ГУРЖИБЕКТИ Иринæ: «АГОРУН ÆЗ УÆХÆН ДЗУРДТÆ, ЗÆРДИТÆН УОДÆНЦОЙНÆ КА РАДТА!..»
НÆРТОН ДЗУРД
Цитгин фæлтæр, даретæ уæ зæрдæбæл
Рагон нартæ, фиддæлти зунди сконд:
Цудæй Сослан æстæри мæрдтæмæ дæр,
Цæмæй æ бæсти кадæ уа бæрзонд.
* * *
Стих финсун æз, поэмæ, æндæртæ,
Кæцæй ба нæ игъосун сæ гъæртæ,
Фал æппун ка некæд ниффинста рæнгъæ дæр,
Етæ махæй æнцæ поэтдæртæ.
* * *
Нæ бауодзæй æ бон тæрхъосæн лæг исун,
Нæ фæразуй берæгъ лæги ауæ хæссун,
Æрмæстдæр адæймагæн æрдзæй лæвæрд æй,
Сирди цардæй цæрун, сирди цари лæсун.
* * *
Неци ес æносонæй, – зæгъуй æмбесонд,
Æй адзал дæр кæд баст хуæрзусмæбæл.
Фалæ кæд æцæгæй дæр уотæ ’й æрдзи конд,
Æносон ма циййес уæд зæнхæбæл?
ФÆДЗÆХСТ
Мах ан еу зæнхæбæл цæрæг,
Устур Хуцауæн æ зæнæг.
Æгас дуйнети листæг хай,
Ци дехтæ кæнæн уæд моргай?
Гъæйдæ, ниддех кæнæн нæ гъар,
Нæ гъуди, уарзт æма нæ зар.
Гъæйдæ ниддех кæнæн нæ зин,
Не ’хсæн, нæ цæнхæ, нæ кæрдзин.
Содзæд нæ зунд, тухæ уæд саст,
Тавæд нæ арвæй хорискаст.
Мах ан еу денгизи æртæх,
Нæ сæрмæ арв уæд алкæд цъæх!..
* * *
О, цæйбæрцæ æнцæ æмдзæвгитæ,
Æмпурсунцæ думги ниццæфау.
Сæдæанздзуд лæг дæр æ рæнгъитæ
Исфæлдесдзæй еу бон æнæ фау.
Сонт кæстæр, æ урокти æмбойни,
Искæнун ка не ’ндеуй еу сум.
Е дæр ма сосæггайти альбоми
Бафæразуй æ уарзт ниффинсун.
Æррæфтадмæ ихæлд уæрдундони,
Æ уæларт æ цумуйнаг фицгæй.
Пъовæр дæр ма, кæсгæй, æ цигони
Цидæр рæнгъæ уæддæр ниууиндзæй.
Ци бæллах æй? Цæми ’й нæ мизези?
Цæрæццаг нæбал ан нæ сонтæй.
Фæллигъдæй ни идардмæ поэзи, –
Рæнгъæ уæддæр гъаруй фæсонтæй.
МÆ ХУÆНХБÆСТÆ
Кæд хуæнхтæ райвазтонцæ сæ тæрттæ,
Хори тунтæ надæн æ фусун…
Кæд дзенет байгон кодта æ дуæрттæ,
Кæд сарæхсдзæн уой хузæ ниффинсун.
Уайгæ донæн арф кæмтти е ’нсарæн,
Еу дзурдæй ке бон æй зæгъунгъон.
Ами дортæн – адæмау се ’фсарæ,
Ами адæм раст риндзау – бæрзонд…
* * *
Нæ хед цæхгун, цæхгун фæууй нæ хуæрдæ,
Æнæ цæнхæ нæ цард уидæ æнадæ.
Æрмæст ци загъд саразæн мæстгун зæрдæй,
Е нин макæд искæнæд цæнхи адæ.
* * *
Махмæ лæг рамарун – хуннуй фудракæндæ,
Лæг ба кæд кодта маргъ фехсунбæл дувæндæ.
Цума ни кæд ка фегъуста тауи гъæрзун, –
Нæ къæхти буни арæх ке нинсæндæн.
* * *
Уадзæ рохс кувдтитæ гуппгæнгæ киндзхасти,
Уадзæ тухст рæнгъитæ де ’мгарæн æ хисти,
Фæнди æрбамæлæ, уоси фарсмæ æрхусти,
Еунæг æй адæймаг.
Бадæ тъунсгæ – нæмгæ трамваййи вагони,
Фæнди хонхи цъонгбæл, лæууæ е перрони,
Фæнди нифси тунтæй байдзаг уæд дæ ронæ,
Еунæг æй адæймаг.
Цæрæ сау мæйдари, кенæ идзирд рохси,
Фæнди мин гъæлæси игъосæ фалдзоси,
Уарзтæй фæххецæн уо, нивæй хайгин æноси,
Еунæг æй адæймаг.
ÆНÆХУССÆГÆЙ
Цидæр æнахур тар аууæнттæ
Мæ царæбæл.
Тæдзуй æхсæви æнæууæнкæ
Мæ зæрдæбæл.
Æмир гъосадæн кæд æрцæудзæй
Цума кæрон.
Цума зиндонæ кæдмæ кæндзæй
Æ сау кæнон.
Гъавун цæститæ цæрæццагæй
Æз æхгæнун.
Гъавун: циййес ци царди уаги,
Уой фæууинун.
Фæндуй мæ бонæн æ уацарæй
Фæййервæзун.
Фалæ æ хъистæй нæ дуарæн
Ледзуй мæ фун…
* * *
«Дæ бакаст дæхецæй аразгæ ’й», – мин зæгъунцæ,
Дзæгъæли мæ цума сæ унаффæй дæмунцæ.
Хуцауæн, мæн аразгæй, ци нæ бацæй æ бон,
Уой æз ба кутемæйти нур бауон æнхæстгъон.
* * *
Ку бакæна æ роль актер, гъазгæй, æнхæст, –
Цæсгонæй æрсæрфдзæй æ хуарæнти исæрст.
Фал кутемæйти ес æрæхснæн æ цæсгон
Кæмæй æй еудадзуг агъодæй æмæмбæрзт.
* * *
Нæуæг ирон, æхцагин уруссагæн
Цæугæй балций сæ буни лигъзвæндагбæл –
Лæдæрд дæр нæй, ке калдæй уобæл тог
Зæронд ирон, æ кари уруссагæн.
Æмдзæвгитæ уруссаг æвзагæй
ратæлмац кодта КОЛИТИ Витали.
ÆНУС ÆМÆ ИСДУГ
Нæ уарзын æз,
куы байдайынц æмпъузын
сæ уды бызгъуыртæ сæ иударон ныхæстæй…
Сæрибармæ куы раирвæзынц уыдон,
пæр-пæр кæнынц, гæлæбутау, фæлмæн.
Сты ардхæрæнтæ, сайæнтæ-цыдæртæ,
фæйнæрдæмыты пуртитау ысхъиуынц…
Æнæджелбетт быдзæу цинтæ-кæлæнтæ
кæйдæр æгæрон сау хъыгыл ныххуырсынц.
Кæнынц цъаммарæн номарæнтæ, цыт,
сыгъдæгмæ та цъыф дзæмбытæй лæбурынц,
гадзрахатæй йыл рацæуынц, фæлывдæй,
йæ уаз цæсгом ын фидиссаг фæкæнынц,
гъе стæй йын хатыр ракурынц йæ мардæй.
… Лымæн дын уа, фыдгул дын уа – дæ разы
æрлæууыди, йæ рæстдзинад ын равзар.
Тæрхон хæссынмæ ма срог кæн дæхи,
дæ дзыхыл хæц, æнæууылд дзырдтæ ма скал,
æддæмæ-иу сæ ма рауадз, кæлмытау,
ныххурх сæ-иу кæ мидæгæй сæ хъузджы…
Æнхъæлмæ кæс, дæ зæрдæйæн йæ арфæй
рæстдзæвин ныхас цалынмæ ыстона.
Уырыссаг æвзагæй
МАМЫКЪАТЫ Хъазыбеджы тæлмац.