25 апреля 2024

ФАРНӔ КА ХӔССУЙ, УОМӔЙ ГЪӔУАМА НӔ ДЗИЛЛӔ БОЗ УА !..

19.01.2021 | 15:54

Нӕ зундгонд поэт ӕма публицист Хидирти Ехйа е ’мдзӕвгитӕй еуеми уотӕ финста:

Раст адӕм, зӕгъайтӕ, ’ргом
Ке уи нӕ фӕндуй хуарз ун?
Марди дӕр гъӕуй хуарз ном,
Хуарзи ном ӕз дӕр уарзун…

Ӕма Ехйа ӕхуӕдӕг хуарз ракӕнун уотид нӕ уарзта, фал ӕ бон ци адтӕй ӕма ӕ равгитӕ куд амудтонцӕ, уотӕ архайдта ӕ уарзон дзиллӕн бӕлвурд арфиаг гъуддӕгутӕй хуарзи бацӕунбӕл. Уодуӕлдайӕй ба архайдта нӕ адӕми уодварни хӕзнатӕ, нӕ маддӕлон ӕвзаг багъӕуай кӕнун ӕма ӕ райрӕзти сӕрбӕлтау. Ӕма еци ӕмдзӕвги раст цума ӕхе туххӕй загъта:

Куд хъиамӕтгун лӕг адтӕ адӕмбӕл,
Куд син кодтай зӕрдӕй фуртеуӕг.
Рабаргӕй дин дӕ уод уодбарӕнбӕл,
Ку загъта дӕ уӕлмард уой еу лӕг…

Хидирти Ехйа абони, гъулӕггагӕн, не ’хсӕн нӕбал ӕй – фудбӕлахи фудӕй ӕ уӕлзӕнхон цардӕй фӕххецӕн ӕй. Фал ӕ хъиамӕттӕ гъӕуама иронх ма уонцӕ.

Уотӕ рауадӕй, ӕма е ’сфӕлдистадон хӕзнадони ци ӕмдзӕвгитӕ, ӕндӕр литературон ӕма публицистон ӕрмӕгутӕ бамбурд ӕнцӕ, етӕ цалдӕр киунугей фагӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр ин уодӕгасӕй рауадзун бантӕстӕй ӕмдзӕвгити еунӕг ӕмбурдгонд «Есе».

Ӕма еци ӕнӕрастдзийнадӕ исраст кӕнуни ихӕс ӕхемӕ райста Ехйайӕн е ’нсувӕр Мӕхӕмӕти фурт Валерий. Уотемӕй фӕззиндтӕй «Есе»-й нӕуӕг, хуӕздӕр фӕлгонцгонд нӕуӕг рауагъд. Уой хуӕдфӕсте ба ма Валерийи фӕрци дуйней рохс фӕууидта Ехйай уадзимисти ӕнхӕстдӕр ӕмбурдгонд «Цӕргӕси астъонӕ». Ес ма си ӕхе туххӕй имисуйнӕгтӕ, ӕхе ӕма ӕ хеуӕнтти берӕ аллихузон къартӕ. Киунуги туххӕй бӕлвурдӕй нӕ дзордзӕнӕн, уомӕн ин аргъгӕнӕг уодзӕнӕнцӕ киунугӕкӕсгутӕ.

Ӕз ба уой зӕгъуйнаг дӕн, ӕма Хидирти Валерий, исаргъгӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн агъазиау арфиаг гъуддаг исаразта. Уой фӕрци нӕ дзилли хуарзӕн ӕма амондӕн ӕносонгонд ӕрцудӕнцӕ Ехйай фарнӕхӕссӕг исфӕлдистадӕ, ӕ цардвӕндаги хъиамӕттӕ.

Мӕнӕн ба аци киунуги фӕззинд уӕлдай ӕхцӕуӕн ӕй: аци бийнонти хӕццӕ хӕстӕгдзийнадӕ ӕййафӕн – Валерийи фидӕ Мӕхӕмӕти мадӕ Зурмӕхан ӕма мӕн фидӕ Авдрӕхмани мадӕ Адухӕ хуӕрзхуӕртӕ адтӕнцӕ.

Валерий, арфиаг уо, дӕ цардӕмбали хӕццӕ уӕ кӕстӕрти амонд ӕма райдзастдзийнадӕй зӕрдрохс уотӕ.

 

ГЕРГИТИ Ермак

 

РЕДАКЦИЙӔЙ:

Нӕ газеткӕсӕги арфитӕмӕ гӕсгӕ мах ба ма уой дӕр зӕгъуйнаг ан, ӕма Хидирти Валерий ӕй, нӕ газетӕн  ӕновуд агъазгӕнӕг ка ’й, уонӕй еу. Еудадзугдӕр нӕ газет ӕхе харзӕй рафинсуй сӕ гъӕубӕсти хестӕртӕн, фӕккӕсуйнагдӕр бийнонтӕн, газет есунцӕ е ’мкосгутӕ дӕр. Ӕма си мах дӕр уомӕй хъӕбӕр арфиаг ан.