04 октября 2024

ЕСКЕ АРТМÆ УОДÆН БАТАВÆН НÆЙЙЕС!..

08.04.2021 | 15:52

Уруссаг философ æма историк Николай Трубецкой (1890-1938) æ публицистон куститæй еуеми уотæ финста: «Хуæдхузæнон национ культурæ агъаз æй, хецæн адæймæгутæ цæмæй сæхе балæдæронцæ, базононцæ, уомæн… Æма «æхе ка базудта», æхе «æз» ка иссирдта, уæхæнттæ цæйбæрцæбæл фулдæр уонцæ, уойбæрцæбæл æнтæстгиндæрæй цæудзæнæй куст хуæдхузæнон национ цæсгон иссерунбæл, уæдта æцæг национ культурæ исаразунбæл…»

Номдзуд ахургонди аци гъуди уомæ гæсгæ æримистан, æма фæстаг æнзти нæ республики берæ ахсгиаг мадзæлттæ арæзт цæуй нæ национ культури хуæдхузæнондзийнадæ багъæуай æма фæгъгъомусгиндæр кæнуни туххæй. Уой фæдбæл берæ цæмæдессаг дæнцитæ æрхæссæн ес.

Зæгъæн, æрæги Дзæуæгигъæуи бундорон исцалцæггонди фæсте нæуæгæй байгон æй нæ адæми традицион культури æма этнотуризми центр «Фарн»-и азгъунст. Уой фæдбæл кадгин мадзали архайдта нæ республики Хецауади Сæрдар Тускъати Таймораз æма е центри директор, æ аййевадон разамонæг Махъоти Ацæмæзи хæццæ ралух кодтонцæ азгъунстмæ бацæуæни сурх лентъæ.

– Иннæ анз цитгинæй бæрæг кæндзинан Аланистонбæл исаргъуди 1100 анзей бæрæгбон, – загъта æ радзубандий Тускъати Таймораз. – Е агъазиау æма кадгин цау æй айдагъ Иристонæн нæ, фал æнæгъæнæ Уæрæсейæн дæр. Фиццагидæр, уой зæгъун гъæуй, æма уой фæрци нæ адæми цардиуаги æрцудæй, размæкæнуйнади ахедундзийнадæ кæмæн адтæй, уæхæн æййивддзийнæдтæ. Федарæй зæгъун æнгъезуй, аци размæхонæг æма разæнгардгæнæг тухæ агъаз фæцæй Иристони уодварнон-культурон, социалон-экономикон райрæзтæн. Рæстæгутæ æма цаутæ ирдæй равдистонцæ, 1100 анзей размæ нæ кадгин хестæртæ раст унаффæ ке рахастонцæ, уой. Киристон дини фæрци нæмæ никки хъæбæрдæр рапарахат æй материалон культурæ, аргъауæнтæ ба иссæнцæ культурæ æма рохсади центртæ. Раст уодзæнæй уотæ зæгъун дæр æма дини кустгæнгути рохситауæн архайди фæрци нæмæ фæззиндтæй искурдиадæгин ахургæндтæ, финсгутæ, рохситаугутæ. Æхсæнади райгъустæнцæ Хетæгкати Къостай, Колити Аксой, Гурдзибети Блашкай, Гæдиати Секъай нæмттæ, дзиллитæ син базонгæ ‘нцæ сæ разагъди исфæлдистади хæццæ. Мæнæ нæ национ культури артдзæсти иснæуæггонд азгъунст ке байгон æй, е дæр Иристони размæцудæн æ берæнацион адæми культурæ æма традицитæ багъæуай кæнунæн ке фæййагъаз уодзæнæй, е дузæрдуггаг нæй.

ТУСКЪАТИ Таймораз æма МАХЪОТИ Ацæмæз центр «Фарн»-и иснæуæггонд азгъунст игон кæнгæй.

Тускъати Таймораз æ хæццæ ма Дзæуæгигъæуи бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæг Фæрниати Тамерлан, республики культури министр Къубалти Эльбрус æрзилдæнцæ центри бæстихайбæл. Концерттæдæттæн зали сæбæл музыкалон композицийæй исæмбалдæй Махъоти Ацæмæз разамонæг кæмæн æй, центри еци музыкалон коллектив. Ци зали цагътонцæ, е арæзт æй нуриккон музыкалон æма акустикон еугур домæнтæмæ гæсгæ. Дуккаг уæладзуги æрбунат кодтонцæ репетицигæнæн зал, æндæр гъæугæ къæбинеттæ.

Еци бон адтæй никкидæр ма еу æхцæуæн цау – Дзæуæгигъæуи Дзанайти Азанбеги номбæл аййевæдти училищей фæззиндтæй, æ ахурдзаутæ æма ахургæнгутæ рагæй кæмæ бæлдтæнцæ, уæхæн спортивон зал. Нури уæнгæ си ци «спортзал» адтæй, уомæн æ уавæртæ адтæнцæ бустæги унгæг, æма багъæуаги училищей ахурдзаути исиуазæг кæниуонцæ æндæр ахургæнæндæнтти.

Училищей ахурдзаутæн æма сæ ахургæнгутæн арфæ кæнгæй, Тускъати Таймораз куд загъта, уотемæй спортмæ абони ес сæрмагонд цæстингас.

– Физикон культурæ æма спорти райрæзт æй паддзахадон политикæ. Бæрзонд спортивон уæлахезтæмæ турнун æй цæветтойнаг гъуддаг. Фал нæ нисан æй æнæнез наци гъомбæл кæнун, байархайун, цæмæй æнæнездзийнадæ фæсевæдæн исуа сæ царди сæйраг бундортæй еу.

Æма уотæ ке уодзæнæй, уобæл дзорæг æй, физикон культурæ æма спорти архайæг фæсевæди нимæдзæ анзæй-анзмæ ке фулдæр кæнуй, е.

Цитгин иуазгутæн арфæ ракодта Аййевæдти училищей разамонæг Фидарати Фидар æма косгутæ, ахурдзаути номæй Тускъати Тайморазæн хузæ балæвар кодта.

Дзæуæгигъæуи ДЗАНАЙТИ Азанбеги номбæл аййевæдти училищей нæуæг спортивон зал.


Еума хатт æй зæгъæн, хъæбæр æхцæуæн æй, æгайтима нæ республики уоййасæбæл агъазиау æй нæ национ культурæбæл ауодундзийнади гъуддæгутæмæ цæстдард, берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт цæуй е ‘нтæстгин райрæзти сæрбæлтау.

Нæ культури къабази ци ахсгиаг проекттæ исаразуйнаг æнцæ, етæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ рæстæгæй-рæстæгмæ бæлвурдæй каст æрцæуй нæ республики Проектон офиси æмбурдти.

Зæгъæн, уæхæн æмбурдтæй еуеми æрæги, сæрдареуæг си кодта нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав, уотемæй дзубанди цудæй еци фарстатæбæл.

Куд си амунд æрцудæй, уотемæй идарддæр куст цæуй Мæздæги райони станицæ Новоосетинскаяй искурдиадæгин поэт Гурдзибети Блашкай хæдзарæ-музей байгон кæнунбæл. Поэт кæми райгурдæй, еци хæдзарæ 2020 анзи иссæй республики есбойнадæ. Нуртæккæ профилон ведомствитæ цæттæ куæнунцæ исуйнаг музейи райарæзти проект. Специалисттæ косунцæ хæдзарæ-музейæн экспонаттæ бамбурд кæнун æма экспозицити пълантæ исаразунбæл дæр. Уомæй уæлдай, бæрнон ведомствити минæвæрттæ архайунцæ, цæмæй Мæздæги райони культури уодварни циртдзæвæнтæ хаст æрцæуонцæ туристон маршрутти номхигъдмæ.

Æмбурди архайгутæ æрдзурдтонцæ Цæгат Иристони киунугæдæнтти системи райрæзти фиццаградон проектбæл дæр. Уой фæдбæл цæттæгæнæн куст куд цæуй, уой туххæй лæмбунæг радзурдта Национ наукон киунугæдони директор Хайманти Иринæ. Æ дзубандимæ гæсгæ, республики киунугæдæнтти хизæг урух æй – е ‘сконди ес 133 аллихузон косæндони. Къабази куст райаразун гъæуй рæстæги домæнти аккаг. Аци архайди сæйрагдæр æй киунугæдæнтти фондтæ ефтонг кæнуни фарста. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма киунугæдæнтти нæ фагæ кæнуй дæсни специалисттæ. Аци æма иннæ ахсгиаг фарстатæ исæнхæст кæнуни нисани хæццæ цæттæгонд цæуй киунугæдæнтти системи ирæзти программæ. Уоми сæ бунат иссердзæнæнцæ тухстаг фарстатæ ралух кæнуни еугур мадзæлттæ дæр.

Исаразуйнаг программæмæ бахæссуйнаг уагæвæрдтæн хуарз аргъ искæнгæй, Битатри Вячеслав куд бафæдзахста, уотемæй проект бакæнун гъæуй дæсни æма фæлтæрдгун специалистти къохти – айдагъдæр уотемæй исирæздзæнæй гъуддаг.

Фиццаградон программæ «Культури» разамонæг Атайти Мæдини дзубанди ба еци æмбурди адтæй маддæлон æвзагбæл сæрмагонд рауагъдадон проект «Хурты хуртæн»-бæл. Уой фæлгæти нæ маддæлон æвзагбæл мухургонд цæудзæнæй сувæллæнттæн гъæугæ литературæ. Проекти нисан æй ирæзгæ фæлтæри маддæлон æвзагбæл кæсунмæ æхцул кæнун. Атайти Мæдини дзубандимæ гæсгæ, нури уæнгæ бæлвурдгонд æрцудæй проекти фæлгæти ци литературон уадзимистæ рауадздзæнæнцæ, уони номхигъд.

Сæрмагонд портал «Культурон регион» исаразуни фарстай фæдбæл радзубанди кодта æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Медиа Сервис»-и генералон директор Александр Минаев. Куд загъта, уотемæй проекти бундорбæл арæзт æрцæудзæнæй республики культури къабази цаутæбæл дзорæг еумæйаг информацион портал. Еци информацион фæрæзни фæрци Цæгат Иристони культури къабази хабæрттæ базонунæй уæлдай, аййевадæуарзгутæн уодзæнæй театралон æма концертон мадзæлттæмæ билеттæ балхæнуни фадуат дæр.


… Ес уæхæн курухон загъд: «Еске артмæ уодæн батавæн нæййес!..» Уой уотæ лæдæрун æнгъезуй, æма адæймагæн æ уодæнцойнæ федар кæнунæн айдагъдæр æхе адæми уодварни гъæздугдзийнадæ æй агъазгæнæг. Еске фарни артæй ба ин уодрохсдзийнадæ некæд æма неци хузи уодзæнæй. Уой гъæуама нæ зæрдæбæл дарæн æма уодуæлдайæй архайæн нæ национ культури гъомусдзийнадæ гъомусгиндæр кæнунбæл.