19 апреля 2024

Ӕ фарнӕй хайгин ан абони дӕр ма

11.03.2022 | 09:46

Аййевадӕ… Уогӕ ба куд ӕгӕрон ӕй дӕ тухӕ – цийфӕнди ӕндон къӕдзӕхи реу дӕр бакъӕрт кӕнис!.. Мадта цӕйбӕрцӕбӕл бӕркадгин дӕ – дӕ фӕрци гъӕздугӕй-гъӕздугдӕр кӕнуй адӕми монон фарнӕ!.. Дӕ рохсӕй адӕймаги зӕрдӕ нифсгундӕр кӕнис ӕ уӕлмонцти, разӕнгард ӕй кӕнис арфиаг гъуддӕгутӕ исфӕлдесунмӕ!.. Уоди хуасӕ исуис цардарӕзти фуддзаманти – дӕ фӕрци нигъгъос унцӕ ӕхсаргӕрдти зӕлланг, фуддзийнадӕ аразӕг знаги нифс басӕттис…

Дӕ еци ӕма ма берӕ ӕндӕр хуӕрзагӕдтӕ ба исӕцӕг унцӕ дӕуӕн уодуӕлдай ӕма рӕстзӕрдӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уони фӕрци. Уонӕй ба еу адтӕй Цӕгат Иристони ӕма Уӕрӕсей Федераций культури ӕскъуӕлхт косӕг Гӕбути Зойӕ.

Абони ба ‘й уомӕ гӕсгӕ имисӕн, ӕма 5 феврали ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй дӕс ӕма цуппаринсӕй анзи (1932-2015). Уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ 6-7-аг фӕрстӕбӕл.