06 октября 2024

ГАДАТИ КОНСТАНТИН: «ИСУОДЗÆНÆЙ НÆ ЦАРД ЕУГУР ДЕССАГ, УОДЗИНАН НÆ ЦÆУÆТÆЙ БОЗЗАГ…»

18.11.2023 | 13:04

Гадати Константин райгурдæй Мæскуй 1967 анзи. Æ фидæ айдагъ Иристони æма Уæрæсей нæ, фал æнæгъæнæ дуйнебæл дæр игъустгонд скульптор. Гадати Тазей фурт Лазæр, æ мадæ – сувæллæнтти дохтир. Константин каст фæцæй Мæскуй В.И. Ленини номбæл паддзахадон педагогон институти филологон факультет. Службæ кодта Советон Æфсади рæнгъити. Куд равдиститæмæ цæстдарæг, уотæ архайдта берæ аййевадон галерейти хæццæ, цæттæ кодта аллихузон видеоархивтæ. Уой уæлæнхасæн ма нимад цæуй дæсни режиссер æма сценаристбæл. Æ уадзимистæ мухури цæунцæ журналтæ: «Новый мир», «Дружба народов», «Знамя» æма æндæр мухури оргæнти. Æй æмдзæвгити фондз æмбурдгондей автор. «Опыт счастья», «Июль», «Сквозь тусклое стекло», «Пел на уроке», «Вокматсо». Æ фиди устур искурдиади фарнæй æнæмæнгæ хайгин уогæй нуртæккæ архайуй Лазæри аййевадон æрмадзи музей исаразунбæл. Нæ зæрдæ дарæн, Константин идарддæр федар исфæлдистадон бастдзийнæдтæ ке дардзæнæй Иристони хæццæ, уобæл. Нуртæккæ ба бал ин мухур кæнæн æ хецæн уадзимистæ дигорон æвзагмæ Къибирти Амурхани тæлмацгондæй.

* * *

Деденæфтуд тюльпантæ,

Куд æнцæ уæ пъæлантæ?

 

Тюльпантæн мин сæ загъд:

Некумæ кæнæн тагъд.

 

Рафтаудзйан деденæг,

Бауодзинан минæг.

 

Æнгъæлдæн ‘ма, тюльпантæ,

Еу æнцæ нæ пъæлантæ.

 

* * *

Фæцæй зумæг – Хуцауæй боз.

Тундзуй уалдзæг – дæттуй цъæх рохс

Æзмæлд, æууæнкæ, рæуæгадæн.

Алли ‘рттевагæ деденæг,

Сифæ, дуйней рохс фæууинæг,

Еугур хæссунцæ царди адæ.

 

Велой цалхи дæндæгти ‘рттивд.

Хъумтæ æма цæсгæмтти уинд.

Хъургъахъ мæнæн нæ йæй рæуонæ.

Бæлвурд, æгæр карз æй мæ уад,

Хаттгай нæ раргъæвун мæ над…

Æваст еу æведзуд рауæни,

 

Дæргъæй и зæнхи пъæстубæл,

Растдæр хирурги æстъолбæл,

Халони ‘хсид бæлæу растæфтæн.

Вело фæууорæдтон цæхгæр,–

Лæуун æ сæргъи  ‘ма куддæр,–

Царди æцæгадæй фестъæлфтæн.

 

* * *

Хуар итауæнти хумон

Хуари хуарзæнхæн ковуй.

Ци истиллæг уа муггаг

Къинди зæнхæй уой коруй.

Надмæ æрхауæг нæмуг

Нади амæттаг бауй.

Ис си едзуй и маргъ дæр, –

Дзæбæх имæ æрхауй.

Дормæ ниттулæг нæмуг

Бахускъæ уй уæлгъæдæй.

Хъамили хæццæ ‘стохун

Нæ бауй æ бон,дæдæй!

Ниррæмодзуй нæ хумон

Бæрзонд тиллæг лæгдухæй.

Ес дуйнебæл уогæ ба

Лæги фæндон  зæнхи хай?

 

* * *

Кумæ мæ?..

Сæйгæдони къаласки

Дзæнгъар-мунгъургæнгæ,

Еу къорпусæй иннемæ

Ралас – балас кæнун мæ фиди.

Хуссуй, тухсуй.

Бæлæстæ ‘ма  арви хузæн

Цъæх-цъæхидтæ æмбæрзæни буни.

Ейæ –æхсаргин цардæй бацæрæг,

Кæсуй нур, сувæллонау,

Бæлæстæ æма арвмæ, –

Катайгæнгæ, æгудзæгæй.

Къаласки дæгæрна ин

Карздæр кæнуй æ рист

Æма,тæрегъæддаг хузæй,

Кæсуй æмбæрзæни бунæй.

Кумæ мæ?..

Дууæ æставд цæстисуги

Ферттивтонцæ æ цæстити,

Фал не ‘ртагъдæнцæ.

 

* * *

*Нарти дуйне,

Æрхунадæ кæми нæййес,

Кæми нæ ‘нцæ тохун мондаг…

Фæззæг ба си цихузон æй?

Махмæ куд, уотæ?

Ами, ку калуй фæззæг тæмæнтæ,

Æнкъосуй хæрести думгæ.

Хор нæбæл кæнуй табедзæ …

Мах мæнæ ан – мæ бийнойнаг,

Мæнæ – нæ сабийтæ.

Уинис нæ ду?

Кенæба ин ци загъдæуа!..

Сæ уорс дарæс мети хъæпæнау кæми ‘й,

Еци дуйнейи ци ‘нгъæлæн?

Гъо,фал нин уæддæр зæгъай,

Гæр,фиццагау, нæбал  исуодзæй нæ бон,

Евгъуди миутæ имисгæй,

Къæл–къæлæй ходун.

Нæбал нæмæ æрæздæхдзæй

Еци дессаги Хуцауи исконд бон?

Игъосис нæ?

Ра идард ан кæрæдземæй …

Нарти дуйне, ку нæ си ес;

Хуæрун вæткæ, ходун вæткæ.

Æдафст ку æй æ уорс дарæс.

Тæходуйтæ, хуæд еунæг хатт

Ку ма нæбæл никкодтайдæ

Идзулæн бон цæлхæмбурдæй!

*нарти дуйне – уотæ хониуонцæ хестæр адæн мæрдти бæстæ

 

ОПТИМИСТОН  

Хуæздæргæнгæ цæудзæй царди уагæ,

Фæндондæр – нæ бадæн, нæ лæууæн.

Ердзæнæнцæ мадзал зундгин адæн, –

Уодигъæдæй хуæздæр куд фæууæн.

 Фæййегъаудæр уодзæй арæзтадæ.

Бæрзонддæр – нæ тиллæги æрхаст.

Лæмбунæгдæр кæндзæй ахурадæ,

Уодзæнæй топпихуасæ тухуаст.

Исуодзæнæй нæ цард еугур дессаг.

Уодзинан нæ цæуæтæй бознаг.

Финсти уаг кæндзæнæй цæмæдесаг,–

Фæууодзæй арфдæр гъуди хæссæг.

Нæ Хуцауи хаййæн, табугæнгæ,

Тæккæ хуæздæр зартæ зардзинан.

Æппунвæстаг, сугъдæг сæйгæдæнтти

Æнцонæй нæ мæлæт ердзинан.

 

* * *

Атт, фæцæй рохс сæрдæ.

Цард дæр фæуунйау æй…

Мæтъæл æй мæ зæрдæ,–

Мадта куд унйау æй?

– Рандæ, ци ниттухстæ!

Фæззæг æрхунæг æй,–

Фулдæр кæун зонуй.

Е ‘сконд а дуйнейæн

Æгæр мæнгæфсон æй…

– Бухсун уæд дæ хуасæ!

Хуцауæй арази,–

Нурма цардæгас дæ.

Дæ уаргъ ма фæрази.

Ци хъæбæр истарстæ,–

Фидæ ку дæ, лæг!

 

Гъай-гъайдæр, зумæги

Уодзæнæй уазалтæ,–

Ковдзинан Хуцаумæ.

Имисдзинан сæрдæ.

– Æндæр некуд гæнгæй!

 

* * *

Æреу æнцæ мæ хъазар  хецæнттæ

Æведзуг, æнцой рæзбуни.

Имисунцæ сæ евгъуд,сæ сæнттæ

И мæйрохсмæ, арви буни.

 

Ка ес нуртæккæ уонæй хъалдæр.

Мæйæ дæр сæмæ идзулуй.

Хæстæг – денгизи рацæхъалтæ

Зарау гъостæбæл азæлуй.

 

Феронх кодтонцæ æрхун бæнттæ,

Сæ кæрæдзебæл уозæлгæй.

Ц’ адтæй сæ фунти, ци дессæгтæ –

Уони уинунцæ асæгæй.

 

Агагæл уогъуллу, харакет,–

Нæ батавгæй неке уадзуй.

Ивулуй æ арми берекет;

Адгинæй хуæрæ, ниуазæ.

 

Иссæнцæ син зæнхон хуæрзтæ – гæлстаг.

Æй уоди рохс ерун сæ дес.

Раздæхтмæ нæбал ес рæстæг.

Нæ, нæбал ес рæстæг…Нæййес.

 

* * *

Æруардта мет , æ уорсæй

Мæскуй цæсгон исрохс æй.

Саузунæй бацан æфсес.

Уорс фæлуст иссæй нæ дес.

Æз уарзун дуйнебæл уорс.

Æз уарзун дуйнебæл рохс.

Уодикондæй ку зæгъон,–

Æхсæйвон нæ дæн, сæумон.

Уогæ ка дæн, ци ‘й мæ уаг? –

Хумæтаги уæзбун лæг.

Ис мæ цъеу кодта и мет, –

‘Ма иссæй тæхун мæ нет.

 

* * *

Фæндаггон лæг никкирсæ ‘й.

Боргон мет уаруй.

И гъæунгæй игъусуй

Кедæр худт гъæрæй.

 

Бугъгалæн баки зæронд

Агоруй къæбæр.

Уой, æвæдзи, мæн зарун

Нæ гъæуй хъæбæр.

 

Лæг кæнуй бугъдон кунæг,–

Къæбæр иссерун – æ нет.

Æмпурсуй мæн æрхунæг,

Уаруй боргон мет.

 

Кадæр ходуй æ фæндон,

Æлхъевуй кедæр æ нез.

Уони уарзун нæ ‘й мæ бон,

Æндæр мæтæ мæмæ ес.

 

Исæгудзæг дæн хъæбæр,

Æхгæнун мæ дуар.

Нæ мæ гъæуй сæ хабар,

Дууæ бони гъе уæддæр…

 

* * *

Дууæ лæги –  аргъауæни :

Фиццаг нæ ‘й æхе уаги.

Радзебæл æй «еу рауæни»,–

Схупп кодта æгæр раги.

 

Дуккаг– Хуцауи ном еруй,

Æнхæст кæнуй æ фæткæ.

Уомæн æ хуæрзæгъдау берæ ‘й.

Уæздан æй æвæлхæткæ.

 

Фиццаг – Хуцаумæ  ‘ссæй æргом,–

Дуккаг – ковуй, æхе не ‘вдесгæй.

Хуцау кæмæ здахдзæй е ‘ргом,–

Сбæрæг уодзæй еу ескæд.

 

* * *

Уидтон денгиз æз мæйи дæргъци;

Æхсæвæ, бонæй æй уидтон.

Æма хъонцгæнгæ мæйи дæргъци

Кодта æ таустæ мин дон.

 

Зæгъгæ, дуйне цæуй æвзуйгæ,–

Тагъд æй æййафдзæнæй сугъдæ.

Фæндур царди рохсбæл идзулгæ,

Цæйбæрцæ фæнди фæццæгъда,

 

Уæддæр разиндзæнæй сонт сæртæ,–

Хотух хæсдзæнцæ æргъувдæй.

Тæккæ лæгдæртæ ‘ма растдæртæ,

Стъæлдзæнцæ бабæй æвудæй.

 

Фудголи цæстæ саугурмæ æй.

Стъалуй таус дæр нæ лæдæруй…

 

* * *

… Æгъатир адзал,

Ма мæ радавæ

Æнæнгъæлæги

Аци æдзæттæй!

Седзæргæс мадæ,

Тæнуод бийнойнаг,

Дууæ бæдоли –

Дууæ цъæх талай.

Цæргæ ма мин æй!

Нæма евдæлун

Сау лентъитæмæ …

 

* * *

Фуни уаг – æстъалуй дæ,

Цæй, дæхе æрлæдæрæ.

Къæхти буни стъалутæ

Хиррист гæнгæ ма марæ.

 

Æй дуйне арцбæл сагъдау,–

Нæ ин ес сæрбæл дзорæг.

Мæ алли æрæфсарди

Дæн арвæй хатир корæг. 

 

* * *

Æхсæвæ.Кадæр æнæмæтæ уаги…

Уадзæ, æ къæбæр æууела.

Уогæ нæ мæнгæфсон планетæ лæги

Æдзох ку кæнуй кинзела.

 

Цæрун и къоребæл ку æй фур тæссаг,

Фал æй нæ ахæссуй нæ зунд.

Зæрддаг дзубандимæ куд не ‘руæн, дессаг!

Мæхе æппунæдзох фæрсун.

 

Зелуй зæнхи къоре, зæлуй азæлæн.

Хезæн арви дуари фегон.

Хори фалæмбулай цал анзи зелун,

Фал мæмæ нæ хати де ‘ргом.

 

* * *

‘Фсæруй  кадæр сабур, арæхсгæ,фал

Къæс-къæс кæнуй и нæзи, пъолвæйнæгау.

Кæд е фегъуссæг æй? Æз дæр – игъал.

Уодзæнæн сæумæмæ еунæгæй.

 

Лæуун дзатмабæл.Дæу нимбахста тар…

Фæндуй нæзий ба æрсæрфун æстъалу.

Корун хъуæцдзуд рохси зилдæй æз дæр –

Хори зеллак мæ цæсгомбæл истолæ.

 

* * *

Уалдзæг.Сау биндзæ гъавгæ-гъавгæ,

Тæхуй нерæнгæ уæзбунæй.

Еу хæдзари нигъзалдæй авгæ.

Сабий нæбал кæнуй фунæй.

 

Хонсари салд зæнгæ бæласæ

Æ хехтæ арвмæ ивазуй.

И гъæу нæма еруй æ уасæ,–

Денгиз æ цæстæбæл гъазуй.

 

Тæнæг пъолцитæ æрвхузæнæй

Сæхе кæнунцæ хори рохс.

Дзæбæх мин цæуй тауæг сæнæ

Æнæ закъуска, æнæ рос.

 

ТУРГЪÆФСНАЙÆГ

Фестис,нæма фæцъцъитгæй бон

(цирагъи рохс стæфуй къалеутæ )

Нурма рæхцис, кæнис гæллеутæ,

Уинуй дæ бор жилеткæ фун.

 

Фе ‘стæн æй мет, фæцæй зумæг,–

Фиййаг еуæрдæмæ фенсонæ.

Уогæ смагоса ун ци ‘нцон æй.

Зæнхæ – саузун, ду ба – тузмæг …

 

Гъæдин хæдзарæ, хебарæй,

Фæцæй æррæстæ рохси гъæстæ.

Рацæй бурунцæ бор къæрæзтæ

Боргъæлæс цъеутау, сау тарæй.

 

* * *

Гъо, ку фæцайнæ мæ фидæн

Æз коммæгæс – цома.

Уæд куд адтайдæ мæ федæн?

Ка уинæ нур, цума?

Уомæн æ кадæ  ‘ма æ зунд

Барстонцæ мин фæндаг.

Бадæн адтайдæ мин бæрзонд,

Мæ зарæн ба – фæрсаг…

Уогæй – мæ миутæ дæу фæндон,–

Ка райстайдæ мæ раз!

Раззаг адтадæ дæ фæдон.

Фал е н’ адтайнæ æз.

 

КУПЛЕТТÆ ÆМБАЛÆН

Цæргæбонти, гъæйтт-мардзæй,

Ку хъйамæт кæнай, –

Уæд зонæ уой, ке уодзæй

Фарнæ дæ къонай.

 

Гæдзи буни сойнæ ес :

Дзурд дин уæд зинаргъ.

Къумæлдзæфæй зар нæййес,–

Тар æй æ цирагъ.

 

Игъæлдзæг уай, мæтъæл уай,–

Е уæд дæхе харз.

Дзæгъæл ходун, къæл-къæлæй,

Нæ унйау æй хуарз.

 

Били цортæй ци ходæн,–

Ходун нæ цæугæй?

Цæбæл ниттухст ан,адæн?

Размæ нин цæугæй!

 

Еугæндзон æй,фæдесон

Нæ Рæстæг – бархе.

Устурзæрдæй æносон

Æнгъæлæн нæхе.

 

Æхецæн цæрæд гъæла,

Зундгин дæр уотæ.

Бæрæгбæнттæмæ бæллæ,

Дæхебæл уодæ.

 

мæ фиди имисгæй

‘ Хсæйвон денгизи

Хусгæй уæлгоммæ.

Æй арв ме’  нгаси,–

Хæтуй дæлгоммæ.

 

Къæбæр сау арви,

Цæнхи ‘й ниттолæ.

Арвæй хуарз арфæ,

Цæсти ‘й нинцъолæ.

 

Зиннуй цъунд цæстæ,

Рæстæг ледзагæ.

Æрвон ниуæзтæй

Мæйæ е ‘дзаг æй.

 

Уинун Лазæри,–

Рохсаг зæгъæн ин.

 

* * *

Æртæсдзйан кæрæдземæй, æнæ ести домæнтæ,

Куд фæззæги къалеуæй – сифæ.

Хъæлти мæ рахæсдзæй, ниддæмгæй мæ тæлæнтæ,

Хæрдмæдзæуæг уæлдæфи гулфæн.

 

Цæудзæнæй тиринггæнгæ дуйне æ кинзели,

Мæ таустæ мин думгæ скъæфдзæй.

Нæбал ресдзæнæй сæр, цæветтон, фæспохмели.

Зæрди ба сæнтцъæх рохс истæлфдзæй.

 

Рохси сатæг ирдгæмæ æз мæхе ниддардзæнæн,

Фæлмæн урз даудзæнæй мин мæ рос.

Дæ уозæлд уотемæй æхцæуæн æнкъардзæнæн,

Æнкъардзæн нæ цубур уарзти рохс.

 

 

* * *

Косынки тилд, мудхуз дзиккоти  ‘змилд.

Рахес цæстæ ‘сгæлстон, фал нæ фæттаст дæн.

Стæфгæй еци силгоймаги æзмæлд,

Галеу цæстæй идзирддæрæй ку ‘скастæн.

 

Æ сунти дзæнгæрæг дзедзрой кодта.

Арци къурцбæл е ‘цæгæй истухуаст æй.

Студтон галеу цæстæ дæр – никкудтæн!..

Мæ æдухи бартæстæн зæнхон уарзтæй.

 

Кæд мин цæстити рохсæй тæрегъæд

Феддон иссæй, уæддæр æз, æнæрлæугæй,

Тундздзæн уæ худт, уæ къахгъæрмæ, мæ байвæд,

Лæдзæги фиййæй къурц-къурцгæнгæй.

 

МЕТ

Куд хундзæнæн æз зумæг,

Гъар ку уа æндекки?

Фæрриудтæн æз уарзунæй,

Ка мæ уарзуй? Неке!

 

(Æмхузадæ –мæ девиз ),

Уотæ æй мæ фæндæ.

Лимæнгæндтæ мин нæййес.

Нæ мин ес хæлæрттæ.

 

Æз æносмæ ауигъд дæн

Арв ‘ма зæнхи астæу.

Гъизт зумæг дæн, агъуд дæн,–

Арвмæ кудзау баст дæн.

 

Уорс тъæфилтæ рæгæнун

Сабийбæл къаласки.

Гъуди дæр дин нæ кæнун

Кардзуд – нæфæразги …

 

Рæдау дæттун мæ уорсад,

Уадздзæнæн ехæнтæ.

Ма мæ уæд æппун уарзæг,–

Нæ уарзун хæрæнттæ.

 Аци фæрстæ фæлгонцгонд æнцæ Гадати Лазæри исконд скульптуритæй.


Номдзуд скульптор Гадати Лазæрæн æ райгурæн гъæу Сурх-Дигори астæуккаг скъолай азгъунсти фарсбæл цалдæр анзей размæ æвæрд æрцудæй къæйдорæй конд мемориалон фæйнæг, кæций искодта е ‘мгъæуккаг, номдзуд скульптор Соскъити Владимир.

Къари: мемориалон фæйнæг игон кæнуни мадзали рæстæг. Лазæри фурт Константин æма Ирæфи райони уæди сæргълæууæг Хидирти Батраз.