18 апреля 2024

Дзурд æ рауæни ку уа, уæд алли афони дæр бæззуй!..

22.09.2020 | 18:17

Конфуций æ ахургæнуйнаги хæццæ цудæй уæлмæрдти рæзти. Циуавæрдæр силгоймаг гъæрæй кудтæй цирти уæлгъос. Конфуцийи зæрдæ исунгæг æй æма сæркъолæй игъуста гъарæнгæмæ. Уæдта силгоймаги бафарста:

– Дæ зæрдихалæн гъарæнгæ дормæ дæр багъардзæнæй. Æвæдзи ма дæбæл айразмæ дæр зиантæ æрцудæй?

– Раст зæгъис, – дзуапп равардта силгоймаг. – Кæддæр мин стай никъ-къуæхтæ кодта мæ хецауи, уæдта мæ лæги. Аци цирт ба мæ фурти æй. Е дæр стайти амæттаг бацæй.

– Æма уæд æндæр рауæнмæ цæмæннæ фæлледзис? – бафарста Конфуций.

– Ами æгъатир хецæуттæ нæййес, – дзуапп равардта силгоймаг.

Уæд Конфуций æ ахургæнуйнагæн уотæ:

– Дæ зæрдæбæл бадарæ, мæ хор, æгъатир хецау стайæй тæссагдæр æй.

☺☺☺

Филипп æма æ фурт Александр ахид хилæ кодтонцæ. Еу уæхæн хили рæстæги фидæ ниуæзтгунæй æ фуртмæ кардæлвæстæй фæллæбурдта, фал æваст фæккиудтæй.

– Нур а циуавæр лæг æй? – загъта Александр. – Аллибон, Европæй Азимæ стæри куд цæудзæнæй, еци хабæрттæ фæккæнуй, уотемæй еу фингæй иннемæ бацæун ба æ бон нæй.

 

☺☺☺

Социалист Лассаль дин Бисмаркæн социализми идеити туххæй ку радзоридæ. Бисмарк имæ байгъуста æма загъта:

– Лæгъуз гъудитæ нæ ’нцæ. Царди сæ рауадзæ, тæрегъæд кæмæн нæ кæнис, уæхæн адæмбæл сæ бавзарæ, уæд цума куд уайдæ? Зæгъæн, уруссæгтæбæл.

Аци хабар æримисгæ нæй.

 

☺☺☺

А.И. Соллогубæн е ’нсувæри кизгæ адтæй, саурæсугъд кæмæй фæззæгъунцæ, уæхæн. Гъема, еууæхæни уой хæццæ парки куд рацо-бацо кодта, уотемæй сæбæл рамбалдæй еу сæргъæн лæхъуæн æма фæрсуй:

– Зæгъай, дæ хуарзæнхæй, дæхуæдæг фудконд ку дæ, уæд дæ кизгæ уæхæн рæсугъд куд рауадæй?

– Уотæ дæр фæууй, – дзуапп равардта Соллогуб. – Ду дæр уосæ ракорæ æма, ка ’й зонуй, кæдимайди ба дин зундгин цæуæт исæнтæсидæ.

 

☺☺☺

Еу устур хецау хуйгутæн бафæдзахста, æвæрæни мин нæуæг фæлуст бахуйетæ.

– Аци фæлуст мæ гъæуй иуазæгуати цæунмæ, – балæдæрун кодта хецау.

Хуйгути разамонæг æй фæрсуй:

– Дæ фарнæ, дæ фарнæ, де ’зæдистæн, аци дарæси кумæ цæунмæ гъавис иуазæгуати, уой ма нин ку зæгъисæ.

Хецауæн еци фарст æхцæуæн кæми адтайдæ? Е ’рфгутæ æрбанцъулдтæ кодта æма загъта:

– Илгъаг, æма дæу ба ци гъуддаг ес?

– Мæ ездон хецау, цæмæй хуйгæй ма фæррæдуйуон… Кæд дæ, дæхецæй устурдæр хецаумæ цæун гъæудзæнæй иуазæгуати, уæд аци фæлуст гъæуама разæй цубурдæр уа. Хумæтæг адæммæ цæунæн ба, гъæуама фæстегæй цубурдæр уа.

Хецау гъудити ранигъулдæй, уæдта уотæ:

– Дууæ фæлусти мин бахуйæ.

☺☺☺

Зæронд лæг уæйæгæнæгмæ дзоруй:

– Дæ хуарзæнхæй, дæс килограмми мин инсад исбарæ… Уогæ, бахезæ, уойбæрцæ ку нæ бафæразон…

– Уой сагъæс ба ма кæнæ, мæ фиди хай, райсæ дæс килограмми. Æз дин æй уæхæн барст искодтон, æма дин фондз килограммей уæзæ дæр нæ ’й.

 

☺☺☺

– Ду зулунгонд цæуис, дзæргъæ æма авд хъибили ке радавтай, уой туххæй, – загъта тæрхонгæнæг.

– Раст ци æй, уой æргомæй зæгъун гъæуй, – дзуапп равардта фудгæнæг, – дзæргъи æцæгæйдæр æз радавтон. Фал, хъибилти туххæй ке зæгъис, е ба, цъифкалæн æй: етæ сæхуæдтæ сæ ниййерæги фæсте рацудæнцæ…

 

☺☺☺

Гъæунги фембалдæнцæ еу рацæргæ лæг æма лæхъуæн.

– Дæ бонтæ хуарз, мæ хъазар ахургæнæг! – ниццийнæ ибæл æй лæхъуæн æма ин æ къох зæрдиагæй райста.

– Дæ хуарзæнхæй, хатир бакæнæ, цæмæй мæ базудтай, æз дæ ахургæнæг дæн уой, фæстаг хатт ма скъолай къæсæрæй ку бахизтæн, уобæл нур инсæй анземæй фулдæр ку рацудæй?

– Цæмæй дæ базудтон, зæгъгæ, ку зæгъай, мæ хъазар ахургæнæг, уæд дæ костюмæй, – бахудтæй имæ лæхъуæн.

 

☺☺☺

Оскар Уайльд æ хæдзари къæсæрбæл лæудтæй, уотемæй имæ хъалонтæ æмбурдгæнæг æрбацудæй.

– Хъалон? – е ’рфгутæ уæлиау исиста финсæг æма сæрбæрзондæй дзоруй: – Цæй туххæй гъæуама федон хъалон?

– Куд, цæй туххæй? Хæдзари хецау дæ, ами цæрис, ами фунæй кæнис.

Уайльд ин æ дзубанди æрдæгбæл раскъудта:

– Гъо, фал, хуарз лæг, уотæ лæгъуз фунæй кæнун, æма ин зæгъæн дæр нæййес.

☺☺☺

Еу æригон зартæгæнæг актрисæ гъаст кодта Уайльдæн, прессæ, дан, мæмæ е ’ргом не ’здахуй:

– Критиктæй еу дæр мæ гъæлæси туххæй неци финсуй, цума мæбæл хъоди бакодтонцæ! Газеттæ дæр сабур лæуунцæ! Ци киндæуа? Уайльд ин дзуапп равардта:

– Ци киндæуа, зæгъис? Неци. Етæ куд кæнунцæ, ду дæр уотæ кæнæ.

☺☺☺

Рихард Вагнер æма Роберт Шуман фембалдæнцæ æма еу сахатти бæрцæ сæ рæстæг еумæ рарвистонцæ. Фембæлди фæсте Вагнер дзурдта:

– Шуманæй ездондæр адæймаг зин иссерæн æй. Фал мадзора ке ’й, е ин мæ зæрдæмæ нæ фæццудæй.

Шуман ба загъта:

– Нæ фембæлд хуарз рауадæй, фал Вагнер æгæр дзорагæ ке ’й, е мæ зæрдæмæ нæ фæццудæй.

 

☺☺☺

Карузо чекмæ гæсгæ гъæуама банкæй райстайдæ æхца фал имæ документтæ нæ адтæй, æма ин сæ къассир нæ лæвардта. Карузо рагъуди кодта, уæдта дин оперæ «Тоска»-йæй ари ку низзаридæ. Банки косгутæ хæлеугъæлæсæй райзадæнцæ, къассир ба ин е ’хца æ къохи фæссагъта.

Карузо гъæунгмæ ку рацудæй, уæд уотæ:

– Нури хузæн зæрдиагæй некæд зардтон.

 

☺☺☺

Поэт Апухтин цæстæй хуарз нæ уидта æма еу хатт гъæунги еу биццеубæл æхе искъуæрдта.

– Фæлхæрст! – мæстгунæй исдзурдта биццеу.

Апухтин æ ходæ фелваста, сæрæй ниллæг ракувта æма ездонæй загъта:

– Æз ба – Апухтин.