26 апреля 2024

Ӕ ФАРНӔЙ ХАЙГИН ӔЙ НӔ ДЗИЛЛӔ!..

11.11.2021 | 15:38

Дигорон литератури бундорӕвӕрӕг Малити Геуӕргий поэмити туххӕй

СКЪОДТАТИ Эльбрус, журнал«Ирæф»-и сæйраг редактор

Нӕ фиддӕлтӕмӕ кадӕнгӕ кӕнун адтӕй устур кадӕбӕл нимад. Зӕронд лӕг ӕ къохтӕмӕ гъесин фӕндур ку райсидӕ ӕма гъӕдти уӕлсӕрти, къӕдзӕхтӕбӕл ку ниййазӕлидӕ ӕ дессаги рагон, бунӕйласгӕ рӕсугъд зар зӕрдагайӕн цагъди хӕццӕ, уӕд ма ймӕ сирдтӕ ’ма мӕргътӕ дӕр сахӕй нийгъосиуонцӕ. Дӕсни кадӕнгӕгӕнӕг, гъуди ӕма ӕнкъарӕнти ранигъулгӕй, цӕгъдгӕ-цӕгъдун ӕ уадзимиси дзурдтӕ, уӕдта ма сауӕнгӕ сюжет дӕр ӕййевгӕ цудӕй ӕма е ’мдогон адӕни деси бафтауидӕ ӕ, Хуцау ӕма ӕрдзӕй лӕвӕрд, устур скурдиадӕ.

Нӕ рагфиддӕлти еци кадӕнгитӕ ’ма тауӕрӕхътӕн фӕстӕдӕр дзаманти, классикон аййев литературӕ парахат кӕнун ку райдӕдта дуйнеййи царди медӕгӕ, уӕд фӕззиндтӕй «цӕуӕт, бӕдӕлттӕ – поэмитӕ». Кадӕнгӕ ӕма поэмӕ кӕд ӕстӕг-хӕстӕг ӕнцӕ кӕрӕдземӕн, уӕддӕр се ’хсӕн исӕвзурдӕй зингӕ игъаугитӕ, ӕма уонӕн ба сӕ сӕйрагдӕртӕй ӕнцӕ стилистикӕ, ритмикӕ, уӕдта уонӕй хъӕбӕрдӕр ба, – куд рифмӕгонд цӕунцӕ еци адӕмон ӕма литературон жанртӕй финст уадзимистӕ, еци хецӕндзийнӕдтӕ.

Фиццаг игъауги – стилистикӕ дзӕвгарӕ растдӕр ӕй кадӕнгитӕн сӕхеми: ес син ӕхсӕст дигорон ӕвзаги гъудиӕдти арӕзт. Дуккаг – ритмикӕмӕ ци хауй, уомӕй ба адӕмон кадӕнгити ӕма классикон поэзий азӕлд кӕрӕдзей хӕццӕ барун ӕнхӕст раст нӕ униау ӕй: етӕ хецӕн гъуддӕгтӕ ’нцӕ, ӕма, куд фӕззӕгъунцӕ, уотӕ – «еу саугинӕн ӕхе уарзуй, иннӕ ба – саугинӕн ӕ уоси уарзуй».

Зӕгъун мӕ фӕндуй уой, ӕма адӕмон ритмикӕ и кадӕнгитӕбӕл хъӕбӕр федауй, бундорон сагъӕсбӕл ӕфтауй игъосӕги, ӕй рӕсугъд ӕма зӕрдӕмӕ гъарагӕ, ирдӕй ӕвдесуй уадзимисӕн ӕ медӕггаг итингадӕ, уӕдта си ци архайд цӕуй, уой гъуди райхалунмӕ дӕр агъаз кӕнуй. Фал берӕ фиддӕлтиккон тауӕрӕхътӕ ’ма кадӕнгитӕн арӕх фӕууй ӕнхузон характер, ӕма, гъе, уомӕ гӕсгӕ ба сӕ азӕлд дӕр арӕх фӕууй ӕнгӕсгомау. Хецӕн уадзимистӕ ӕнхузӕнгомау цӕгъдтитӕй фӕлустгонд ку ӕрцӕуонцӕ, уӕдта сӕ алкӕций уӕзӕ дӕр ниллӕгдӕр кӕнуй, зиндӕрӕй ӕй есуй зӕрдӕ ӕхемӕ.

Классикон поэзий ритмики формитӕ ба ӕнцӕ берӕ ӕма аллихузти. Уой рӕуонӕ, уой игурӕн ӕма ратӕдзӕн ба цӕуй, – автортӕ берӕ ӕма фӕйнӕхузти ке ӕнцӕ, уӕдта си алкедӕр еппӕрдӕй ке косуй, уордигӕй. Е еуемӕй хуарз ӕй, иннемӕй ба – лӕгъуз. Адӕмон сфӕлдистади хӕзнатӕ ба ӕнцӕ берӕ адӕни ӕма берӕ фӕлтӕрти фӕллойнӕ, зӕгъунӕн кадӕнгӕгӕнгутӕ сӕ лигъзгӕнгӕ ӕрцудӕнцӕ недзамантӕй нури догӕмӕ ӕма ӕнцӕ арфдӕр, бундорондӕр, ӕхедгӕдӕр, медесгундӕр ӕма зӕрдӕбӕлӕмбӕлагӕдӕр. Берӕ ӕностӕ, догтӕ ӕма дзамантӕ сӕ сӕхе аккаг аразтонцӕ. Цифӕнди гений дӕр адӕмон гениййи уӕлвӕзадӕмӕ не схъӕртдзӕнӕй. Уомӕ гӕсгӕ, адӕмон сфӕлдистадӕ классикон литератури хӕццӕ барӕн нӕййес ӕма сӕ тӕразӕбӕл ӕвӕрун дӕр нӕ гъӕуй.

Фалӕ уӕддӕр ефстагмӕ ба райгуруй уӕхӕн лӕгтӕ, ӕма син рӕстӕг бонӕй-бонмӕ сӕ кадӕ уӕлдӕр есгӕ цӕуй, адӕн ба ӕй цъухӕй-цъухмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ сӕ кӕрӕдземӕн дӕдтгӕ цӕунцӕ уоди хӕзна – кадӕнгау. Ӕнӕмӕнгӕ, махӕн уӕхӕн хъазар ӕй Малити Геуӕрги – кадӕнгӕгӕнӕг ӕма поэмитӕ финсӕг. Кадӕнгӕ ӕма поэмӕй ци уӕлдай ес, уонӕбӕл цубурӕй загътан, нур ба мӕ фӕндуй, поэмӕ ’ма ӕмдзӕвгӕмӕ еумӕйагӕй, ӕнхузонӕй ци ес, уой бафеппайун, уӕдта рахездзинан Малити Геуӕргий сфӕлдистадӕбӕл комкоммӕ дзубандимӕ.

Дигорон паддзахадон театри МАЛИТИ Геуæргий поэмæ «Дзандзирахъ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль.

Поэмӕ ’ма ӕмдзӕвги ’хсӕн кӕд устур игъауги ес, уӕддӕр ӕнгон баст ӕнцӕ кӕрӕдзей хӕццӕ. Ӕцӕг поэмӕ, мӕ нимадмӕ гӕсгӕ, гъӕуама конд уа цалдӕр, кенӕ ба берӕ хецӕн ӕмдзӕвгитӕй. Гъема, кӕцӕйфӕнди си ӕнхӕст скъуддзаг ку райсай, уӕд ӕрмӕст уоми дӕр гъӕуама уа ӕмдзӕвги тухӕ, аййев фӕлгонцтӕ, ӕнхӕст гъудитӕ ӕма бӕрӕг хузӕ. Уӕхӕн «скъуддзӕгтӕ-ӕмдзӕвгитӕ»-й еудадзугӕй, «ӕнӕгӕмӕхӕй», ӕмбастӕй, еци-еу идеи сӕраппонд ку косонцӕ, уӕд райгуруй, кӕбӕл дзорӕн, еци «ӕцӕг поэмӕ».

Сфӕлдистадӕбӕл фӕлгӕсгӕй, уадзимисӕн ӕ асӕмӕ гӕсгӕ неке аргъ кӕнуй, фал уӕддӕр устур куст финсун зиндӕр ӕй, – асӕ ӕвӕруй автори размӕ берӕ цӕлхдортӕ, къулумпитӕ, уомӕн, ӕма даргъ балци цӕугӕй, ӕнцон нӕ ’й нади еугур фӕззелӕнтӕ, ӕййивддзийнӕдтӕмӕ цӕттӕ ун, ӕнӕнгъӕлӕги цаутӕ ’ма миутӕ фулдӕр ӕмбӕлунцӕ бӕлццонбӕл. Устур над устур ампъезтӕ домуй, еци ампъезтӕ ба цаути хӕццӕ ӕнӕрӕдудӕй кӕрӕдзебӕл бӕттун гъӕуй.

Малити Геуӕрги ӕ поэмити «будурти, гъӕдти, хуӕнхти», дӕсни бӕхбадӕгау, ӕнцонтӕй радогъ кӕнуй райдайӕнӕй кӕронмӕ, ӕ уадзевзий идонӕбӕл ӕлвӕст хуӕцгӕй, некӕми ’й исуадзгӕй, бахъӕртуй, кумӕ гъавта, тӕккӕ еци «райдзаст ӕрдозӕмӕ».

Поэзий ӕнӕзингӕ ӕма зингӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ: уодифарнӕ, гъуди, зӕрдицӕф, бастдзийнӕдтӕ, нихмӕвӕрд цаутӕ, нивесийнитӕ, ӕппун фӕстаг ба – рӕнгъитӕ ӕма, сауӕнгӕ, хецӕн дамугъатӕ дӕр, фиццаг бал, автори сӕри хъанзи, уоди медӕгӕ, фӕуунцӕ «пурхгонд, идзӕхсӕнтӕ, дзӕгъӕлдзо фусти къуӕрттау», ӕма сӕ фӕгъгъӕуй ӕрӕмбурд кӕнун еу дзогӕмӕ, уой фӕсте ба – царди хезнӕмӕ раскъӕрун. Никкидӕр ма ин ес ӕндӕрхузи зӕгъӕн: поэзий хурфаг минеугутӕ, аразӕн хӕйттӕ (детальтӕ), сорӕттӕ ӕма хуарӕнтӕ фӕуунцӕ хӕлхъой, хӕлӕмултӕ къӕрцгъасти иуӕнгтау, ӕцӕг поэт ба амонӕг дӕр – ӕхуӕдӕг, аллихузон фӕндуртӕ ’ма уадиндзитӕй цӕгъдӕг дӕр уотӕ.

Малити Геуӕргийӕн ӕ сосӕгдзийнӕдтӕй идзаг поэзий алли ’змӕлд, алли ’стуф, алли науӕр дӕр ӕ къохти ’й, – ӕ хъаурӕ, ӕ барӕ цӕуй ӕ кӕцифӕнди уадзевзи дӕр, ци ’рдӕмӕ ’й фӕндуй, уоцирдӕмӕ фӕййаразунбӕл ӕма ’й уорс дари къӕртрӕзти фӕлустӕй, киндздзон кизгау, ӕрветуй адӕнмӕ. Зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма Геуӕрги е скурдиади гениййи хӕццӕ разиндтӕй е ’рвон ӕрвонг поэзийӕй тухгиндӕр ӕма ’й еци бӕрзӕндӕмӕ дӕр уӕхӕн хъаури фӕрци исиста.

Геуӕргий поэмитӕй еу – «Дзандзи-рахъ» – финст ӕй адӕмон зар «Дзан-дзирахъ»-и бундорбӕл:

Донӕй уорс, сау Къаматӕ,
Уӕ Дзандзирахъи нӕ агоретӕ,
Ӕндӕра уин Галгъазӕни устур хъуми
Ӕ дууӕ сау дзигкой и цогӕ дон
Дууердӕмӕ фелауй.
Ӕ марӕг – Буалцауи фурт Алтуд ӕй,
Гъӕй-уӕууӕй! Ци рӕдуд фӕккодтай!
Мӕнмӕ сон ка ’й,
Е ӕ сау рӕсугъди рамарӕд
Еске цъухи ардудӕй.

(«Памятники народного творчества осетин», Владикавказ, 1927)

 

Адӕмон сфӕлдистади бундорбӕл литературон уадзимистӕ финстонцӕ берӕ стур лӕгтӕ, сауӕнгӕ, еугур дуйней зундгонд финсгутӕ дӕр ма, ӕма уоми дессагӕй неци ес, еци хузи мадзалӕй пайда кӕнун аййевадон итигъдади нӕуӕг хабар нӕ ’й, уӕдта ӕмбӕлгӕ дӕр кӕнуй. Нӕ фал ӕма алли устур поэтӕн дӕр ӕ адӕни царди цаутӕ, истори ӕвдесун ӕ ихӕс ӕй, – уони ба ӕносӕй-ӕносмӕ дзоргӕ ка ӕрцудӕй, уонӕй хуӕздӕр неке зудта. Дессаг ба ӕй, и цӕттӕ лӕвӕрд сюжет куд равдесай, е: ка ӕй рӕвдзӕдӕр фӕккӕнуй, ка ба – фуддӕр.

Нура уӕхуӕдтӕ ӕвдесӕн фӕууотӕ ӕма аргъ искӕнетӕ, Малий-фуртӕн куд бантӕстӕй «Дзандзирахъи зар»-ӕй поэмӕ исаразун, уомӕн:

Ӕрӕмбурд ӕнцӕ абони
Ӕвдӕймаг сабат Къаматӕ,
Ку ӕрбадунцӕ тӕрхони
Ӕд лӕдзгутӕ, ӕд хъӕматӕ.

Фиццаг «цӕфтӕй» дӕр бӕрӕг ӕй, – Геуӕргий «Дзандзирахъ» ӕ музыкӕй дӕр, ӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ дӕр бунтон ӕндӕр ӕй, адӕмон зари хӕццӕ рабаргӕй. Кӕд ӕма и зар ӕ техникон арӕзтӕй ӕй ӕнӕхсӕст гъӕдӕрмӕги хузӕн, уӕд поэми райдайӕн ба – «хуӕрзамад ӕма саудорӕй лигъзгонд, дзаумай сӕр». Цубур дзурдӕй ба – Геуӕргий поэмӕ ӕй хецӕн, сӕрмагонд уадзимис.

Дзандзирахъ ӕй силгоймаги кӕдзосдзийнадӕ ӕма рӕстади символ, ӕма ’й исхонун ӕнгъезуй поэми сӕйраг архайӕг, кӕд ӕгас нӕбал ӕй, уӕддӕр.

Поэми е ’нахури алӕмӕти ӕвзаг, ӕ сюжети ӕлхийтӕ арӕзт, адӕймаги сӕригъун арцау кӕмӕй ислӕууй, еци драматизм ӕвӕрунцӕ дуйнеон поэзий шедеврти ӕмрӕнгъӕ.

* * *

Литературӕ царди айдӕнӕ ке ӕй, уой рӕуонӕй си ӕносон ӕй тугъди темӕ дӕр. Малити Геуӕргий сфӕлдистади е ахӕссуй ахсгиаг бунат. Ӕ «тугъдон» поэмитӕ – «Гудзуна» ӕма «Темур-Алсахъ»-ӕй ес еу хатдзӕг искӕнӕн: Дигори комбӕл XV–XVI ӕности лӕбурдтитӕ ку уидӕ, уӕд ӕгас бунӕттон адӕн дӕр фӕдеси рацӕуиуонцӕ, ӕма, сӕ равгӕ куд амудта, уотӕ хуӕстӕнцӕ тухгӕнгути нихмӕ. Фал сӕмӕ хуӕцӕнгарз ӕстӕн ке адтӕй, ӕвӕдзи, уой бӕллахӕй ӕмхузӕн нӕ архайдтонцӕ. Ӕрмӕст, Дигорӕмӕ алкӕддӕр разиннидӕ уӕхӕн бӕгъатӕр лӕг, финдздзӕуӕг, – еунӕгӕй дӕр устур нихкъуӕрд ка радтидӕ ӕзнӕгтӕн ӕма сӕ ледзӕги ка фӕккӕнун кӕнидӕ ӕрдӕгуалитӕй.

Поэмӕ «Гудзуна»-й ӕвдист цӕуй рагон историон цау, фал автор фиццагидӕр лӕмбунӕг хузӕ кӕнуй исуйнаг уонӕхсарӕ лӕги сорӕт. Ӕвдесгӕ ба ’й уотӕ кӕнуй, ’ма некӕмӕй байруагӕс уодзӕнӕй, – амӕй ескӕд ести рауайдзӕнӕй, зӕгъгӕ, е:

Лӕузӕнгойнӕ, сӕппӕркъегин,
Дивилдунтӕ, лацамарз, –
Фӕццӕйгъузуй, цӕветтонгӕ,
Дзебӕлгӕнгӕ гъунтъуз арс.

Поэт нин нӕ размӕ ӕристун кодта ӕнхӕст, цӕститӕбӕл цардӕгасау ка рауайуй, уӕхӕн нивесийнӕ. Гумудза фиййаубӕл ма сауӕнгӕ дондзау кизгуттӕ дӕр ходунцӕ. Ӕрмӕст, фиццаг ӕркаст хаттгай сайагӕ дӕр разиннуй, фал е нурма бӕрӕг нӕ ’й гъӕуккаг кизгуттӕн:

И гъӕугони, зур-зургӕнгӕ
Кӕми ледзуй сауӕдон,
Ӕристадӕнцӕ дондзаутӕ
Ӕд къустелтӕ сӕумигон.

Гудзунабӕл айуангӕнгӕ,
Нихходунцӕ къӕл-къӕлӕй,
Фал не ’сдзоргӕй, фӕццӕйцӕуй
Фӕлвӕрай-фурт дзӕндӕлӕй…

Цӕмӕдессаг, уодбӕл ӕмбӕлагӕ, зӕрдӕ рӕвдауӕн арӕзт ӕнцӕ поэми гъудиӕдтӕ. Ӕвӕдзи, дигорон ӕвзаги генион тухӕ Малити Геуӕргий медӕгӕ нисангонд ӕрцудӕй, раст цума ин ӕвзаг уотӕ бафӕдзахста, – мӕ деденгутӕ мин ду равдесӕ нӕ адӕмӕн. Мӕ фур цийнӕй мӕ уод идзулуй, мӕнӕ аци рӕсугъд рӕнгъитӕ нӕуӕгӕй аргъаугӕй: «Уалӕ фахси, сурх тӕмӕнтӕ кӕми калуй бобона» ӕма «И гъӕугони, зур-зургӕнгӕ кӕми ледзуй сауӕдон». Поэт Гудзунай фӕлгонц фӕлундуй ӕрдзи медӕгӕ, ӕрдзи хӕццӕ, сӕ кӕрӕдземӕй син ратонӕн ӕма рацохгӕнӕн куд нӕ уа, уотӕ:

Фал ку скастӕуа уӕлтегъӕй, –
Фӕзӕ лигъз ӕма кӕдзос,
Хуӕнхтӕ, гъӕдтӕ хӕлӕмултӕй
Ӕрзилдӕнцӕ ӕ фалдзос.

Гудзунайӕн е – ӕ хезнӕ…
Ӕ уодӕнбӕл – ӕ хӕтӕл –
Хебӕраги ӕ уӕлдзогӕ
Ӕривӕруй ӕ цъухбӕл.

Гудзунайӕн ма ӕрдзӕй фӕстӕмӕ фӕззиндтӕй дуккаг «уодӕнбал» – хӕтӕл!

Гъӕйдӕ-гъа, цӕгъдун нийдайуй, –

Ӕд хӕтӕл ӕдули нӕ ’й.

Аци дууӕ рӕнгъеми ес, Абайти Васой загъдау, «бӕдӕйнаг дзурдтӕ»: «ӕд хӕтӕл» ибӕл некебал нихходдзӕнӕй, уомӕн ӕма си дессаги дӕсни ӕй, ’ма сӕ цагъдмӕ игъосунӕй нӕбал евдӕлдзӕнӕй. Ӕцӕгӕй ба – Гудзунай еци лӕгигъӕдӕ ку базононцӕ, уӕд ин аргъ кӕнун байдайдзӕнцӕ.

Куд иннети, уотӕ аци поэми музыкӕ дӕр ӕхуӕдӕг «хӕтӕли цагъдмӕ» ӕнгӕс ӕй. Гудзунай «цагъарау хӕссуй ӕ догӕ ӕнӕтхалгӕ, ӕвӕндон», ӕ цард дӕр ӕй нӕбал фӕттавуй, фал уӕддӕр «ӕ хӕтӕлмӕ нӕ лӕууй», ӕ цъухмӕ ’й исӕргъувуй ӕма си нӕртон цӕгъдӕ никкӕнуй.

Поэми сюжети халӕ куд ихӕлгӕ цӕуй идарддӕр, уомӕ гӕсгӕ ма ’й сӕгъгӕс Бӕбӕт дӕр ӕ айуани буни фӕккодта, мӕгур фиййау ин ӕ кизги ке бауарзта ӕма уой ке ’сгъӕр кодта, уой туххӕн.

– Уо, зӕронд лӕг, – исцӕйдзоруй
Фӕлвӕрай-фурт Гудзуна, –
Ӕз корун ди, цӕй, байгъосӕ,
Ӕхсицгон дин ку нӕ уа, –

Гъеуӕддӕр мӕ загъд абони
Ду фегъосӕ мӕ цъухӕй,
Нӕ фӕдздзордзӕнӕн изолти,
Зӕгъдзӕнӕн дин цубурӕй…

Идтӕг рагӕй мин дӕ кизгӕ
Ӕй мӕ зӕрди бӕлдатгонд.
Гъей, зӕронд лӕг, мӕн абони
Ду ма схонӕ ӕнамонд…

Ду абони барвӕндонӕй
Банимайӕ Гудзунай.
Агорун ди уодӕмбалӕн
Дӕ еунӕг кизги – Гудзай…

Уой, дан, Бӕбӕтӕн ку нӕ радзорисӕ! Ӕхуӕдӕг Гудзунайӕй мӕгурдӕр ӕма фецедӕр уогӕй, и фиййаубӕл «бӕзгин хъурӕй ниццӕйходуй»:

– Мӕнӕ дес ӕма тӕмӕс!
Гудзунайӕн, дан, дӕ кизги
Исцӕй кӕнӕ уодӕнбал.

Уобӕл дӕр ӕй нӕ ниууадзуй, фал ма ин ӕфхуӕрӕн карз дзурдтӕ дӕр зӕгъуй ӕма ’й ӕ разӕй ратӕруй:

Ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕууидӕ
Уӕд и гоби ӕнӕ хай!..
Уӕхӕн лазӕ, уӕхӕн незӕй
Баергъӕв кӕнӕд Хуцау!
Мабал истӕ, цӕй, мӕ цори,
Фӕттӕргай уо, цӕй, фӕлтау…

Малити Геуӕргийӕн хумӕтӕг, ирд арви хузӕн бӕрӕг ӕма лӕдӕрд дзурдбӕститӕй вазуггин психологион сюжеттӕ, психологион архайди уавӕртӕ ӕма сорӕттӕ аразунмӕ ӕ над неке ниййахӕстайдӕ. Бӕбӕти уӕззау ӕфхуӕрдтитӕй «ӕхсӕйвон мӕйау нийвадӕй Фӕлвӕрай-фурт Гудзуна. Уотемӕй истуй ӕнцойнӕ. Ци ма зӕгъа, ци кӕна?» Гудзунабӕл, цума ӕ дуйне фегуппӕг ӕй, уӕхӕн бон искодта, уӕлдӕфи итингадӕ ӕскъунунтӕбӕл иссӕй, берӕ ’й нӕбал гъӕуй, мӕнӕ, дондуппур мегътӕ ӕрттеваги къӕдзӕ лӕдзӕгӕй ку фӕррӕхуайай, уӕд сах уарун нӕ ниссӕххӕт кӕндзӕнӕй, уӕхӕн ӕй уавӕр. Ци дессаги дӕсниадӕ адтӕй уогӕ ба Малий-фуртмӕ, хуарӕнтӕ ӕвеппайди куд феййевидӕ, цаутӕ, нивесийнитӕ, уавӕртӕ ӕма сӕ еумӕ куд исфедаун кӕнидӕ! Аци унгӕги сахати тухст, гузави ахиди хӕццӕ еци-еу рӕстӕги ба «Арви стъалутӕ цӕфсунцӕ. / Ӕй ӕхсӕвӕ ирд, кӕдзос. / Мӕйӕ ленк кӕнуй уӕлхуӕнхтӕ, / Рӕдзӕхсуй дуйнебӕл рохс…» Ӕвӕрццӕг ӕнкъарӕнтӕ, ӕхцӕуӕн ӕма зӕрдӕрохсгӕнӕн!

Уӕдта бабӕй – контраст контрасти фӕсте! Ӕппӕрццӕг ӕнкъарӕнтӕ, – Гудзунай медуавӕр ка ӕвдесуй, уӕхӕнттӕ:

Фал ӕхсӕви гъос ихалгӕ,
Форд не ’нцайуй, гъӕр кӕнуй…
Ӕ фур мӕстӕй ӕ цӕхъалтӕ
Е бил-дорбӕл ниццӕвуй.

Зуст фентъохуй ӕ пурфӕнтӕ,
Дортӕ, къолтӕ пурфгӕнгӕй,
Цӕветтонгӕ, ӕ зин тохи
Е унгӕги исгъигӕ ’й…

Аци рӕнгъити устур таси, катаййи зӕлтӕ исигъусунцӕ, ӕма етӕ комкоммӕ хаунцӕ Гудзунамӕ. И мӕгур фиййау ӕ цардбӕл сагъӕсти исгурусхӕ ’й, аци рӕсугъд ӕрдзи медӕгӕ мин бунат нӕбал ес, зӕгъгӕ, ӕхе марунтӕбӕл иссӕй:

И уӕлайнӕг, и донгони,
Кӕми зайуй цагъана,
Цӕмӕн бадуй ӕнафони
Фӕлвӕрай-фурт Гудзуна?

Кӕд сирадӕй Гудзунайӕн
Ӕ мӕгур зӕрди зин маст,
’Ма и донмӕ багӕлдзунмӕ
Хе гъавуй нур ба ӕваст?

Фал ӕхемӕ къох исесун ӕ сӕрмӕ не ’рхаста. Уӕдмӕти ӕверхъау хабар ӕрбайгъустӕй – ӕзнӕгтӕ ӕрбалӕбурдтонцӕ Дигорӕмӕ:

Ӕрбахъӕртуй Дигоргоммӕ
Ӕвеппайди фуд хабар:
Ӕрбацӕунцӕ ӕфсӕдтӕ,
Сӕ сӕргъи цӕуӕг – Мулдар.

Ӕма, адӕн кӕбӕл не ’ууӕндтӕнцӕ, естигъон ӕй, зӕгъгӕ, тӕккӕ минкъийдӕр кӕмӕй хизтонцӕ лӕгдзийнадӕ бавдесун, еци ӕнарӕхст, дӕлӕмӕӕруадзгӕ, гумудза Гудзуна равдиста гъе уӕд е ’цӕг цӕсгон, е ’хсарӕ, уотемӕй иссӕй сӕ раздзӕуӕг:

– Гъей, хуарз адӕн, гъей, ӕнгартӕ,
Цӕй, ма ’рниллӕг уӕд нӕ ном, –
Цӕй, ма ’рбауадзӕн ӕлдари,
Баергъӕв кӕнӕн нӕ ком!

 

Иннӕ цуппар рӕнгъемӕй бӕрӕг ӕй, Малити Геуӕрги ӕ адӕни куд берӕ уарзта, уӕдта ӕхуӕдӕг куд устур патриот адтӕй, е:

Нӕ бӕлстӕнцӕ ӕлдайрадӕ
Нӕ фидтӕлтӕ ӕппундӕр, –
Нур ӕлдарӕй фӕттӕрсунмӕ
Куд ӕрхӕссӕн мах нӕ сӕр?!

Нур ба ӕркӕсӕн, – автор тугъди цуд куд раст ӕма аййевӕй ӕвдесуй, уомӕ. Поэмӕкӕсӕг, цума, тугъди будури равзуруй ӕхуӕдӕг, уӕхӕн ӕнкъарӕнтӕ имӕ исӕвзуруй.

Тох райгон ӕй Дигоргоми
И дуккаг сӕумӕ уайтагъд.
Ӕд-ӕхсӕвӕ, ӕд-ӕ-бонӕ
Нӕ гъос кӕнуй топпадзагъд.

Скъотт кӕнунцӕ фӕттӕ коми,
Уони гъӕрмӕ гур-гурӕй
Ниййазӕлунцӕ и хуӕнхтӕ,
Нигъгъӕрзунцӕ ӕмбурдӕй.

Уӕхӕн цӕстӕбӕл гъазгӕ, гъосӕй игъосгӕ, зӕрдӕй ӕнкъаргӕ архайд равдесунмӕ Малити Геуӕргий хузӕн ка арӕхсуй?! Сӕри зундӕй балӕдӕруни агъоммӕ бал уодмӕ багъарунцӕ е сфӕлдистади «цӕхӕртӕ». Уотемӕй «ӕртӕ ’хсӕви, ӕртӕ бони тох не ’ргъос ӕй ӕппундӕр» ӕма бабӕй уӕд «бӕзгин хъурӕй ӕвеппайди фӕгъгъӕр киндӕй кӕцӕйдӕр»:

– Гъей, фӕсевӕд, ци фӕцайтӕ,
Знаг ӕрбампурсуй, фӕдес!
Знаг ӕрбампурсуй, ӕхсетӕ,
Нифс, ӕхсарӕ кӕмӕ йес!..

Рауӕнӕй-рауӕнти Малий-фурти поэтикон рӕнгъитӕ барӕй рафинсун прози хузи. Фулдӕр поэтти уадзевзитӕн уотӕ ку бакӕнай, уӕд си ӕгириддӕр нецибал балӕдӕрдзӕнӕ – нецибал си байзайуй. Ами ба фарста не ’сӕвзурдзӕй, гъудиӕдтӕ ӕнцӕ хуӕрзӕнхӕст, раст, хумӕтӕг дзубандий куд уа, уотӕ, бӕрӕг, нӕдӕр номӕййевӕг, нӕдӕр бӕттӕг дзурдтӕ гъӕуагӕ ’нцӕ, нӕдӕр сӕбӕл тухгъуди, тухӕфтауӕнтӕ кӕнун гъӕуй кӕсӕги, – цума амӕй ци зӕгъуйнаг адтӕй поэт, – зӕгъгӕ.

…Еци итинг, еудадзуг тохи берӕ знӕгти нихмӕ, Гудзуна фӕстагмӕ еунӕгӕй ӕризадӕй, фӕстаг фати уӕнгӕ дӕр син нихкъуӕрд лӕвардта, фал ӕ зӕрдӕбӕл фат исӕмбалдӕй ӕма ӕверхъау мардӕй фӕммардӕй, Хуцауи размӕ е ’хӕс бафиста хъазауатӕй. Гудзуна адтӕй ӕма нӕбал ӕй, Гудзунай нецӕййаг ӕнгъалдтонцӕ ’ма ӕцӕг лӕг разиндтӕй, Гудзунабӕл еугур дӕр худтӕнцӕ ӕма ’йбӕл некебал нихходдзӕнӕй:

И гъӕугони, зур-зургӕнгӕ
Кӕми ледзуй сауӕдон, –
Нӕ ходунцӕ Гудзунабӕл
Нур дондзаутӕ сӕумигон.

Ӕ гъӕдӕмӕ гӕсгӕ, «Гудзуна»-мӕ ӕнгӕс ӕй иннӕ поэмӕ «Темур-Алсахъ», – кӕд ӕма бунтон ӕндӕр историон цаубӕл финст ӕй, уӕддӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Дигоргоммӕ лӕбурдтитӕн берӕ цӕмӕйдӕрти адтӕй еу цӕсгон, еци-еухузи домӕнтӕ ӕма нисантӕ: ӕстъегъун, тухмиутӕ ӕма тонаутӕ кӕнун, уӕдта и тухгӕнгутӕн карз нихкъуӕрд радтун. Темур-Алсахъ дӕр (поэми лирикон герой), Гудзунай хузӕн ӕвзонг кизги – Сеойти Дигизай бауарзта; нӕ ин ӕй равардтонцӕ бийнойнагӕн. Уӕдмӕти ба кӕсгон ӕлдар ӕрбалӕбурдта, кизги рӕскъафта ӕма ’й ниффардӕг кӕнунмӕ гъавта. Темур-Алсахъ ин ӕ над байахӕста ’ма рамардта и ӕлдари. Уой адӕбӕл тугъд райдӕдта кӕсгон ӕлдӕрттӕ ’ма дигорон гъӕу – Кети – ’хсӕн. ’Ма аци хатт дӕр, Гудзунай хузӕн, Темур-Алсахъ тухтӕй еунӕгӕй; цалдӕрей си рамардта, фал ин ӕхе дӕр арцӕй ниррӕтъузтонцӕ. Алсахъи уарзон – Сеойти Дигиза, зиан фӕууингӕй, ӕ зӕрди фиййаугард ниссагъта ӕма дууӕ уарзоней сӕ гъӕу – Кет – еумӕ банигӕдтонцӕ.

Поэми фӕстаг хаййӕн ӕнӕрхӕссӕн нӕййес, гъеууотӕ арф ӕнкъусун кӕнуй кӕсӕги зӕрди бун:

Тундзуй Ирӕфмӕ Хӕзнидон.
Уинуй фалдзоси и бӕлццон
Еу къуар уобайтӕ гъенур дӕр, –
Сӕ еу иннетӕй ӕй хуӕздӕр.
Уой медӕг арфи дууемӕй,
Хӕрнӕгъ ӕрцӕнцӕ, уотемӕй
Нур Дигиза ӕма Алсахъ
Еумӕ лӕуунцӕ ӕнӕхалхъ.
Цӕруй сӕ хӕццӕ калм-зӕрин,
Цӕрдӕг, гъиггаг ӕма зӕрдгин…
Ескӕд хебари кӕд тӕрхъос,
Телгӕй фӕйнердӕмӕ ӕ гъос,
Хӕстӕг уобаймӕ ӕрцӕуй, –
Уӕд калм фӕдеси скъотт кӕнуй.
Ӕваст нисхъӕтӕг уй и сирд,
Тӕссӕй нийдайуй е лӕуирд.

Ами нӕмӕ дессаг е кӕсуй, ӕма калм-зӕрин сӕ хӕццӕ цӕмӕ цӕруй, ци амонуй е? Кӕд, миййаг, поэти гъудимӕ гӕсгӕ, е ӕй дууӕ уодей уарзондзийнадӕ гъӕуайгӕнӕг сӕ фӕсмӕрдӕ, цӕмӕй сӕ уӕддӕр еци дуйнейи маке багъигӕ дара?! Кудфӕнди уогӕй дӕр, уӕхӕн ӕнахури уӕззау, зӕрдӕлвасӕн фӕлгонцбӕл ӕз некӕми ма исӕмбалдтӕн. Хелагӕ мах сӕризунди «ниффедар» ӕй (мах ӕй ӕнгъӕлӕн) куд лӕгъуз цӕрӕгой, уотӕ, – Геуӕргий поэми ба ӕнхӕст кӕнуй хуарз нисан! Гъе, уойбӕрцӕбӕл ӕнӕнгъӕлӕги адтӕй поэти устур сагъӕс.

Кӕд Малий-фурти поэмитӕ ӕма ӕмдзӕвгити трагикон фӕззиндтӕ уӕзгӕдӕр ӕнцӕ, уӕддӕр е ’сфӕлдистади еумӕйаг ӕргомӕздӕхт пессимистон зин исхонӕн ӕй. Евгъуди, ӕ дзамани ӕма размӕ ци ӕрцӕуйнаг рӕстӕг уидта, уонӕмӕ поэт кастӕй фӕйнӕхузи цӕстингасӕй. Кӕд рагон ӕма ӕхе рӕстӕги тухст царди фадуӕттӕ, зин равгитӕ ӕвдиста, уӕддӕр ин етӕ адтӕнцӕ фенцайӕн, цӕмӕй араза адӕни, нифс син дӕтта ӕрцӕуйнаг рӕстӕги зӕрдӕрохсгӕнӕн бӕлдтитӕмӕ, амона син размӕ, хуӕздӕр рауӕнмӕ над. Поэт ӕнӕ еу рохси цъита, ӕноси мӕрдон ӕнкъард некӕд фӕууй, уомӕн ӕма дуйнейи еугур хӕран миутӕ ’ма цъумурдзийнӕдтӕ нӕ фӕллӕдӕруй, ӕ кӕдзос уоди нӕ фӕццӕунцӕ, сауӕнгӕ, уингӕ-уингӕй дӕр, арази нӕ кӕнуй сӕ хӕццӕ.

Малити Геуӕргий, поэтикон уадзимисти хузи конд, дигорон кадӕнгитӕ «Дууӕ фиййауи», «Уӕхадӕги фурт мингий Гуйман» ӕма «Гъонгӕси фурт мӕгур Мӕхӕмӕт» дзорунцӕ хецӕн темитӕбӕл, фал бӕрӕг даруй сӕ меддуйней, уодигъӕди ӕмгӕсдзийнадӕ. Ӕма бабӕй е дӕр баст ӕй адӕни зӕрдихатти ӕма хуӕнхаг царди уавӕрти хӕццӕ. Аци кадӕнгити кӕсӕг исӕмбӕлуй хецӕнхузи «базургин» рӕнгъитӕ ӕма арф ӕнкъарӕнтӕбӕл, уарзт ӕма мастӕй, раст ӕма хӕранӕй райгурӕг гъуддӕгтӕбӕл.

Ами бал Малити Геуӕргий кадӕнгити дуйнейӕй нӕхе райсӕн. Рӕстӕг ма нин уордӕмӕ фӕстӕмӕ ӕздӕхунмӕ, Хуцауи фӕрци, уодзӕнӕй. Геуӕргий фарнӕй ба хайгин уӕнтӕ еугур нуриккон дигорон финсгутӕ дӕр, кадӕнгӕ-поэмӕ финсуни дӕсниадӕй ӕй бафӕнзӕнтӕ. Уомӕн, ӕма Диоген Синопскиййи загъдау, курхони хузи дӕхе бавдесунмӕ ку гъавай, уӕд е дӕр ӕхуӕдӕг философи ӕй, гъома, хуарз ӕй…