ФИДТÆЛТИ НАМУС
Зундгонд журналист ДЗУГАТИ Барис æ уацтæй еуеми уотæ финста: «Кустуарзагæ æма ездон, хъаурæгин æма хебæлхуæцгæ, цæстуарзон æма хуæдæфсармæ, лæдæргæ æма фæразон адæймагæй фæззæгъунцæ: фидтæлти тæккæ бæллеццагдæр менеугутæй фæххайгин æй.
Уæхæн фæууй тæходуйаг гъæубæстæн, синхбæстæн, æнгæрттæн, муггагæн. Уомæн æма, фидтæлти берæ фæлтæртæ сæ лæгдзийнадæ æма хъаурæй сæхецæн ци ном искодтонцæ, сæ байзайæггæгтæн ци нæргæ кадæ æма æмбесонди æгъдæуттæ ниууагътонцæ, уонæбæл æй еузæрдиуон, гъæуай сæ кæнуй тæккæ хъазардæр хæзнай хузæн, æ зундæй, æ фæллойнæ æма æгъдауæй сæ кæнуй федардæр, гъæздугдæр…»
Дзугати Бариси уац æнæгъæнæй мухур кæнæн нæ газети абониккон номери 6-аг фарсбæл – æрмæг кæд раги финст æрцудæй, уæддæр си, махмæ гæсгæ ес, адæймаг абони цардарæзти дæр цæбæл расагъæс кæна, уæхæн гъудитæ.
Дессаги фарнæ уодварни хæзнати хузи нин байзадæй нæ фидтæлтæй. Дуйней адæмтæн сæ бон сæхе растаун цæмæй æй, еугур еци гъæздугдзийнæдтæй æнæхай нæ фæцан мах дæр. Муггагмæ æнæмæлгæ кадæ искодтонцæ нæ адæмæн æ хуæздæр хъæболтæ. Идæрдтæбæл нæ дзордзинан, фал евгъуд æноси райдайæни нæуæг, советон цардарæзтбæл тохи си намусгинæй ка фескъуæлхтæй, уони рохс нæмттæ нæ дзиллæ абони дæр ма арфиагæй имисунцæ. Мамсурати Сахангери æма Цæголти Геуæрги, Дзæрæхохти Хаджимурат æма Хъесати Колка, Зорттати Урусби æма Дзаттиати Александр, революций æма медбæстон тугъди берæ æндæр бæгъатæртæ.
Æрдхуæрæни лæгдзийнадæ равдистонцæ нæ адæми хъæболтæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæг. Нæ Райгурæн бæсти нихмæ цифуддæр знаг æ къох ку исиста, бæлах нин нæ еумæйаг хæдзари дуар ку ниххуаста, уæд нæ Цæдеси æнсувæрон адæмти хъæболти хæццæ усхъæй-усхъæмæ æрлæудтæнцæ Иристони бæгъатæртæ дæр. Зæнхæбæл еци тæккæ æверхъаудæр тугъди сæ нæргæ кадæ райгъустæй æма историй сугъзæрийнæ дамугъатæй финстæй байзадæнцæ Плити Исси, Хетæгкати Геуæргий, Мамсурати Хаджумари, Советон Цæдеси берæ бæгъатæрти, тугъдон орденхæсгути, Райгурæн бæсти сæрбæлтау сæ цард ка иснивонд кодта, еци мингай тугъдонти рохс нæмттæ
Нæ фæккиудтæй нæ фидтæлти намус тугъдæй рист зæнхи нæуæгæй уод уадзуни уæззау æнзти. Нæ бæсти еугур æнсувæрон адæмти æмархайди фæрци Иристони фæллойнæгæнæг дзиллитæ цубур æмгъудмæ иснæуцæг кодтонцæ адæмон хæдзаради æма социалон-культурон царди гъомусадæ.
Фæстаг æнзти нæ гъуддæгутæ, гъулæггагæн, ке фæккиудтæнцæ, размæ ке нæбал комунцæ, е дæр, нæхебæл æгæр ке фенвæрстан, «фæстезад», æнахургонд хестæрти фæнзун нæ сæрмæ ке нæбал хæссæн, нæ еци æведауцæ хъал миуи фуд нæй? Нерæнгæ дæр ма беретæ гъуди кæнунцæ, тугъди размæ Иристони гъæути колхозонтæ сæ фæллойни фæдбæл син ци тиллæг хайгонд цæуидæ еумæйаг хæдзаради ’рдигæй, уой æнхæстæй комгæ дæр нæбал кæниуонцæ, гъома, цæмæн нæ гъæуй уойбæрцæ, зæгъгæ, уæд. Еу загъдæй, сæ цардæн адтæнцæ хецæуттæ æма ’й хуæздæрæй-хуæздæргæнгæ аразтонцæ. Ка си ци кусти лæуд адтæй, уоминæдæр неке æма нæдæр сæхе дæр нæ сайдтонцæ, «ами тъæпп-тъæпп» æвнæлдтитæ нæ кодтонцæ æма сæ фæллойни бæркад дæр уоййасæбæл агъазиау уомæн адтæй.
Нури æнæлæдæрд æма æбæрн он рæстæгути ба сауæнгæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг гъуддæгутæмæ дæр цийфæнди цæстингасæй каст цæуй. Берæ кæмидæрти æма цæмидæрти феронх ан нæ фидтæлти цардаразæг æгъдæуттæ æма фæдзæхститæ.
Æз ма кæддæр финстон фидтæлти фарнæ гъæуайгæнгæ ке æй, уой туххæй. Ка ’й зонуй, еске зæгъа, иссирдта рæуонæ!.. Нæ, æз мæхемæ еци нифс нæ есун, æма кæцидæр, уæлдайдæр ба минкъийгомау нæхъæртондзийнæдтæ æма галеудзийнæдтæй еумæйаг уавæрæн æнæгъæнæй аргъ искæнон. Фал цийфæнди унаффити, цийфæнди хецауади, цийфæнди техникæ æма гъæцæнти æууæлти дæр сæйраг рахуæцæн, фæллойнæ, æцæг фæллойнæ, æнæсайд, арæхстгин фæллойнæ ’й. Мæ зæрдæбæл хуарз лæуунцæ мæ синхи хестæртæ: цæйбæрцæ сæ гъуди кæнун – алкæддæр сæ нимæтходтæй сæ хед сæрфтонцæ, сæ сæр сæ хæрдмæ исдарунмæ нæ евдалдæй. Махбæл, сæ фæсте фæлтæртæбæл, мæтæ æма сагъæсæй, сæхецæй нæ амалгундæрæй æма лæгигъæдгундæрæй ниууадзунбæл сагъæсæй. Нæ сæ фæндадтæй, ци исаразонцæ, историй ци ниффинсонцæ, уой туххæй си сæ байзайæггæгтæ æфсæрмийæй сурх кæнонцæ, е.
Адæймаг ци æнтæстдзийнадæ райгурун кæна, е ин кадæ хæссуй. Æма исæрттивтонцæ Фæллойни Бæгъатæрти Сугъзæрийнæ майдантæ Æхсæрисæри æма Черменигъæуи, Хумæллæги æма Елхотти, Брути æма Æрæдони… Уарзгæй, арфити хæццæ абони имисæн еци кадæ ’рхæсгутæ Боллоти Полий æма Алæгати Темурбий, Æлбегати Харитони æма Багати Назирæти, Дзгойти Еруслани æма Годжицати Назой æма ма иннæ берæ бæгъатæрти нæмттæ.
Царди цийфæнди къабазæ дæр райсæ æма кæми ба нæ бафтудæй Иристони къохи агъазиау æнтæстдзийнæдтæ! Еу фондзанзонæй иннемæ, еу анзæй иннæ анзмæ гъомусгиндæр кодтонцæ нæ адæмон хæдзарадæ æма культурæ.
ДЗУРД ДЗУРДИ КЪАХУЙ…
Нæ фидтæлти намуси аккаг унмæ ба ни ка нæ бæллуй!.. Уой туххæй номдзуд Гæдиати Секъа (1855-1915) уотæ финста: «Тугъди будури ирон лæгæн е ’мбæлттæ размæ ку ’мпурсонцæ, уæд æй нæ бафæнддзæнæй кæмидæр фæскъилдуни бæхтæрæгæй байзайун. Цийфæнди тæрсгæй дæр тугъди будурмæ тундзуй: «Æз иннетæй æгудзæгдæр дæн? Фæстеггæй æхе баримахста, гъæуама зæгъа мæнæй еске?» Ходуйнаг…»
Табуйаг гъуддаг æй, ке зæгъун æй гъæуй, фæсевæд нæ разагъди хестæртæй æма уони нæртон гъуддæгутæй сæрустур ке ’нцæ, е. Уомæй хуæздæр ба ’й сæ фæнзун. Сæ тохи æма фæллойни æскъуæлхтдзийнæдтæй уæлдай ма сæ адæймагуарзондзийнадæ æма сауæнгæ фæлмæн, нифсæфтауæг цъухи дзурд дæр фæнзуни аккаг æнцæ. Æма уотæ ци адæми цардарæзти уа, е амондгун æй, æнæгузавæ ’й æ исонибон дæр. Уомæн æма айдагъдæр уотемæй цæунцæ фæнзуйнаг æгъдæуттæ еу фæлтæрæй иннемæ – никки гъæздугдæрæй, никки зæрдæмæдзæугæдæрæй. Амондгун æма арфиаг уой туххæй æнцæ нæ фæсевæд, уæхæн зунд сæмæ ке ес, фидтæлти намус сæхе æцæг намуси гъуддæгутæй фулдæр кæнунмæ ке тундзунцæ. Уомæн æма зонунцæ, нæ абони æнтæститæ, нæ абони уæлахезтæ адæми ’хсæн еци домбай, æнæихæлгæ хæлардзийнади фæрци ке ’нцæ.
Ке бæрнæхсти кодтонцæ сæ тухстагдæр гъуддæгутæ, кæбæл æууæндтæнцæ гъæубæстæ, комбæстæ, Иристон æнæгъæнæй? Сæргинтæбæл, гъай-гъай!.. Уæхæн рæстæги хъæбæр нимади цудæй, ка цæйбæрцæ фæууидта, царди арфиагæй ци исаразта æма аразуй, фулдæр лимæнтæ си æхе æма æндæр адæмти ’хсæн дæр кæмæн адтæй. Ескæмæ æ кæсгон æрдхуард, æ хъазахъаг зонгæ фæззиндтæнцæ, зæгъгæ, уæд е еугур синхбæсти, æнæгъæнæ гъæубæсти бæрæгбон адтæй, æ фусунмæ хицæгæнгутæ нимайæ æма нимайæ…
Уотæ бæргæ адтæй æрæги уæнгæ дæр ма… Нур ба?.. Кæддæр лимæнæй цæрæг адæмти ’хсæн хæларзæрдæдзийнадæ фæццидæр æй… Кадæртæ ба си сæ кæрæдземæ сауæнгæ знаги цæстæй кæсун байдæдтонцæ.
Уой фæдбæл ба уой зæгъуйнаг дæн, æма дууæ хъаугъагæнæгемæй еу зундгиндæр гъæуама разинна, æхебæл æрхода æма æ фæсмонбæл инней баууæндун кæна, уæд æй е дæр фæнздзæнæй. Е дæр нин нæ курухон хестæртæй байзайгæ зунди хуасæ ’й. Дарæн æй нæ зæрдæбæл, устур æнæууилд дзурд ни исервæзун нæ уадзуй. Растдæр зæгъгæй, нæ уагъта, уомæн æма нур кæмæйдæрти иронх кæнун байдæдта. «Æхе ка нæ уарзуй, е рамæлæд!..» – ка нæ фегъуста еци æмбесонд? Æхецæй æндæр ке неке уарзуй, е ба еугуремæн тæрегъæддагдæр, æлгъистагдæр адтæй.
Хуарз зунд, æнæрæдуд унаффæ алкæддæр гъæунцæ, фал уæлдай хъæбæрдæр ба тухстаг, зин рæстæги гъæунцæ. Мæнæ нуртæккæ нæ бæсти еуæй-еу рауæнти ци тухст уавæр исæвзурдæй кæцидæр адæмти ’хсæн рахастдзийнæдти хабæрттæ куд ниуухери ’нцæ, уæхæни. Еске дæ фæррæхуста æнæргъуди загъдæй, кенæ гурумухъ миуæй æма ин æ фиййи бунмæ киунугутæ телæ, мæнæ кæсай, мæ фидтæлтæ ка адтæнцæ, уæддæр лæдæрд уодзæнæ? Хе цардвæндаг зонун гъæуй, æнæмæнгæ, фал цæйбæрцæбæл æхцæуæндæр æй, æндæр еске дин дæ адæми æма дæхе дæ хуарзи кой ку ракæна, уæд! Хестауагæ æма хенвæрсон еугур адæмтæн дæр æма еугур æности дæр гъазæнгъолæ адтæй, ходуйнаг.
Еуæй-еуети æнæргъуди, æнæгъæуаги хестауæн миутæ ба æнцæ ескæмæн хе туххæй дæр бауарзун кæнуни хузæн. Мах адæм ба уомæ не ’рхаудтæнцæ, уой сæр сæ нæ гъæуй, Хуцауæй арази. Ци ’нцæ уодикондæй дæр, сæри магъзæй дæр, цийфæнди гъуддаги дæр нифсгун æма лæгигъæдгун, уой айдагъ нæ бæсти нæ зонунцæ. Цидæр хъуæлæгсæртæ еуæй-еу хатт адæми номæй дзоруни нифс æма барæ сæхемæ есгæй, цæсти ’фтаунцæ нæ хуарз ном, думгæмæ дарунцæ, берæ фæлтæртæ, кедæр загъдау, сæ уодæй арт фæццæгъдгæй, иннæ адæмти ’хсæн ци зингæ бунат байахæстонцæ, уой. Хуæддзойæй æхецæй фæтæг исуни фидбилизи зунд кæмæ фæззиннуй æма иннети дæр фидбилизи надбæл ка ардауй, уæхæн æнæргъудитæ фæстагмæ æлгъистаг исунцæ адæмæн.
Кенæдта – фæразондзийна-дæ. Уомæ неке седуй, æма цавддорау фæууо, еске дин дæ уадолæ ку никъкъæрцц ласа, уæд имæ дæ иннæ дæр бадарæ, дæ лæги кадæ дин къæхти буни кæнæд, дæ адæми кадæмæ дин æнæнвæрсон зæгъдтитæй æгадæ кæнæд. Фал, гæрр, е ку нæ лæууй, уæд æз цæмæй æнæлæгдæр дæн, зæгъгæ, гъæуа нæ гъæуа, уæддæр знæт кæнæ, е, кæмæ бабæллай, уæхæн менеуæг нæй.
Уогæ ба куд зинтæй æрцæуй нæргæ кадæ! Берæ фудæбон, æнаййеп цард домуй, берæ æнзти дæргъи имæ фæццæуй адæймаг, æнæгъæнæ адæм ба – сæдæгай æнзтæ. Фал æй еунæг æнæргъуди миуæй æвæд æрбакæндзæнæй, кæддæри æгæрон намус руги хузæн фæддунд уодзæнæй, æзини хуарз ном муггагмæ фæсмойнаг æма уайдзæфæй байзайдзæнæй. Уой туххæй нин нæййес махæн рæстæг дзæгъæли исафунæн, уомæ гæсгæ нæ гъæуй нæ дустæ арф бахатун, цæмæй Иристони зæнхæбæл рæстзæрдæ фæллойни, нæ фидтæлти цитгин æгъдæутти кадæ æма фарни кадæ кеун ма бауадзæн.
Уой туххæй нин уотæ хъæбæр гъæуайкæнуйнаг æй нæ гъæздуг, алкæмæн дæр хъæбæр цæстуарзон, алкæмæй дæр рæвдуд фидтæлти намус.
ДЗУГАТИ Барис, (1922-2001), журналист, Устур Фидибæстон тугъди архайæг