19 апреля 2024

ДЗУРД ГЪӔУАМА ДЗУРДТАГ МА УА!..

21.01.2022 | 17:43

Уӕриккӕ цӕугӕдони билгӕрон ӕрлӕудтӕй ӕма агоруй, иннӕ фарсмӕ кӕбӕлти бахеза, уӕхӕн тӕнӕг бунат.

– Гъе, уӕлӕ уӕриккӕ, – дзоруй имӕ донӕй кӕфхъундар. – Рацо, мӕ рагъбӕл исбадӕ ӕма дӕ ӕз баласдзӕнӕн…

– Нӕ, бахуӕрдзӕнӕ мӕ…

– Нур ци дзорис! – бостӕхузӕй загъта кӕфхъундар. – Уӕхӕн ӕнаккаг мӕ ӕнгъӕлис? Фиццагидӕр, ӕз ӕфсес дӕн, дуккагӕй ба, еугӕр дзурд равардтон, уӕд ӕй нецихузи фӕссайдзӕнӕн!.. Махмӕ, кӕфхъундартӕй зӕгъун, намус фесафунӕй федиссагдӕр хабар нӕййес!..

– Мадта мин дзурд дӕттис?

– Дӕттун. Мӕ дзурдӕн хецау ку нӕ разиннон, уӕд мӕ Хуцау авддӕлдон фӕккӕнӕд!..

Уӕриккӕ ибӕл баууӕндтӕй ӕма ӕ рагъбӕл рабадтӕй. Дони астӕумӕ ку бахъӕрдтӕнцӕ, уӕд кӕфхъундар ӕхе ранихъулдта ӕма уӕрикки бахуардта. Уӕдта билгӕронмӕ ранакӕ кодта. Уоми имӕ зӕронд гъуӕрттун хӕпсӕ уайдзӕфгӕнӕги цӕстӕй ку ракастӕй, уӕд гъенцъунгӕнӕги хузи загъта:

– Ци бакӕнон?!. Гъе уӕхӕн фагус дӕн ӕма…

Раст еци кӕфхъундари халдех рауадӕнцӕ, нӕ абониккон «цардаразгутӕ». Махбӕл баууӕндетӕ ӕма уӕ цардиуагӕ дзенет фестдзӕнӕй, зӕгъгӕ, фӕливд сомитӕй адӕмбӕл гадзирахаттӕй рацудӕнцӕ. Сӕ фудӕй фехалдӕй дзиллӕн зӕрдтагон Советон Цӕдес ваучерти «хуарзӕй» сӕ фӕффудевгед кӕнгӕй, нӕ бӕсти еугурадӕмон мулкитӕ еугай адӕймӕгути евгед бацӕнцӕ. Еци мулкитӕ ке фӕллойни фӕрци адтӕнцӕ, етӕ ба кӕфхъундари амӕттаг уӕрикки хузӕн сайди фӕцӕнцӕ… Айдагъ уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй сӕ фагусдзийнадӕ еци «царди хецӕуттӕн».

 

Алексей КУДРИН, Нимайӕн палати сӕргълӕууӕг: «Мӕнӕ «нулевой», зӕгъгӕ, ке хонунцӕ, еци ӕнзти рӕстӕг ӕз вице-премьер адтӕн, ӕма уӕд царди къӕпхӕн ӕртӕ хатти исирӕзтӕй. Нуртӕккӕ царди къӕпхӕн ӕй, Советон Цӕдеси куд адтӕй, уомӕй 20% бӕрзонддӕр…»

Фарӕ сӕрди нӕ А. Кудрин федарӕй ӕууӕндун кодта, гъома, нӕ бӕстӕ, Советон Цӕдеси ци адтӕй, уомӕй 30% хуӕздӕр цӕруй. Нур ба – 20% хуӕздӕр?.. Бӕргӕ, Нимайӕн палатӕ уой ку банимайидӕ, ӕма еци «хуӕздӕрдзийнадӕн» анзи ӕрдӕгмӕ ӕ 10% ци фӕцӕнцӕ, уой. Ӕви уӕддӕр цард бабӕй уойбӕрцӕ фӕллӕгъуздӕр ӕй?..

 

ДАНТЕ Алигьери (1265-1321), номдзуд итайлаг поэт: «Унгӕги бони дӕ кӕддӕри амондгун рӕстӕгутӕ ку имисай, уӕд уомӕй карздӕр гъезӕмарӕ нӕййес…»

Ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ӕй, е ба ни ӕруагӕс кӕнуй, Советон Цӕдеси доги цӕргӕ кӕмӕн рауадӕй, етӕ абони куд гъенцъунгӕнгӕ имисунцӕ еци рӕстӕгути цардиуаги зӕрдтагон уавӕртӕ. Ӕма сӕ хумӕтӕг адӕми абониккон царди ӕдзӕллагдзийнади хӕццӕ куд нӕ баронцӕ. Е ба син, ӕцӕгӕйдӕр, уоди гъезӕмарӕ исуй…

 

ГӔТЕ Иоганн (1749-1832), номдзуд немуцаг поэт: «Алли бон дӕр гъӕуама еу зармӕ уӕддӕр байгъосай, еу хуарз хузӕ уӕддӕр фӕууинай, уӕдта, дӕ равгӕ ку амона, уӕд еу зундгин гъуди бакӕсай…»

Нӕ зонӕн, аци загъд нӕ абониккон «царди хецӕуттӕй» еске фегъустайдӕ. Фал уой ба зонӕн, ӕма уонӕн зӕрдтагон зар ӕй сугъзӕрийнӕ ӕхцати зӕлланг, уиндгундӕр хузӕ син ӕй доллӕр кенӕ еврой хузӕ, ӕхцӕуӕндӕр гъуди ба «Ӕхцатӕ ӕсмаг нӕ кӕнунцӕ!..» Мадта хумӕтӕг адӕми гъӕрзун ба сӕмӕ нӕ игъусуй, уони тухст уавӕртӕ нӕ уинунцӕ, мадта рӕстмӕ гъуди бакӕсун ӕма уомӕ гӕсгӕ цӕрун ба сӕ фӕндгӕ дӕр нӕ кӕнуй…