26 апреля 2024

ХЕТӔГКАТЫ Къоста

15.10.2021 | 10:04

НЫФС

Тызмӕгӕй мӕм ма кӕс,
Мӕ фыды зӕронд,
Дӕ зӕрдӕмӕ ма хӕсс
Мӕ зӕрдӕйы конд!

Йӕ фыды фӕндиаг
Кӕм вӕййы фырт дӕр? –
Лӕппуйӕ рӕдийаг
Нӕ вӕййы ӕвзӕр!

Дӕ номыл, дӕ кадыл
Нӕ барын мӕхи, –
Ныууадз мӕ мӕ адыл, –
Фӕндон хорз кӕм и?!

Ӕз топпӕй нӕ хъазын,
Ӕз барӕг нӕ дӕн;
Ӕхсаргард ысласын
Мӕ бон нӕу мӕнӕн…

Фӕхудӕнт мыл хъалтӕ,
Ды се ‘мбал нӕ дӕ!
Мӕ гутон, мӕ галтӕ –
Мӕнӕн дӕр цӕттӕ!

Мӕ гутон, мӕ галтӕ –
Мӕ фӕндыр, мӕ зонд;
Мӕ кадӕг, мӕ зарӕг –
Мӕ цард хоры конд.

Нӕ дзыллӕйы зӕрдӕ –
Мӕ хуымгӕнды хай;
Нӕ бӕсты сагъӕстӕ –
Мӕ фӕззыгон най…

Дзаг хорӕй мӕ хордон,
Бӕркадджын мӕ зӕхх,
Хӕдтулгӕ мӕ уӕрдон,
Мӕ фӕндаг – уӕрӕх…

Мӕгуырӕй мын ма тӕрс,
Мӕ фыды зӕронд, –
Дӕ зӕрдӕмӕ ма хӕсс
Мӕ зӕрдӕйы конд!..

 

Нӕ национ аййевадон литератури бундорӕвӕрӕг Хетӕгкати Леуани фурт Къостай райгурдбӕл 15 октябри ӕнхӕст кӕнуй дууӕ ӕма астинсӕй анзи (1859-1906). Уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ 8-аг фарсбӕл.