08 майя 2024

ГЪОЛÆ ИСТОЛУН ÆМА ГЪОЛÆ САХ РАБАДУН КÆНУН ЕУ НÆ ’НЦÆ…

30.09.2023 | 21:00

Цæгат Иристони фæзуати минкъий модулон фусунуæттæ исаразуни фарстатæмæ агъазиау æргом æздæхт цæуй. Уой фæдбæл республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æрæги сæрмагондæй ци æмбурд исаразта, уоми уотæ загъта:

– Аци ахсгиагæй гъæугæ гъуддаг æнхæстгонд цæудзæнæй федералон грантти фæрци. Æма уони ка райста, уонæй æхсæрдæс бавдистонцæ сæ инвестицион проекттæ, кæцитæ гъæуама царди уагъд æрцæуонцæ 2023-2024 æнзти. Уоми фæййагъаз кæнунæн уæлæнхасæн ма райстан федералон субсидитæ 610 миллион сомей бæрцæ. Е хуарз равгæ ’й туристтæн зæрдæмæдзæугæ фæлладуадзæн бунæттæ исаразунæн Иристони алæмæти рæсугъд рауæнти, бæлвурддæр зæгъгæй ба – Алагири, Ирæфи æма Горæтгæрон районти.

Зæгъæн, цалдæр аллихузон конкурсей уæлахезон, Уæрæсей Президент Владимир Путин дæр устур аргъ кæмæн искодта, Цæллагти Заурбеги еци проект, «Фидтæлтиккон мæсугтæ» урухдæргонд æрцæудзæнæй «Экопарк «Алания», зæгъгæ, нæуæг æргъудигонди фæрци. Куд нисангонд цæуй, уотемæй 58 модулон хæдзари æма 90 номери исараздзæнæнцæ туристтæн Алагири райони Цæллагти фидтæлтиккон мæсуг, Дзивгъиси федар æма нæлгоймæгти Алайнаг моладзандонæмæ хæстæг.

Ци фæрæзнитæ лæвæрд æрцудæй нæ республикæн, уони фæрци дзæвгарæ фæуурухдæр уодзæнæй проект «Фæлладуадзæн индустри» Горæтгæрон райони. Æ фæзуати ма уæлæнхасæн фæззиндзæнæй, 90 бунати кæми уодзæнæй, уæхæн 30 минкъий фусунуати. Аци райони, Дæргъæвси гъæуи, исараздзæнæнцæ экопарк «Ирбис», уодзæнæй си берæфадуатгин туристон рекреацион комплекс æма туристтæн 50 уати.

Туристон базæ «Дзинагъа»-мæ фулдæр адæм ке цæунцæ сæ фæллад уадзунмæ, уой туххæй си гъæуй уæлæнхасæн бунæттæ исаразун. Федералон агъазæй ами дæр арæзт æрцæудзæнæй 20 хуæрзвадуат минкъий фусунуати.

Алагири райони Рекоми ковæндонæ æма Цъæйи цъетемæ хæстæг æрбунат кæндзæнæй фусунуатон комплекс «ROOTS HOTEL».

Фондз минкъий модулон фусунуати фæззиндзæнæй инвестицион проект «Цъæй»-и фæлгæти, хуæнхаг  фæлладуадзæн хеерхæфсæн курортмæ хæстæг. Фæзуати уодзæнæй бассейн æма надгæрон сервис.

Ци кемпингтæ æма глэмпинкти кой цæуй, уони еугурейдæр аразунцæ бунæттон экологон æрмæгутæй.

Æмбурди туризми гъуддæгути Комитетæн ихæсгонд æрцудæй Уæрæсей Федераций экономикон ирæзти министради хæццæ бадзурд тагъддæр исаразун æма гранттæ рамолгутæмæ се ’хцай фæрæзнитæ бахъæртун кæнун.

Гранттæ ка райсдзæнæй, еци амалгъонти размæ дæр æвæрд æрцудæй бæлвурд ихæстæ. Уой фæдбæл Дзанай-фурт загъта:

– Берææносон истори кæмæн ес, уæхæн цæмæдесаг регион ан, нæ иуазгутæн ци равдесæн, ци радзорæн æма цæмæй растауæн, е нæмæ ес. Райстан фагæ фæрæзнитæ кемпингтæ æма глэмпингтæ исаразунæн, æма еугур мадзæлттæ дæр гъæуама арæзт æрцæуонцæ сæ нисангонд æмгъудтæмæ бæрзонд хуæрзгъæдæдзийнади хæццæ. Мах туристон инфраструктурæ æма фæлладуадзунæн хуарз фадуæттæ ке урухдæр кæнæн, е æнæмæнгæ, хуарз æй, фал никки сæйрагдæр ба е æй, æма уотемæй нæмæ фæззиндзæнæй кусти нæуæг бунæттæ æма бюджети æфтуйæггæгтæ дæр зингæ фулдæр кæндзæнæнцæ. Уомæ гæсгæ еугур еци куститæ кæронмæ рахъæртун кæнунæн ес устур нисанеуæг.

* * *

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн загъд: «Гъолæ истолун æма гъолæ сах рабадун кæнун еу нæ ’нцæ…» Имисгæ ба ’й уомæ гæсгæ ракодтан, æма туризми къабази, уæдта физкультурæ æма спорти райрæзтæн нисангонд мадзæлттæ зæрдæмæдзæугæ кæд æнцæ, уæддæр сæйрагдæр е æй, æма ци хузи æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ…