20 апреля 2024

ФÆЛЛАДУАДЗÆН БÆНТТÆ 2021 АНЗИ

15.09.2020 | 14:59

Уæрæсей Фæллойни министрадæ бацæттæ кодта 2021 анзи фæлладуадзæн бæнттæ рахæссуни туххæй Хецауадон унаффи проект.

Министради хатдзæгтæмæ гæсгæ 2021 анзи нисангонд цæунцæ «январи фæлладуагъд» 1-10 январи уæнгæ, 21 æма 23 феврали ба æртæ фæлладуадзæн бони, æма 6-8 мартъий дæр æртæ фæлладуадзæн бони.
Майи 1-3 бæнтти æма 6-8 бæнтти уодзæнæй фæлладуадзæн рæстæг, 12-14 июни дæр уæхæн æмгъуд. 4-7 ноябри дæттунцæ цуппар фæлладуадзæн бони. Ведомстви гъудимæ гæсгæ, уæрæсейæгтæ нæ косдзæнæнцæ 2021 анзи 31 декабри. «Иннæ анз цалдæр бæрæгбони байеу уодзæнæнцæ сабат æма хуцаубони хæццæ, уомæ гæсгæ 2 æма 3 январи (сабат æма хуцаубон) гъавæн æнæкосгæ бæрæгбæнттæ 5 ноябрь æма 31 декабрьмæ рахæссун. Уомæй уæлдай сабати – 20 феврали фæлладуадзæн бон рахæссæн ес авдисæрмæ – 22 февральмæ» – загътонцæ министради.
Фæллойни Кодексмæ гæсгæ Уæрæ-сей æнæкосгæ бæрæгбæнттæ æнцæ: 1,2, 3, 4, 5,6 æма 8 январь – гъома, анзи фæл-ладуадзæн бæнттæ, 7 январь ба æй Ки-ристей Райгурди бон, 23 февраль – Фидибæстæ гъæуайкæнуйнади Бон¸8 мартъи – силгоймæгти дуйнеуон Æхсæнадæмон бон, 1 май – уалдзæг æма фæллойни Бон, 9 май – Уæлахези Бон, 12 июнь Уæрæсей Бон, 4 ноябрь – адæмон еудзийнади Бон.

«Интерфакс»