26 апреля 2024

ХЪАЗБЕГТИ Хъазбег: «УАРЗÆ, ÆМГАРÆ, ДÆ БÆСТÆ МАДАУ, РАДТÆ Æ СÆРАППОНД ДÆ ТУХÆ!..»

17.06.2022 | 17:39

ХЪАЗБЕГТИ Хъазбег. 4.08.1945. г. Грейц

Уалдзигон сӕуми

 

Арви тегъæй игъæлдзæгæй

Хор ниххудтæй адæммæ.

Бабузтæ дæр пæр-пæргæнгæй

Фæттахтæнцæ гъæдæмæ.

 

Сабургомау, устур зилдæй

Мæйæ арвбæл идзулдæй.

Мегъæ гъæдæй тумугъгæнгæй

Уорс-уорсидæй исбурдæй.

 

Гъæугæронæй мæгурхузæй

Кауин хæдзарæ зиндтæй.

Урух цохъай сæргубурæй

Еу лæг тургъи æзмалдæй.

 

Сæ уæлсера къудуронбæл

И зæронд лæг æрбадтæй,

Буйнаг ходæ лæгун сæрбæл

Æгириддæр нæ лæудтæй.

 

Йе стур лолæй тохонойау

Хъуæцæ хæрдмæ æздухстæй.

Хори гъармæ сæрдтон цъеуау

И зæронд лæг идзулдæй.

 

И хæдзарæй бæгъæнвадæй

Сувæллæнттæ рауадæй.

Уони фæсте уæгъдфадугæй

Зæронд уосæ рахилдæй.

 

Æрбадтæнцæ хори гъармæ

И мæгуртæ фондземæй,

Сæ бабай конд тауæрæхъмæ

Игъустонцæ æмзæрдæй.

1929.

А.С. Пушкини хузӕмӕ

 

Цæуй рæстæг æвæллайгæ,

Евуй фæлтæри фæлтæр…

Кæсис мæмæ, æдæуагæ,

Кæлуй де ’нгæсæй цæхæр!

 

Хъумбул дзигко сау-сауидæй

Уиндæн æвдесуй æ конд.

Уарзон цæсгон сагъæсхуз æй.

Тæрних исхаста бæрзонд.

 

Кæсун дæмæ, нивæндун дин

Цæхæр зæрдæй дæ фæлгаст.

Зæгъун, мæ хор: «Дæ царди зин

Ке ниууадздзæй æнæ маст?!»

 

Уинун уартæ дæ цæстити

Уазал догæ… Æфхуæрд цард.

Уинун уартæ дæ маргути…

Топпи гъæртæ… Тоги калд…

 

Æринцадтæ, гъо, баймир дæ!

Зæрдæ нирризтæй. Сау бон…

Сауæхседтмæ, хорискастмæ

Адтæй дæуæн дæ фæндон!..

Лæдæрун дин дæ зæрдмæтъæл:

Нур дæ фæндуй зæрдбунæй

Æрцæйцæгъдун де ’ндон хæтæл

Нæ сæрбари идзулдæй.

 

Фал изди фат!.. Ци киндæуа?

На! Нур дæр дæ нæ астæу!

Кæд зæнхи зилд æринцайа,

Уæд феронх уодзинан дæу!

1937.

Дӕ бӕстӕ уарз!

 

Уарз, æмгар, дæ бæстæ мадау,

Ратт йæ сæраппонд дæ тых!

Цу æзнаджы ныхмæ уадау,

Цæв æрра куыйтæн сæ ных!

 

Зон, фыдбон æмæ фыдлæгæн

Дардмæ н ’ахæссы сæ дуг.

Зон, фашистон сау æрдонгтæн

Мах ныккалдзыстæм сæ туг.

 

Зон, ныппырх уыдзæн сæ гæнах, –

Дурыл нал баззайдзæн дур!

У уæлахизмæ нæ фæндаг –

Никуы батар уыдзæн хур!

 

Уарз, æмгар, дæ бæстæ мадау,

Ратт йæ сæраппонд дæ тых!

Цу æзнаджы ныхмæ уадау,

Скал æрра куыйтæн сæ пырх!

1941.

КАЛМАНТИ Алани конд хузæ.

Сӕумӕ

 

Æхсæйвон халасæй

Ферттивта сæумæ

Æхсинцъæ бæласæ

Уæлмæрдти сæрмæ.

 

Метæйдзаг бæласæ

Базмалдæй думгæй.

Æркалдæй халасæ

Æ фæтæн сунтæй.

 

Æркалдæй халасæ

Æхсинцъи сæрæй,

Райгъал æй бæласæ

Рохс хори тунтæй.

1929.

 

Ӕрбацӕй сау тар

 

Уайтагъд курм угау

Бæстæ нигъгъæрзтæй –

Зæрдæ нирристæй

Тæхсгæй фудуæззау.

 

Цæстæй нæ уидтон,

Уæддæр игъустон:

Цъæхахст, унæргъун,

Дзиллæн сæ кæун.

 

Зæрдæ фæссау æй –

Фурвуд æгæнон.

Адæм æгæнон

Зиндони мардæй.

 

Цæстæй нæ уидтон,

Уæддæр игъустон:

Фонсæн сæ æрхун,

Куйтæн сæ рæйун.

 

Фалæ уæхæн рун

Æрдзæ нæ бухсуй,

Фудлæг, йе фурвуд

Берæ нæ хæссуй.

Дуйне нирризтæй –

Арвæн æ гæрах

Тухгин æнæуаг

Уайтагъд фæццудæй.

 

Мæйдар фæппурхæй,

И хор фæззиндтæй,

Æма нæуæгæй

Дуйне ниррохсæй…

 

Цæстæй æриуидтон –

Фурвуд, фудбæллах!..

Фегъал дæн, хеддон

Калдтон æнæуаг…

Фæскавказ,

станицæ Самур,

19.VII.1942

 

Фӕндуй мӕ

 

Фæндуй мæ мæн

Цæмæй дзиллæн

Æ зæрдæ уа кæдзос,

Цæмæй æ уод

Ма уа инод –

Хæсса ирдæй е ‘нос.

 

Фæндуй мæ мæн,

Цæмæй зустæй

маке еса уæлдай –

Цæмæй лæгæн

Есге тухæй

Мабал еса æ хай.

 

Цæмæй дуйне

Ма уа дууех –

Уæлдæр æма дæлдæр,

Цæмæй дзиллæн

Æ кой тугъдæн

Исуа æлгъист, уæнгæл!

 

Цæмæй лæгæн

Исуа цæрæн

Алкæми дæр фæндон,

Цæмæй æ уаг

Цардæн исуа

Рæстдзинадæ бунтон!

Тбилиси, 24.VIII.1942.

 

 

Ме `фсӕдтон тӕфирфӕс

 

(Найфонти Александри мадæн)

 

Мабал хезæ, æна, дæ хъæболи,

Нæбал фæззиндзæнæй æ байвæд,

Нæбал агордзæнæй æнафони

Æ цауæйнон гæрзтæ, æ нимæт.

 

Мабал хезæ, æна, дæ хъæболи,

Нæбал нихходдзæнæй игъæлдзæг,

Агурдта дæ, æна, тохи бони,

Уогæй уæззау цæфæй æгудзæг.

 

Мабал хезæ, æна, дæ хъæболи,

Идард бæсти бахустæй æ цард,

Мадау неке бадтæй æ уæлгъоси,

Нæ ин байвардта æ гъæу æ мард.

 

Мабал хезæ, æна, дæ хъæболи,

Сау ингæни иссердта æ уат.

Ма дзиназæ – дæ фурт устур тохи

Бæгъатæрбæл æрцудæй нимад!..

 

Мабал хезæ, æна, дæ хъæболи,

Нæбал фæззиндзæнæй æ байвæд,

Нæбал агордзæнæй æнафони

Æ цауæйнон гæрзтæ, æ нимæт.

Хонсар фронт.

17.VII.1943.

Мӕ фуртмӕ

 

Ирæзæ, мæ хор, ирæзæ,

Исбæззæ мин фуртæн.

Нæ уалдзæгæн æ рæзæ

Фæббæздзæнæй дæуæн!

 

Ирæзæ, мæ хор, ирæзæ,

Макæд комæ æнкъард –

Багъæуаги-еу дæ мæтæ

Макæд сорæ идард…

 

Ирæзæ, мæ хор, ирæзæ,

Дзиллæ дин уæд амонд –

Уой бæллунæй дæ зæрдæ

Исæхседæд йе ‘взонг.

 

Æрмæст, мæ хор, бадарæ

Дæ зæрдæбæл фæдзæхст:

Дæ фæндурбæл рæвдауæ

Мæ хумгонди арæхст.

 

Ирæзæ, мæ хор, ирæзæ,

Мæ цард дин уæд фæхъау,

Нæ уалдзæгæн æ рæзæ

Фæууæд дæуæн мудау!

Нафтлуг, 24.VII.1942

 

 

Ох, ӕна!

 

О, æна, е,

Дæ хъæболæ

Идард бæсти

Зæрдтагонæй

Дæ фæууиндмæ

Ку бæллуй! Дæ рохс сорæт

Æппунæдзох

Æ фæлгæси

Æд цийнадæ

Зæрдирайæн

Ку гъазуй!

Хонсар фронт,

станицæ Дьякова.

15.VI.1943.