07 декабря 2024

ДЗУБАНДИ – АХСГИАГ ФАРСТАТÆБÆЛ

15.07.2022 | 17:02

Адтæй алликъуæреуон аппаратон æмбурд. Амудта ‘й республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис. Æмбурди архайдтонцæ министртæ, хецауадæ, федералон оргæнти фæзуатон управленити разамонгутæ, районти администрацити минæвæрттæ.

Ногири райдæдтонцæ Терки билгæрæнттæ кæдзос кæнуни куститæ. Аци рауæн нурма бал æ тухи æй æнæнгъæлæги цаутæй багъæуай кæнуни фæткæ. Уой фæдбæл, уæдта, республикæбæл ци сахуарунтæ ‘рцудæй, уони фæстеугутæ еуварс кæнуни фарстабæл æмбурди дзубанди кодта Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег. Бæрæг куд æй, уотемæй сахуарунти фæсте Терки дон уæлæмæ иссудæй. Уой фудæй, коллектори хæтæл цæбæл æнцойнæ кодта, еци конструкци, уæдта Михайловски гъæуи æма Ногири ‘хсæн машинтти хед гъигæдард баййафтонцæ.

Льготитæй пайдагæнæг адæмæн хуастæ, гъæугæ медицинон дзаумау æма медицинон сæрмагонд хуæлцадæ лæвар цæмæй уа, уой туххæй Цæгат Иристон райсдзæнæй 12 миллион соми. Æдеугурæй ба аци нисантæн Уæрæсей регионтæн дехгонд æрцæудзæнæй 2,9 миллиард соми. Уой фæдбæл бардзурд бафинста Уæрæсей Федераций Хецауади Сæрдар Михаил Мишустин. Аци æхцайæй еу миллиард соми лæвæрд æрцæудзæнæнцæ уæлæнхасæнæй, дууæ миллиардмæ хæстæг ба æвæрд æнцæ 2022 анзи федералон бюджети æма сæ радех кæндзæнæнцæ регионти ‘хсæн.

– Республики Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради гъæуй æнгомдæр косун федералон министрадти хæццæ, испайда кæнун агъази еугур мадзæлттæй дæр, цæмæй агъаз афойнадæбæл хъæрта республикæмæ æма комкоммæ нисантæбæл харзгонд цæуа, уой туххæй, – бафеппайдта Дзанайти Барис.

Куд фегъосун кодта, уотемæй нæ республики Сæргълæуууæг Сергей Меняйлой баргондæй ин адтæй фембæлд Уæрæсей Федераций культури министри хуæдæййевæг Сергей Обрывалини хæццæ.

Дзубанди кодтонцæ Аланистони исаргъуди 1100 анзей бонмæ цæттæгæнæн куститæбæл. Пъланмæ гæсгæ, аци цитгин бон Цæгат Иристон исбæрæг кæндзæнæй 2024 анзи. Куд фæндæ кæнунцæ, уотемæй еци нисани хæццæ республики арæзт æрцæудзæнæнцæ культурон, рохсадон, наукон, спортивон мадзæлттæ.

Уомæй уæлдай, Дзанайти Барис дзубанди кодта, Тæбæхсæути Балой номбæл Цæгат Иристони паддзахадон академион театр, уæдта Евгений Вахтангови номбæл Уруссаг академион театр райаразуйнаг-цалцæггæнуйнаг æнæмæнгæ ке ‘нцæ, уобæл. Арæзтадæ æма архитектури министр Моргуати Константини игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, аци дууæ косæндони бундорон цалцæгæн гъæугæ гæгъæдитæ нуртæккæ цæттæгонд цæунцæ.

Хецауади Сæрдар æмбурди архайгутæн се ‘ргом раздахта, Мæздæги æма Горæтгæрон районти социалон-экономикон ирæзти мадзæлттæн ци гæгъæдитæ гъæуй, етæ федералон центрмæ бавдесунмæ афойнадæбæл цæттæ кæнуни фарстамæ. Уобæл дзубанди цудæй, амæй размæ Сергей Меняйлойæн Уæрæсей вице-премьер Александр Новаки хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми.

Алагири, Æрæдони, Дигора æма Беслæни бугъдæнттæ искæдзос кæнуни проектон-хæрзти гæгъæдитæ ‘нцæ цæттæ, æма сæмæ нуртæккæ каст цæуй Æрдзæй пайда кæнуни къабазæмæ цæстдарди федералон служби. Аци хабар æмбурди фегъосун кодта республики экологи æма æрдзон фæрæзнити министр Кокойти Витали.

Профилон министрадæн Дзанайти Барис бабарæ кодта, цæмæй афойнадæбæл бацæттæ кæнонцæ, цæугæдæнтти билгæрæнттæ фæффедар кæнуни куститæ республики куд цæунцæ, уой фæдбæл федералон центрмæ игъосункæнуйнаг.