08 майя 2024

ФИДИБÆСТÆН ÆНОВУДÆЙ ЛÆГГАДÆ КОДТА…

18.06.2021 | 21:37

Иристони разагъди лæгтæй æ адæмæн арфиагдæр хæрзти ка бацудæй, еци номдзуд адæймæгути имисгæй, уæлдай æхсицгонæй нæ зæрдæбæл, фиццаги-фиццаг, ци фарни лæгти нæмттæ æрлæууй, уонæй еу æй æхсаргин æфсæддон, рохситауæг, тæлмацгæнæг æма æхсæнадон архайæг Темурхъанти Гаврили фурт Сослан (Вано).

Æ цубур, фал берæ арфиаг гъуддæгутæй æнхæст царди Сослан, паддзахи æфсади афицер уогæй, е ‘фсæддон служби æма фæстæдæр æ рохситауæн æма æхсæнадон архайди рæстæг дæр æ уоди фæгъгъæуай кодта ирон лæги еугур фæнзуйнагдæр æма бæллеццагдæр менеугутæ.

Æ еугур хъауритæй дæр архайдта нæ фидтæлти культурæ æма историон бунти хæццæ нæ адæми хуæздæр базонгæ кæнунбæл, уæдта еци хæзнатæ æмбурд æма гъæуай кæнунбæл.

Сослани рохситауæн архайдæн адтæй ахедгæ нисан ирон адæми национ хелæдæрунадæ æма уодварни ирæзти.

Темурхъанти Сослани райгурдбæл 3 апърели  исæнхæст æй авдинсæй анзи (1881-1925). Уой фæдбæл æрмæгутæ кæсетæ 5-7-аг фæрстæбæл.