25 апреля 2024

ХЪАНТЕМУРТИ МАЗУХЪИ ТАУРӔХЪ

30.09.2022 | 14:08

Гезе (Гурдзи – ред.) æма Дигорæ кæрæдзебæл тохуни унаффæ искодтонцæ. Мазухъ исунаффæ кодта Геземæ фæццæунмæ, сæ тъасхитæ базонунмæ. Фæццудæй æма Къæйин æфцæгбæл исæййафта еу цауæйнон Гокъиайи фурт Ахалбедай. Сæ дууæ дæр кæсæнцæститæй кастæнцæ кæрæдзей бæстæмæ тъасхæгæнæг. Мазухъ-æлдар уæд адтæй уосæ хонунбæл Кæсæгæй. Ку ’ркастæй, гурдзиагæн æ арæзт устур ке адтæй, уомæ, уæд æ зæрди æрæфтудæй фиццаг уосæ æрхонун бал. Мазухъ-æлдар раздахидæй фæстæмæ. Уæллагкоймаг Хъайи-фурт Гегки æрдхуард адтæй Мазухъæн. Уомæ ниффæдзахста Мазухъ-æлдар: «Фæццæун æз Кæсæгмæ уосæ хонунмæ, фал нæбæл сау Гезе тохунмæ гъавунцæ, бадарæ де ’нгæс æгас Дигорæмæ!»

Сау Гезе æцæг исунаффæ кодтонцæ Дигорæй фонс фæккæнун. Рандæй Мазухъ-æлдар дæр Кæсæгмæ уосæ хонунмæ. Дæс æма инсæй бонемæ фæстæмæ раздахтæй æд киндзхонтæ. Хъайи-фурт Гегки фæууидта æ фунæй, Гезей син тухæ кæнунмæ куд гъавта, уой.

Уомæ гæсгæ рацудæй Донифарси Гагуатæбæл. Радзурдта син Гезей хабар æма загъта:

– Нæ цуппар дзиллебæл нин сау Гезе тохун унаффæ кæнунцæ: нæ рамæлун хуæздæр æй етæ батухæ кæнуни бæсти.

Загътонцæ ин:

– Мах хабарæн неци зонæн, фал нæ дæ фæсте кумæ хонай, уордæмæ ба цæуæн.

Е дæр син загъта:

– Æз нæ хонун æгас адæми, фал хонун топгинтæ æма кæрдгинтæ, уæдта къахидарæсæй рæвдзæ ка уа, уони. Иссæудзæнæн нур Дигорæбæл Гæлиатмæ; не ’сæмбæлæн ба фæууæд Мадзасги. Уоми ба кæндзинан фæндæ ’ма фæнди сæртæ.

Дуккаг бон изæррохсæй æхуæдæг Мадзасги æринцадæй. Топпи хуасæ имæ адтæй хурдзини дзаг, адтæй имæ топп сæдæ уагъд фатей хæццæ, – дууæ æркъей æма бæрзæ лæдзæг. Уордиги фегъосун кодта Стур Дигори хуарз адæмтæн. Хонгутæ рарвиста фиццагидæр Хъарабугъатæмæ, фал сæбæл уæдта исидæудтæй æма загъта:

– Ниууадзун сæ гъæуй Хъарабугъати, уой туххæй æма цъуххæссæг æнцæ, æфсæдти ба цъух хæссун нæ бæззуй. Бадзоретæ Къулитæмæ, фал сæ ниууадзун гъæуй, уой туххæй æма исон Тахонтæмæ хуæрнæг ес, етæ ба губунгин æнцæ æма æфсæдти дæр нæ рацæудзæнæнцæ, бæзгæ дæр не ’скæндзæнæнцæ. Ниууагъта Куцугти дæр, уой туххæй æма зундæй тæнæг æнцæ, не ’сбæздзæнæнцæ. Таймазти дæр нæ бауагъта, уой туххæй æма хæресон галау лæхлæбæз æнцæ æма рæвдзæ нæ уодзæнæнцæ, дзæндæл æнцæ æма нæ бæззунцæ.

Уæдмæ рацудæнцæ Дигорæй Басулухътæ, Гæлиатæй Абисалтæ, Донифарсæй ба Гагуатæ дууæсæдæ бæхгинемæй.

Загъта син Хъайи-фурт:

– Фæрссаг адæм ку нæ уонцæ, уæд нæ гъуддаг нæ рацæудзæнæй, уой туххæй æма лæги фæдбæл уод дæр етæ фесафдзæнæнцæ. Бадзорун гъæуй Тæтонтæмæ.

Тæтонтæ дæр рацудæнцæ. Уæд син загъта Хъайи-фурт:

– Нæ гъуддаг нæ рацæудзæнæй, Хъантемурти Мазухъ нæ хæццæ ку нæ уа, уæд, фал ами нæ ’й, уой ин нæ зонун.

Хæмицати Мисост ин загъта:

– Æз æй æзинæ Стур Дигори хорбадæнти бæхбæл гъазгæ фæууидтон.

Уой ку фегъуста, уæд загъта Хæмицай-фуртæн:

– Фæккæстæр уо æма мæ бæсти фæццо Мазухъ-æлдармæ æма ин зæгъæ: «Гезе нин тухæ кæнунцæ æма мæнæ æрæмбурд ан Мадзасгæмæ: кæд нæ нимайис, уæд нæмæ иссо!»

Нæ син æрбацудæй, фал син загъта:

– Афæй балци адтæн æма уин исонмæ ести исунаффæ кæндзæнæн.

Хъайи-фурт имæ уæд æхуæдæг æрбацудæй æма имæ æртæ хатти бадзурдта æ номæй, фал имæ е неци радзурдта.

Æ фидæ Туали уой ку фегъуста, уæд загъта:

– Ци ’й е? Æ уоси хæццæ а дуйнебæл дæр ку некæдбал ниххустæй æма æнæракæсгæ ку фæцæй! Æз зæронд къуру лæг ку дæн æма ’й æз ку игъосун, уæд е ба куд не ’гъосуй?

Мазухъ-æлдар уой ку фегъуста, уæд радзурдта:

– Хуцау дин ма бакомæд, мæ фидхуæрæг адтæ æма мин æй хуæрис нур дæр! Бахезæ мæ минкъий!

– Ку нæ дæ бахезон, уæд хуæздæр бæргæ ’й, уой æнгъæл ди ку некæд адтæн!

Æ уосæн райарфæ кодта æма ин загъта:

– Хуæрзбон фæууо! Цийнæй нæ Хуцау исæмбæлун кæнæд, фал æнгъæл нæ дæн. Уоси фарсмæ бадун махмæ ходуйнаг æй. Кæсæги æгъдау ба хуарз нæ зонун. Ку дæ фæндæуа, уæд ами лæууæ, кенæ ба ку цæуай, уæддæр дæ барæ ес.

Зæронд Туали рахаста æ фуртæн æ тохæн дзаумæуттæ æма ин загъта:

– Куд нæ цæуис, мардзæ, ду ба уæхæн адæми хæццæ?

Рацудæнцæ Хъайи-фурт æма Мазухъ-æлдар. Æрбацудæнцæ Мадзасгæмæ адæми цормæ, æхсæвæй-бонмæ сæ фæййахур кодтонцæ цæунбæл: исрæвдзæ кæнун кодтонцæ син сæ тохæн дзаумæуттæ. Сæумæ ранæхстæр æнцæ æма бахизтæнцæ Къæйин æфцæгбæл. Ку сæбæл баизæр æй, уæд еу рауæн æрбунат кодтонцæ æма исарт кодтонцæ.

Гезейаг Туаней фурт еу æмбали хæццæ цауæни адтæй æма Дигори арти рохс фæууидта, балæдæрдтæй сæ æма загъта е ’мбæлæн:

– Атæ мах æфсæдтæ ’нцæ! Рæвдзæ нæ ан, æма син фонс уодзæнæнцæ нæ адæм! Зин рауæн нæ иссирдтонцæ.

Багъузтæй гезейаг æхсæвигон æфсæдтæмæ æма бафæсмардта арти рохсмæ Хъайи-фурт æма Мазухъ-æлдари. Сæ уиндæй æ зæрдæ нирризтæй æма загъта е ’мбалæн:

– Куд дæ фæндуй, саг дин рамарон æви тускъа?

Е ба загъта:

– Тускъа нард ку уа, уæддæр саг кадгиндæр æй.

Уой фæсте гезейаг нигъгъавта Мазухъ-æлдармæ, фехста ’й æма  фат æ реуи исæмбалдæй. Æваст мард фæцæй Мазухъ-æлдар. Хъайи-фурт уотæ æ нимæт артбæх рамбарзта æма талинги медæгæ бафснайун кодта мард.

Сæумæ ранæхстæр кæнун кодта е ’фсæдтæ æма сæ е ’знаги гъæубæл æрлæуун кодта, æхуæдæг ба бацудæй гæни дзæхæрамæ. Уордæмæ гезейаги мæсуг хæстæг адтæй, æма ин Хъайи-фурт æ къæразгæ еу æхст фæккодта; æфсæдтæ уой ку фегъустонцæ, уæд бангъæл адтæнцæ, кæд Хъайи-фурти æхсунцæ, зæгъгæ, æма райдæдтонцæ мæсуг æхсун.

Гезейаг римæхст адтæй, фал топпи гъæрмæ рацудæй къæразæмæ æд топп æма исдзурдта Дигорæмæ:

– Дзæбæхæй рандæ уотæ, зæгъгæ, кенæ ба уин, Хуцауæй ард хуæрун, еунæг дæр уи нæбал фæццæудзæнæй æ хæдзарæмæ!

Уотæ ку исдзурдта, уæд æй Хъайи-фурт фæууидта къæразæмæ, фехста ’й, æма дууæ фати рауадæнцæ æ хорхи. Гезейаг мæсугæй ку рахаудтæй, уæд имæ Хъайи-фурт иссудæй, æ сæр ин æркодта æма ’й исхаста е ’мбæлттæмæ. Еци лæг ку рамардæй, уæд Дигорæн фенцондæр æй.

Бацудæнцæ гъæумæ æма фиццаг сæ мард хæссунмæ исрæвдзæ кодтонцæ, уæдта гъæуæн сæ сæрæй финддæс кизги æма финддæс лæхъуæни ракодтонцæ. Æрцудæнцæ фиццаг Гæлиатбæл, уæдта Дигорæмæ Донифарсбæл, иссудæнцæ Стур Дигорæмæ. Хъантемурти Туали син сæ рацæунмæ кувди хардз исаразта.

Аци таурæхъ ХÆМИЦАТИ Дзаххой радзубандийæй ниффинста  БÆЗИТИ Геуæрги (Дзинагъай 1909 анзи, 24 июли). Æма й мухур кæнæн, æ рæстæги куд финст æрцудæй, уотемæй.