«ФÆЦЦÆУН АТАКИ!..»
Нæ Фидибæсти тугъдон кадæ æма намус æ уæлдай хъиамæттæй агъазиауæй-агъазиаудæр ка кодта, уонæй еу адтæй нæ номдзуд æмзæнхон, Советон Цæдеси Бæгъатæр Къесати Николайи фурт Астан. Абони ’й уомæ гæсгæ имисæн, æма 11 сентябри æ райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма фондзинсæй анзи.
Къесати Астан райгурдæй Киристонгъæуи (нуриккон сахар Дигорай) 1914 анзи 11 сентябри. Хуæрзæригонæй æ сагъæсти сæйрагдæр адтæй денгизон исун æма 1933 анзи службæ кæнун райдæдта Тугъдон-денгизон флоти. 1937 анзи каст фæцæй М.В. Фрунзей номбæл Уæлдæр тугъдон-денгизон училище Ленингради, 1940 анзи ба – дæлдондзæуæг командон состави Уæлдæр сæрмагонд къурситæ.
Устур Фидибæстон тугъди архайдта æ райдайæнæй æ фæууни уæнгæ. Æ берæ лæгдзийнæдти туххæй ин 1944 анзи лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, хуарзæнхæгонд ма æрцудæй аллихузон тугъдон хуæрзеугутæй.
Фæстугъд, 1953 анзи каст фæцæй Тугъдон-денгизон академи.
Фиццаг ранги капитан Къесати Астан æфсæддон службæй рацудæй æма цардæй Севастополи. Æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1977 анзи 15 январи, байвардтонцæ ’й Севастополи.
Къесати Астани намусгин ном лæвæрд æрцудæй кæсалгахæссæн-уазалгæнæн траулерæн, Киристонгъæуи кæци скъолай ахур кодта, уомæн, Дзæуæгигъæуи æма Дигорай гъæунгтæн. Æ ном хæссуй Севастополи скъолатæй дæр еу, æрæги ин уой тургъи æвæрд æрцудæй циртдзæвæн æ бюсти хæццæ.
Нæ номдзуд æмзæнхон, æхсаргин денгизон, Советон Цæдеси Бæгъатæр Къесати Николайи фурт Астани цардвæндаги туххæй нæ газети амæй размæ дæр мухур кодтан аллихузон æрмæгутæ. Абони ба уæ зонгæ кæнæн, зундгонд финсæг Дзадтиати Тотурбег кæддæр Къесай-фурти туххæй ци документалон уацау «Фæццæун атаки!..» ниффинста, уомæй хецæн скъуддзæгти хæццæ.
* * *
КЪЕСАТÆЙ СÆ ИУАЗГУТÆ АЛКÆДДÆР БОЗ УИУОНЦÆ.
Денгизон афицер Къесати Астани фатери 1941 анзи июни еу фæлладуадзæн бони бамбурд æнцæ е ’фсæддон æмбæлттæ æма зонгитæ. Сæ бабадт уоййасæбæл зæрдæхцæуæн рауадæй æма дзæвгарæ рахаста. Куд иннæ хæттити, уотæ иуазгутæ сæ фусунтæй гъæстаг нæ фæцæнцæ. Валя, хуæрз æригон æфсийнæ æма хуæрз æригон мадæ æ фиццаг бæдоли номбæл фингæвæрд зæрдиагæй бацæттæ кодта. Æ райгурæн Киристонгъæуæй кæд идард адтæй, уæддæр фингæбæл æрæвардта æртæ къерей, сонгун фидгунтæ, карки фид, фезонгутæ, аллихузи конд салаттæ, æвзаргæ сæнтæ… Астанæй æруагæс дæр нæ бакодтайдæ, æ бийнойнаг уæхæн арæхстгин æй, е, æхе рази ку не ’рцæттæ кодтайдæ бæркадгин фингæ, уæд…
Иуазгути хестæр, Испаний фашистти нихмæ тугъди бæгъатæр, Советон Цæдеси Бæгъатæр Бурмистров фингæвæрдмæ бакастæй æма зæрдиагæй загъта:
– Мæнæ дессаг! Рæсугъд силгоймæгтæ куд нæ фæууидтон. Фал æрдхуæрæни рæсугъд Валя уæхæн фингæ æрцæттæ кæндзæнæй, уой æнгъæл некæд адтæн. Амондгун дæ, Астан, устур амондгун, уæхæн бийнойнаг кæмæн ес!
Афицер авдæнæй исиста тумбулдзæсгон сабийи æма ’й æ дууæ къохемæй хæрдмæ исдардта:
– Æ фидæй къæрт дæр нæ гæлдзуй! Цæруйнаг игурд æй, цæруйнаг!.. Æ ном куд æй?
– Славик, – иуазæг сæ æгæр ке ’студта, уой туххæй æфсæрмигæнгæй, дзуапп равардтонцæ æригон мадæ æма фидæ. Фал 1-аг ранги капитан, æнæхийнæ, раст æма фæлмæнзæрдæ Бурмистров дзæгъæли хумæтæги некæд дзурдта. Æцæгæйдæр амондгун адтæнцæ Астан æма Валя.
1937 анзи фæззæги Астан каст фæцæй Ленингради М.В. Фрунзей номбæл Æфсæддон-Денгизон уæлдæр скъола æма æрвист æрцудæй Севастополмæ, Сау денгизи флоти службæ кæнунмæ. Дæлдондзæуæг афицери куст кæнун Астан райдæдта лодки еу хай – БЧ-1 командирæй. Уой фæсте каст фæцæй Дæлдондзæуæг афицерти сæрмагонд къурситæ æма ’й иснисан кодтонцæ Дæлдондзæуæг агъазиау науæ Щ-206 командири хестæр агъазгæнæгæй. 1941 анзи мартъий ба иссæй науи командир… Еци хуцаубони æмгæрттæ æрæмбурд æнцæ Астани хæдзарæмæ æ фурт Славикки игурæн бони фæдбæл æма сæ уолæфт уагътонцæ еумæ. Дуккаг кувди фæсте æригон афицертæ, тугъд ка нæма фæууидта, етæ зæрдиагæй игъустонцæ Бурмистрови дзубандимæ. Е фæууидта, Испаний демократон республикæмæ фашисттæ куд балæбурдтонцæ æма дуйнеуон дуккаг тугъд куд ракъахтонцæ, уой. Афицертæ сæ еугур дæр лæдæрдтæнцæ, немуцаг фашистти фюрер Гитлер æма итайлаг дюче Муссолини Европи еугур капиталистон бæстити ранихъуæрдæй ке нæ бафсæддзæнæнцæ, уой. Гитлер, кæд Советон Цæдеси хæццæ кæрæдзей нихмæ не ’стохунбæл бардзурд исаразтонцæ, уæддæр ибæл æууæнкæ нæ адтæй; берæгъ æ кæнон æрдæгбæл нæ уадзуй! Бæрæг адтæй, фашисттæ – демократий цифуддæр знæгтæ – социализми бæстæй сæ уодхæссæг ке уинунцæ æма Советон Цæдесмæ ке æрбампурсдзæнæнцæ, е. Фал кæци рæстæг, кæци бон ниггупп кæндзæнæй тугъди цæхæр нæ арæнбæл, дзубанди нуртæккæ цудæй уой фæдбæл.
ÆМА ЕЦИ-ЕУ БОНБÆЛ СÆ ЦАРДИУАГÆ ТУГЪДОН ФЕСТАДÆЙ…
Афицертæн сæ гъудий кæрони дæр некæмæн адтæй, еумæ ма фæстаг æнæтугъд æхсæвæ бадунцæ, е. Æруагæс дæр си некæмæй кодта, тугъд, раздæр, æнæ раседгæй, райдайдзæнæй, е.
Астани иуазгутæ игъæлдзæгæй фæббадтæнцæ фæсæмбесæхсæвæмæ, уæдта фæххæлеу æнцæ.
Иуазгути фæсте дæр ма Астан æрæгæмæ бафунæй æй. Циуавæрдæр гъудитæ имæ хæстæг нæ уагътонцæ хуссæг… Еугур капиталистон Европæбæл Гитлери æфсад æхе æртухта хелаги хузæн. Сæрустур æма æнæсæрфат Франций, бæгъатæр æма сæребарæуарзагæ Югославий, цитгин Чехословакий, сæребарæуарзагæ Болгарий, гæвзукк Румыний æма Польший, Австрий æма Венгрий, Финляндий æма Норвегий – Гитлери диктатурæ…
Тугъд, Устур тугъд цард æма мæлæтбæл! Цæбæл рахецæн уодзæнæй адæми карнæ? Абони уа, исон уа, Советон гæрзефтонг тухтæн уæхæн тугъди æнæ бацæугæ нæййес… Æма куд цæттæ æй нæ бæстæ? Уæхæн тумугъи нихмæ æрлæуун æ бон бауодзæнæй?… Астан ба си ци бунат æрахæсдзæнæй? Тугъди тумугъ кумæ фæххæсдзæнæй Славик æма иннæ сабийти?..
Астан сæумæй æгæр æрæгæмæ исистадæй æма тагъд кодта заводмæ. Хуцаубон æй, фал завод гъæуама коса, гъæуама архайа донибунти цæуæг науæ аразунадæ фæттагъддæр кæнунбæл.
– Валя, дæхе ме ’рбацудмæ цæттæ дарæ, – нæхстæр кæнгæй, загъта Астан, – тæвдæ бон уодзæнæй æма Славикки еумæ Днепри билæмæ фæххæсдзинан, нæхуæдтæ дæр нæхе райерхæфсдзинан.
– Ма байрæги кæнæ, мадта! – исдзурдта имæ Валя æма æ бæдолæбæл цийнæ кæнунбæл фæцæй.
Фал Астан нæ бахъæрдтæй заводмæ. Устур гъæунги радиорепродуктори рази лæугæй рауидта берæ адæм. «Ци æй, циуавæр æхцæуæн хабæрттæ дзорунцæ радиойæй?» – рагъуди кодта Астан æхенимæр æма байгъуста.
Тугъд… Немуцаг-фашистон æрдонгтæ гадзирахаттæй æрбампурстонцæ нæ Фидибæстæмæ… Советон Цæдеси арæнтæбæл тугъд райеудагъ æй Мурманскæй сауæнгæ Сау денгизи уæнгæ…
Астан фæстæмæ фездахтæй сæхемæ æма загъта:
– Валя, нæхемæ, Кавказмæ!.. Тугъд уордæмæ не ’схъæртдзæнæй, æма багъæуай кæнæ Славикки, дæхе, уæдта фæккæсæ зæрæндтæмæ дæр…
– Нæ… Ду кæми уай, Астан, æз дæр гъæуама уоми уон, – æ фуртухстæй кæугæ дæр ма искодта Валя.
– Æз – Сау денгизи арфи!.. Æма анздзуд Славиккæй дæр матрос кæнис? – æ медбилти æнæбари бахудтæй Астан. – Зонун æй, нæ кæрæдземæй фæххецæн ун æнцон нæй, фал тугъд райдæдта!.. Тугъд ба цæстисугтæ нæ лæдæруй, уæдта имæ нимади дæр нæ ’нцæ!.. Федардзийнадæ, фæразондзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ! Уæхæн хъаурæ кæмæ нæ разинна, е тугъди карзи фесæфдзæнæй дони æртæхи хузæн!.. Славикки хæццæ уæхе рацæттæ кæнетæ æма цотæ Киристонгъæумæ, нанай гъæбесмæ… Кæмифæнди ку уайтæ, уæддæр, зонетæ ’й, мæ зæрдæ уæ хæццæ уодзæнæй!..
Къуæре дæр нæма рацудæй тугъди райдайæнæй, уотæ немуцаг хуæдтæхгутæ фæззиндтæнцæ наутæаразæн заводи сæрмæ. Денгизон минитæ ехуарди хузæн калун байдæдтонцæ Николаевæй рацæуæнти-Днепр-Буги лимани.
Уæхæн уавæр исæвзурдæй, æма цæттæ ка нæма адтæй, еци наутæ æвæстеуатæй ракæнун гъудæй Севастопольмæ. Уогæ гъуддаг айдагъ тугъдон наутæ фæййервæзун кæнунбæл нæ адтæй: заводи æма сахари специалисттæй еунæгей дæр ниууадзæн нæ адтæй знаги къохти. Уæхæн бардзурд адтæй разамундæй. Æма наутæ идзаг адтæнцæ эвакуаций цæуæг адæмæй. Астани лодки хатæнти фезмæлæн нæ адтæй.
Æртæ æмхузон лодки æма цалдæр æндæрхузон науи æхсæвигон рараст æнцæ Николаеви верфийæй. Сæ разæй гурæй-гурæмæ скъардтонцæ зæронд баржити. Сæ буни, дони хурфи римæхст адтæнцæ магнитон æма денгизилæууæг минитæ. Уæлдай гур-гур кодтонцæ знаги хуæдтæхгутæ æма фарватербæл калдтонцæ бомбитæ. Лимани билгæрæнттæй наути æхстонцæ фашистти дзармадзантæ.
Мæйдар æхсæвæ ракетити рохс, бомбити æма содзгæй тæхæг нæмгути цæхæрæй адтæй цидæр æнахур, æнæрцæугæ фудфуни хузæн. Дони билгæрæнттæй ба топпитæй æхстонцæ æфсæддонтæ æма рохсгæнæг нæмгути хæлттæ игъустонцæ лодки æндон фæрстæбæл. Фиццаг хатт ка фæууидта еци æбуалгъ «рæсугъд» тугъд, уони зæрдитæ куд не ’скъудæнцæ мæстæй æма тæссæй! Уомæй фуддæр ба адтæй æндæр нивæ: разæйцæуæг баржитæй еске минæбæл ку исæмбæлидæ, уæд фæркгай уæлдæфи ниппурхæ уидæ. Мини нæрунæй гъостæ къуру кодтонцæ, иуæнгтæ ба нимпулиуонцæ, нуртæккæ мах лодки дæр ку фехæла уæхæн минæ, уæд ни нецибал байзайдзæнæй, зæгъгæ, тарстæнцæ адæм.
ЗИНДОНÆЙ РАЙЕРВÆЗУН БА АМОНДБÆЛ КУД НÆ НИМАДТАЙУОНЦÆ!..
Аци зиндонæй ма денгизи урухмæ сæрæгасæй райервæзæ! Дзæвгарæ фенцондæр уидæ: тральщиктæ цæуиуонцæ разæй æма едзиуонцæ минитæ, знаги дзармадзанти нæмгутæ дæр уони уæнгæ нæбал хъæртиуонцæ. Фал денгизи дæр фашистти хъаурæгин авиаци æма Дæлдондзæуæг лодкитæй баримæхсæн нæййес: нæуæг, æрдæгарæзт лодкити хуæздæр фадуат – дони арф ранигъулун æй æма син уомæн нуртæккæ гæнæн нæма нæййес. Фал уоми, урух денгизи лимани хузæн нæй: фезмæлæнтæ – парахат.
Уæхæн уавæри Астани «Малютка» адтæй флагман – разæй цæуæг. Æ тугъдон тухæ – æртæ пулемети æма дууæ минкъий дзармадзани, нæма имæ адтæй æ устурдæр тохæнгарз – торпедитæ. Севастопольмæ ба цудæй сæрисæфæн надбæл…
Фæцæнцæ лодкæ хуæцунмæ цæттæгæнæн æнæнцойнæ бæнттæ, фæцæнцæ, фæцæнцæ се ’мгъудæй берæ раздæр. Денгизмæ позицимæ рарасти бон ралæудтæй. Лодки тугъдон цæттæдзийнадæ равзарæн ес айдагъдæр уоми.
«ЗНАГИ «ФУЙЙÆЙ» МАХÆЙ НЕКЕ ТÆРСУЙ!..»
Астани лодкæ рандæй денгизмæ хецæнæй æ фиццаг тугъдон операцимæ. Амунд ин ци квадрат адтæй, уоми æрлæудтæй.
«Æрлæудтæй», зæгъгæ, е бустæги раст нæй: зилдæй бонæ æ квадрати дони бунти, æхсæвæ ба – сæрæй, уотемæй экипаж бæлдтæй знаги наутæбæл фембæлунмæ. Лодки адтæй дивизий командир дæр. Агурдтонцæ знаги еу бон, æхсæвæ, дуккаг бон, дуккаг æхсæвæ… Торпедитæ сæ аппарати лæудтæнцæ æхсун æрвонгæй. Фал бал раздæр иссерун гъудæй знаги, е æй нур сæйрагдæр ихæс.
«Сæрдигон хорбон. Денгиз – сабур, æнцад… Ци хуарз рæстæг æй атакæн!» – гъуди кодта Астан, дони лигъз фæтæнмæ перископæй кæсгæй.
– Æмбал командир – уинун дони сæрæй хъуæцæ! – цийнæгæнгæй исдзурдта Астан æ хестæрмæ æма æ галеу цæстæ хъæбæрдæр нитътъæпæн æй перископи авгæбæл.
– Æцæгæй зæгъис? – перископи кæсæнбæл æхе ниццавта комдив.
– Нæ рæдуйун! Курсовой… Махæй дууæ-æртæ мили идарддæр билгæрон ’рдæмæ…
– Раст зæгъис, командир! Дæхе цæттæ кæнæ атакæмæ! – загъта комдив, перископи кæсæнæй еуварс æрлæудтæй æма Астани архайдмæ кастæй. Æригон командири фиццаг атакæ – æ цæттæдзийнадæ æма арæхстдзийнадæн æвдесæн. Ести раст ку нæ кæна, естæмæй ку рæдуйа, – хестæри ихæс – рæдуд афойнадæбæл исраст кæнун. Леонид Хиянин – Дæлдондзæуæг лодкити дивизиони командир – адтæй фæлтæрд афицер æма ибæл Астан æууæндтæй.
– Хъуæцæ уинун æртæ рауæнеми, – загъта е хестæрæн, цæстæ кæсæнæй нæ есгæй æма æ тухстдзийнадæ римæхсгæй.
– Гъо, æртæ науи! Тугъдон наутæ… Сæ хъуæцæй бæрæг æй, – сабурæй загъта комдив Хиянин, перископæй ракæсгæй.
– Лодкæ æрцæттæ кæнетæ тугъдмæ! – бардзурд равардта командир хестæр агъазгæнæгæн æма бабæй кастæй перископæй. Е бардзурд ралæвардта идарддæр æма лодки хецæн хæйттæй фæстæмæ дзуапп лæвардтонцæ хайæдти командиртæ:
– Дизелтæ цæттæ ’нцæ тугъдмæ!
– Торпедити хайадæ цæттæ ’й тугъдмæ!
– Электрон хайадæ цæттæ ’й тугъдмæ!..
– Æмбал комдив, уинун æртæ эсминеци… Цæунцæ кæрæдзей фæдбæл – кильватерон колоннæй, – фегъосун кодта Астан æма хестæр агъазгæнæг лæвардта бæрæггæнæнтæ.
– Еу лодкæ «Малютка»! æртæ эсминеци нихмæ, – æгæр тæссаг æй уавæр, – æхенимæр дзоруни хузи загъта командир:
– Нæхе нин ку ниффу кæнонцæ, уомæй нæ тæрсис? – æ гъоси ин бадзурдта комдив, дзубанди экипажæй куд неке фегъустайдæ, уотæ.
– Нæ, «ниффуйæй» ка фæттæрса, аци лодки уæхæн нæййес! Цалдæр мæйи нæ билицъæрттæ ку хуæрæн знаги хæццæ фембæлунмæ, – æ гъоси ин бадзурдта Астан дæр.
Астан фестадæй хъаури къубулойнæ: æ фезмæлд, æ рахастдзийнадæ уотæ амудта, цума уæлахездзийнадæбæл æ къохтæй федар хуæстæй. Фал зæрди гупп-гупп реуи нæбал цудæй, тоги змæлд сæрмæ цавта: уæлахездзийнадæ цума дельфин адтæй æма нуртæккæ æ къохти астæуæй расуффут кæндзæнæй æма дони рафардæг уодзæнæй, уотæ имæ кастæй. Цæмæн, уой ба æхуæдæг дæр нæма лæдæрдтæй.
Знаги эсминецтæ сæ рази лодкæ ес, уой куд нæ бафеппайдтайуонцæ! Нуртæккæ е адтæй сæйрагдæр. Фал сæхе æгæр хæстæг баластонцæ билгæронмæ.
«БАБУХСУН ГЪÆУЙ, ИННÆ ХАТТ УИН УОДЗÆНÆЙ ЗУНДИ ХУАСÆ!..»
Уой уидта Астан æма катай фæффулдæр æй: «Дзæгъæли хумæтæги нæ хæссунцæ сæхе билгæрæнттæбæл!» – æхенимæр рагъуди кодта командир, æ тæрнихи хед расæрфгæй, инод адтæй лодки хурфи дони буни, хъæбæр инод, æма акустикти рафарста: «Цæй æрфæн ан?»
Эсминецтæ æрбахæстæг æнцæ 6-8 кабелтови бæрцæ, атакæмæ лодкæ адтæй разелуни æрвонг. Никки хæстæгдæр бацудæнцæ кæрæдземæ. Астан ма перископæй знаги матростæ æма вахти лæууæг афицерти дæр уидта. Фал Хиянин куддæр бардзурд равардта, лодкæ атакæмæ æхе разелæд, торпедитæ фехсун æрвонг уæнтæ, зæгъгæ, уотæ гъостæбæл рауадæй лодки æндон губуни хæр-хæр денгизи буни къæдзæхбæл. Уæдмæ командæгæнæн пунктмæ æрбайгъустæнцæ зæрддзæфгæнæн дзурдтæ: «Лодкæ æрæнцадæй зæнхæбæл».
Командир æма экипаж уодуæлдайæй архайдтонцæ уой æ бунатæй тагъддæр фезмæлун кæнунбæл, атакæмæ разелунбæл, фал син нæбал бакумдта æ бунатæй фезмæлун кæнун. «Балласт рауадзон, уотемæй уæлдонмæ исхезон æма атаки æргомæй бацæуон», – зæгъгæ, рагъуди кодта Астан. Фал уой гæнæн дæр нæ адтæй. Уомæн, æма карз бардзурд лæвæрд адтæй флоти командæгæнæгæй, лодкитæ æргомæй атаки куд нæ цæуонцæ, уой туххæй. Уæдта æртæ хъаурæгин, лодкæй берæ тагъддæр цæуæг æма хуæцæнгарзæй хуæрзефтонг тугъдон науи æмгуппæй лодки ку ниццавтайуонцæ, уæд æ торпедитæ рауадзунæй раздæр ниппурх адтайуонцæ. Уæхæн уавæрти е адтайдæ æнæзунд миуæ, экипаж æма лодки исæфт бустæги дзæгъæли. Æртæ эсминеци, агоргæ æма æнæергæ амæттæгтæ, рахизтæнцæ лодки сæрти, цума ами æ кой дæр нæ адтæй, уотæ.
Æма, дан, мæстæй ма раскъунæ уæхæн минутти: тугъди тæккæ цирени знаг дæ фиййи бунæй райервæзæд!
Рæдуд уайтæккæ рабæрæг кодта комдив æхуæдæг: карти куд амунд адтæй, уомæй берæ уæлæнгайдæр разиндтæй донибуни къæдзæх. Етæ дони арф нимадтонцæ картæмæ гæсгæ æма сæбæл рæдуд æруагъта æрфæнбæрæггæнæн картæ.
Командир æма экипажи маст фæмминкъийдæр кæнуни туххæй комдив загъта:
– Мæстаг æй, устур мæстаг, фал еу æма дууебæл не ’рцудæй уæхæн бæлах. Картæ нæ фæссайдта, картæ… Бабухсун гъæуй, дуккаг хатмæ уин уодзæнæй зунди хуасæ… Уæ амондæн коветæ, эсминецтæ уæ хурæбæл лæугæй ке не ’рæстæфтæнцæ, уой туххæй…
Фал Астани маст уомæй нæ фæмминкъийдæр æй. «Æ ходуйнаг, æ ходуйнаг», – гъуди кодта æригон командир, æ масти дзæкъолæ фæйнердæмæ рæдувта, уотемæй. Фæкъкъулумпи æй фиццаг атакæ.
Еу рæстæг фашистти командæгæнгутæ исæфтбæл банимадтонцæ Сау денгизи советон флот, денгиз нур нæхе æй, зæгъгæ, дзурдтонцæ æма сæ наутæ уадзун байдæдтонцæ минкъий гъæуайгæнæг хъаурити хæццæ.
«УÆЛАХЕЗ!.. СÆ ЦИЙНÆ МА СИН КА БАУОРАДТАЙДÆ!..»
Астан æ фиццаг атаки ке фæкъкъулумпи æй, е ин зунди хуасæ фæцæй æма æ нæуæг операцитæмæ лæмбунæгдæр цæттæ кодта æхе æма экипажи дæр. Ци райони цудæй, уой æууæлтæ лæмбунæг исахур кодта, думгæ кæцирдигæй æма куд фæццæуй, сауæнгæ ма уой дæр. Уæдмæ фæхъхъаурæгиндæр æй сауденгизон лодкити флоти фæлтæрддзийнадæ дæр. Астани æмбæлттæ – Грешилов æма Иоселианийи фиццаг уæлахездзийнæдтæ фæннифсгундæр кодтонцæ Дæлдондзæуæг афицерти, ахур син кодтонцæ сæ фæлтæрддзийнадæбæл.
Цалдæр бони ба Астан адтæй денгизи, æ позиций.
Тугъдон Æфсати раскъардта Астани риндзæбæл «саг». Адтæй еунæг. Æцæгæй æ разæй тахтæй сгарæг хуæдтæхæг æма дони бунмæ уомæй хъæбæр тас нæ адтæй. Денгиз адтæй сабур, арв мегътæй æмбæрзт æма авиаци идардмæ уидта. Астан бацийнæ кодта æ амæттагбæл.
«Амæй уæддæр исесдзæнæн мæ маст, эсминецтæ мæмæ ци маст бауагътонцæ, уой», – рагъуди кодта æма бардзурд равардта атаки бацæунмæ бацæттæ кæнуни туххæй.
Алкедæр си æ бунат æрахæста æма цурд архайдта.
«Малюткæ» æхе бауагъта знаги науæбæл æма, гъе нур торпедитæ лодки аппаратæй рагæпп кæнунмæ гъавунцæ, уотæ еу науæ æ къурсæй фæззилдæй ку рахесæрдæмæ, ку галеуæрдæмæ, – æхе радавæ-бадавæ кодта тарст хелаги хузæн.
Дууæ сахаттей бæрцæ фæрратæрæ-батæрæ кодта æма фæгъгъавта командир знаги нау фæддæлдон кæнунмæ. Фал не ’фтудæй æ къохи. Лодки ба дууæ торпедæй æндæр нæ адтæй. Уони рауагътонцæ æма не ’сæргъавтонцæ знаги науæ, зæгъгæ, уæд – дууæ мардæрцуди фæд-фæди: знаг райервæздзæнæй æма хуæрз дзæгъæли фесæфдзæнæй зинг кæнæн тохæнгарз.
Науи сæрмæ фæззиндтæй æма арви зелдохтæ кодта æ гъæуайгæнæг. Е фæццурддæр кодта атакæ: «Малютки» дууæ торпеди æмгæпп ракодтонцæ аппараттæй æма сæ уорсбун фæд рандæй нисанмæ. Астан гурусхæ нæ кодта æ нигъгъавдбæл, раст исаразта торпедити сæ нисанмæ æма сæмæ кастæй перископæй. Хуæдтæхæг дæр æ бомбитæ калдта «Малютка»-бæл. Фал Астани нуртæккæ е не ’ндавта. «Торпедитæ куд æрæгæмæ ихæлунцæ», – куд рагъуди кодта, уотæ лодки æндон фæрстæ низзир-зир кодтонцæ дууæ хъаурæгин исрæмугъдемæй. Немуцаг нау æнахъæл бæхи хузæн æ фæстæгутæбæл æрлæудтæй æма æ къембур хæрдмæ нихъхъел кодта. Матростæ цалинмæ донмæ сæхе гæлстонцæ, уæдмæ ма науи бунати райзадæй айдагъдæр æнгъезгæ уæрмæ. «Малютки» хатæнтæмæ райгъустæй цийни хабар: «Уæлахез! Уæлахез!»
– Гъо, уæлахез! Фиццаг уæлахез!
Лодкæ «М-117» фæддæлдон кодта фашистти денгизон пираттæй еуей… Матростæ, старшинатæ, афицертæ, арфæ уин кæнун нæ фиццаг уæлахези туххæй! Хъæбæр хуарз архайдтайтæ уæ еугур дæр, мæ хъазар æмбæлттæ, æма уин уой туххæй арфæ кæнун! Æгас цæуæд советон тугъдон тухти уæлахези бон! – райарфæ кодта Астан командæн, перископи кæсæнæй цæстингас нæ есгæй. Лодки хатæнтæй игъустæй «Ур-рр-а!» Кæд уотæ кæнун не ’нгъизтæй дони буни уогæй, уæддæр ма син ка уорæдта сæ цийнæ!
ЗНАГÆЙ ГЪÆУАМА АЦЪАГЪУÆГИНДÆР РАЗИННАЙ…
Астани фæндадтæй уæлдонмæ исхезун, æма, ци нау фæддæлдон кодтонцæ, уой матрости уацари райсун: уидта сæ перископæй, хæстæг имæ адтæнцæ, архайдтонцæ сæхе фæййервæзун кæнунбæл. Фал е æгæр тæссаг операци адтæй лодкæн æма æ командæн дæр: гъæуайгæнæг хуæдтæхæгмæ бомбитæ нæбал адтæй, фал уæддæр æ хуали кæмæн æрхауй, уæхæн хъæрццигъай хузæн лодки сæрмæ разелæ-базелæ кодта. Цæмæн, уой Астан лæдæрдтæй: тæхæг фæсседтæй е ’мбæлттæмæ æма лодки нихмæ тохæг катертæмæ. Тагъд фембæлдзæнæнцæ етæ сæ науи уæлгъос æма исхуæцдзæнæнцæ лодкæбæл.
Командир æруагъта перископ. Лодкæ дони арфдæр рандæй æма е ’ргом исаразта базæмæ…
ДЗАДТИАТИ Тотурбег (1910-1984), финсæг
Уодзæнæй ма