06 октября 2024

ЕСКÆБÆЛ АУОДГÆЙ ДÆХЕ ДÆР МА ИРОНХ КÆНÆ!..

29.07.2023 | 22:35

Беретæ ма ’й, æвæдзи, гъуди кæндзæнæнцæ 1989 анзи Сомехи агъазиау зæнхинкъуст ке ’рцудæй, уой. Уой фудæй си æрцудæй берæ æверхъаудзийнæдтæ: хæдзæртти зингæдæр хæйттæ ниддæрæн æнцæ, фæммард си æй дæс æма инсæй адæймагемæй фулдæр. Цæргутæй ма си ка райервазтæй, етæ ба агурдтонцæ хеуæнтти, зонгити. Уотæ еу лæг дæр æ фурти агурдта, æ фурт ци скъолай адтæй, уой азгъунсти кæлæдздзæгти буни. Агурдта, агурдта æвæллайгæй. Æ фарсмæ ма ниййергутæй ка архайдта, уонæй кадæртæ сæ зæрдæ нецæбæл бал дардтонцæ, æма еци лæгæн дæр дзурдтонцæ:

– Байрæги æй!.. Æгас си некебал ес!.. Нæ бон ма син ци æй!..

Лæг син сæ дзубандитæ æгириддæр нецæмæ дардта, айдагъдæр ма рафæрсидæ:

– Дæ зæрди мин фæййагъаз кæнун ес?

Æма идарддæр æ куст кодта – пурхæнтæ фæйнердæмæ калдта. Цубурæй: адтæй нæ адтæй, уæддæр æ фурти е ’мбæлтти хæццæ иссирдта, фæййервæзун сæ кодта…

Аци хабар æримистан еци лæги «дæ зæрди мин фæййагъаз кæнун ес?» зæгъгæ, бафарстмæ гæсгæ.

Адæймаг хаттæй-хатт бахауй тухст уавæрти, æма си фæййервæзун æхе бон нæ исуй, ку исуа, уæддæр хъæбæр гъезæмæрттæй.
Æма æргомæй коргæ ку неци кæна, уæддæр æ зæрдæ ба кæбæлдæрти фæддаруй: «Фæййагъаз кæнун мин дæ бон æй?..» Нæ рагфидтæлтиккон æгъдæуттæмæ гæсгæ ба адæймагæн багъæуаги фæййагъаз кæнун табуйаг ихæсбæл нимад цудæй æма – Хуцауæй боз! – нерæнгæ дæр ма нимад цæуй.

Мадта адæмтæй кедæр агъаз ку багъæуй, уæд иннæ адæмихæттитæ дæр сæхе нæ райеуварс кæнунцæ, ци сæ бон фæууй, уомæй фæккæсунцæ.

Идæрдтæбæл нæ дзордзинан. Абони уæхæн агъазгъæуагæ ’нцæ Донбасси региони берæ рауæнтæ. Æма еци гъуддаги архайуй Цæгат Иристон дæр.

Зундгонд куд æй, уотемæй æрæги нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма Запорожьей облæсти губернатори ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Евгений Балицкий бафинстонцæ дууæ регионей æхсæн æмгустади бадзурд. Уой бундорбæл рапарахат уодзæнæй базарадон-экономикон, наукон-техникон æма социалон-культурон æмархайд. Еци гæгъæдити бундорбæл Цæгат Иристон æмцегадæ кæндзæнæй облæсти Чернигови районбæл дæр.

Æма нисангонд мадзæлттæ куд гъæуама æнхæстгонд цæуонцæ, уой фæдбæл бундорон дзубанди цудæй æрæги республики Хецауади иуонгтæ æма муниципалитетти разамонгути алликъуæреуон æмбурди. Разамунд ин лæвардта Сергей Меняйло, æма аци фарстай фæдбæл æ радзубандий профилон министрадти минæвæрттæн байхæс кодта, цæмæй исаразонцæ Чернигови райони социалон-экономикон къабази объекттæ бахузæнон кæнуни пълантæ. Амунд нисантæбæл косгæй, унаффæ хаст æрцудæй, цæмæй хæстæгдæр рæстæг Чернигови районмæ æрвист æрцæуонцæ сæрмагонд цалцæггæнæн бригадитæ. Етæ райони цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради объекттæ бацæттæ кæндзæнæнцæ зумæги уавæрти кустмæ.

Ахурадæ æма науки Министрадæн ихæсгонд æрцудæй, цæмæй Чернигови райони скъолатæ æма библиотекитæн бамбурд кæнонцæ гъæугæ киунугутæ. Арæзтадæ æма архитектури Министрадæ ба еци районмæ рарветдзæнæй, уоми ахурадон косæндæнтти цалцæги куститæ ка бакæна, уæхæн бригадитæ. Республики разамонæг куд байхæс кодта, уотемæй райони ахурадон косæндæнтти цалцæггæнæн куститæ гъæуама æнхæстгонд æрцæуонцæ фиццаг сентябрмæ.

* * *

Агъазгъæуагæмæ фæккæсун, гъай-гъайдæр, арфиаг фæндæ æй, фал уой хæццæ ба хе райаразуйнаг гъуддæгутæ дæр гъæуама къулумпигонд ма цæуонцæ. Уой нимайгæй, æмбурди архайгутæ се ’ргом раздахтонцæ, нæ республикæн ахсгиаг ка ’й, еци фарстатæмæ. Зæгъæн, дзубанди цудæй, Уæрæсей Хецауади федаргонд программити бундорбæл республики хæстæгдæр рæстæг ци ахсгиаг социалон объектти арæзтади æма цалцæги куститæ райдайуйнаг æнцæ, уонæбæл.

– Арæзтадæ æма цалцæги пълантæмæ хаст объектти фæдбæл еугур бадзурдтæ дæр гъæуама федаргонд æрцæуонцæ 1 августмæ, – байамудта Сергей Меняйло.

* * *

Нæ рагфидтæлтæй ма нин байзадæй ауæхæн загъд дæр: «Еске зундæй зунд нæййес!..» Æвæдзи, е бустæги раст нæй. Зундгин гъæуама æхе зунди цитгиндзийнадæ дæр равдеса, уæдта еске зундæй дæр æхецæн пайда райса. Уомæн ба фадуат фæууй еумæйаг фембæлдтитæ æма гъуддæгутæ аразуни фæрци.

Æма уæхæн равгæ исуодзæнæй Æхсæндуйнеуон равдист форум «Уæрæсе», кæци Мæскуй рацæудзæнæй адæмон хæдзаради æнтæстдзийнæдти Равдисти фæзуати аци анзи ноябрæй ба иннæ анзи апърели уæнгæ. Архайдзæнæй си Цæгат Иристон дæр. Уомæ бацæттæ кæнуни куститæ ба ’нцæ бæрæггонд экономикон ирæзти министрадæн, кæций минæвæртти загъдмæ гæсгæ нерæнгæ косунцæ, республикæн форуми ци урух экспозици уодзæнæй, уой концепцибæл. Куд нисангонд цæуй, уотемæй Цæгат Иристони цард урух æвдист æрцæудзæнæй экспозиций æрмæгути. Стендтæбæл æвдист цæудзæнæнцæ республики промышленность æма гъæууон хæдзаради, наукæ æма ахуради, туризм æма иннæ къабæзти цæмæдесагдæр проекттæ. Уæрæсейаг регионти уагъд продукци уæйæгонд цæудзæнæй сæрмагонд армукъати. Форуми программи уодзæнæнцæ инновацион проектти презентацитæ, инвесторти хæццæ фембæлдтитæ, экономикон æма социалон фарстати хæццæ баст «цæлхæмбурдтæ» æма æндæр мадзæлттæ.

Еузагъдæй, байархайун гъæуй, цæмæй еци мадзали рæстæг æнхæстæй æвдист æрцæуонцæ Цæгат Иристони хиццагдзийнæдтæ, æ гæнæнтæ æма равгитæ, цæмæй нин фулдæрæй-фулдæр фадуæттæ фæззинна нæ республики идарддæри социалон-экономикон æнтæстгин райрæзтæн.

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.