ЕВГЪУД ДЗАМАНИ ХАБÆРТТÆ – ЗÆРДÆБÆЛДАРУЙНАГ…
Мæнæ уæлдæр ци къарæ уинетæ, уой кæддæр дæр ма мухур кодтан, фал æй уæддæр нæуæгæй æримистан. Уомæн æма абони дæр бабæй нæ Фидибæстæн тæссаг æй кедæрти фудвæндитæй, багъудæй бабæй нæ æновуддзийнадæ, æ сæрбæлтау бахъазауат кæнун. Гъо, гæрзефтонгæй нæмæ тухлæбурд нæ кæнунцæ не ’ндагон знæгтæ. Зонунцæ, уомæй нин сæ бон неци бауодзæнæй. Зонунцæ уой дæр, æма абони нæ нихмæ ци экономикон-политикон хинттæ аразунцæ, уонæй дæр нæ нæ басæтдзæнæнцæ, уомæн æма, уонæй нин цийфæнди агъазиау зæрантæ ку ’рхæссонцæ, уæддæр син бафæраздзинан æма си фæййервæздзинан нæхе равгитæ æма гæнæнти фæрци. Уомæ гæсгæ сæ архайд фулдæр исаразтонцæ нæ уодварни фарнæй исæдзæллаг кæнунмæ. Гъавунцæ, нæ адæм алкæддæр цийфæнди тæссаг уавæри тухгин æма уæлахезон ке фæрци адтан, нæ еци зæрдæбæлдаруйнадæй фенæхай кæнун. Уомæй ба син, гъулæггагæн, хъозæнттæ разиндтæй нæ медбæсти дæр. Æма уони цъухæй æгадæгонд цæунцæ, нæ адæм æносæй-æностæмæ сæрустур æма цæрунгъон кæмæй адтæй, нæ еци хабæрттæ æма цаутæ, тæходуйаг гъæуама кæмæн уонцæ, нæ еци кæстæртæн сæ æнадæ кæнунцæ. Уомæй агъазиаудæр знаггадæ ма гъæуама ци уа?!.
Æма нæ бæсти Президент Владимир Путин дæр, хумæтæги нæ бахаста Уæрæсей историон зæрдæбæлдаруйнади Центр исаразуни туххæй фæндон. Уой туххæй е фегъосун кодта, Уæрæсей арæзт æрцæудзæнæй историон зæрдæбæлдаруйнади Национ центр. Уой туххæй Владимир Путин фегъосун кодта «Уæлахез»-и организацион комитети æмбурди, кæций исаразта æрæги видеобастдзийнади хузи.
Æ радзубандий куд бафæдзахста, уотемæй сæрмагонд равдист исаразун гъæуй Устур Фидибæстон тугъди рæстæг нацисттæ алли рауæнти ци фудмиутæ аразтонцæ, уонæбæл дзорæг документтæй. Еци рæстæги цаутæ зонун æма сæ зæрдæбæл дарун хъæбæр ахсгиаг æй. Фиццагидæр уомæ гæсгæ, æма, куд Европи фулдæр паддзахæдти, уотæ Украини дæр нуртæккæ дæр парахатгонд цæуй нацистон зундирахаст. Æма е ба еугур рæстзæрдæ адæмтæн цæйбæрцæбæл тæссаг æй æгæрон берæ æверхъаудзийнæдтæй, уой ба æнхæстæй балæдæрунгæнæн ес, нæ Фидибæстон тугъди рæстæги нацизм ци фудракæндтитæ исаразта, уой документалон æвдесæнти фæрци.
Æ радзубандий ма æримиста уой дæр, æма 1943 анзи уæззау уавæрти нæ бæсти разамунд рахаста унаффæ «Немуцаг оккупацийæй исуæгъдæгонд рауæнти хæдзарадæ иснæуæг кæнуни фæдбæл æнæфæстæмæфæккæсгæ мадзæлтти туххæй». Гъеуæд фæстæмæ аразун райдæдтонцæ ихæлд сахартæ, гъæутæ, арæзт цудæнцæ кадавар уавæрти бахауæг адæмæн агъаз кæнуни фондтæ, цудæй агъазиау куст нæ сахарти промышленнон кустуæттæ фæстæмæ æркосун кæнуни фæдбæл. Уой фæдбæл дзоргæй, Президент уотæ ке баханхæ кодта, гъома, еугур еци хабæрттæ абони дæр ахсгиаг æнцæ, уонцæ нин дæнцæ, е хумæтæги нæ адтæй: мæнæ нури сæрмагонд æфсæддон операций рæстæги берæ уæрæсейаг сахартæ æма кустуæттæ сæ усхъæ бадардтонцæ, Донбасси æма Лугански адæмон республикити, Запорожьей æма Херсони облæсттæмæ, агъазиауæй агъаз кæнунцæ, уонæми ци цæрæн хæдзæрттæ æрцудæнцæ ихæлд, уони исцалцæг кæнуни, кенæ ба си нæуæг хæдзæрттæ исаразуни кустити, архайунцæ, ци кустуæттæ си ес, етæ цæмæй æркосонцæ, уобæл.
Нуртæккæ нацизми зундирахасти фæззиндтитæ парахат кæнуни нихмæ нæ архайди гъæуама кæрæй-кæронмæ дæр пайдагонд цæуа, Устур Фидибæстон тугъди рæстæгæй цидæриддæр документтæ ес, етæ. Гъæуама еугур адæмтæн дæр æнæгъæнæйдæр æвдист æрцæуонцæ, нацистон командæкæнуйнадæ цæхуæн æверхъау миутæ аразта советон æфсæддон уацайрæгтæн æма сабур цардæй цæрæг æвуд адæмæн, Гитлер æма æ хъозæнтти, адæмтæбæл гадзирахаттæй рацæугæй, ци фудракæндтитæ исаразтонцæ, уой туххæй документтæ…
Нури доги æвзиститæ куд равдистонцæ, уотемæй, нацизм 1945 анзи æрсæттун кæд бантæстæй, уæддæр, гъулæггагæн, бундзарæй кунæггонд ба не ’рцудæй. Нуртæккæ Украини æма Прибалтиаг республики дæр паддзахадон фæтки хузæн иссæй националисттæй бæгъатæртæ аразуни политикæ, цума Нюрнберг уогæ дæр некæд адтæй, уотæ.
Æма Владимир Путин куд баханхæ кодта, уотемæй ба уой фудæй Европи паддзахæдти цæрæг дзиллити зингæ хаййæн сæ сæризунд ниффесинмитæ кодтонцæ, уобæл ка архайуй, етæ ба сæ фудзундæй архайунцæ Устур Фидибæстон тугъди истори сæхе уайæнти хузи рафинсунбæл. Уомæ гæсгæ ба архивон æрмæгутæ урухæй равдесун аккаг нихкъуæрд исуодзæнæй, евгъуди æцæгдзийнади нихмæ ка тох кæнуй, уонæн.
Историон зæрдæбæлдаруйнади Национ центр исаразуни гъуддаг ка гъæуама æнхæст кæна, уонæн Президент бафæдзахста, цæмæй æвæстеуатæй лухгонд æрцæуонцæ еугур организацион фарстатæ дæр.
* * *
Дзубанди дæр ибæл нæййес ауæхæн Центри исарæзт æнæмæнгæ гъæугæ гъуддаг æй. Фал цæмæй æ нисанеуæгмæ гæсгæ фæррæстмæ уа, уой туххæй ба ахсгиаг æй, æ исаразун æма æ архайд кæмæн барæгонд æрцæудзæнæй, е. Е сагъæссаг фарста æй, уомæн æма фæстаг æнзти нæ фидибæстон историй вазуггин фарстати фæдбæл тæрхæнттæ кæнуни гъуддаг æхемæ ка райста, етæ сæхе хъæбæр къæсибадæгæй бавдистонцæ, æдзæсгонæй ниуусхъуммитæ кодтонцæ берæ хабæрттæ æма цаути æцæгдзийнадæ, цъифкалæнтæ фæккодтонцæ, нæ Фидибæстæн рæстуодæй алæмæти хуæрзти ка бацудæй, уонæбæл. Æма Центри гъуддæгутæ уонæн бабарæ кæнун нецихузи æнгъезуй. Æндæра бабæй рауайдзæнæй, «Фæндадтæй нæ куд хуæздæр, фал бабæй рауадæй иннæ хæттити хузæн…», зæгъгæ, зундгонд загъди æмдзæф.