04 октября 2024

ФУДРУНИ АДЗАЛÆЙ ДÆХЕ ГЪÆУАЙ КÆНÆ ÆМА СИ ÆДАС УОДЗÆНÆ!..

09.12.2020 | 13:33

Аци хузæ уин, æвæдзи, зундгонд æй, уæдта ’й зондзинайтæ, номдзуд уруссаг хузæгæнæг Карл Брюллов (1799-1852) æй цæй фæдбæл искодта, уой дæр. Цæветтонгæ, рагон дзаманти (нæ эри райдайæни 70-аг æнзти) вулкан Везувий уоййасæбæл тухгинæй исрæдувта, æма æнæгъæнæй дæр бабун кодта, минкъий еуварсдæр си ци сахар Помпейæ адтæй, уой. Уой размæ, цума сæ æрцæуйнаг тасдзийнадæй бафæдзæхсуйнаг адтæй, уотæ зæнхæ базмæлидæ, хæдзæрттæй кæцидæртæ никкалдæнцæ. Сахари цæргутæй кадæртæ уордигæй фæлледзæги ’нцæ, фал сæ фулдæр ба зæнхи еци æзмæлдтитæ уоййасæбæл нецæмæ æрдардтонцæ. Æма – дæ балгъетæг уотæ!.. Бунисæфт фæцæнцæ…

Аци хабар цæмæ гæсгæ æримистан? Абони еу сахари цæргутæн нæ, фал æнæгъæнæ дуйней дзиллитæн фудруни адзал хæссуй нури доги Везувий – коронавирус. Æ фидбилизæй адæм цæгъдуни кæнунцæ – сæдæгай минтæй.

 

ТÆРСУН НЕКЕ КÆНÆН, ФАЛ УÆДДÆР…

Гъулæггагæн, куд æнæгъæнæ Уæрæсей, уотæ Цæгат Иристони адæм дæр си еуварс  нæ ’нцæ. Уой уæхуæдтæ дæр уинетæ, уæдта уой дæр зонетæ нæ бæсти разамунд цæйбæрцæбæл берæ гъæугæ мадзæлттæ аразунцæ, еци нези нихмæ æма æ æверхъаудзийнæдтæй адæми багъæуай кæнунæн. Е лæдæрд æй, фал æгириддæр лæдæрд ба нæй е, æма нæхуæдтæ цæйбæрцæбæл æбæрнон ан, цæйбæрцæбæл цийфæнди цæстингасæй кæсæн уавæри тæссагдзийнадæмæ. Еци дзорæги фæдзæхст цæуй, цæмæй ни алкедæр æнæмæнгæ пайда кæна хе багъæуай кæнуни фæрæзнитæй: маскитæ дæр æма къохæрходтæ дарун, уæлдайдæр ба, берæ адæм кæми бамбурд унцæ, уæхæн рауæнти, уæдта дзиллон мадзæлттæмæ дæр, куд гæнæн æма амал ес, уотæ минкъийдæр адæм æмбурд кæнун… Æма? Æркæсайтæ. Нæхе куд дарæн, уомæ. Æхсæнадон транспорти ци берæ цæугутæ фæууй, уонæй кæд еу кенæ дууæ – æртебæл уа маскитæ, æндæр некæбæл. Уотæ  тукæнтти дæр…

Мадта мæрдæгъдауи рæстæг ци берæ адæм æрæмбурд уй, уонæй дæр ефстæгтæбæл фæууиндзæнæ маскитæ. Уойбæрцæ адæми ’хсæн ба, коронавирус кæмæ разиндзæнæй, уæхæнттæ дæр куд нæ уодзæнæй.

Е дин еу бæлах. Иннæ бæлах ба е æй, æма уавæрмæ карз цæстдардæй ихæсгин ка ’й, етæ кæми ’нцæ. Нæ уацхæсгутæ сæрмагондæй цалдæр бони маршрутон таксити цудæнцæ, устур тукæнттæ бабæрæг кæниуонцæ æма… Санитарон эпидемиологон домæнти ихæлдтитæ – гъæуй дæр ма дæ! Цæстдаргутæй некæд некæбæл исæмбалдæнцæ. Гъе ба дин карантин æма «бæрнон косгути» бæрнондзийнадæ.

ТÆССАГ НЕЗИ НИХМÆ АРХАЙД ЦÆУЙ ЕУГУР МАДЗÆЛТТÆЙ ДÆР…

Кадæртæ уотæ ракæниуонцæ, гъома, хецауадæ ба кумæ кæсуй. Æма хецауадæ гъæуама дæ фæдбæл зелонцæ æма дин дæ цæсгонбæл маскæ бакæнонцæ?!. Дæхе сæр ба уой нæ ахæссуй. Æма фудруни адзалæй дæхуæдæг дæхе куд багъæуай кæнай, уотæ æдас си уодзæнæ. Æма уæд зингæ ахедгæдæрæй фæррæстмæ  уодзæнæнцæ, хецауади ’рдигæй ци берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт цæунцæ, етæ дæр. Арæзт ци мадзæлттæ цæуй æма ма ци исаразун гъæуй, уой фæдбæл ба бæлвурдæй æрдзубанди кæнунцæ коронавируси инфекций нихмæ гæрæнтæ æвæруни фæдбæл республикон оперативон штаби еудадзугон æмбурдти.

Æрæги ин ци æмбурд адтæй, уоми сæрдареуæг кодта нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав. Уоми Рахесфарси Центрон сæйгæдони сæйраг дохтир Æлбегати Батрази радзубанди адтæй, райони медицинон косгути нæуæг незæфтауæги нихмæ куд архайунцæ, уой фæдбæл. Фегъосун кодта хуарз хабар: рæхги сæмæ стационарон хайади исæвæрдзæнæнцæ нæуæг компьютерон томограф:

– Нуртæккæ цалцæггонд цæуй, еци ахсгиаг медицинон техникæ кæми исæвæрдзæнæнцæ, еци бунат. Нури уæнгæ æнхæстгонд цæунцæ гъæугæ инженерон куститæ дæр.

Куд зонæн, уотемæй фæстаг рæстæг хуæздæр кæнуй фиццаг къæпхæни медицинон агъази косæндæнтти техникон ефтонггадæ. Уотæ æрæги компьютерон томограф фæззиндтæй Æрæдони райони Центрон сæйгæдони. Нур ба уæхæн аппарат исæвæрдзæнæнцæ Рахесфарси райони Центрон сæйгæдони дæр. Еци техникæ балхæнунæн фæрæзнитæ радех кодтонцæ  регионалон бюджетæй. Уой хæццæ профилон ведомстви минæвæртти дзубандимæ гæсгæ, тагъд рæстæг компьютерон томографи искæнæн уодзæнæй Дзæуæгигъæуи 1-аг поликлиники дæр.

Оперативон штаби архайгутæ æркастæнцæ æндæр фарстатæмæ дæр. Уотæ, видеоконференций бастдзийнади фæрци республики иннæ медицинон косæндæнтти сæйраг дохтиртæ дæр радзурдтонцæ сæ аллибони архайди туххæй. Уой хæццæ, специалисттæ куд фæббæрæг кодтонцæ, уотемæй, уавæр кæд вазуггин æй, уæддæр æ банивæбæл кæнунæн еугур гъæугæ мадзæлттæ арæзт цæунцæ. Еумæ райсгæй сæйгæдæнттæ æма поликлиникитæ хъæртунцæ сæйгитæн берæвæрсуг медицинон агъаз бакæнунбæл.

Æмбурди архайгутæ сæрмагондæй æрдзурдтонцæ, республики гъæууон районти нуртæккæ ци фельдшерон-акушерон пункттæ аразунцæ, уони цæттæдзийнадæбæл дæр. Битарти Вячеслави дзубандимæ гæсгæ, еци ахсгиаг социалон объекттæ гъæуама байгон уонцæ нисангонд æмгъудтæмæ. Республики разамонæг районти сæйгæдæнтти сæйраг дохтиртæн байхæс кодта, цæмæй уони ’рдигæй дæр аци фарстамæ уа аллибони цæстæдард.

Куд зонæн, уотемæй фиццаг къæпхæни медицинон-санитарон агъази системи гъомус фæббæрзонддæр кæнунæн регионалон программи фæлгæти 2020 анзи Цæгат Иристони исараздзæнæнцæ 36 фельдшерон æма фельдшерон-акушерон пункти.

Нур ба цубурæй, ковиди фудæй абони нæ республики санитарон-эпидемиологон уавæр куд æй, уой туххæй. Дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæрттæн нæ республики æнæнездзийнади министри хуæдæййевæг Томайти Тамарæ куд фегъосун кодта, уотемæй, кæд æма нези нихмæ еугур гъæугæ мадзæлттæ дæр æнæгъæнæй æнхæстгонд цæунцæ, уæддæр ковиди уацари бахауæг адæми бæрцæ фулдæр кæнунцæ.

«Роспотребнадзор»-и оперативон бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ 8 декабрмæ Иристони коронавирусæй сæйгити еумæйаг нимæдзæ æй 10012 адæймаги. Фæстаг сутки дæргъи ма никкидæр исбæрæг кодтан, ковид  кæмæ разиндтæй, уæхæн 83 адæймаги, Республики сæйгæдæнтти сæхе дзæбæх кæнунцæ 1395 адæймаги. Уонæй – 120 æнцæ реанимаций, 40 адæймаги ба бафтудтонцæ уолæфæн аппараттæмæ.

 

ФИДБИЛИЗХÆССÆГ УАВÆРТИ УСТУРЗÆРДÆ МА УОТÆ!..

Гъулæггагæн, уавæр хуæздæр нæ кæнуй, æма æнæнездзийнади косгутæ корунцæ Иристони цæргутæй, цæмæй æнхæст кæнонцæ санитарон домæнтæ: маскитæ дарун æма антисептиктæй пайда кæнуни мадзæлттæ. Гæнæн æма амалæй минкъийдæр цæун, берæ адæм кæми фæууй, уæхæн бунæттæмæ. Хæстæгдæр рæстæг нæ республикæмæ æрвист æрцæудзæнæй вакцинæ ковиди нихмæ. Мæйи размæ вакцини еу фæлтæр æрбарвистонцæ, æма 42 адæймаги прививкитæ  искодтонцæ. Абони уæнгæ се ’нæнездзийнади уавæр æй нивæбæл, зæрдæдзоруйнаг нæ ’нцæ. Адæми зæрдæбæл лæуун кæнæн: коронавируси нихмæ вакцинаций куст цæуй Дзæуæгигъæуи 1-аг поликлиники.

– Корæн адæмæй: æнæ дохтирти амундæй хе дзæбæх кæнуни мадзæлттæй ма пайда кæнетæ, – загъта Томайти Тамарæ. – Æнæмæнгæ, фæдздзорун гъæуй дохтирмæ,  е ци хуастæ рафинса, уомæй уæлдай  æндæртæй пайда кæнæн нæййес. Аци къуæрей кæрони республикæ райсдзæнæй 400 дози, вакцинæ, æма привикæ искæнæн уодзæнæй зæрди, онкологон æма тогдадзинтти незтæй ка нæ сæйуй, еци адæмæн. Прививкитæ кæндзæнæнцæ сахари иннæ поликлиникити дæр.

 


Уотæ маке бангъæлæд, æма нæ аци финститæй кедæр тæрсун кæнæн. Фал уой зæгъуйнаг ба ан, æма уавæр бæлвурдæй ка зонуй æ профессионалон цæттæдзийнадæмæ гæсгæ, уони амунддзийнæдтæ æма фæдзæхститæмæ ба гъæуй æригъосун æма балæдæрун: фидбилизæй дæ багъæуай кæнунбæл ка тухсуй, е дин дæ хуарзæн архайуй æма устурзæрдæ ма уо, гъома, неци мин уодзæнæй. Уæ зæрдæбæл уин æрлæуун кæндзинан нæ номдзуд Санати Семи  зундамундтитæй еу.

Цæветтонгæ, кæддæр еу аргъауæнмæ бацудæй. Аргъауæн адæмæй æ тæккæ идзаг адтæй. Сем загъта:

– Аци аргъауæн никкæлдзæнæй  æма исæфдзинайтæ.

Адæм ин загътонцæ:

– Аци лæг сайди фæцæй, цитæ дзоруй?..

Сем нецибал загъта, рацудæй уордигæй… Цанæбæрæг рацудæй, æма аргъауæн нитътъæнг ласта æма никкалдæй. Ци адæм си адтæй, етæ бабун нцæ…

Бакастайтæ? Мадта сагъæс кæнетæ…

 

Бичилти Алетæ