05 майя 2024

ЕЦИ ХЪАЗАУАТИ БÆНТТÆ – ÆНОСТÆМÆ ИМИСУЙНАГ

06.05.2023 | 22:39

КЪЕСАТИ Алексей нæуæгдзаути хæццæ фембæлди рæстæг.

Дзæвгарæ æнзтæ рацудæй, кæдæй Европи тугъди цирен арт хустгонд æрцудæй, Берлини сæрмæ ба Уæлахези туруса исфелудта, уæдæй абони уæнгæ. Уæззау æма æверхъаудзийнæдтæй цъоппидзаг  адтæй еци бонмæ советон адæми над. Нецихузи син ес феронхгæнæн, ци миллионгай адæм равардтонцæ сæ цард, цæйбæрцæбæл æгæрон материалон фæрæзнитæ харзгонд æрцудæй немуцаг-фашистион  æрдонгтæ басæттунæн еци тогниккалди  тугъдтитæн, еци хъазауати бæнттæн.

Æма кæд устур бæрæгбони хузæн бæрæггонд фæццæуй Уæлахези бон, уæддæр тугъди архайгути зæрдити гъæнтæ  ба абони дæр нæма байгас æнцæ, цардæгас ма си ка ’й, етæ зæрдхъурмæй  имисунцæ се ’дзард тугъдон  æмбæлтти, фæрсæй-фарсмæ ке хæццæ тухтæнцæ, уони. Мæн ба фæндуй 50-аг æмпурсæг æфсади тугъдонти кой ракæнун, 1942-1945 æнзти æз адтæн еци æфсади командæгæнæги хуæдæййевæг. 1943 анзи æнæгъæнæ Нигулæн фронти, уони хæццæ ба мах æфсади рази дæр æвæрд æрцудæй устур ихæс: гъудæй знаги Курскаг-Орловаг хæйттæ ниддæрæн кæнун. Гитлеронти фæстаг агъазиау æрбампурст æрæнсæндгæй, мах æфсæддон хæйттæ иннæ еугæндти размæ  рампурстонцæ. Артиллеристон дæргъвæтийнæ  цæттæдзийнади фæсте нæхебæл нæ зæрдæ фæддардтан, æма нин бантæстæй цæугæдон Жиздрайи рази гитлеронтæ ци федар арæсæн бунæттæ исаразтонцæ, уонæбæлти балæгæрдун æма цалдæр бонемæ нæ къохи бафтудæй сæ ахæст рауæнти сæдæ киломертей бæрцæ балæгæрдун.

Уæлдæрлæууæг командæгæнæг штаби бардзурдмæ гæсгæ не ’фсад конд æрцудæй фронти хурфи æнæгъæнæ 180 километрей фæзуатбæл, цæмæй сахар Рославльмæ бампурстайанæ, уой туххæй. Æфсæддон Совет исбæлвурд кодта, сæйраг ниццæвд кæцирдигæй конд æрцæудзæнæй, еци рауæнтæ. Æфсади командæгæнæг инæлар Балдин фæндæ бахаста, цæмæй знаги ниццавтайанæ Воронцови райони ’рдигæй. Сæ кæрæнтти сæ цæвгæй, гъæуама уотемæй рахизтайанæ знагæн æ фæскъилдунмæ. Æфсæддон Совет растбæл банимадта уæхæн фæндæ. Нæ тугъдонтæн бантæстæй æ исæнхæст кæнун, куд нисангонд цудæй, уотемæй.

Мах участокки  знаги хæйттæ  нæ нихмæ ка лæудтæй,  етæ дæрæнгонд æрцудæнцæ, дзæвгарæ тохæнгарз байсун бафтудæй нæ къохи, уæдта нæ командæгæнгутæ куд баунаффæ кодтонцæ, уотæ нин бантæстæй знаги фæскъилдунмæ рахезун. Оххай, уацари бахауни тæссæй гитлеронтæ æнæ истохгæй фæууагътонцæ сæ федæрттæ æма сæхе фæстæмæ райстонцæ, уотемæй æхсæз суткемæ знаги ахæст территорити балæгæрстан æнæгъæнæ 200 километри. Уæгъдæгонд æрцудæнцæ Рославль, уæдта нæ надбæл фиццагидæр ци белоруссаг сахар Хотимск исæмбалдæй, е. Уой фæсте ба – сахартæ  Климатовичи, Кричев, Чертково, Пропойск. Гъе уотемæй Днепри билгæронмæ рахизтан.

Оперативон пъланмæ гæсгæ 50-аг æфсад гъæуама знагæй иссæребарæ кодтайдæ белоруссаг сахар Новый Быхов. Е æрæнцадæй Днепри æндаг билгæрон æма гъæуама уоми æрфедар адтайанæ. Æмпурсти размæ Днепри сæрбæл ех æрфедар æй, фал бустæги зæрдæдаргæ ба нæма адтæй, цæмæй ибæл нæ артиллери бацудайдæ, уомæй. Еунæг гæнæн  нин адтæй нæ техникæ гъæдтæй арæзт хедбæл бауордæг кæнунæн дæр, фал е дæр цуппар рауæнеми ихæлд æрцудæй гитлеронти къохæй. Нæ сапертæ хед бацалцæг кодтонцæ. Уой фæсте не ’фсæддонтæ ласун райдæдтонцæ артиллери цæугæдони æндаг фарсмæ. Фал нæбæл уæдмæ  немуц нæуæгæй дзармадзанти фæттæ нигъзалдтонцæ æма бабæй хед дууæ рауæнеми фехалдтонцæ.

Хед фæстæмæ рарæвдзæ кæнун ихæсгонд æрцудæй дæлболкъон Г.Х. Кикнадзей батальонæн. Куддæр хед аразунмæ бавналдтонцæ, уотæ сæ  знаг дзармадзантæй æхсун байдæдта. Уæддæр сæуми æртæ сахаттемæ хед конд адтæй, æма сæумицъæхæй нæ артиллери донуордæг фæцæй. Нæ фестæгдзæуæг æфсад ба еци рæстæг билгæронæй 2025 километри еуварсдæр адтæй, карз тох кодта Новый Быхови рæбунти. Еци хед аразуни ка архайдта, уонæй аст æма дууинсæй  тугъдони хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ паддзахадон хуæрзеугутæй.

Тохунæн  фæзуат  фæуурухдæр кæнун нин бантæстæй, знаг  æнсæнст æрцудæй, ниддæрæн æй кодтан.

Не ’фсад 1944 анзи уалдзæги ба конд æрцудæй 2-аг Белоруссаг фронтмæ  æма нæ тох райдæдта сахартæ Чаусы æма Могилев знагæй исуæгъдæ кæнунбæл.

Еци тугъдтити уæлдай æхсаргиндæрæй сæхе равдистонцæ, Л.Д. Терешков ци дивизийæн разамунд лæвардта, уой тугъдонтæ. Бæгъатæр æма федар зæрди хецау адтæй инæлар æхуæдæг дæр. Æ бардзурдæй æфсæддонтæ æдæрсгæй балæгарстонцæ минитæй ефтигъд будуртæбæл æма батудтонцæ знаги федæрттæ, арæсæнтæ.

Æма дууæ сахари дæр уæгъдæгонд æрцудæнцæ. Немуц уæхæн бæрзæйсæттæн ниццæфмæ не ’нгъæлмæ кастæнцæ æма сæ фурхæлæфæй сæ тохæнгæрзтæ дæр ма ниггæлстонцæ будурти, уотемæй фæлледзæги ’нцæ.

Æгириддæр сæ исуолæфун нæ уадзгæй, сæ фæсте еци æмпурсгæ цудæнцæ мах æфсади тугъдонтæ. Сауæнгæ ма раздæр ци федæрттæ ’рцæттæ кодтонцæ, уонæми æрбундоруни фадуат дæр син нæбал фæцæй. Уой фæсте нæ них исаразтан Белоруссий сæйраг сахар Минскмæ.

1944 анзи Минскмæ бацæуни не ’фсадæн бантæстæй немуци устур къуарбæл æртухсун. Цалинмæ сæбæл нæ еу хæйттæ тумбул кодтонцæ сæ алфамбулай, уæдмæ сæ нæ иннæ хæйттæ ба дæрæн кодтонцæ. Æнæгъæнæ 147 мин немуцаги,  сæ командæгæнæг инæлар Мюллер дæр сæ хæццæ, уотемæй ист æрцудæнцæ уацари. Нæ къохи бафтудæй сæ еугур техникæ æма тохæнгарз дæр.

Мински фæсте ба байстан Белоруссий иннæ сахартæ: Скидель, Мосты, Гродно, сæ хæццæ ба ма никкидæр берæ гъæутæ. Гитлерон æфсæдтæ нин карз нихкъуæрод раттун бæргæ багъавиуонцæ, фал син неци бантæсидæ, æма уотемæй сæхе райстонцæ Польший зæнхитæмæ, сахартæ  Осовец æма Августовмæ. Августов нæ къохи бафтудæй байсун æнæ истохгæй, фал Осовец райсунбæл ба берæ тог никкалдæй.

Нæ размæмпурст нин бауорамуни зæрдтæй знаг тухамæлттæ кодта.

Уæд уотæ рауадæй, æма 50-аг æфсади дзармадзантæн фæттæ нæбал фагæ кодта. Æма  инæлар Болдин размæ  разелун кодта зениткитæ æма знаги федæрттæ уонæй æхсун райдæдтан. Æфсæнвæндаггон бацæуæни ’рдигæй нин бантæстæй Осовецмæ бампурсун æма дууæ сахаттей фæсте ба сахар адтæй мах къохти. Æндеггæй бакæсгæй сабур цæрæг сахари хузæн зиндтæй, фал куд рабæрæг æй, уотемæй æ хурфи разиндтæй  æфсæнбетонæй арæзт 3-4 уæладзугон федаргонд, æ алфамбулай ба æхсæн дзоттæ.

Уæлахезон 1945 анзи тох кодтан знаги нихмæ  Скæсæйнаг Пруссий. 27 апърели нин бантæстæй, Мазураг цадти немуцаг фашистон æфсæдтæй ци гъæуайгæнæн мадзæлттæ исаразтонцæ, уони батонун. Уæлдай карз тох цудæй гитлеронти «зæрдбæлдарæн федар» – сахар Кенигсберг байсунбæл, цидæр адтæй, уæддæр нин е бантæстæй 9 апърели. Ами, Скæсæн Пруссий нæбæл исæмбалдæй нæ Уæлахези хабар дæр.

Фæстæдæр ба 50-аг æфсади хецæн хæйттæ архайдтонцæ империалистон Японий нихмæ тугъди дæр.

Еци уæззау хъазауатон рæстæгутæн æма хабæрттæн нецихузи ес феронхгæнæн. Æностæмæ имисдзинан нæ Фидибæсти сæрбæлтау æ цард рæстуодæй ка иснивонд кодта, нæ еци æхсаргин тугъдонти рохс нæмттæ…

КЪЕСАТИ Алексей, инæлар-майор.