06 декабря 2024

ФÆЛЛОЙНАДОН  РАХАСТДЗИЙНÆДТИ НИВÆБÆЛАДИ  ФАРСТАТÆ

28.10.2023 | 21:36

Цæгат Кавкази федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвар Юрий Чайки разамундæй ци урух æмбурд арæзт æрцудæй, уоми лæмбунæг дзубанди рауадæй фæллойнадон рахастдзийнæдти идарддæри нивæбæладæбæл. Цæгат Иристонæй видеоконференций фæрци дзубандий архайдта республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Юрий Чайка æмбурди райдайæни куд фæббæрæг кодта, уотемæй косæг адæми «аууонæй» ракæнуни, кусдæтгутæ æма фæллойнæгæнгути рахастдзийнæдтæ закъонæвæрунади домæнти аккаг искæнуни, адæмæн нæуæг косæн бунæттæ дæттуни гъуддаги Цæгат Кавкази федералон зилди фæстаг дууæ анзей дæргъи æрцудæй зингæ æвæрццаг æййивддзийнæдтæ. Президенти Минæвæради аппарат, Уæрæсей Федераций Фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министрадæ амунд фарстатæбæл æнгом æмархайд кæнунцæ федералон зилди субъектти хецауади оргæнти хæццæ.

Алли субъектеми дæр арæзт æрцудæнцæ фæллойнадон рахастдзийнæдтæ банивæбæл кæнуни фарстати фæдбæл регионалон æма муниципалон къамистæ. Еци структуритæ бæлвурд мадзæлттæ аразунцæ, мизд къонверти ка есуй, еци косæг адæми «аууонæй» ракæнун æма син фæллойнадон бадзурдтæ исфедар кæнунæн. Уомæй уæлдай, еци къамистæ æма иннæ профилон ведомствитæ се ’ргом æздахунцæ минкъий æма рæстæмбес амалгъонади компанити архайд фæгъгъомусгиндæр кæнунмæ, адæмон хæдзаради алли къабæзтæн дæсни специалисттæ цæттæ кæнунмæ, фæллойнадон рахастдзийнæдти хæццæ баст иннæ фарстатæ лух кæнунмæ.

– Фæллойнадон рахастдзийнæдти нивæбæлади сæрбæлтау Президент Владимир Путин æма федералон Хецауади еугур  бæрнон ведомствити размæ ци ахсгиаг нисантæ æвæрунцæ, уонæбæл регионтæ косунцæ бæлвурд пъланти бундорбæл. Уой хæццæ, рæстæг домуй, цæмæй фæллойнадон закъонæвæрунадæмæ хаст æрцæуонцæ еуæй-еу æййивддзийнæдтæ. Еци закъонæвæрунадон нæуæгдзийнæдти фæрци хуæздæр гъæуайгонд цæудзæнæнцæ фæллойнæгæнгути бартæ, уæдта карздæр административон гæрæнтæ фæззиндзæнæй косæг адæймагæн æ мизд къонверти дæттуни гъуддагæн. Уомæй уæлдай, нормативон уагæбæл фæллæмбунæгдæр кæнуйнаг æнцæ амунд регионалон æма муниципалон къамисти æнхæстбартæ дæр, – загъта Юрий Чайка.

Цæстдарæг оргæнти бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2022 анзи фиццаг æмбеси Цæгат Кавкази регионти рабæрæг æй, «аууони» ка куста æма мизд къонверти ка иста, уæхæн 12 057 адæймаги. Аци анзи еци æмгъудмæ ба – 26 833 адæймаги. Нур профилон ведомствитæ архайунцæ, цæмæй еугур еци адæми раййевонцæ фæллойнадон бадзурдтæмæ. Абони уæнгæ бал уонæн сæ 26 проценти «аууонæй» ракодтонцæ, иннети хæццæ дæр хæстæгдæр рæстæг федаргонд æрцæудзæнæнцæ фæллойнадон бадзурдтæ. Æмбурди архайгутæ се ’ргом раздахтонцæ косæг адæмæн мизд афойнадæбæл федуни фарстамæ дæр. Фæллойни федералон агентади бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2023 анзи 1 сентябри хигъдмæ Цæгат Кавкази федералон зилди регионти мизд федунæй ихæстæ адтæнцæ 179 миллион сомемæй фулдæр. Уой хæццæ, «Росстат» ба фегъосун кодта зингæ минкъийдæр нимæдзитæ – 70,6 миллион соми.

– Дууæ цæстдарæг ведомстви бæрæггæнæнти ’хсæн уæхæн устур хецæндзийнадæ ке ес, уой хинцгæй, нуртæккæ Фæллойнæ æм социалон гъæуайкæнуйнади министради минæвæрттæ фарстамæ нæуæгæй æркæсдзæнæнцæ æма ихæси æцæг бæрцитæ фæббæстондæр кæндзæнæнцæ. Уой хæццæ, мизди ихæс фæмминкъийдæр кæнунбæл архайд еудадзугон бундорбæл гъæуама арæзт цæуа, – байамудта Президенти минæвар.

Бони фæтки фарстати фæдбæл докладтæ искодтонцæ æма фæндæнттæ бахастонцæ хецауади федералон æма регионалон оргæнти бæрнон косгутæ. Еугур фарстати фæдбæл дæр федаргонд æрцудæнцæ бæлвурд унаффитæ.

Фæллойнадон рахастдзийнæдтæ банивæбæл кæнуни фарстати фæдбæл цæгат-иристойнаг регионалон къамиси бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2023 анзи фараст мæйемæ æргомгонд æрцудæнцæ, мизд къонверти ка иста, уæхæн 8 439 адæймаги. Уонæн нуриуæнгæ сæ 78 процентей бæрцæ (6  284 адæймаги) раййивтонцæ фæллойнадон бадзурдтæмæ. Иннети архайд дæр закъони бундорбæл раййевунбæл куст цæуй.

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ