25 апреля 2024

ХЪӔРӔМСАУХАЛТИ МУСТАФФӔ

22.10.2022 | 16:06

Мустаффæ нæуæг уосхунд адтæй, æ уосæн ба адтæй æ хæццæ дигизæ мадæ.

Уæд Хъарцагъæуи фонсмæ Сарий ралæбурдтонцæ ’ма син сæ галгæстæ, сæ уорс дзогтæ æд фиййæуттæ, æд куйтæ фæттардтонцæ. Еунæг къуæдти битдзеу ма ниууагътонцæ, айæ мах цæмæн гъæуй, ци ’й кæнæн, зæгъгæ.

И къуæдти битдзеу хæтæлæй дæсни адтæй æма Хъарцагъæумæ уайун байдæдта. Ку нихъхъæрттæй и гъæумæ, уæд æ хæтæлæй ниццагъта: «Фæдес, Хъарцагъæуи адæм, Бохъур Сарий уин уæ галтæ æд галгæстæ, уæ уорс дзогтæ æд фиййæуттæ, æд куйтæ фæттæрунцæ».

Рацудæнцæ Хъарцагъæуи адæм тумугъ фæдесæй. Мустаффæмæ дигизæ мадæ бадзурдта:

– Мустаффæ, фæттæрунцæ уин уæ берæ фонс Бохъур Саритæ, фæццæунцæ Хъарцагъæуи адæм тумугъ фæдесæй, ду ба хусгæ ку байзадтæ.

Йе дæр йимæ радзурдта:

– Бамæуадзæ, ме ’нæниййаргæ мадæ, дуйней фонсæй, дуйней хуссæг адгиндæр æй.

Уотемæй йимæ æртæ дзурди бакæнуй, ходуйнаг æй, ходуйнаг, зæгъгæ. Æртиккаг дзурди ба ралæуирдта. Æ уорс цохъай думæггæгтæ æ астæубæл ралух кæнуй, æртæ хъатарай си хуæрзидзаг æрбакæнуй. Æ сау хъæрæймаг раскъæфуй, уайунтæ байдайуй. Хъарцагъæуи коми йибæл фембæлунцæ и фæдес сæ раздагъди æма йибæл айуан кæнунцæ:

– Мустаффæ дæр нурмæ æ уоси хæтдзæ фæххустæй, нур ба сæ цæгъддзæнæй, зæгъгæ.

Иссæмæхъæрттæй, ’ма йимæ дзорунцæ:

– Мабал цо, Мустаффæ, и фæсæфцæг фæцæнцæ.

Йе дæр син загъта:

– Лæг ка ’й, е мæ фæсте рацæуæд, уосæ ка ’й, е ба Хъарцагъæуи хъахбай уоститæмæ цæуæд!

Æ фæсте цъеугъæргæнæг дæр нæ раздахтæй.

Æхуæдæг уайун байдæдта, ’ма син Хъобани цъæх цъетебæл сæ раз ниййахæста, æхсун сæ байдæдта. Ка куд хæстæгдæр адтæй, уотæ сæ æхста ’ма си финддæс рамардта, финддæс ба си цæфтæ фæккодта, иннетæ ба ралигъдæнцæ. Ку ралигъдæнцæ, уæд Хъарцагъæуи фонс фæстæмæ гур-гургæнгæ раздахтæнцæ æд галгæстæ, æд фиййæуттæ. Мустаффæн дæр æ уæраги æставд басастæй æма цъетей дудагъмæ ниххизтæй.

Ку ниццудæнцæ Сарий адæм, уæд сæ æлдар бафарста:

– Уе ’хсæг нæ бабæрæг кодтайтæ, зæгъгæ.

Йетæ дæр ин загътонцæ:

– Неци бабæрæг кодтан.

Уæд сæ Сарий æлдар æ хæтдзæ рахудта. Цæуæн æдта ’й бабæрæг кæнæн, зæгъгæ. Иссимæцудæнцæ имæ æма ’й цъетей дудагъи иссердтонцæ æма йимæ не ’ндиудтонцæ.

Йе дæр сæбæл æ хæтæл фентъухта:

– Цæмæй ма ми тæрсетæ, Бохъур Сарий, мæ хæтæлæн хуаллаг ку нæбал ес.

Уæд йимæ æрцудæнцæ, æма си ка уотæ загъта:

– Æз æй раздæр цæвун, ме ’рвади мин рамардта.

Ка си уотæ загъта:

– Æз æй раздæр цæвун, мæ мади ’рвади мин рамардта.

Æма син æлдар загъта:

– Уотæ уæ мадæ, уæ фидæ фæррохсаг уа, æз уин йеу мард ма марун ци бауадздзæнæн, зæгъгæ, ’ма ’й æ фæсабæрцæ Сариймæ рахаста, уоми ба ’й Уотæрти даргъ мæсуги бакодта. Уордæмæ ин гъæдгоммæгæсгутæ байагурдта. Исдзæбæх æй, æма ’й уоми дардтонцæ.

Уæд æ дигизæ мадæ син сæ хабар игъосун райдæдта, Мустаффæ Сарий ахæст æй, зæгъгæ, æма Хъарцагъæуи дзæбæхтæбæл хæтун байдæдта ’ма сæ æрæмбурд кодта. Урусбити Хъургъохъ ба сæ тоггин адтæй, фал уæддæр хуарз лæг адтæй, æма ’й æрбахудта. Адæм ку æртумугъ æнцæ, уæдта æхе ’рвадæ Баггериймæ барвистонцæ:

– Мустаффи хабар Сарийæй цæуй, нур ба имæ цæугæ кæнæн, æма нæ хæтдзæ рауайæ, зæгъгæ.

Е дæр син загъта:

– Нæ фæццæудзæнæн, сумах хеваст адæми муггаг айтæ ’ма неци бакæндзинан.

Ку нæбал æй уагътонцæ, уæдта син загъта:

– Кæд æфцæгæй æндæмæ унаффæ мæммæ уадздзинайтæ, уæд цæун.

Етæ дæр йин бадзурд кодтонцæ, ратдзинан дæмæ унаффæ, зæгъгæ.

Ранæхæстæр æнцæ Хъарцагъæуи берæ адæм устур æфсадæй: ракодтонцæ сæ хæццæ мин иуонæги хуаллагæн. Æфцæги уæнгæ унаффæгæнгæ фæццудæнцæ берæ адæм, уæдта сæ бафарста Баггерий:

– Нур мæмæ и унаффæ дæттетæ æви нæ?

Загътонцæ ин:

– Дæттæн дæмæ.

Æма рартаста Урусбийти Хъургъохъи хæццæ аст лæги, иннетæн ба ниффæдзахста:

– Мæнæ ами нади дууæ фарсемæ уæхецæн къæхтитæ искæнтæ, мæнæ и мин иуонæгемæй уæ ци гъæуй уой хуæретæ.

Уæдта син бафæдзахста:

– Аст бони æма мæ æхсæви бахезетæ æма æстæймаг бон ба цурд лæууетæ.

Бацудæнцæ Сариймæ ’ма сæмæ минæвар æрветун байдæдтонцæ: «Нæ ахæст нин, зæгъгæ». Етæ дæр син загътонцæ:

– Нæ финддæс лæги, нæ финддæс фадмизди, нæ ахæсти аргъ сæ хæццæ æнхæстæй раттетæ, ’ма уин уæ ахæст ратдзинан.

Аст бони æма аст æхсæви сæмæ минæвар минæварбæл фервиста æма сæ хуссун нæ бауагъта, уæдта син райарфæ кодта:

– Уой бæрцæ бафедун ба нæ бон нæй, æма хуæрзбон.

Сæхе, цæветтонгæ, рандæнцæ, уой хузи бавдистонцæ, сæхуæдтæ ба сæхе баримахстонцæ. Ку ниххустæнцæ, уой син ку радзурдтонцæ, уæд бацудæнцæ мæсуги бунмæ, æма имæ бадзурдтонцæ:

– Мустаффæ, дæ хабар ардиги ку цæуй, ранæмæкæсæ.

Æрсæмæкастæй, æма йин Баггерий загъта:

– Сариймæ æрветун минæвар аст бони æма аст æхсæви, фал мин уотæ зæгъуй: нæ финддæс лæги, нæ финддæс фадмизди ’ма нин нæ ахæсти аргъ æнхæстæй, ’ма дин уæ ахæст ратдзинан, зæгъгæ. Нур ба нæмæ уой фæлхауги ралæуерæ!

Йедæр син загъта:

– Гъай-гъай, мæ фæсте цъеу-гъæргæнæг нæ фæцæй, нур ба ку ралæуеринæ ’ма мæ мард дæр ами Сарий куйтæн хæлæйфаг ку фæууидæ.

Уæд йимæ Урусбийти Хъургъохъ дзоруй:

– Дæ мард дин ами нæ ниууадздзинан, ранæмæлæуерæ.

’Ма йимæ радзурдта Мустаффæ ба:

– Æй, Урусбийти Хъургъохъ, цæмæ мæмæ æрбацудтæ, тоггин ку адтан.

-Е дæр дин хатир æрцæудзæнæй дæ лæгдзийнадæмæ гæсгæ, æрмæмæлæуерæ.

Æрсæмæлæуирдта мæсуги сæрггагæй ’ма æ уæраг нæуæгæй нимморæ ’й. Давун æй байдæдтонцæ и аст лæги, ’ма син ниффæдзахста Баггерий:

– Хæссетæ ’й Хъарцагъæумæ, æфсадæн ба зæгъетæ: «Цурд лæууетæ!»

Æхуæдæг ба Сарий бахизта бонивайæни уæнгæ, бонивайæни ба сæмæ бадзурдта:

– Уæ, Сарий, уæ ахæст фæлледзуй.

Ралæуирдтонцæ йеци фестæй сæ салдзабури зæрæндти, уæгъдæ рæнттæй. Йе дæр син лигъдæй, йетæ дæр æй сурдтонцæ. Æнгæс кæми уидæ, уоми къулухæй бауайидæ, фæсаууон ба маргъау батæхидæ. Уотемæй сæ æфсади астæумæ æрхъæртун кодта, уæдта сæмæ фæстæмæ æхе фæххадта æма сæ фехста. Æфсад дæр къæхтитæй ислæстæнцæ æма Сарий адæми ниццагътонцæ. Хъарцагъæуи адæм, сæ хуаллагæй ка рауæлдай æй, йеци иуонгутæ дигизайæн равардтонцæ, Мустаффæ дæр рамардæй.

 

Аци таурæхъ радзурдта БУДАЙТИ Дзаххо (1937 анзи июни). Рамухур æй кодтан САЛÆГАТИ Зойи арæзт дууæтомон æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад»-æй, уоми куд финст æрцудæй, уотемæй.