06 декабря 2024

ФАРНÆХÆССÆГ

14.04.2023 | 16:43

БОЛЛОТИ Кудзиго æма Зурмæ (Тубети Хакъиасси кизгæ) сæ фурттæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Таймораз, Батраз, Алексей, кизгуттæ Райæ æма Рози хæццæ.

Кæддæр, дан, еу лæхъуæн балций цудæй æма æ мади фæрсуй:

– Нади харзæн мæ хæццæ ци хæссон?

– Дæ фиди ном, дæ фиди фарнæ, – адтæй мади дзуапп.

Æма бæлццон балций æ фиди ном, æ фиди фарни хæццæ ранæхстæр æй. Кумæдæриддæр бафтуйидæ, алли рауæн дæр  ибæл æмбалдæнцæ æхцæуæнæй…

Нæ зонун, Боллоти Таймораз аци таурæхъ ескæд фегъуста æви нæ, фал мин федарæй æнæсеккаг ба е æй, æма ин фидтæлти фарнæ  алкæддæр агъазгæнæг адтæй. Гъо, кæмидæрти идард, архайгæ ин кæми рауадæй, уоми Боллоти муггаги цардвæндаги хабæрттæ кæцæй зудтайуонцæ, фал сæ Таймораз æхуæдæг ба бæлвурдæй куд нæ зудтайдæ, сæрустур си куд нæ адтайдæ æма сæ фæццитгиндæр кæнунмæ куд нæ бæлдтайдæ. Æма ин, уæхуæдтæ ’й уинетæ, æнтæсгæ дæр бакодта, уæдта ин нерæнгæ дæр ма æнтæсуй.

Ци агъазиау æскъуæлхтдзийнæдтæй зундгонд æй Боллой-фурт айдагъ Уæрæсей нæ, фал фæсарæнти дæр берæ рауæнти, уони хæццæ ба зæгъун гъæуй æ еу лæгдзийнади туххæй. Уæлиауæй-уæлиаудæр æнтæстдзийнæдти бæрзæндтæмæ исхъæрттæй, æ райгурæн зæнхæй нæ фæццох æй, хумæтæг зæнхон æхцулæй æновуд æй, æ карни над кæцæй райдæдта, æ еци фидиуæзæг, ауодуй ци гæнæн æма амал ес, уомæй архайуй хуæрзти ин бацæунбæл. Æ еци лæгигъæдæ дæр æ уоди æма зундирахасти, махмæ гæсгæ æй æ фидтæлтæй, æ ниййергутæй рахæсгæ. Æма Тайморази туххæй дзоргæй, алцæй разæй дæр уони куд нæ æримисæн…

 

БОЛЛОТИ Таймораз (галеуæрдигæй дуккаг) Санкт-Путербурги е ’мзæнхонтæ æма зонгити хæццæ.

Боллоти муггагæн сæ фиццаг фидтæл Есе æд бийнонтæ Дигоргоммæ раги кæддæр æрбафтудæй Ассийæй. Цæрæн бунатæн æхецæн равзурста, уой фæсте Къумбулти гъæу ке исхудтонцæ Донифарси зилди, уой. Ами Есе æ фуртти хæццæ исаразта устур æма федар цæрæн хæдзарæ æма си æрцардæнцæ бундоронæй. Мæсуг дасунмæ дæр си гъавтонцæ, фал син даст нæ фæцæй. Еци хæдзарæ æма мæсуги ихæлддзæгти дортæ адæм абони дæр хонунцæ «Боллоти цæрæнтæ», зæгъгæ.

Боллоти дзиллæ Къумбулти гъæуи фæстагмæ нимæдзæй исберæ ’нцæ, тумугъ муггаг иссæнцæ. Адтæй сæмæ берæ хуарз фæсевæд, уони фæрци адтæнцæ æдас тухæгæнгутæй. Фæдеси хабар ку фегъосиуонцæ, уæд сæдæ лæхъуæней бæрцæй æд тохæнгæрзтæ сæ бон уидæ æрлæуун знæгти нихмæ.

Еууæхæни, дан, еу æлдар е ’фсади хæццæ фæззиндтæй Донифарси зилди æма æрбунат кодта Къумбулти гъæуи фалдзоси. Уæди рæстæги адтæй уæхæн фæткæ, кæцимæ гæсгæ, тухæгæнгути хецау – æлдар гъæуама æхсæвæ рарвистайдæ нæуæгхунд киндзи хæццæ. Нæуæгхунд киндзæ ба уæд адтæй Боллотæмæ, æма æлдар уой ку базудта, уæд Боллотæмæ рарвиста æ тухæгæнгутæй еуей, цæмæй имæ уони нæуæг киндзи ’рхудтайдæ. Боллоти фæсевæд еци хабар ку райгъустонцæ, уæд цæттæй ислæудтæнцæ еци æгадæ гъуддаг нæ бауадзунмæ. Фал син киндзи хецау загъта:

– Мæхе бæрагæ ’й бауадзетæ…

Æлдармæ ба рарвиста, цæмæй æхуæдæг иссудайдæ Боллоти хæдзарæмæ. Æлдар иссудæй Боллотæмæ, æма, хæдзари дуарæй куд бахизтæй, уотæ ин хæдзари хецау фæрæтæй æ сæр ракъуæрдта. Уой фæсте ба Боллоти фæсевæд, æлдари хæццæ ци адæм адтæй, уонæбæл истухтонцæ, фæхъхъæбæрдæр сæбæл æнцæ, æма, цардæгасæй ма си ка байзадæй, етæ ба ледзæги фæцæнцæ. Уæдæй фæстæмæ, дан, еци фæткæ (хъалон есун æд киндзæ) фехалдæй.

Уой фæсте бабæй Донифарси зилдмæ фæззиндтæй берæ ’фсæдти хæццæ æндæр æлдар. Е ’рбацæуни сæр ба адтæй раздæриккон æлдари кийнæ бахатун. Æрбадтæнцæ Багъайти. Агурдтонцæ гъæуи цæргутæй хъалон. Уой хæццæ ба ма син алли бон дæр æвгарстонцæ сæ галтæ.

Еци гъуддаг Боллоти фæсевæдæн гъулæг куд нæ адтайдæ, сæ сæрмæ ’й нæ хастонцæ. Исфæндæ кодтонцæ æлдари рамарун. Фал син æ рамарун аци хатт нæ бантæстæй, айдагъдæр ин хъæмайæй æ уæраг фæццæф кодтонцæ. Æлдарæн æ рамаруни туххæй неци федгæ уидæ, фал цæфи туххæй ба устур хъалон гъæуама бафистайуонцæ.

Боллотæн уойбæрцæ берæ æфсæдти хæццæ истохун сæ бон не ’ссæй æма састи бунати байзадæнцæ. Райстонцæ сæ уацари сæдей бæрцæ биццеутæ æма кизгуттæ, æма сæ сæ хæццæ фæттардтонцæ. Кумæ, уой ба неке зонуй.

Æлдари тухгæнгутæ Боллоти фæсевæди уацари ку райстонцæ, сæ мулк син ку фæлластонцæ, уæд уой фæсте Боллоти муггаг хъæбæр исмæгур æй, сæ уасæ цæйбæрцæдæр рæстæгути нæбал иссирдтонцæ. Фал бабæй сæ хъаурæ, сæ хъиамæти фæрци сæхебæл исхуæстæнцæ, цæрунгъон иссæнцæ. Берæ хуарз лæгтæ сæмæ фæззиндтæй. Сæ адæм дæр нимæдзæй исберæ нцæ. Исæнтæстæй сæмæ æхсæз æнсувæри: Галачи, Чихауи, Кебег, Мулук, Глаз æма Тез. Уой фæсте æнсувæртæ сæ фидæй байурстонцæ, сæ нæмттæмæ гæсгæ муггæгтæ искодтонцæ æма Къумбулти гъæуи фæззиндтæнцæ нæуæг муггæгтæ: Галачитæ, Чихауитæ, Кебегтæ, Мулукатæ, Глазтæ æма Тезтæ, уæдта сæхуæдтæ Боллотæ.

Къумбулти гъæуи 1886 анзи æрфинсти бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ аци муггæгтæй Боллотæй уæлдай Къумбулти гъæуи цæрæг некебал адтæй, уæди уæнгæ си ка цардæй, етæ уæдмæ алли рауæнтæмæ фæллигъдæнцæ.

Раздæр куд фæббæрæг кодтан, уотемæй Боллоти фиццаг фиди ном хундтæй Есе. Есейæн адтæй æртæ уоси. Æ фиццаг уоси муггаг æма æ ном куд хундтæй, уони ин неке зонуй. Еци уосæй Есейæн исæнтæстæй фурт Сослан, Сосланæн – Басил, уомæн ба – Есе (æ фиди фиди ном ибæл исæвардтонцæ). Есейæн исæнтæстæй фондз фурти: Дзамбег, Цопе, Даукуй, Мансур æма Заур. Дзамбегæн исæнтæстæй фурт Инал, уомæн ба – Кудзиго.

* * *

Боллоти муггаги туххæй еугур хабæрттæ дæр Гецати Афæхъойæн, «Дигори коми муггæгти равзурд», зæгъгæ, киунугæ исаразæгæн æ рæстæги радзурдта Боллоти Кудзиго (Хъазбег дæр æй хониуонцæ), е ба сæ фегъуста æ фидæ Иналæй, уæдта иннæ хестæртæй.

Кудзиго æхуæдæг дæр айдагъ Хæзнидони нæ, фал Ирæфи райони дæр æма æнæгъæнæ Иристони дæр нимад адтæй цитгиндæр адæймæгутæй еуебæл. Кæд абони, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æй, уæддæр нерæнгæ дæр ма ин æ рохс ном дзиллæ зæрдтагонæй æримисунцæ. Æримисæн æй мах дæр.

Устур Фидибæстон тугъдæн æ кæрон хæстæгæй-хæстæгдæр ке кодта æма фашистон æрдонгтæ бустæги дæрæнгонд ке ’рцæудзæнæнцæ, уой сæ разамунд сæхуæдтæ дæр бæргæ лæдæрдтæнцæ. Фал ма си уæддæр сæ æгади кæрон не ’руагæс кодта, æвзурстонцæ нихкъуæрд дæттун советон æфсæдти æнæбауорамæг размæмпурстæн. Уæлдай карздæр тох не ’фсæддонтæ æма фашистти ’хсæн байеудагъ æй Искæсæн Пруссий сæйраг сахар, алцæмæйдæр ефтонг æма федаргонд Кенигсбергбæл (абони Калининград). Гъæуай æй кодтонцæ, Гитлери сæрбæлтау æ цард раттун дæр æвгъау ка нæ кодта, уæхæн æвзаргæ æфсæдтæ. Лæвæрд ба син адтæй карз бардзурд – цийфæндийæй дæр размæмпурсæг советон æфсæдти нихмæ федар фæллæун æма маймайиддæр Кенигсберг нæ раттун.

Уогæ Советон Æфсади размæмпурст ка æма ци ма бауорæдтайдæ. Фал уæддæр советон æфсæддон разамунд гъавтонцæ, ци гæнæн æма амал адтæй, уотæ минкъийдæр зиæнтти хæццæ сахар байсун. Æма не ’сгаргутæй агурдтонцæ, цæмæй, ци гæнæн æма амал адтæй, уомæй кæрæй-кæронмæ исбæлвурд кодтайуонцæ знаги бацæуæнтæ, æ дзармадзанти, танкити æма хуæдтæхгути рауæнтæ, æндæр хабæрттæ. Е адтæй хъæбæр тæссаг æма зин гъуддаг, уой размæ ке рарветиуонцæ, еци тугъдонтæй беретæ нæбал æрбаздахтæнцæ се ’мбæлттæмæ. Фал уæддæр архайд цудæй æнæмæнгæ гъæугæ гъуддагбæл.

Еууæхæни æхсæвигон немуцаг акъоппити фиццаг рæнгъæмæ бахæстæг æй не ’сгаргути къуар, адтæй сæбæл немуцаг æфсæддонти уæледарæс, сæ тохæндзаумау дæр немуцаг. Разæй цудæй сæ хестæр. Гъæуайгæнæгмæ ку бахæстæг æнцæ, уæд е кæдзос немуцаг æвзагæй, ка сæбæл исæмбалдæй, еци фашистон афицерæн балæдæрун кодта, гъома, уруссæгти фæскъилдун адтан, уацайрæгтæ райстан, нæхеуонтæмæ цæуæн æма нæ ма бахъор кæнетæ, хъæбæр, дан, бафæлладан, рæуæг цæфтæ дæр ни ес… Немуцаг афицер райамудта е ’мбæлттæмæ, рауадзетæ сæ, зæгъгæ, æма еуварс ралæудтæй.

Цубур загъдæй, сæ балци фæррæстмæ ’й советон æсгаргутæн, базудтонцæ ахсгиаг хабæрттæ, исбæрæг кодтонцæ, сæ разамунд хъæбæр æнгъæлмæ кæмæ кастæй, уæхæн гъуддæгутæ. Уой туххæй син, сæ хæццæ къуари разамонæг, дууинсæйанздзуд хæзнидойнаг лæхъуæн Боллоти Кудзигойæн дæр, уотемæй исаккаг кодтонцæ бæрзонд хуæрзеугутæ..

Уой размæ ба ма адтæй уæхæн цау дæр. Уæд ма не ’фсæдтæ знагæй уæгъдæ кодтонцæ Белоруссий зæнхæ. Кудзиго, æма, разамунд кæмæн лæвардта, еци æсгаргути къуар сæ ихæс исæнхæст кодтонцæ, ци гъудæй, уой базудтонцæ знаги къилдуни æма ’здахтæнцæ сæ полкмæ. Цудæнцæ еу минкъий гъæумæ хæстæг арф адаги. Еууæхæни райгъустæй циуавæрдæр æзгули, лæхъуæнтæй сæ еу исбурдæй билæмæ, гъавгæй рагъæуæйттæ кодта. Æма рауидта, немуц бунæттон цæргути къуар гъæуæй куд ракодтонцæ, уой. Дузæрдуггаг нæ адтæй – тардтонцæ сæ марунмæ. Æсгаргутæ къотæрти фæсте сæхе æрримахстонцæ, æма немуцæгтæ куддæр адæми адаги билгæрон æрлæуун кодтонцæ, уотæ Кудзиго еци адæмæй еуемæ сосæггай райамудта, гъома, зæнхæбæл уæхе фæхъхъан кæнетæ, зæгъгæ. Е æй балæдæрдтæй, æма, етæ куддæр фæтътъæпæн æнцæ зæнхæбæл, уотæ æсгаргутæ дæрæн кæнун федæдтонцæ знаги. Еу дæр си нæбал райервазтæй, адæм ба сæ фурцийнæй хъуритæ кодтонцæ не ’фсæддонтæн.

Уæхæн хабæрттæ еу æма дууæ не ’рцудæй хæзнидойнаг лæхъуæн, 3-аг Белоруссаг фронти 58-аг артиллерион полкки 10-аг дивизий æсгаргути къуари разамонæг Боллоти Инали фурт Кудзигой тугъдон карнæ… Æ сæрæндзийнадæ, æхсарæ æма æ дæлбарæ æфсæддон къуарæн æнтæстгин разамун дæттуни туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй бæрзонд æфсæддон хуæрзеугутæй, цалдæр хатти райста Сæйраг Командæгæнæг И.В. Сталини Арфи финстæгутæ…


БОЛЛОТИ ТАЙМОРАЗ ЗАГЪТА:

Нигулæни, гъай-гъайдæр, ес хиццаг, берæ цæмæйдæрти бафæнзун ке æнгъезуй, уæхæн фæлтæрддзийнадæ. Фал уой хæццæ ба уой зæгъуйнаг дæн, æма, гъæуй нæ гъæуй, уæддæр кедæр цæмæн фæнзæн, нæхуæдтæ нæхемæ исаразунгъон ци ан, уомæй? Мах гъæуама исаразæн нæхе уæрæсейаг ерискæнунгъон кустæдтæ. Уой туххæй нæмæ нуртæккæ дæр берæ рауæнти ес нæхе устур фæлтæрддзийнадæ.

*  *  *

Теоретиктæ практиктæй алкæддæр сæ уодхæссæн уидтонцæ. Етæ æвзагæй ци лæхорунцæ, уой мах ба практики æнхæст кæнæн. Ес нæмæ наукити уæхæн доктортæ, æма нæ хæццæ дзорунæн рæстæг дæр нæ ерунцæ, уомæн æма практикон æгъдауæй архайуни ацъагъуæ сæмæ нæййес, уæдта сæ е, æвæдзи, гъæугæ дæр нæ кæнуй, уомæн æма син уотид, нецæмæй сæ æгириддæр ка нæ ихæсгин кæнуй, уæхæн «зундгин» дзубандитæ кæнун син æнцондæр æй.


Фæцæй тугъд, æма Боллоти Кудзиго кади хæццæ исæздахтæй æ райгурæн гъæубæстæмæ. Ралæудтæй сабур царди рæстæг, æма уомæн æ берæ аллихузон гъуддæгутæ ба гъудæй нæуæгæй райаразун.

Кудзиго дæр æ идарддæри царди гъуддæгутæ аразунмæ бавналдта, бакодта бийнонти гъуддаг – цардæмбалæн байагурдта Тубети Хакъясси кизгæ Зурмæхани – е уæдмæ каст фæцæй педагогон училище, куста скъолай математики ахургæнæгæй. Ирæзгæ фæлтæр гъомбæл кæнуни арфиаг гъуддагмæ æ агъазиау хай бахаста Кудзиго дæр – скъоладзаути ахур кодта райдайæн æфсæддон гъуддагбæл, фæстæдæр ба хе къохæй хæдзари гъæугæ дзаумæуттæ аразунбæл.

Уотемæй фæрсæй-фæрстæмæ Кудзиго æма Зурмæхан скъолай бакустонцæ æноси æмбесмæ хæстæг, пенсимæ рацæуни уæнгæ. Исгъомбæл кодтонцæ сæхе фондз кæстæри – æртæ биццеуи æма дууæ кизги, етæ дæр сæ мадæ æма фиди хузæн разиндтæнцæ хуæрзæгъдаугин, кустуарзон, адæми хæццæ зæрдхæларæй æма цæстуарзонæй цæрæг…

Уæхæн фæнзуйнаг бийнонти ’исгъомбæл æй Таймораз. Гъæууон астæуккаг скъола каст фæууогæй, идарддæр ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй хуайраги промышленности технологон институтмæ. Уой каст фæууогæй (1980 анзи), косунмæ æрвист æрцудæй Ленинградмæ, бæгæниуадзæн завод «Степан Разин»-мæ. Æ фæллойнадон архайд райдæдта смени мастерæй, фæстæдæр ба иссæй цехи хецауи хуæдæййевæг, цехи хецау, хайади хецау, сæйраг бæгæнифицæг, сæйраг технолог… Æхе дæсни æма хъæппæресгин косæгæй ке бавдиста, уомæ гæсгæ ’й байагурдтонцæ бæгæнифицæн завод «Балтикæ»-мæ, уой дæр – генералон директорæй. Е адтæй 1991 анзи. Фиццаг аст анзей дæргъи «Балтикæ» Боллоти Тайморази разамундæй бæгæний рауагъд фæффулдæр кодта æстдæс хатти, анзмæ рауадзиуонцæ 492 миллион литри. Алли анз дæр «Балтикæ» бахæссидæ Санкт-Петербурги бюджетмæ 100 миллион доллæри, е адтæй, сахар æдеугурæй ци хъалонтæ æмбурд кодта, уонæн сæ 11 проценти.

Гъе уотемæй райдæдта æ хæрдмæцуд, абони нæ бæсти æма дуйней берæ рауæнти ин кадæгонд цæй туххæй цæуй, æ лæгдзийнæдтæ ци æскъуæлхтдзийнæдти фæрци ирдæй-ирддæрæй рабæрæг æнцæ æ карни абони бæлдтаг бæрзæндтæмæ.

«Балтикæ»-йи генералон директори бунатæй рацæугæй, Боллой-фурт 2005 исаразта нæуæг агъазиау кустадæ – уæледарæс уадзæг «БТК-къуар», кæци иссæй Уæрæсей рæуæг промышленности раззагдæр æма нуриккондæр кустуæттæй еу.

Берæ, хъæбæр берæ бантæстæй абони уæнгæ нæ зундгонд æмзæнхон Боллоти Тайморазæн. Æ ном райгъустæй айдагъ Уæрæсебæл нæ, фал дуйнебæл дæр. Зæгъун æнгъезуй, Уæрæсейæн бæрзонд кадæгæнгутæй æй сæ еу. Æма ин Уæрæсей ’рдигæй дæр кадæгонд цæуй, хуарзæнхæгонд æрцудæй бæрзонд паддзахадон хуæрзеугутæй. Дуйней берæ рауæнти дæр нимади ке æй, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма æ рæстæги нисангонд æрцудæй Бразилий кадгин консулæй, иссæй Франций Кадгин легиони ордени кавалер… Æ берæ аллихузон хæурзеугутæбæл ба æрæги никкидæр ма бафтудæй – Уæрæсей Федераций Президент ин исаккаг кодта 11 къæпхæни орден «Фидибæсти размæ æскъуæлхтдзийнæдти туххæй», нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой Указæй ин аккагонд æрцудæй Цæгат Иристони бæрзонддæр хуæрзеуæг, орден «Иристони Намусæн».

БОЛЛОТИ Тайморазæн цæмæдесаг æнцæ, æ райгурæн Иристони хæццæ баст еугур гъуддæгутæ дæр æма хабæрттæ дæр.

Боллоти Таймораз æхуæдæг куд имисуй, уотемæй институт фæууни фæсте рауагъдонти сæ кусти рауæнтæбæл ка иурста, еци къамиси рази ку ’рлæудтæй, уæд æй уой иуонгтæ – уонæн ба сæ фулдæр æ ахургæнгутæ адтæнцæ – бафарстонцæ:

– Æфсади ке адтæ, уомæ гæсгæ æрæгиау райдæдтай ахур кæнун. Æма цидæр адтæй, уæддæр хуарз ахур кодтай. Кутемæй дин æнтæстæй?..

Æма син загъта, гъома, еудадзугдæр тарстæн, ку нæ исарæхсон, æма мæ ку ратæронцæ, уæд мæ ниййергутæн ци зæгъдзæнæн?..

Гъе уæхæн бæрнондзийнадæ æ ниййергути, æ уарзон гъæубæсти, нæ дзилли размæ Боллой-фурт алкæддæр нимадта æма нерæнгæ дæр нимайуй æ цæргæ-цæрæбонти тæккæ сæйрагдæр ихæсбæл. Кæд æ ниййергутæ, гъулæггагæн, цардæгас нæбал æнцæ, уæддæр еци ихæсæй æхе нæ уæгъдæ кæнуй, æновудæй архайуй, арфиаг гъуддæгутæй æй æнхæст кæнунбæл, фиццагидæр – нæ райгурæн Иристони хуарздзийнæдтæ аразунæй, уæлдайдæр ба ирæзгæ фæлтæртæн агъаз кæнунæй.

Уæлдай хъæбæрдæр ба ауодуй æ зæрдтагон Хæзнидонбæл, берæ арфиаг гъуддæгутæй архайуй цардиуаги уавæртæ си фæххуæздæр кæнунбæл.

Боллоти Таймораз, ку зæгъæн, хуарзæнхæгонд æрцудæй берæ бæрзонд паддзахадон хуæрзеугутæй. Е æхцæуæн куд нæй!.. Фал Тайморазæн æхе загъдмæ гæсгæ тæккæ агъазиаудæр, тæккæ кадгиндæр æма æхцæуæндæр хуæрзеугутæ ба æнцæ, кæд ин æнтæсуй адæми зæрдитæ естæмæй барохс кæнун æма син естæмæй хуарз фæуун, уæд уони хумæтæги арфитæ.

Хуæрзæрæги Тайморазбæл исæнхæст æй дæс æма æртинсæй анзи. Куд фæззæгъунцæ, лæхъуæн дæр нæбал æй, фал зæрæндти нимæдзæмæ дæр нæма хауй, æ лæги кари бацудæй. Гъема ма нин берæ æнзти дзæбæхæй цæрæ, Таймораз, дæу хузæн фæсевæд Иристони фулдæрæй-фулдæр уæд!..

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ


СОСКЪИТИ Владимир, скульптор, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг:

Мæздæги райони станицæ Новоосетиновскийи райгурдæй дигорон аййевадон литератури бундорæвæрæг ГУРДЖИБЕТИ Блашка. Барвæндонæй фидибæстон æфсадмæ рандæуогæй, е 37-анздзудæй фæммард æй уруссаг-япойнаг тугъди рæстæг. Æ райгурæн гъæуи ин байзадæй зæронд хæдзарæ, фæккæсæг имæ ке нæ адтæй, уой фудæй зæууатмæ æрцудæй, æркæлæдздзаг æй. Æ райаразунбæл берæ дзубандитæ бæргæ цудæй, гъуддаг бæлвурдæй райаразæг ба нæ адтæй. Цалинмæ еци гъуддаг исæнхæст кæнун æхемæ нæ райста Боллоти Таймораз. Бафæндадтæй æй еци историон хæдзарæ иснæуæг кæнун. Æз мæхуæдæг хæдзарæ ку фæууидтон, уæд рагъуди кодтон, нецибал си рауайдзæнæй, зæгъгæ. Фал æ аразгутæ уоййасæбæл арæхстгин æма рæстуодæй архайæг разиндтæнцæ, æма ’й дзихъиртнæуæгæй исфедаун кодтонцæ, нур си уодзæнæй Блашкай музей. Гъуди ма ’й кæнун, Тайморази хæццæ Парижи сахари Гæздæнти Гайтойæн циртдзæвæн ку æвардтан, уой, уæдта ма берæ æндæр уæхæн æ фæрци арæзт хуæрзауодæн хабæрттæ. Уой туххæй мæ фæндуй уæлдай зæрдиаг арфитæ ин ракæнун… Æз си сæрустур æма боз дæн. Уæдта мæ фæндуй, уæхæн адæймæгутæ нæмæ фулдæр ку уайдæ… Уæд нæ цард дæр зæрдæмæдзæугæдæр кæндзæнæй.