11 октября 2024

ФАРНÆХÆССÆГ ДЗУРД ЦАРДАРАЗÆГ ÆЙ!..

23.12.2020 | 12:02

Æрæги адтæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий мухури гъуддæгути фæдбæл æма дзиллон коммуникацити Комитети æмбурд. Амудта ‘й  сæрдари хуæдæййевæг Гæбæлати Мæдинæ.

Архайдтонцæ си нæ республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити косгутæ. Æмбурди дзубанди цудæй комитети анзи кусти бæрæггæнæнтæбæл æма федæни нисантæбæл. Гæбæлати Мæдинæ куд радзурдта, уотемæй комитет аци анз æ куст аразта паддзахадон программити бундорбæл, æма уотемæй сæ къохи бафтудæй берæ гъуддæгутæ исаразун. Еци программитæй сæйрагдæр еу адтæй «Дзиллон-хабархæссæг фæрæзнити ирæзт»-и нисантæ.

– Æдеугурæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити мухурæн æма киунугутæуадзæн куститæн нæ республики бюджетæй еумæйагæй харзгонд æрцудæй – 223 миллион æма 43 мин соми. Паддзахадон программæ «Дзиллон хабархæссæг фæрæзнити ирæзт»-и бундорбæл анзи дæргъи мухури рацудæй 1 миллион экземпляри газеттæ æма журналтæ. Рауагъдадæ «Ир»-и ба мухури рацудæнцæ социалон ахедундзийнадæ кæмæн ес, уæхæн литератури киунугутæ – 40,15 мин экземпляремæй.

2020 анзи ма рауагъдадæ бацæттæ кодта Аланистонбæл аргъуди 1100 анзей кадæн киунугути сери «Алайнаг библиотекæ». Фиццаг фæлтæри кустмæ хаст æрцудæй авд киунуги, уæдта Абайти Васой цуппартомон киунугæ. Киунугути мухурæн комитет субсидий хузи рауагъдадæ «Ир»-æн радех кодта 370 миллион соми. Комитети къамис ба равзурста 26 киунуги ирон æвзагбæл, куд хуæздæртæ, уотæ. Комитет устур æргом æздахуй, маддæлон æвзагбæл ка финсуй, еци æригон автортæмæ дæр. Нæ республики Сæргълæууæг нин нæ фæндитæн, нæ нæуæг проекттæн алкæддæр аргъ искæнуй æма фæууй арази, маддæлон æвзаги ирæзтæн ци мадзæлттæбæл райдайæн архайун, еци кустбæл. Хъæбæр хуарз исфæлдистадон фæзæ ’й æригон косгутæн журнал «Мах дуг». Уоми син ес фадуæттæ, се ’сфæлдистадон искурдиадæ прози, поэзий равдесунæн. Уомæй уæлдай ма нæмæ ес æндæр журналтæ дæр «Ногдзау», «Ирæф», «Дарьял». Айдагъ «Ногдзау» аци анз мухури рацудæй 15 мин экземпляремæй. Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Битарти Вячеслави агъазæй Цæгат æма Хонсар Иристони берæсувæллонгин бийнонтæ журнал «Ногдзау» лæвар райстонцæ 6000 экземпляри. Паддзахадон программи бундорбæл байархайдтан, иннæ анз мухури фæрæзнитæ уæйæгонд кæми цæудзæнæнцæ, уæхæн дууæ агъазиау павильони æма дууæ устур киоски Дзæуæгигъæуи байгон кæнунбæл, минкъий киосктæ ба районти. Аци фарста æй вазуггин, уомæн æма нæ республики газеттæ æма журналти киосктæ æхгæд кæдæй æрцудæнцæ, уæдæй абони уæнгæ мухури фæрæзнитæ адæммæ нæбал хъæртун кæнунцæ афойнадæбæл.

Паддзахадон программи бундорбæл аци анз фæцæй «Ирон адæми национ-культурон ирæзти» телеравдистити рохситауæн, «Имена», зæгъгæ, цикл дæр. Телеравдистити фагæ æрмæгутæ кæбæл нæ рацудæй, уонæбæл исаразун. Телепроект «Тропами Алании» ба – Аланистонбæл аргъуди 1100 анзей кадæн, ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцудæнцæ цалдæр кинониви. Декабри астæу рацæудзæнæй «Иронау дзорæн»-и фондз равдисти. Программи фæрци ма арæзт æрцудæнцæ журналтæ «Мах дуг» æма «Дарьял»-и нуриккон интернет-сайттæ. Уомæй уæлдай, райараздзинан газет «Рæстдзинад»-и интернет-сайт дæр. Аци анз национ культурæ æма маддæлон æвзаги популяризаций фæлгæти журналистти аллианзон ирон æвзагбæл конкурси цуппар журналисти райстонцæ премитæ – 50 мин соми. Нæ республики Сæргълæууæги премимæ ба райстан 183 курдиади. Æмгуст кæнæн Иристони еугур дзиллон-хабархæссæг фæрæзнити хæццæ дæр, архайæн аллихузон проектти. Уонæй æй «Наркотикти нихмæ» арæзт проект. Аци рауæн пайда кæнæн наркоманий нихмæ пропаганди фæрци телеравдистити, газетти фæрстæбæл æма æндæр æхсæнадон мадзæлтти æвдесун, наркомани ци берæ бæллæхтæ хæссуй адæймагæн æма сæ бахезуни фæдбæл фарстатæбæл æрмæгутæй. Адтæй аллианзон конкурс темæ «Равзарæ цард». Бацæттæ кодтан комплексон мадзæлттæ «Æнæгъæнæ горæт», зæгъгæ, интернет-портали. Федæни нæ зæрди ес Иристони журналистти зонундзийнæдтæ никки уæлдæр кæнунæн сæрмагонд ахуртæ аразун æма сæ стажировкæмæ дæр рарветун, – загъта комитети сæрдари хуæдæййевæг Гæбæлати Мæдинæ.