æ зонундзийнæдтæ ирæзгæ фæлтæртæн æма си етæ дæр абони хъæбæр арфиаг æнцæ.

Æцæг лæгæй фæццæрун æй лæгдзийнадæ, æндæра цæргæ ба хъæбуза дæр кæнуй. Еци лæгдзийнадæй ба æнæхай нæ фæцæй Дзидзойти Дудари фурт Анатолий!.. Æма ин æхецæн дæр æма æ бийнонтæн дæр, уæлдайдæр ба æ кæстæртæн нæ Исфæлдесæг устур амонди берæ хуæрзтæ исаккаг кæнæд!..

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ

Фæсдзурд: Дзидзойти Анатолийи хуарз менеугутæй ма еу е æй, æма æхцул æй киунугутæ кæсунбæл. Уомæ гæсгæ абони аци æрмæги дæлсæргондæн райстан е ’мгъæуккаг, зундгонд ахургæнæг Худæлти Æхсарбеги финст æмдзæвгитæй хецæн рæнгъитæ.