12 декабря 2024

ГЪÆУБÆСТÆ ИН – ЗÆРДИРОХС, ГЪÆУБÆСТÆ СИ – ЗÆРДИРАЙ…

28.10.2023 | 21:33

Номдзуд Расул ГАМЗАТОВ æ зундгонд киунугæ «Мæ Дагестан»-и уотæ финста: «Ка дæ, зæгъгæ, дæ ку бафæрсонцæ, уæд æнгъезуй бавдесун ести æвдесæндар, кенæ дæ паспорт – уоми финст æнцæ, ка дæ æма ци дæ, уой хабæрттæ. Фал адæмихатти ку бафæрсай, циуавæр æй, уæд е ба, куд æвдесæндар, уотæ бавдесдзæнæй æ ахургонди, финсæги, хузæгæнæги, композитори, политикон архайæги, балхони…» Ка ’й зонуй, Расули аци загъди хæццæ исарази ун кæд æнгъезуй, уæддæр нæмæ уотæ кæсуй, цума бустæги раст ба нæй. Гъо, ке ранимадтан, уæхæн æмбæстонтæй сæрустур ун æнгъезуй. Фал лæмбунæг ку расагъæс кæнæн, уæд еци адæймæгутæ номдзуд исуогæй сæ адæмæн ести хуарз ба фæцæнцæ. Баруагæс уи уæд, кæмæдæрти си е нимади дæр нæ фæууй.

Уомæ гæсгæ ба ма нæмæ уотæ кæсуй, æма адæмæн уæлдай цæстиварди æма син хæстæгдæр фæуунцæ се ’хсæн ка цæруй, арфиаг гъуддæгутæй син ка лæггадæ кæнуй, етæ. Зæгъæн, Лескени гъæубæстæ кæмæй æнцæ сæрустур, уæд сæ номдзуд æмгъæуккæгти кой дæр куд нæ ракæндзæнæнцæ, фал уæлдай бозæй ба ранимайдзæнæнцæ сæ царди медæгæ син хуæрзгæнæг ка ’й, уони. Сæ фиццæгти хæццæ ракой кæндзæнæн Хъожити Адами фурт Валодий туххæй. Æма мах дæр абони хъæбæр æхцæуæнæй уæ зонгæ кæнæн æ хæццæ.

 

Царди нисанеуæг цæй медæги æй, еци вазуггин фарста, абони уа, исон уа, уæддæр еуафони æристуй алли зæнхон адæймаги цори дæр, цийфæнди кустбæл хуæст дæр уæд, кæцифæнди адæмихаттæй дæр уæд. Æцæг ибæл дзуапп раттун ба алке бон нæ фæууй. Сауæнгæ тæккæ дзурдарæхстдæр адæймæгутæ дæр батухсунцæ, уой фæдбæл дзуапп райагорæ-байагорæй. Зæгъæн, номдзуд Александр Пушкин дæр, æвæдзи, уæхæн сагъæсти бафтуйгæй, хумæтæги нæ ниффинста: «Æнæбари искурдиадæ, Цард, цæй туххæй дæ лæвæрд?..» Ка ’й зонуй, æ царди медес имæ уоййасæбæл
æнæбæрæг æма æнæлæдæрд кастæй.

Аци хабар мæ хуарз æмгъæуккаг æма ме ’рдхуард Хъожити Валодийæн ку ракодтон, уæд е дæр еуцæйбæрцæдæр рæстæг ниссагъæсти ’й, уæдта загъта:

– Нæ зонун, Пушкинæн дæр æма ма кæмæндæрти адæймаги уæлзæнхон царди нисанеуæг уоййасæбæл æнæлæдæрд цæмæн æй. Мæнæн ба е лæдæрд æй: нæ Исфæлдесæг адæймагæн цард уой туххæй раттуй, цæмæй ин а зæнхæбæл ци рæстæг фæууй æмгъудгонд, уой хуарздзийнæдтæ аразунбæл бахарз кæна.

Куд ма загъта, уотемæй адæймаг æ цæргæ-цæрæнбæнтти дæттуй фæлварæнтæ: равзурд дæсниади ацъагъуæгин унбæл, адæймагдзийнадæбæл, рæстдзийнадæбæл, зæрдхæлардзийнадæбæл, æргомзæрдæдзийнадæбæл, хуæрзæгъдаудзийнадæбæл… Æ еци гъуди мæ зæрдæмæ куд нæ фæццудайдæ, æма ’й хинцфæрсæ ракодтон:

– Æма дин бантæстæй еци фæлварæнтæ раттун?

– Уомæн ба дин мæхуæдæг ци зæгъон? Тæрхонгæнæг адæм æнцæ…

Адæм ба адæймагæн фæййаргъ кæнунцæ æ уодикондмæ гæсгæ, æ цардиуаги гъуддæгутæ ин уингæй. Æма мæ бон федарæй зæгъун æй: еци фæлварæнтæ æхе рази æма адæми рази дæр Хъожити Валоди æнтæстгинæй равардта æма нерæнгæ дæр ма дæттуй.

Хъожити Адами фурт Валоди райгурдæй Ирæфи райони Лескени гъæуи 1950 анзи. Æнтæстгинæй бунæттон астæуккаг скъола каст фæууогæй, куста Лескени Ленини номбæл совхози рæзæдонуадзæн цехи, фæстæдæр ба имæ фæдздзурдтонцæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ. 1974 анзи ахур кæнунмæ бацудæй Нальчикки арæзтадон техникуммæ, æма уой æртæ анзей фæсте каст фæууогæй, косун райдæдта «Каббалкпромарæзтади» мастер-аразæгæй. Фæстæдæр æрбаздахтæй æ райгурæн гъæу Лескенмæ, бæрнон бунæтти си фæккуста. Æ еумæйаг кустадон стаж хъæртуй 40 анземæ. Æй фæллойни ветеран. Фал, куд фæззæгъунцæ, адæймагæн æ тоги ци нихседа, уомæн гæлдзæн нæййес. Кæд æма инсæй анзей размæ æ сæйраг куститæ ниууагъта æма уолæфунмæ рацудæй, уæддæр Хъожий-фурт абони дæр ма активонæй архайуй гъæуи æхсæнадон царди, уæдта райони æхсæнадон кусти дæр æй æ рахес цæгиндзитæй еу.

БИТАРТИ Вячеслав нæ республики Сæргълæууæг ку адтæй, уæд ин Лескени цæргути хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми ин гъæубæсти номæй райарфæ кодта ХЪОЖИТИ Валоди, балæвар ин кодта хъæма.

Æмгъæуккæгтæ, уой хæццæ ба ма хуæрзæрдхуæрдтæ уогæй ахид æмбæлæн, фæууй нин равгитæ ести гъуддæгутæбæл зæрдиагæй радзубандитæ кæнунæн дæр. Уæлдай ахиддæр ба æримисæн нæ хестæрти. Æма Валоди æ ниййергути кой хъæбæр бозæй ракæнгæй, куддæр бахъонц кодта:

– Мæ ниййергутæ мæнæй, цæйбæрцæ аккаг адтæнцæ, уомæй дзæвгарæ минкъийдæр хуæрзтæ фæууидтонцæ. Уодикондæй мæмæ цидæриддæр ес хуарздзийнадæй, етæ сæ еугурдæр уони лæвар æнцæ. Мæ карнæ мин цидæриддæр исаккаг кодта, етæ ’нцæ уони байвæрди фæрци æма си уой туххæй Устур Еунæг Хуцау исарази уæд! Мæ бийнонтæ уарзтон, уарзун æма сæ уарзгæ дæр кæндзæнæн, кæд мин Хуцауи зæрдæ хуæрззæрæ зæгъа, уæд!

Æ еци дзубандимæ гæсгæ куд ракой кодтайанæ хестæртæ æма кæстæрти рахастдзийнади, ирæзгæ фæлтæрти гъомбæлади туххæй дæр. Æма мин Валоди загъта:

– Валери, мæнмæ гæсгæ, нæ рагфидтæлтæ раст зæгъиуонцæ: «Адæймагæн цард лæвæрд цæуй, цæмæй æхецæн хæдзарæ исараза æхе зæрди фæндонмæ гæсгæ, цæмæй рæзбæласæ ниййараза æма фурт исгъомбæл кæна… Еци гъуди раст уомæн æй, æма адæм сæ цард идарддæр хæссунбæл гъæуама архайуонцæ…» Цæрæн хæдзарæй ба гъæуама æнæмæнгæ игъуса сувæллони игъæлдзæг худт, рæзбæласи буни, сатæги ка баддзæнæй æма ин æ рæзæ ка хуæрдзæнæй, етæ æнæ æримисгæ нæ фæууодзæнæнцæ æ ниййаразæги, фурт ба муггаги, ахили фарнæ идарддæр хæсдзæнæй…

Валодий цардвæндаги хабæрттæ куд нæ зонун, фал мæ бафæндадтæй, цæмæй сæ æхуæдæг ракæна. Æма ’й фиццагидæр бафарстон, Кæсæг-Балхъари ку ахур кодта æма ку куста, еци рæстæги туххæй.

– Рагæй дæр нæ Дигорæн дæр æма Иристонæн æнæгъæнæй дæр нæ синхаг республики хæццæ хæлар рахастдзийнæдтæ ес. Фал уæддæр хецæн адæймаги карни ба ци нæ рауайуй. Æма дæмæ, уоми ке хæццæ ахур кодтай æма кустай, етæ ци цæстингасæй ракастæнцæ?

– Æргом ку зæгъон, уæд ме ’взаг тасгæ дæр нæ бакæндзæнæй, уонæй естæмæй рагъаст кæнунмæ. Ци арæзтадон коллективмæ бацудтæн косунмæ, е мæ райста æхемæ уарзонæй. Уæдта мæхуæдæг дæр архайдтон сæ хæццæ хæларзæрдæй цæрунмæ, ци ихæстæ мæбæл æвæрд адтæй, уони æнаййеппæй æнхæст кæнунбæл. Фал мæ бийнонти рази ихæсгин уогæй, 1979 анзи ба мæ фæстæмæ æздæхун багъудæй мæ фиди хæдзарæмæ – Лескенмæ.

Гъулæггагæн, уæдмæ мæ ниййерæг мадæ æгас нæбал адтæй… Мæхе бахаттон нæ совхози разамундмæ, цæмæй мин мæ дæсниадæмæ гæсгæ аккаг куст раттонцæ. Æма мæмæ хъæбæр хуарз цæстæй ракастæнцæ – мæйи фæсте совхози исуæгъдæ ’й  аразæги бунат æма косун райдæдтон. Арæзтадон бригади адтæй финддæс лæги æма æрлæудтæн уони сæргъи. Раст цума сæ лæггай еске барæй, мæн амондæн, æвзаргæ ракодта, уотæ æнгом æма хæларзæрдæ коллектив рауадæй. Сæ хæццæ мин æнцон косæн адтæй.

– Уæ кусти сæйрагдæр ци адтæй?

– Бунæттон устур хæдзаради цидæриддæр адтæй аразуйнагæй, етæ æнхæстгонд цудæнцæ афойнадæбæл æма хуæрзгъæдæй. Аразтан, гъæууонхæдзарадон нисанеуæг кæмæн адтæй, уæхæн нæуæг азгъунститæ, цалцæг кодтан зæронддæрти.

– Æма уин е цæйбæрцæбæл æнтæстæй?

– Хе æстауæни хузи мин æй ма бангъæлетæ, фал алкæддæр архайдтон, цæмæй косгути хæццæ нæ дзурд кæрæдзебæл бадтайдæ, уобæл. Уæдта айдагъ косгути хæццæ нæ, фал гъæуи цæргути хæццæ дæр. Гъæуи цæргутæй нæмæ беретæ сæхе бахатиуонцæ: кедæр си багъæуидæ агъаз арæзтадон æрмæг иссерунмæ, кедæр ба ести арæзтадон гъуддаги фæккæсун. Æма мæ равгæ куд уидæ, уотæ син архайдтон сæ курдиæдтæ æнхæст кæнунбæл. Уæхæн зæрдихатт дæр мин мæ ниййергути фæдзæхст адтæй.

– Фæстæдæр дæ еци кусти бунат æййевун багъудæй…

– Раст зæгъис. 1999 анзи ми ракурдтонцæ, цæмæй мæ кандидатурæ балæвардтайнæ Лескени бунæттон администраций сæргълæууæги æвзурстити архайунмæ. Æвзурститæ мин æнтæстгинæй рауадæнцæ æма исдæн гъæууон администраций сæргълæууæг.

– Фæрсæй кæсгæй, еугур куститæ дæр, уæлдайдæр ба хецауи бунати, кæмæдæрти æнцонгæнæн фæззиннунцæ. Дæу уавæр ба куд адтæй?

– Хъæбæр цубур рæстæгмæ балæдæрдтæн, бустæги æнцон куст ке нæй гъæуи сæргъи лæуун, уой. Берæ  лухкæнуйнаг фарстатæ æвæрд цудæй мæ размæ, уони ба еугурæйдæр æнæмæнгæ  гъудæй æнхæст кæнун. Еугæр дæр дони банадтæ, уæд билгæронмæ гъæуама хезгæ дæр ракæнай, кенæ ба дæ дон фæлласдзæнæй. Мæнæн ба билгæронмæ æнæ рахезæн дæр нæ адтæй – ме ’взаргутæ мин мæ рагъбæл хъæбæр устур æма бæрнон ихæстæ æрæвардтонцæ.

Æрæги Лескени арæзт æрцудæй зундгонд поэт ХИДИРТИ Ехйай номбæл литературон конкурс. Аци къари уинетæ еци мадзали архайгути къуар (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): ХИДИРТИ Валери, КОЛИТИ Витали, ТАХЪАЗТИ Рамазан, ХЪОЖИТИ Владимир, СКЪОДТАТИ Эльбрус, ТЕМУРТИ Артем.

– Бæлвурдæй ба циуавæр адтæнцæ еци ихæстæ?

– Фиццагидæр, гъæуи цæргутæн медицинон агъаз дæттуни фарста, гъæуи медæгæ нæдтæ барæвдзæ кæнун, цирæгътæ си ниссадзун, Дзæуæгигъæуи хæццæ транспортон бастдзийнадæ исхузæнон кæнун, уотæ теле-радиобастдзийнадæ дæр. Дзæвгарæ рæстæгути нæ кустонцæ, гъæуи социалон-культурон нисанеуæг кæмæн ес, еци уагæдæнттæ, цæмæй си аллихузон мадзæлттæ арæзт цудайдæ, уой туххæй сæ бундоронæй исцалцæг кæнун гъудæй. Лескени цæугæдони билгæрæнттæ федар кæнун, гъæуи алфамбулай ци бугъæдæнттæ исберæ ’й, уони никкæдзос кæнун…

– Æма еугур еци гъуддæгутæ еунæг дæу рагъмæ хаудтæнцæ? Е æгæр уæззау уæзæ æй еунæг адæймагæн.

– Ке зæгъун æй гъæуй, нæ! Еумæйагæй ку нæ рахуæцай сæ æнхæст кæнунмæ, уæд еунæг лæги бон ба уойбæрцитæ кутемæй гъæуама исуа? Уомæ гæсгæ ба мæ архайд райдæдтон мæ бастдзийнадæ гъæуи цæргути æма райони разамунди хæццæ федардæр кæнунæй.  Æма си мæхе кæмæ бахатинæ, уонæй алкæмæй дæр истон гъæугæ агъаз. Сæйрагдæр ба адтæй, ме ’мбæстæгтæ мæбæл ке æууæндтæнцæ æма мæ ке лæдæрдтæнцæ, еци гъуддаг. Уотемæй æнхæстгонд цудæнцæ нæ райаразуйнаг фарстатæ.

– Ци цæстингасæй дæмæ кастæнцæ де ’взаргутæ?

– Мæ куст сæ зæрдæмæ ке цудæй æма мæбæл ке æууæндтæнцæ, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма мæ дуккаг хатт дæр исæвзурстонцæ Лескени гъæуи бунæттон администраций сæргълæууæгæй. Айдагъ гъæуи еумæйаг фарстатæ æнхæст кæнунбæл нæ архайдтон, фал хецæн адæймæгути цигъæуæгтæмæ дæр  лæмбунæг æргом æздахунбæл дæр архайдтон.

– Нур, гъæуи сæргълæууæг ку нæбал дæ, уæд дæмæ ци цæстæй кæсунцæ гъæуи цæргутæ?

– Уомæй ба син сæхе бафæрсæ. Мæн бон ба айдагъдæр уой зæгъун æй, æма кæд дзæвгарæ рæстæгутæ рацудæй уæдæй, уæддæр абони дæр ма фегъосун арфитæ мæ евгъуди архайди фæдбæл. Æргом ку зæгъон, уæд æфсæрмиаг нецæмæй дæн, мæ бон си æй алке цæсгонмæ дæр комкоммæ бакæсун. Е мæнæн устур хуарзæнхæ ’й.

– Зонун æй, лимæнтæ-æрдхуæрдтæ дин минкъий нæййес. Æма уæ рахастдзийнæдти сæйрагдæр ци æй?

– Æз уарзун хæлар рахастдзийнæдтæ æма архайун сæ багъæуай кæнунбæл. Фал мæ цард куд исахур кодта, уотемæй ба ми баруагæс æй, æцæг лимæнтæ берæ ке нæ фæуунцæ, уобæл.

– Ескæд дæ еске рауæйæ кодта?

– Æргомæй некæд. Фал, куд фæззæгъунцæ, адæймагæн е ’скъелтæ сосæггити ка лух кодта, уæхæнттæбæл ба исæмбалдтæн. Мæ цæсти уæхæнттæ алкæддæр адтæнцæ æгадæ, нимади дæр мæмæ некæд неци хузи адтæнцæ æма син сæ кой кæнун дæр мæ нæ фæндуй…

– Бæрнондзийнадæ хемæ есунмæ ци цæстæй кæсис?

– Мæнæн е æй бундорон æнтæстити рахуæцæн. Еугæр дæр дæхемæ ихæс райстай, уæд гъоммæлгъæ ма уо, исæнхæст æй кæнæ! Æндæр ба уæд ду ка дæ? Адæймаг гъæуама æ дзурдæн хецау уа!..

Берæ æндæр гъуддæгути фæдбæл ма фæуунцæ нæ дзубандитæ Хъожити Валодий хæццæ. Уонæн сæ еугурей еу æрмæги фæрци ниммухур кæнуни равгæ нуртæккæ нæййес. Ка ’й зонуй, æндæр хатт ма син сæ кой ракæндзинан. Абони ба ма мæ фæндуй уотæ райарфæ кæнун: «Мæ зæрдæ дин зæгъуй, дæ цардæмбал æма дæ нифсæнцойнæ Мæрзойти Рити хæццæ æнæнез æма нифсæйдзаг цард, уæ кæстæрти амондæй зæрдрохс куд уайтæ!..»

ХИДИРТИ Валерий