05 ноября 2024

ХЕЦАУ ИСУНМÆ БА КА НÆ БÆЛЛУЙ!..

19.08.2023 | 17:10

Номдзуд французаг финсæг Оноре де Бальзак уотæ финста: «Цийфæндийæй дæр хецауи бунат байахæссон, зæгъгæ, ка гъуди кæнуй, етæ сæ меднимæр ба уæддæр  гæмæрзæ кæнунцæ, цубурзунд ке ‘нцæ, уой.

Мадта нæ нури дзиллæмæ ба цæйбæрцæбæл цæстиварди æй хецау исуни бæлдæ? Уой фæдбæл сервис «Работа.ру» ци æрфарст исаразта, уоми Уæрæсей еугур регионти архайæг 2,9 мин адæймагемæн сæ фулдæри – 64% нæ фæндуй хецауи бунати равзурун. Еци адæмæн айдагъдæр сæ 26% нисан кæнунцæ цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте разамунддæттæг бунатмæ исхъæртун, 10% ба куд гъуди кæнунцæ, уотемæй абони дæр аккаг æнцæ хецауи бунати æрбадунæн.

Хецауи бунати æрбадун ке фæндуй, уонæн сæ 54% куд зæгъунцæ, уотемæй æ дæлбарæ косгутæй алкæмæндæр комкоммæ бæлвурдæй байхæс кæнидæ кустадон ихæстæ, 40% ба исаразиуонцæ æскъуæлхти фæдбæл феддонтæ (премитæ) дæттуни нæуæг фæткæ, 40% ба – фæллойнадон æгъдау фæффедардæр кæнун.

Хецауи бунат ку байахæссон, уæд исаргъ кæндзæнæн косгутæн, зæгъгæ, æрфарст адæймæгутæн сæ 38% гъуди кæнунцæ, 36% исаразуйнаг æнцæ тренингтæ æма ахуртæ, 27% ба фæуурухдæр кæндзæнæнцæ социалон уæлбарти номхигъд, 26% – хайади еугур косгутæн дæр сæ мизд фæффулдæр кæндзæнæнцæ.