06 декабря 2024

ХЪИРГЪУТИ МУГГАГИ АРФИАГ ХЪӔППӔРЕС ИННЕТӔН ДӔР БӔРГӔ ӔЙ БАФӔНЗУЙНАГ…

11.12.2021 | 14:41

ГАСАНТИ Валери, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг

Цӕгат Иристони паддзахадон педагогон институти физикон-математикон факультет 1951 анзи каст фӕууогӕй, Хъиргъути Сократ косун райдӕдта Ирӕфи райони Ӕхсӕрисӕри астӕуккаг скъолай физики ӕма математики ахургӕнӕгӕй. Кусти медӕгӕ цӕйбӕрцӕбӕл дӕсни ӕма арӕхстгин, коллективи медӕгӕ дӕр ӕма гъӕубӕсти ӕхсӕн дӕр ин кадӕ ке адтӕй, уой нимайгӕй ӕй  1982 анзи иснисан кодтонцӕ аци скъолай директорӕй ӕма си разамонӕгӕй фӕккуста 1999 анзи уӕнгӕ. Гъӕуи цӕргутӕ, ӕ ахурдзаутӕ адтӕнцӕ ӕви нӕ, уой нӕ нимайгӕй, абони дӕр ма ‘й зӕрдрохсӕй имисунцӕ. Уомӕн ӕма Сократ, айдагъ ахургӕнӕг нӕ адтӕй, фал ма, еуцӕйбӕрцӕдӕр Ӕхсӕрисӕри гъӕусовети сӕрдарӕй ракосгӕй, берӕ хуӕрзти бацудӕй адӕмӕн. Аци бӕрнон бунати никки хуӕздӕр рабӕрӕг ӕй ӕ уодиконди рӕсугъддзийнадӕ, ӕ адӕмуарзондзийнадӕ,  ӕ фӕлмӕн зӕрдиуагӕ, ӕ хуӕрзӕгъдау ӕма ма берӕ ӕндӕр лӕгдзийнӕдтӕ. Ӕхсӕрисӕри еу адӕймаг дӕр, ӕвӕдзи, нӕ разиндзӕнӕй, аци ездон лӕги ном кӕддӕриддӕр рохс зӕрдтагонӕй ка нӕ имисуй.

Сократ абони не ’хсӕн кӕд нӕбал ӕй, уӕддӕр, ӕ берӕ ахурдзаути, хеуӕнтти ӕма гъӕуи цӕргути зӕрдити фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цӕруй, ӕ арфиаг гъуддӕгутӕй ци рохс фӕд ниууагъта, уой фарнӕй.

Ахургӕнӕгӕй ӕма директорӕй ци скъолай фӕккуста, е хӕссуй ӕ ном. Уой нимайгӕй ба Хъиргъутӕ еумӕйагӕй уӕхӕн гъудимӕ ӕрцудӕнцӕ: еугӕр син се ’рвадӕн аци  гъӕубӕсти ’рдигӕй уӕхӕн устур кадӕ кӕнунцӕ, уӕд сӕбӕл  е уӕлдай ихӕс ӕвӕруй ӕма гъӕуама сӕ лӕгдзийнадӕ бавдесонцӕ. Уӕхӕн унаффӕ рахӕсгӕ ба ’й тӕккӕ хуӕздӕр хузи исӕнхӕст кӕнуйнаг ке ’нцӕ,  е ба бӕлвурдӕй рабӕрӕг ӕй.

Нӕуӕг ахури анзи фиццаг бӕнтти Ӕхсӕрисӕри скъоламӕ ӕрбацудӕнцӕ Хъиргъути муггаги минӕвӕрттӕ, Сократи хеуӕнттӕ ӕма хӕстӕгутӕ. Цӕветтонгӕ, уой размӕ сӕ еумӕйаг унаффӕй алли бийнонтӕй дӕр ӕрӕмбурд кодтонцӕ ӕхцай фӕрӕзнитӕ. Ӕма си балхӕдтонцӕ, скъолай ахсгиагӕй ка багъӕудзӕнӕй ахурадон гъуддаги, уӕхӕн дзаумӕуттӕ: ноутбук, хузгин ксерокс-принтер, музыкалон центр, микрофонтӕ, финсӕн ӕма хузгин къартӕ мухургӕнӕн гӕгъӕди ӕма хъазмузтӕ.

Кадгин уавӕри аци лӕвӕрттӕ скъолайӕн балӕвар кодтонцӕ, ӕ урух зали ци ӕмбурд арӕзт ӕрцудӕй, уоми. Архайдтонцӕ си Ирӕфи райони бунӕттон хеунаффӕйади администраций минӕвӕрттӕ, Ӕхсӕрисӕри гъӕуи разамунд ӕма цӕргутӕ, Хъиргъути муггаги минӕвӕрттӕ, ахургӕнгутӕ ӕма скъоладзаутӕ.

Ӕмбурди райдайӕни Хъиргъути муггаги минӕвӕрттӕн сӕ хъӕппӕреси туххӕй райарфӕ кӕнгӕй, скъолай директор Катаути Мэлс ӕ радзубандий загъта:

– Не скъолай анзфинсти рохс фӕд ниууагъта Хъиргъути Сократ. Е берӕ ӕнзти дӕргъи ами фӕккуста физикӕ ӕма математики ахургӕнӕгӕй ӕма директорӕй. Кӕд абони, гъулӕггагӕн, не ’хсӕн нӕбал ӕй, уӕддӕр ин кадӕ кӕнӕн, фиццагидӕр уомӕй, ӕма нин ци фӕрнгун ӕгъдӕуттӕ ниууагъта, уони идарддӕр кадгиндӕрӕй ӕнхӕст кӕнунбӕл архайдӕй. Зонун сӕ кӕнӕн нӕ ахурдзаутӕн. Сократи номбӕл сумах, Хъиргъути муггаг, ци хуарз ӕгъдау искодтайтӕ не скъолайӕн, уӕхӕн хузи агъаз нин нерӕнги некӕдма неке бакодта. Ӕма уӕ уодти ӕма дзиппи бӕркад фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнӕд. Нӕ зӕрдӕ ба ма уобӕл дарӕн, ӕма уӕ уӕ хъӕппӕресӕй бафӕнздзӕнӕнцӕ иннӕ муггӕгтӕ дӕр, уомӕн ӕма е уодзӕнӕй нӕ еумӕйаг гъуддаг – нӕ кӕстӕрти раст зундирахастӕй дӕр ӕма зонундзийнӕдтӕй ӕнхӕстӕй хайгин кӕнун – ӕнтӕстгинӕй ӕнхӕст кӕнуни сӕрбӕлтау. Ӕма си ӕновудӕй архайун ба гъӕуама уа алли муггаги ахсгиагдӕрӕй-ахсгиагдӕр ихӕс .

Ӕгъдау, намус, уоди ӕма зӕрди бӕркад ӕ разӕй кӕмӕн фӕццӕунцӕ, еци адӕймаг ӕ дзиллитӕн алкӕддӕр фӕнзуйнаг фӕууй. Ӕма ӕ уӕлзӕнхон царди нӕдтӕбӕл ӕ балци ку фӕууй, ӕма е ’цӕг дуйнемӕ ку банӕхстӕр уй, уӕд уоййадӕбӕл ӕ карнӕн, ӕвӕдзи,  кӕронгонд не ’рцӕуй – ралӕууй, ӕ номӕй ӕма ӕ лӕгигъӕдтӕй ӕ фӕсте ци рохс фӕд ниууагъта, уонӕмӕ гӕсгӕ ин кадӕ ӕма аргъ кӕнуни рӕстӕг.

Хъиргъути Сократи номерæн мадзали архайгутæ

Сократи гъуддӕгутӕй нури кӕстӕр фӕлтӕртӕбӕл ӕма ӕ хуарз ӕнсувӕртӕбӕл фарнӕ ке ӕмбӕлуй, уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕмбурди ӕ кадгин ӕрвади туххӕй муггаги хестӕртӕй еу, Хъиргъути Виктор ци гъудитӕ загъта, етӕ:

– Мах, Хъиргъутӕ, абони ци гъуддаг бакодтан, уой гъӕуама раздӕр исаразтайанӕ. Не ’рвадӕ Сократ зундӕй дӕр ӕма ӕ уодикондӕй дӕр дессаги гъӕздуг адтӕй. Мӕнӕ аци гъӕуи скъолай ци  рӕстӕг фӕккуста, уой дӕргъци уодуӕлдайӕй архайдта дзиллӕн хуарздзийнӕдтӕ аразуни сӕрбӕлтау, коллективи фарни гъуддӕгутӕ цӕстигагуй хузӕн айдагъ гъӕуай нӕ кодта, фал ма сӕ никки фӕббӕркадгиндӕр кӕнунӕй ӕхебӕл нӕ аурста. Мадта, муггагбӕл куд ӕновудӕй ауодудта, е дӕр сӕрмагонд дзубандий аккаг ӕй. Фӕндуй мӕ райарфӕ кӕнун гъӕуи хестӕртӕн ӕма скъолай абони разамундӕн, сӕ фӕрци Сократи карни ӕма хъиамӕтти арфиаг хабӕрттӕн идарддӕр цӕрӕнбон ке ес, уой туххӕй. Гъӕуи фӕсевӕдӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъуй, цӕмӕй уонцӕ Сократи хузӕн ахургонд ӕма зундгин, арфиаг гъуддӕгутӕй адӕми ӕхсӕн уиндгун, хумӕтӕг царди гъуддӕгути ездон ӕма разӕнгардӕй сӕ карни гъуддӕгутӕбӕл архайӕг кӕстӕртӕ. Абони доги домӕнтӕ уӕхӕн ӕнцӕ, ӕма рохсдӕр исонибон аразӕн ес айдагъдӕр ахури ӕма зунди фӕрци. Уогӕ ӕнӕ уонӕй раздӕр дӕр зин цӕрӕн адтӕй, фал нури рӕстӕгути ба уӕлдай хъӕбӕрдӕр гъӕунцӕ. Ӕма уонӕй ӕнхӕст унмӕ ӕгириддӕр ма зийнадӕ кӕнетӕ!..

Ахурдзаутӕн Сократ нӕуӕг ӕрмӕг ку амонидӕ, уӕд ӕй цӕмӕй сӕ зӕрдӕбӕл хуӕздӕр бадаронцӕ, уой туххӕй пайда кодта берӕ аллихузон фӕрӕзнитӕй, сауӕнгӕ ма уӕхӕнттӕй дӕр, ӕма нӕдӕр уӕлдӕр ахургӕнӕндони дӕр ке нӕ амудтонцӕ, уӕдта педагогон нӕуӕгдзийнӕдти ӕ кой дӕр кӕмӕн нӕ уидӕ, уӕхӕн, ӕхе ӕргъудиконд  мадзӕлттӕй. Зӕгъӕн, ахурдзаутӕн нӕуӕг урок амонгӕй, уой ку ӕристӕфидӕ, ӕма, уруссаг ӕвзаг бустӕги хуарз ка нӕзонидӕ, етӕ ’й ӕнхӕст нӕ лӕдӕрунцӕ, уӕд син ӕй дигоронау дӕр байамонидӕ.

Куд ахургӕнӕг, уотӕ ӕ кусти сӕйрагдӕр, дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, адтӕй ахурдзаутӕн зонундзийнӕдтӕ ӕнхӕстӕй дӕттун, фал уой ӕмбӕрцӕ ба ма ӕхе ихӕсгин кодта рохситауӕн архайдӕй ӕ зӕрдтагон бӕлдӕ адтӕй, кӕстӕртӕ арф зонундзийнӕдти хӕццӕ ма куд уонцӕ уодикондӕй федауцӕ ӕма зӕрдӕй нифсгун, уотемӕ сӕ сӕ  царди нӕдтӕбӕл рафӕндараст кӕнун. Скъоладзаутӕй, уӕлдайдӕр ба биццеутӕй, еске фудуаг миутӕ ку ракӕнидӕ, уӕддӕр хилтӕ-каколатӕй ӕфхуӕруни бӕсти син сабур хебарӕ дзубандийӕй сӕ рӕдуд балӕдӕрун кӕнидӕ, багъӕуаги ба син бӕлвурд дӕнцитӕ дӕр ӕрхӕссидӕ, ӕведауцӕ миутӕ адӕймагӕн ӕхецӕн ци фидбилӕзтӕ исаразунцӕ, уой фӕдбӕл. Ӕма хестӕри сабур дзурд ба сабий куд гъӕуама нӕ балӕдӕра…

Сократ устур ӕргом ӕздахта, цӕмӕй ахургӕнгути ӕма скъоладзаути ниййергути ӕхсӕн уа кӕрӕдзей лӕдӕргӕ бастдзийнадӕ ӕма ӕмархайд, уомӕн ӕма ’й зудта, е кӕстӕрти ахур ӕма гъомбӕладӕбӕл хуарзӕрдӕмӕ ахедуй.

Кӕстӕрти карнӕбӕл ӕновудӕй ауодӕг ӕма ӕвӕллайгӕ рохситауӕг, гъӕубӕсти ездондӕр хестӕртӕй еу – уӕхӕн лӕгбӕл нимад адтӕй Хъиргъути Сократ  Ӕхсӕрисӕри дзилли ’хсӕн, уӕхӕн ӕй байзадӕй, комкоммӕ ’й ка зудта ӕма абони цардӕгас ка ’й, уони зӕрдити, сӕ имисуйнӕгти ин арфиагӕй ахид ракӕнунцӕ ӕ кой.

Ӕмбурди ма Хъиргъути муггаг фегъосун кодтонцӕ сӕ унаффӕ, цӕмӕй Ӕхсӕрисӕри астӕуккаг скъолай бундорбӕл арӕзт ӕрцӕуа фӕсевӕди ахурадон-зонадон центр. Кӕстӕртӕн си фадуат уа математикӕ ӕма физики ӕртасӕн куст кӕнунӕн.

Фембӕлди ма радзубанди кодтонцӕ ӕма Хъиргъути муггагӕн зӕрдиагӕй райарфӕ кодтонцӕ Ирӕфи райони бунӕттон хеунаффӕйади администраций ахуради хайади сӕрдари ихӕстӕ ӕнхӕстгӕнӕг Хъӕбӕлоти Зелим ӕма Ӕхсӕрисӕри бунӕттон хеунаффӕйади администраций сӕргълӕууӕг Езети Анатоли.

Адӕймаги карнӕ хуарз гъуддӕгутӕй нивӕфтуд ку уа, уӕд ӕ адзали фӕсте аци зӕнхӕбӕл ӕ рохс ном ӕма ӕ арфиаг хъиамӕттӕ нӕ феронх унцӕ дзиллӕй, сӕ кой адӕмӕн зундгонд фӕууй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, кӕстӕртӕн исунцӕ сӕ развӕндаг амонӕг ӕма разӕнгардгӕнӕг фӕдзӕхст. Ӕхсӕрисӕри дзиллӕн, Хъиргъути муггагӕн, уӕлдайдӕр ба сӕ кӕстӕртӕн Сократ уӕхӕн зӕрдтагонӕй имисуйнаг лӕгӕй ӕностӕмӕ ке уодзӕнӕй, е ба бӕрӕг ӕй, адӕм ӕй абони дӕр ке нӕ иронх кӕнунцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау хуӕрзти син бацудӕй, уой, ӕма ’й зӕрдиагӕй ке имисунцӕ, ӕ номерӕнӕн ин ци ӕгъдау дӕттунцӕ, уомӕй дӕр.