ФИДИБÆСТИ СÆРБÆЛТАУ ХЪАЗАУАТ – ЦИТГИЙНАГ!..
РАЗÆНГАРДÆЙ ЦÆУНЦÆ СÆ ИХÆС ÆНХÆСТ КÆНУНМÆ…
Тугъд æма уоми лæгдзийнадæ бавдесун, уæлдайдæр ба уæлахези сæрбæлтау сауæнгæ цард дæр иснивонд кæнун ци æй, уой æхе карнæбæл ка бавзурста, уонæй сæ еу – зундгонд æфсæддон архайæг Оливер Уэнделл Холмс (1841-1935) уотæ загъта: «У могилы героя мы не печалимся от неизбежной утраты, а заражаемся его мужеством и с какой-то отчаянной радостью возвращаемся обратно в бой…»
Аци загъд уомæ гæсгæ æримистан, æма Украини сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг сæ ихæс рæстуодæй æнхæст кæнгæй не ‘мзæнхонтæй бæгъатæрæй ка фæммард æй, уой туххæй радзубандий фæсте раст уодзæнæй уой дæр зæгъун, æма уони уодуæлдай лæгдзийнадæ разæнгардгæнæг дæнцæ иссæй нæ фæсевæдæн æнæгъæнæй дæр.
Уомæн ирд æвдесæн – æфсадмæ цæуни афонæ кæмæн æй, етæ зингæ рæвдзæдæрæй æвдесунцæ сæ еци ихæс исæнхæст кæнунмæ цæттæдзийнадæ.
Дæнцæнæн ракой кæндзинан, абони Уæрæсей æфсади рæнгъитæмæ нæ фæсевæди нæуæг къуæрттæ æрветуни фæдбæл хабæрттæ. Зæгъæн, æрæги рафæндараст кодтонцæ, уæлдæфон-десантон æфсæдти ка æнхæст кæндзæнæй е ‘фсæддон ихæс, еци инсæй лæхъуæни. Сæ рафæндараст кæнуни фæдбæл ба цитгин мадзал арæзт æрцудæй Дзæуæгигъæуи Намуси Мемориали – Æносон арт æма æфсæддон уæлдæфон-десантон æфсади бундорæвæрæг Василий Маргелови циртдзæвæни рази.
Зæгъун гъæуй уой, æма исуйнаг æфсæддонтæ Уæлдæфон десантон æфсади службæ етæ еугурæйдæр сæхуæдтæ равзурстонцæ. Уонæй еу, Сæбанти Сослан куд загъта, уотемæй десантон службæмæ æхе рагæй цæттæ кодта.
– Хъæбæр мæ фæндадтæй десантон æфсади службæ кæнун. Зæрдæ æвæрун, нæ фидтæлти кади аккаг унбæл æновудæй ке архайдзæнæн, уомæй, – сæрустурæй загъта лæхъуæн.
Седтонтæн фæндараст загътонцæ, Цæгат Иристони десантонти Цæдеси сæрдар Золойти Игорь, нæ республики æфсæддон командæгæнæги агъазгæнæг Рубен Петросян, æхсæнадон организацити минæвæрттæ.
НÆ ФИДТÆЛТИ НАМУСБÆЛ КАДÆ ÆФТАУÆГ УОДЗÆНÆНЦÆ
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавкази Суворовон æфсæддон училищей – инсæйæймаг-юбилейон рауагъди фæдбæл арæзт кадгин мадзали. Æма рауагъдонтæн сæ царди еци ахсгиаг цауи фæдбæл зæрдиагæй райарфæ кæнгæй, æ радзубандий загъта:
– Абони рауагъдонтæн зæрдæбæлдарæн бон æй – сумах фæцайтæ Цæгат Кавкази Суворовон тугъдон училище. Нур ракъахдзæф кодтайтæ цардмæ, алкедæр уи æхецæн равзурста уæззау, фал гъæугæ æма бæгъатæрдзийнадæй идзаг над – гъæуай кæндзинайтæ Фидибæстæ! Разæй уæмæ æнгъæлмæ кæсуй устур федæн, алцидæр уæхецæй аразгæ уодзæнæй. Ами бундор æвæрд æрцудæй кадетон æнсувæрдзийнадæн, уæ хæццæ ‘й уæ царди хæсдзинайтæ, ахурадон косæндони бæгъатæр истори æма традицитæн кадæ кæндзинайтæ. Мæ зæрдæ уин зæгъуй æнтæстдзийнæдтæ, федардзийнадæ æма уоди гъомус.
Уæлдай арфитæ ракодта профессорон-ахургæнгути коллективæн, гъомбæлгæнæг афицертæн æма рауагъдонти ниййергутæн. 2022 анзи рауагъдонтæ æнцæ фондз æма инсæй суворовони, уонæй фондз райстонцæ сугъзæрийнæ майдантæ, æвддæс иссæнцæ ГТО-й нисандарти хецæуттæ, инсæйемæ си ес спортивон разрядтæ, æртемæй ба æнцæ спорти мастертæмæ кандидаттæ.
Суворовон училищей бæрæгбони мадзали ма архайдтонцæ нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег, Хонсайраг æфсæддон зилди раззагдæр инспектор Огъуати Урузмæг, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий ветеранти Совети сæрдар Фриати Хъазбег, 58-аг æфсади командæгæнæги хуæдæййевæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Александр Неофилов, училищей директор Тауитти Руслан æма æндæр иуазгутæ.
СÆ ТУГЪДОН ХЪИАМÆТТÆН СИН – ГЪÆУГÆ АРГЪГОНД КУД ЦÆУА…
Нуртæккæ Украини ци сæрмагонд æфсæддон операци æнхæстгонд цæуй, уоми уæрæсейаг æфсæддонти хæццæ ма архайунцæ граждайнаг адæймæгутæ дæр. Етæ дæр еци тæссаг уавæрти æнхæст кæнунцæ, ци аллихузон ихæстæ сæбæл æвæрд ес, уони. Уомæ гæсгæ ба раст уодзæнæй, цæмæй уони хъиамæттæн дæр раст аргъгонд цæуа.
Гъе уомæ гæсгæ ба хуарз хъæппæрес равдиста политикон парти «Еугонд Уæрæсе» – бацæттæ кодта сæрмагонд закъони проект, цæмæй æфсæддон операций ихæслæвæрдтæ æнхæст кæнунмæ хунд граждайнаг адæймæгутæ дæр нимад уонцæ тугъди архайгутæбæл.
Дзубанди цæуй бæсти Гæрзефтонг тухти граждайнаг косгутæбæл, цалцæггæнæг бригадити иуонгтæбæл, дохтиртæ æма æндæр специалисттæбæл. Еци проектмæ гæсгæ уæхæн закъон федаргонд ку ‘рцæуа, уæд еци адæймæгутæн лæвæрд æрцæудзæнæй социалон агъази аллихузон мадзæлттæй (зæгъæн, хъалонти льготитæ æма æндæртæ) пайда кæнуни барæ.
Парти «Еугонд Уæрæ-се»-й генсовети разамонæг Андрей Турчаки дзубандимæ гæсгæ, «Тугъдон архæйдтити ветеран»-и уагæвæрди фæрци сæрмагонд æфсæддон операций тæлми ка архайуй, еци граждайнаг косгутæн паддзахади ‘рдигæй уодзæнæй уæлæнхасæн социалон агъаз. Куд ма загъта, уотемæй си федарæй æруагæс кæнуй, Паддзахадон Думæ уæхæн закъони проект цубур рæстæгмæ ке исфедар кæндзæнæй.
Цæгат Иристонæй граждайнаг цæргутæй дæр беретæ архайунцæ сæрмагонд æфсæддон операций. Дзубанди цæуй айдагъ æфсæддон службæгæнгутæбæл нæ, фал сæйгитæ æма цæф адæмæн агъазгæнæг дохтиртæбæл, уæдта æфсæддон техникæ æма инфраструктурæ нæуæгæй райаразуни кустити архайæг специалисттæбæл дæр.
– Парти «Еугонд Уæрæсе» ке бацæттæ кодта, еци закъони проекти фæрци уодзæнæй не ‘мзæнхонтæн уæлæнхасæн социалон агъаздзийнади равгитæй хайгин уни фадуат, – зæгъуй Паддзахадон Думи депутат Таймазти Артур.