06 декабря 2024

Хӕмицати Морис. САУӔР − ӔВДАДЗИ ХУАСӔ

10.02.2021 | 10:25

Радзурд-имисуйнаг

Августи дуккаг ӕмбеси еуцалдӕр хатти хъӕбӕр устур уарунтӕ ӕрцудӕй, уой фӕсте ба дессаги дзӕбӕх, хоргун бӕнттӕ искодта. Федар сӕумӕраги фестидӕ, хестӕртӕн е ’нхуси хай бакӕнидӕ, уӕдта е ’мгӕртти хӕццӕ ӕрвиста  рӕстӕг. Къадати фалдзостӕ кӕци къумӕй нӕ ракӕсиуонцӕ сӕумӕй  изӕрмӕ, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Сауӕнгӕ ма си хуӕрун дӕр феронх уидӕ еуӕй-еу хатт. Ахид, цит, цудӕнцӕ гъӕуи фӕсте игуӕрдӕнтӕмӕ дӕр. Бӕзгин, хуӕрздӕф кӕрдӕги астӕу устур дортӕбӕл агурдтонцӕ гъӕддаг мудибиндзити ӕвӕрӕнтӕ – тӕнӕг цъарӕй ӕмбӕрзт минкъий хъулуфтӕ. Фӕкъкъӕрт ӕй кӕнӕ, ӕма дин си цайцумӕн уедуги дзаг бӕзгин, таргомау муд. Раст зӕгъгӕй, ӕ адӕ хӕдзарадон биндзити муди хузӕн ӕнхӕст на ’дтӕй, зинна-нӕзинна мӕстхалуг хаста, фал уӕддӕр биццеути зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Алке дӕр къуӕцӕлӕй исамайидӕ ӕхецӕн минкъий фиййаги хузӕн, ӕма уомӕй хуардтонцӕ муд.

Еу хатт ба сӕ Сослан фӕххудта, Ирӕфи ӕндаг билгӕрони ци сауӕр адтӕй, уордӕмӕ. Еци сауӕри кой Федар ахид фегъосидӕ. Цалдӕр анзей размӕ имӕ Айдарухъ дӕр фӕццудӕй. Ӕ ахсӕн ресидӕ, ӕма си хуасийнӕ ӕнгъӕлӕй баниуӕзтитӕ кодта, уӕдта ма си ӕ хӕццӕ дӕр раласта Фӕрбунмӕ устур нарӕгхъур авги дзаг. Е ин фенхус ӕй ӕви ӕндӕр ести, фал уой фӕсте Айдарухъ ӕ уасӕ иссирдта, еудадзуг ахсӕни ристӕй нӕбал гъаст кодта. Ӕцӕг, тӕрсгӕ дӕр хуарз фӕккодта – уӕд сауӕрмӕ дзӕбӕх бацӕуӕнтӕ нӕма адтӕй, айдагъдӕр имӕ Ирӕфи гулфӕнтӕ ӕма ирайгӕ уолӕнти сӕрмӕ къубуртӕбӕл бахезиуонцӕ. Айдарухъ дӕр имӕ устурзӕрдӕй еунӕгӕй фӕрраст ӕй, ӕнцондӕр ӕма ӕдасдӕрӕй куд бацӕун гъӕуй, уобӕл гъӕуккӕгтӕй неке бафарста, уотемӕй. Гъема минкъийтӕбӕл донмӕ ниххаудтайдӕ – ӕ къах фӕггурдӕй цъифӕ дорбӕл, фал ма куд Хуцау хуарз, къубури тегъӕбӕл дууӕ къохемӕй хуӕст фӕцӕй, ӕхе ниууорӕдта…

Нур сауӕрмӕ дзӕбӕх къахнад иссӕй, биццеутӕ имӕ ӕдӕрсгӕй бацудӕнцӕ. Федари фиййи хъӕлтӕбӕл циуавӕрдӕр ӕнахур тӕф рауадӕй, Сослан уорс финкӕкалгӕ донӕй гъӕдин къоппа ку байдзаг кодта ӕма имӕ ‘й ку балӕвардта, уӕд. Федар си арӕхстгай исахуста ӕма ’й фӕстӕмӕ бадаргъ кодта Сосланмӕ – ӕгӕр цӕхгун имӕ фӕккастӕй.

– Дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуй, уомӕн ӕма ди неци ресуй, – загъта ин Сослан.  Еуӕй-еуетӕн ба ӕвдадзи хуасӕ ‘й аци дон. Будури гъӕутӕй дӕр ма ӕрбацӕунцӕ нӕ сауӕрӕй ниуазунмӕ…

Иннӕ биццеутӕ дӕр си берӕ нӕ баниуазтонцӕ, алке дӕр си фӕйнӕ цалдӕр хуппи искодта, уӕдта ӕрбадтӕнцӕ сауӕри рӕбун дортӕбӕл къубури аууони. Дзубанди син райеудагъ ӕй. Сослан, куд сӕ еугурей хестӕр, радзурдта, сауӕрти туххӕй зӕрӕндтӕй, уӕдта скъолай ахургӕнгутӕй цитӕ фегъосидӕ, уой. Сауӕнгӕ ма медкоми иннӕ рауӕнти ци сауӕртӕ адтӕй, уони дӕр зудта – ка си куд хуннуй, циуавӕр незтӕ дзӕбӕх кӕнуй… Кудфӕстӕмӕ сӕ дзубанди рахӕттӕй хуӕнхти хурфи римӕхст хӕзнатӕмӕ.

– Мӕнӕн баба уотӕ фӕдздзоруй, ӕма, дан, мах хуӕнхти хъӕбӕр берӕ ес изди, ӕвзестӕ, сауӕнгӕ сугъзӕрийнӕ дӕр, – загъта Ӕфсӕддон. – Ахургонд адӕм, геологтӕ сӕ хонунцӕ, алли анз дӕр ами фӕккосунцӕ ӕма ӕнӕ ести иссергӕ нӕ фӕуунцӕ. Ӕцӕг, дан, еци хӕзнатӕ агорун ӕма къахун ӕнцон нӕй – ӕгӕр арф римӕхст ӕнцӕ хуӕнхти хурфи.

Уой фӕсте ба биццеутӕ ракодтонцӕ хуӕрунмӕ бӕзгӕ зайӕгойти кой дӕр. Уӕркъитӕ, скъелдзу, саунӕмуг, гӕнгӕли, цагъана – ци ба нӕййес медкоми игуӕрдӕнти, хумти ӕма гъӕдбунти! Кенӕ ба си ци дессаги хуӕрзадӕ ӕма федар фӕткъу зайуй!

Биццеутӕ дзурдтонцӕ. Федари зӕрдӕбӕл ба ӕрлӕудтӕй, ӕ мадӕ ин еухатт ци хабар ракодта, е. Цӕветтонгӕ, уӕд ма минкъий кизгӕ адтӕй Катя. Еухатт сӕ синхи уоститӕ дабонӕмӕ цудӕнцӕ, ӕма Катя, уӕдта ӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Хадой дӕр сӕ хӕццӕ фӕххудтонцӕ. Сӕумӕй раги рандӕнцӕ, ӕма син дзӕбӕх бантӕстӕй, фӕсарӕфтӕмӕ сӕ голлӕгутӕ байдзаг ӕнцӕ. Фал ма изӕрмӕ дзӕвгарӕ рӕстӕг байзадӕй. Рандӕнцӕ нӕуӕгӕй дабонгунмӕ уоститӕ, сувӕллӕнтти ба уӕргъти рази ниууагътонцӕ, тагъд фездӕхдзинан, сумах ами фӕллӕууетӕ, зӕгъгӕ.

Хор раги нифтудӕй, ӕризӕр ӕй, талингӕ кӕнун райдӕдта, силгоймӕгтӕ ба уӕддӕр некӕцӕй ма зиндтӕнцӕ. Сувӕллӕнттӕ тӕрсун райдӕдтонцӕ. Хуарз ӕма Хадой дзиппи спичкитӕ разиндтӕй. Сӕ  рӕбунтӕ цидӕр хускъӕ согтӕ адтӕй, уони еу рауӕнмӕ ӕрӕмбурд кодтонцӕ ӕма сӕбӕл зинг бафтудтонцӕ. Уайтӕккӕ дӕр устур арти циренмӕ ниррохс ӕнцӕ сӕ фалдзос къубуртӕ, нӕзи бӕлӕстӕ. Хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕр уотӕ хъӕбӕр нӕбал тарстӕнцӕ. Арти фарсмӕ бадтӕнцӕ ӕма сӕхецӕн нифсӕвӕрӕн дзубандитӕ кодтонцӕ. Уӕдмӕ хӕстӕг бӕлӕсти бунӕй, ӕхсӕви тарӕй ӕ сӕр радардта циуавӕрдӕр минкъий сирд. Уайтӕккӕ фӕййаууон ӕй, уӕдта бабӕй иннердигӕй ӕрбазиндтӕнцӕ ӕ циргъ къембур ӕма ӕрттевгӕ цӕститӕ. Сувӕллӕнттӕ хуарзау нӕбал адтӕнцӕ, устур тас си бацудӕй. Уӕддӕр Хадо, ӕцӕг лӕгау, еугур хомухӕй ӕхе нӕ равдиста. Кӕд ӕ минкъий зӕрдӕ реуӕй исгӕпп кӕнунмӕ багъавидӕ, уӕддӕр цӕфсгӕ ӕхседарф фелваста ӕма ’й сирдбӕл фехста, ӕхуӕдӕг ба ма ибӕл ӕ гъӕлӕсидзаг дӕр нигъгъӕр  кодта. Сирд фӕццидӕр ӕй, фал уӕдмӕ арт дӕр минкъийгай хуссун райдӕдта, согтӕ ба хӕстӕг некӕмибал адтӕй. Дабондзаутӕ дӕр нӕма зиндтӕнцӕ.

– Ести  кӕнун гъӕуй, а хуарз хабар нӕй, – сагъӕсхузӕй дзурдта Хадо, ӕ хуӕрӕ арти фарсмӕ дзоццӕги куд бадуй ӕма ӕ цӕстисугтӕ куд нихъуӕруй, уомӕ тӕрегъӕди каст кӕнгӕй.

– Гъӕйдӕ уӕртӕ еци устур бӕласӕмӕ исхезӕн, уӕдмӕ ба не ’мбӕлттӕ дӕр зиндзӕнӕнцӕ.

– Нӕ хӕрӕг ба уӕд ци фӕууодзӕнӕй? – хӕкъурцгӕнгӕй бафарста Катя.

– Хӕрӕги дӕр бӕласӕмӕ исиваздзинан, мӕнӕ нӕмӕ бӕттӕн дӕр ес, – цума дзубанди дӕркъӕ кенӕ минкъий къӕбусбӕл цудӕй, уоййау нифсгунӕй дзуапп равардта Хадо.

Цитӕ кодтайуонцӕ ӕхсӕвигон тар гъӕди еунӕгӕй, Хуцау зонуй, фал уӕдмӕ сӕ нивӕн фӕззиндӕнцӕ уоститӕ дӕр. Хъӕбӕр сӕбӕл ниццийнӕ ’нцӕ, ӕгайтима дзӕбӕх айтӕ, мах ба сумахбӕл ку мӕтӕ кодтан, зӕгъгӕ. Цӕветтонгӕ, гъуддаг уотӕ рауадӕй, ӕма ӕгӕр бадзебӕл ӕнцӕ дабонӕ ӕмбурдгӕнгӕй, фӕстӕмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕдта талинги сӕ надбӕл дӕр рарӕдудӕнцӕ.

– Хуарз, ӕма еци адӕгти еугур дзӕгъӕл нӕ фӕцан, ӕндӕра аци сувӕллӕнттӕ цитӕ кодтайуонцӕ, – ӕ сӕр бателидӕ уоститӕй сӕ еу, Сафят.

Аци цау Катя берӕ хӕттити дзурдта ӕ цӕуӕтӕн, ӕма ’й Федар дӕр уомӕй хуарз багъуди кодта. Ӕцӕг еци дабонгун бунӕттӕ кӕми ’нцӕ, уой зонгӕ нӕ кӕнуй. Цума ин уони бабӕрӕг кӕнунӕн ба кӕд фӕууодзӕнӕй равгӕ!