04 октября 2024

ДЗИЛЛÆН ФАРНÆХÆССÆГ УН Æ УОДИКОНДИ АДТÆЙ…

18.05.2024 | 22:45

Дуйней исконди æгъдæуттæ уæхæн æнцæ, æма нин уæд нæ зæрдитæ барохс кæнуй æ бæркадгун лæвæрттæй, уæдта нæ æнай-æнойти уонæй фенæхай кæнуй. Цæбæлдæрти ниббухсунгъон фæууæн, фал æгæрон зæрдрист ба фæууæн, нæ адæмæн фарнæхæссæг ка исуй, иннæ адæмти рази дæр ма уæлдай сæрустур кæмæй фæууй, уæхæн адæймæгутæ не ’хсæнæй ку фæгъгъæунцæ, уæд. Уотæ зæрдрист фæцан, нæ Иристони номдзуддæр адæймæгутæй еу, Уæрæсей Федераций уæлдæр скъолай æскъуæлхт косæг, Цæгат Иристони науки æскъуæлхт архайæг, экономикон наукити доктор, профессор Тохъайти Хасанбийи фурт Нох æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй, зæгъгæ, æверхъау хабарæй. Уой фæдбæл хъонц кæнунцæ айдагъ нæ республики нæ, фал Уæрæсей дæр æма фæсарæнти дæр æй ка зудта, еци дзиллæ дæр.

Абони нин нæ фурзинæй нæ бантæсдзæнæй Тохъайти Нохи цардвæндаги æма æ æгæрон хуарздзийнæдти туххæй бæлвурдæй æрдзубанди кæнун. Еци гъуддаг æнæмæнгæ исæнхæст кæндзинан фæстæдæр. Абони ба зæгъдзинан цубурæй.

Тохъайти Нох райгурдæй Чиколай 1941 анзи рæстзæрдæй фæллойнæгæнæг бийнонти ’хсæн. Сауæнгæ хуæрзæригонæй дæр бæрæг адтæнцæ æ уодигъæди хуарз менеугутæ. Алкæддæр  фæнзта хуæздæрти: биццеу уогæй, фæллойни – æ хъиамæтгун фидæ Хасанбийи, ахури – æ хестæр æнсувæр Марклени, æгъдауи – кадгин хестæрти. Абони ба æхуæдæг æ лæгдзийнæдтæй æй фæнзуйнаг иннетæн.

Советон Æфсади рæнгъити æ ихæс рæстуодæй исæнхæст кæнгæй, 1965 анзи исæздахтæй æ райгурæн гъæу Чиколамæ. Уæд  æй исæвзурстонцæ фæскомцæдеси Ирæфи райкоми дуккаг секретарæй. Гъæйттæй бавналдта еци кустмæ, æма ин æнтæсгæ дæр берæ кодта. Фал уæддæр æ зæрди ба адтæй æндæр фæндитæ. Æма цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй паддзахадон университети экономикон факультетмæ. Скъолай фæсте æхсæз анзи рацудæй, фал ин уæддæр æ зонундзийнæдтæбæл дес кодтонцæ ахургæнгутæ. Нохмæ арф экономикон гъудитæ ке адтæй, уомæн устур аргъ искодтонцæ факультети раззагдæр ахургæндтæ æма ист æрцудæй аспирантурæмæ. Афойнадæбæл багъæуай кодта экономикон наукити кандидати диссертаци. Еу рæстæг ракуста нæхемæ Хуæнхон-металлургон институти, уæдта æ бийнойнаг Татьяни (æ кизгæн муггаг Миряхина, студенттæ уогæй байеу кодтонцæ сæ цард) хæццæ рандæнцæ Украинæмæ. Æрбундор æнцæ сахар Николаеви. Идарддæр цудæй æнтæстгинæй æ наукон ирæзт. Цубур рæстæгмæ иссæй хуæздæр ахургæнгутæй еу, ниффинста æма рауагъта мухури цалдæр киунуги. 1985 анзи Мæскуй университети æнтæстгинæй багъæуай кодта экономикон наукити доктори диссертаци, райста профессори ном дæр. Æрлæудтæй зундгонд ахургæндти рæнгъи, фал тог тог æй, нæхердæмæ томар кодта зæрдæ. 1988 анзæй ардæмæ куста нæхе университети, разамунд лæвардта экономикон факультетæн, уой фæрци игонгонд æрцудæнцæ цалдæр нæуæг дæсниади æма кафедри. Æхуæдæг адтæй финанстæ æма кредитти кафедри сæргълæууæг. Устур кадæ ин адтæй е ’мкосгутæ æма студентти, университети, наукон æмæхсæнади æма паддзахадон хецаудзийнади къабази ’хсæн.

Айдагъ æхе æнтæстдзийнæдтæ фагæбæл некæд нимадта, фал æ хъауритæбæл нæ ауæрдгæй, æ зонундзийнæдтæ не ’вгъау кæнгæй, æновудæй архайдта иннети ирæзтбæл ахури æма науки надбæл. Æ фæсте ке рацæун кодта, уой фæрци науки æ бунат ка иссирдта, етæ ’нцæ дæсгæйттæ æма дæсгæйттæ – экономикон наукити кандидаттæ æма доктортæ. Цал студенттемæн иссæй лæмбунæг зундамонæг æма гъмобæлгæнæг, уони нимæдзæн ба банимайæн дæр нæййес. Цал æма цал диссертаций фæдбæл адтæй оппонент, цæйбæрцæ лекцитæ бакастæй айдагъ Уæрæсей нæ, фал фæсарæйнаг паддзахæдти уæлдæр ахургæнæндæнтти дæр, цал конференций кусти архайдта докладти хæццæ.

Еугур еци хабæртти туххæй фæстæдæр радзорун ес нæ зæрди, абони ба  зæрдхъурмæй зæгъæн: «Рохсаг уо, Нох…»