03 майя 2024

ФЫССÆДЖЫ УДЫ СЫГЪДÆГ СУАДОН

27.05.2023 | 21:56

ХЪАРИАТЫ Фатимæ: «Æз библиотекæйы кусæг дæн æмæ йæ хорз зонын: нæ чиныгкæсджытæ куы æрбацæуынц, уæд нæ абоны ирон фысджытæй уæлдай арæхдæр бацагурынц Малиты Васойы, Дзасохты Музаферы, Хуыгаты Сергейы, Цгъойты Хазбийы, Дауыраты Дамиры чингуытæ.

Сылгоймаг фысджытæй та йæ рæстæджы арæхдæр агуырдтой Хостыхъоты Зинæйы поэзи æмæ прозæйæ фыст чингуытæ. Ныр та Будайты Милусяйы сфæлдыстадмæ адардтой сæ хъус тынгдæр. Уый мæнæн æхсызгон у, уымæн æмæ йын æз мæхæдæг стыр аргъ кæнын йæ уацмыстæн. Ирон ныхас, ирон дзырдаивад зынаргъ кæмæн у, уыдонæн ацы фыссæг рагæй зындгонд у. Уый æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ фыссын райдыдта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ фыццаг радзырдты æмбырдгæндтæ рацыдысты 1998-2007 азты…»

«Тетейы хабæрттæ», «Тетейы радзырд», «Тетейы фын». Се ’ппæты дæр архайæг уыд гыццыл чызг Тете, кæцы тынг бирæ уарзта йæ райгуырæн хъæу, æххуыс кодта хистæртæн йæ бон цас уыд, уый бæрц. Тынг стыр аргъ кодта йæ ныййарджытæн, йæ нана æмæ бабайæн. Ахæмты хъуамæ фæзмой нæ абоны кæстæртæ. Сывæллæттæн ма ныффыста æмдзæвгæтæ дæр: «Сауæдонæ», «Бабайы аргъæуттæ». Хистæр кары адæмæн балæвар кодта зæрдæмæхъаргæ лирикон æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, повесттæ «Урс уарди», «Зæриндаг». Милусяйы сфæлдыстадыл бирæ дзурæн ис, фæлæ мæн сæрмагондæй фæнды зæгъын æрæджы йын мыхуыры цы чиныг рацыд «Уды суадон», зæгъгæ, уый тыххæй. Уый арæзт у дыууæ хайæ, уацаутæ æмæ радзырдтæй. Æдæппæтæй дзы ис авд уацауы æмæ авд радзырды. Фыст у æнцон æмбарæн æвзагæй. Йæ фыццаг æркастæй дæр чиныгкæсæджы йæхимæ æлвасы йæ диссаджы зæрдæмæхъаргæ сæргæндтæй: «Æрæджиауы уарзт», «Сидзæры бонтæ», «Хæсгæ чызг», Асиат», «Хъысмæтæй лидзæн нæй».

Мæнæн мæхицæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыд чиныджы зындгонд редактор Дзуццаты Зæлинæ Милусяйы уацмыстæй цы хъуыды кæны, куыд сын аргъ кæны, уый. Куыд зæгъы, афтæмæй фыссæг нæ цы дунемæ бакодта, уыцы дунейы федтам Уарзондзинад!

«…Райсæм уацау «Венерæ». Хуымæтæг сюжет, ирон æнцонæмбарæн ныхас… Кæддæры рæсугъд, фæлæ абон дæр йæ фидыц чи нæма фесæфта, ахæм кардзыд сылгоймаг Венерæ, тезгъо кæнгæйæ, æнæнхъæлæджы сæмбæлд, кæддæр æй бирæ чи уарзта, уыцы нывгæнæгыл. Фыццаг æй зонгæ дæр нæ бакодта, йæ зæрдæйы, йæ хъуыдыйы йын ницы фæд ныууагъта нæлгоймаг, сæ цыбыр ныхас дæр уадиссаг нæ уыди. Диссаг уыди æндæр хъуыддаг. Ацы фембæлд сылгоймагæн йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ сфæйлыдта æмæ йæ цæстыты раз йæ цард сыстади. Уыцы царды уыдис цин дæр, рис дæр, уарзондзинад дæр, нæ дзы уыдис æрмæстдæр йæ кæддæры зонгæ нывгæнæг. Æмæ йын дзы кæд йæ царды бынат нæ уыди, уæддæр кæмдæр, йæ уды кæцыдæр тæгтæй бамбæрста, куыд срухс кодта ацы адæймаджы хъысмæт, æрмæст йемæ иу зæххыл кæй царди, уымæй дæр. Æмæ уый у, фыссæджы æнкъарæг зæрдæ кæй базыдта, уыцы «сусæгдзинæдтæй» иу: уарзондзинады тых æгæрон у, суанг дæхæдæг йæ ахæсты куынæ уай, уæддæр дыл тых кæны, дæ уды цы ’мбæхст ис, уый дын раргом кæны, дæ зæрдæйы сусæг уаты дын рухс ссудзы…»

Æз мæхæдæг дæр цымыдисæй бакастæн уацау «Сидзæры бонтæ» дæр. Æвдыст дзы цæуы æртæ сылгоймаджы трагикон хъысмæт. Æртæйы царды дæр уыди уарзондзинад, фæлæ дзы иуæн дæр уыцы уарзондзинад амонд не ’рхаста, вæййы афтæ дæр. Сылгоймæгты хистæр Дарицкæ йæ уарзон адæймагимæ цалдæр азы йеддæмæ нæ ацард: Фыдыбæстæйы Стыр хæст сын сæ амонды мæсыг дыууæ дихы акодта. Æрыгон сидзæргæсæй баззад. Фыдтухитæгæнгæ, кæйдæр цæстæнгасмæ кæсгæйæ, æрвыста йæ царды бонтæ. Æмæ, кæд дыккаг хатт мой скодта, уæддæр йæ зæрдæ афтидæй баззад. Афтид зæрдæимæ та цæрæн нæй: нæ дæхæдæг амондджын уыдзынæ, нæ дæ фарсмæ чи ис, уыдоны бахъарм кæндзынæ. Афтæмæй, кæд Дарицкæ адæмы ’хсæн царди, уæддæр æгас нал уыди, йæ зæрдæ йæ уарзонимæ хæсты быдыры баззад, йæ бон нал бацис царды цин банкъарын. Уыцы хъуыддаг йæ чызг Зарæйы хъысмæтыл дæр фæзынд. Æрыгон чызджы фæндыди зарын, худын, цин кæнын… Фæлæ чи кæд батавта йæхи фæскъул аууоны? Уарзта йæ мад, ныхас дæр ыл нæй, фæлæ æнахуыр уарзтæй: фылдæр уарзта йæхи, йæхицæн тæригъæд кодта, йе сæфт амондыл æмæ йæ зæрдæйы маст йæ чызгыл калдта. Афтæмæй Зарæ, йæ тæккæ мад уарзгæйæ, уыди иунæг. Бæстон нæ дзурдзынæн ууыл, фæлæ ахæм ахæстытæ дæр ирон литературæйы фыццаг Милуся равдыста: цот æмæ ныййарджыты проблемæ. Æмæ ныхас иу кæнæ дыууæ адæймагыл нæ цæуы. Ахæм уавæры, ахæм æнкъарæнты уацары бирæ адæм уыди æмæ сты: уæддæр æмæ ныр дæр. Хæсты азарæй фенамонд Зарæ: сидзæрæй, хурмæ бæлгæйæ, рæзыди æмæ ку рачызг и, йæ цард куы сарæзта, цот ын куы фæзынди, уæд ыл йæ амонд гадзрахатæй рацыди: йæ мой бауарзта æндæр сылгоймаджы. Фæлæ Зарæ йæ мадæй куырыхондæр, тыхджындæр разынд, нæ бауагъта йæ бинонты цард фехалын, йæ сывæллæтты амонд æм йæхи амондæй бæрзонддæр æвæрд уыд… Йæ цоты фыд куы æррынчын, куы æруатон, уæддæр ыл йæхи нæ атигъ кодта, суанг ма, йæ зæрдæ йын чи фехæлдта, уыцы сылгйомаг дæр ын æцæгæлон не сси. Уымæн æмæ йæ æмбæрста: уарзондзинады ныхмæ цæуæн нæй, уый бирæты бон нæу, уый тыххæй хъуамæ æгæрон тых уа адæймагмæ. Æмæ уыцы тых нæ разынд нæ йæ мой Уырысмæ, нæ йæ мойы уарзон æрыгон рæсугъд Мæдимæ…

Æз ацы чиныг йæ къухмæ чи райса, уыдонæн фæдзæхсын, цæмæй æнæмæнг бакæсой радзырд «Царды уалдзæг», уымæн æмæ уым Милусяйы къухы бафтыд царды арæхдæр дыууæ уды æхсæн уарзт куыд равзæры, уый равдисын. Ацы радзырд кæсын куы райдайай, уæд дзы дæ цæстытæ нал атондзынæ, стæй ма дарддæр та цы уыдзæн, цæуыл фæуыдзæн фыццаг уарзон кадæг, зæгъгæ. Мæнæн мæхимæ афтæ фæкаст, цымæ мыл исты хорздзинад æрцыд æмæ мæхинымæр фыссæгæн арфæтæ кодтон, каст сæ куы фæдæн, уæд. Хъыгагæн, нæ иуæй-иу фысджыты уацмыстæ мæнæн ахæм удыбæстæ не ’рхæссынц. Милуся уарзондзинадыл нæ фыссы. Ирыстоны цин æмæ маст сты йе ’нкъараг зæрдæйы маст æмæ цин: Беслæныхъæуы фыццæгæм скъолайы сывæллæтты хъысмæт, Хуссар Ирыстоны цаутæ, Туркмæ цы ирæттæ алыгъд, уыдоны цард. Иу ныхасæй, ирон адæймаджы зæрдæ цæуылдæриддæр риссы æмæ цин кæны, уымæй дзаг у фыссæджы зæрдæ дæр.

Хуры арт йæ риуы кæмæн фæцæры, ахæм адæймæгтæ вæййынц царды рухс, царды фидыц, уымæн æмæ сæ зæрдæйы хъармæй æмæ рухсæй цардхæссæг æмæ амонддæттæг, рæдау æмæ уарзон вæййынц сæ алыварс цæрæг адæмæн.

Будайты Милуся… Ацы мыггаг æмæ ном фехъусгæйæ цæстыты раз слæууы аив, уæздан, фæлмæндзаст сылгоймаджы фæлгонц. Ахæм у йе сфæлдыстад дæр, йæ уды суадонау сыгъдæг, удыбæстæ хæссæг.

Мæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон уæлахизтæ. Мæн уырны, Ирыстоны чиныгкæсджытæ тынг æхсызгонæй кæй бакæсдзысты ацы чиныг дæр. Æнхъæлмæ йын кæсдзыстæм йæ иннæ чингуытæм дæр.

ХЪАРИАТЫ Фатимæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг


УАЦАУ «ВЕНЕРÆ»-ЙÆ 

Венерæ Сæрмæты цы бон федта, уыцы ’хсæв æппындæр нæ бафынæй. Уыцы æнæнхъæлæджы фембæлд ын йе ’нцойдзинад фæсырдта. Æхсæв-бонмæ хъуыды кодта, сынтæджы – рафт-бафт. Сыстади-иу, балкъонмæ-иу рацыд, уым-иу бирæ фæлæууыд, стæй та-иу фæстæмæ бацыд.

Венерæ йæ хъысмæтæй хъаст нæ кæны, фæсмойнаг ницæмæй у. Бынтон лæгъз нæ уыд йæ цардвæндаг, алцыдæр дзы уыд: уырдгуытæ æмæ хæрдтæ, къуылдымтæ æмæ лæгъз быдыр; сындзджын къутæртæ æмæ рæсугъд дидинджытæ, цъымара æмæ суадон; сæрсæфæн æмæ уæрæх фæндаг; тар хъæд æмæ райдзаст æрдуз… Йæ фæндаджы фылдæр æмбисыл рацыд сылгоймаг: ис ын рæсугъд бинонтæ…


УАЦАУ «СИДЗÆРТЫ БОНТÆ»-Й   

Уырысы амардæй, æвæццæгæн, рацыд иу-ссæдз азы. Дзæбæх цардысты бинонтæ. Йæ лæг ын куыд фæдзæхста, афтæ сылгоймаг нæ бауагъта фæцудын хæдзар. Цæрæг хæдзар уыдысты. Ныр Зарейæн æрмæст фырты фырттæ нæ уыди. Йæ чызджы чызг чындзы æрцыди æмæ йын уыди дыууæ сывæллоны. Зарæ ныр у мадымады мад, уырыссагау – прабабушка.

* * *

Бады Зарæ тъахтиныл, хъуыды кæны йæ цардыл. Кæд сидзæры бонтæ бавзæрста, бирæ зынтæ федта, уæддæр йæхи фæстæмæ ракæсгæйæ, амондджын хоны…

Сылгоймаг æмбары, кæд йæ царды уалдзæг зæрдæйы фæндон нæ уыди, уæддæр йæ царды фæззæг хорз æмæ бæркадджын у!


РАДЗЫРД «АСИАТ»-ÆЙ        

Бады Асиат пецы фарсмæ, хъуыды кæны. Ахæм рæстæджытæ йын арæх нæ вæййы. Йæ цард иууылдæр йæ цæстытыл ауад. Хъуыды кæны, йæ царды фæндаг куыд уыд, ууыл. Æнцон нæ уыд, зын фæндагыл фæцыд, фылдæр уыд гуыргъахъ, иуæй-иу хатт-иу сæрсæфæнмæ дæр бахæццæ, фæлæ йын ахæм рæстæджыты Хуыцау æххуыс кодта. Сылгоймаг хъуыды кæны, разы у йæ цардæй æви нæ æмæ йæхицæн зæгъы: «Кæд зын уыди мæ цардвæндаг, уæддæр дзы бирæ рухс, хурбæттæ уыд. Цард, æвæццæгæн, хъуамæ афтæ уа…»

Æмткæй райсгæйæ, Асиат разы у йæ цардæй. Æнцон ын никæд уыд, фæлæ алцæмæй дæр дæнцæн у йæ сывæллæттæн: куыстуарзондзинадæй, æфсармæй, æгъдауæй…


РАДЗЫРД «ЦАРДЫ УАЛДЗÆГ»-ÆЙ

Дзамболат æмæ Дзерассæйы æртæ фырты дæр Дзæуджыхъæуы цæрынц, алкæмæн дæр сæ ис йæхи хæдзар, йæхи бинонтæ, ис сын сывæллæттæ.

Зæрæдтæм сæ фырттæ æмæ чындзытæ, сæ чызг арæх цæуынц. Сæрды та сæ хъæбулы хъæбултæ æппæт дæр æрцæуынц сæ баба æмæ нанамæ, æртæ мæйы дæр уым вæййынц. Уыцы рæстæг Дзамболат æмæ Дзерассæ тынг амондджын вæййынц.

Изæрыгæтты арæх æрымысынц се ’рыгоны бонтæ дыууæ зæронды.

– Цæразон, дзæгъæлы нæ фæцардыстæм ацы зæххыл. Мæнмæ гæсгæ, амондджын стæм! Куыд зæгъыс, не ’фсин? – арæх фæзæгъы Дзамболат.

– Раст дæ, раст, нæ зæронд! Демæ разы дæн! – фæзæгъы Цæразон дæр.