04 майя 2024

ХИСТÆРЫ ФАРН – КÆСТÆРТÆН

21.04.2023 | 14:49

Газет «Рæстдзинад»-и редакций косгутæ фæлладуадзæн балций. Астæуæй лæууй ТЕГАТИ Сулейман, разæй ба бадуй ЦГЪОЙТИ Хазби.

Газет «Рæстдзинад»-ы тыргъы къулыл ныр ссæдз азы бæрц ауыгъд ис, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохы быдырæй нæм чи нал сыздæхт, уыдоны мемориалон фæйнæг. Цыппæрдæс сурæты йыл. Цыппæрдæс цæстæнгасы цардмæ, цыппæрдæс удыхъæды миддуне æвдисæг цæстытæ. Ссæдз азмæ сæ хуыз æппындæр нæ аивтой. «Рæстдзинад» аразджытæ зæронд кæнынц, цæуынц пенсийы, ивынц сæ æндæртæ. Уыдон уыцы-иу хуызонæй лæууынц. Азты фæд сыл нæ зыны. Рæстæджы бон сыл нал цæуы. Арæх алæууын сæ уæлхъус, арæх ныккæсын сæ цæстæнгасы æрфытæм, цымæ цæуыл хъуыды кодтой, цæмæты тырныдтой, цы уыд сæ бæллиц, зæгъгæ. Цы зæгъынмæ хъавынц ныр? Арæх ныккæрзы мæ зæрдæ сæ разы, мæ буарыл ихæнриз æлхысчъытæ кæнгæ азгъоры, хъуын арц абады. Афтæ мæм фæкæсы, цыма сын сæ бынат бацахстам, æмæ сын æрцæуын хъомыс уымæн нал ис. Афтæ мæм фæкæсы, цыма мæ фæрсгæ фæкæнынц, ды та ам цы кусыс, цы сарæзтай «Рæстдзинад»-æн хорзæй, зæгъгæ.

«Рæстдзинад»-мæ æз райдайæны кусынмæ кувæндонмæ цæуæгау цыдтæн. Стыр аргъ кодтон йæ алы кусæгæн дæр, нымд кодтон сæ алы ныхасæн дæр. Хорз адæм дзы æрбаййæфтон кусгæ. Æнаипп адæймаг куыд нæй, афтæ æнаипп коллектив дæр нæй. Уæлдайдæр та сфæлдыстадон адæмы къорд. Адæймаг йæ хъæбулы куыд уарзы, сфæлдыстадон кусæг дæр афтæ – йæ уацмысы. Мадæн йæ хъæбулы рафауæгау у авторы уацмыс рафауын дæр. Иумæйаг рæстдзинадæн стæмтæ быхсынц, алкæмæн дæр ис йæхи рæстдзинад. Æмæ зулдзыхы ныхас, æнæразыдзинад уыд, æз мæ æвæлтæрддзинады аххосæй æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæ «Рæстдзинад»-ы дæр. Фæлæ уæддæр æнгом æмæ фидар коллектив уыд «Рæстдзинад»-ы. Уымæн ахъаззаг æвдисæн уый дæр, æмæ редакторы хæдивæг Гагкайты Дзибис куы амард, уæд ын йæ æвæгæсæг зæронд мадæн йæ мæлæты онг æрвылмæй дæр хастой йæ фырты мызды бæрц, æмбырд та йæ кодтой æхсæны. Йæ зианы бон ын куыд балæггад кодтой, уымæн мæхæдæг дæн æвдисæн.

Газет «Рæстдзинад»-и редакций косгутæ номдзуд штангист ЕНАЛДИТИ Аслæнбеги хæццæ фембæлди рæстæг. Дуккаг рæнгъи галеуæрдигæй æртиккаг лæууй ТЕГАТИ Сулейман.

О, бирæ хорз адæм фæхъуыд «Рæстдзинад»-æй цæрынхъуагæй. Дзæнæты бадæнт. Сæ фарн нын ныууагътой, сæ намысæй хайджын стæм.  Æрымысæм сæ иууылдæр номхуындæй нæ цины, нæ хъыджы, рухс сын фæзæгъæм. Фæлæ дзы уæддæр мæ зæрдыл уæлдай арæхдæр æрлæууынц æртæйæ: Цогойты Геор, Тегаты Сулейман æмæ Хъуылаты Чермен. Цы дунемæ ацыдысты, уый хорзæх сæ уæд. Цæргæс тæхгæйæ куыд мæлы, афтæ æртæйæ дæр цардæй фæхъуыдысты кусгæйæ, сæ тæккæ хъаруйыл, бынтон æнæнхъæлæджы.  Знон дæр ма немæ цы хъуыдытæ дзырдтой, царды цæуылты сагъæс кодтой, уый нæ нæма айрох, знон дæр ма нæм райсомæй сæ къухтæ, дæ райсом хорз, зæгъгæ, æрбалæвæрдтой æмæ сæ къухты хъарм нæ æрмттæй нæма ацыд, сæ цæстæнгас рæстæджы фæлм нæма бамбæрзта, сæ дзыхы ныхас ма нæ хъусты зæлланг кодта, афтæмæй нал уыдысты æмæ никуыуал æрбахызтысты редакцийы къæсæрæй. Уæдæй нырмæ никуыуал фехъуыстам Георы уæззау зонды æрхъуыдыджын ныхæстæ, Сулейманы хъæлдзæг зарджытæ, никуыуал федтам хæларзæрдæ Чермены гæзæмæ мидбылхудт. Фæлæ ма сæ абон дæр мысæм æмæ сæ никуы ферох кæндзыстæм.

*  *  *

Æнгом æмæ куыстхъом коллектив æрбаййæфтон «Рæстдзинад»-ы. Æгъдау æмæ царды фæтк дзы уыд фидар; кæстæр, хистæр, сылгоймаг – алкæмæн дæр йæ фарн – йæхимæ. Зынтæй арæзт цыд уæд газет. Уымæн æмæ Мæскуыйæ телетайпыл цыд æнæмæнг мыхуыргæнинаг æрмæг бирæ. Номырмæ йæ хъуыд тæлмац кæнын. Номырмæ та уымæн æмæ нæ нæ фæндыд «Социалистическая Осетия»-йы фæстæ зайын. Куысты иннæ къуылымпыдзинад та уыд партийы обкомы «аудындзинад» – газеты фезмæлын, чысыл сæрибар уæвын дæр нæ уагътой.

Быхстой рæстæджы цæлхдуртæн «Рæстдзинад»-ы кусджытæ æмæ уæхски-уæхск лæугæйæ уагътой ирон газет. Се ’нгомдзинад уæлдай тынгдæр бæрæг уыд, бахъуыды рæстæг-иу бонмæ сæрмагонд номыр куы ацæттæ кодтой, уымæй дæр. Уарзтой кусын æмæ фæллад уадзын дæр. Æрдзы хъæбысы хъæлдзæгдзинæдты уæлдай тынгдæр зынд Тегаты Сулейман. Хорз арæхст кафынмæ, хъæлдзæг хабæрттæ кæнынмæ, зарынмæ та йын æмбал нæ уыд. Ныр дæр ма арæх æрымысæм, йæ уарзондæр зарæг «Къутты Кудзи – хорз цуанон»-иу куыд зæрдиагæй зарыд, уый.

Хъæлдзæг æмæ кæрæдзийыл алыхуызон хъæлдзæг хабæрттæ мысаг уыдысты «Рæстдзинад»-ы уæды кусджытæ. Сæ цырв та уыд Мамсыраты Мурат. Алкæуыл дæр дзы, уый хъуыдымæ гæсгæ цыдæр æмбисонд æрцыд æмæ-иу уыдон дзургæйæ, мах гуыбынхæлдтæ кодтам. Æндæр, бынтон æндæр уавæр та-иу уыд газеты радон номырыл уынаффæйадон æмбырды. Иуæй-иу хатт ма сыл-иу дис дæр кодтон, базонæн сын-иу нал уыд: æрдæбон дæр ма тыргъы худæн ныхæстæ чи кодта, уыдонмæ æвиппайды ахæм бæрнондзинады æнкъарæнтæ кæцæй фæзынд? Кæцæй? Газет аразгæйæ сæ хæс арф æмбæрстой ирон адæмы, фидæны фæлтæрты раз! Фидæныл æууæнк сæ кодта бæрнон æмæ ныфсджын.

ТЕГАТИ Сулейман æма æ цардæмбал Зæринæ (Тауасити Мæхæмæти кизгæ) дессаг хуæрзведауцæй фæццардæнцæ, исгъомбæл кодтонцæ хуæрзæгъдау цæуæт, кæцитæй адтæнцæ хъæбæр боз æма сæрустур, уомæн æма син сæ зæрдитæ рохс кодтонцæ сæ арфиаг цардиуагæй.

Ахæм æмбырдты Тегаты Сулейман уыд нæрæмондæр. Уымæн æмæ æнкъардта дывæр бæрнондзинад – иуæй райдианы куыста промышленнон хайады сæргълæууæгæй (уый фæстæ сси редакторы хæдивæг), иннæмæй уыд партион организацийы секретарь. Куыстыл тынг æнувыд кæй уыд, уымæй цыд газеты æрмæджытыл йæ зæрдиаг æмæ комкоммæ, биноныг ныхас. Йæ кустуарзондзинадмæ йын бирæтæ хæлæг кодтой. Бирæ хатт-иу æй изæрæй кусгæйæ ныууагътам æмæ та-иу райсомæй махæй фæраздæр. Республикæйы районтæм, хæхтæм шахтертæм цæуын зивæг нæ кодта. Иузæрдион уыд кусæг къласыл. Йæ очеркты æмæ уацты, репортажты сæйраг архайджытæ фылдæр уыдысты куысты хъазуатонтæ. Фæллойы уыдта царды ад. Уый фæдзæхста кæстæртæн дæр.

Царды зын фæндагыл рацыд Сулейман. Æппæты зындæр та дзы уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Мæлæты дзыхæй дзы раирвæзт. Ног цардыл, Коммунистон партийыл æууæнк æй зындзинæдты цур сæттын никуы бауагъта. Æдзухдæр æй уырныдта йæхи æмæ йæ цоты амондджын фидæн. Æрмæст иунæг хатт фæтыхст, иунæг хатт фæтарст фæллойгæнæг адæмæн сæрибармæ фæндаг цы ног цард радта, уымæн æмæ-иу æй зæрдæрисгæ радзырдта. Уый хæсты быдыры уыд, не ’фсæдтæ, фæстæмæ цæугæ, Цæгат Кавказмæ куы æрбахæццæ сты, уæд.

– Æдас нæ уыдыстæм, знаг уыйбæрц арф кæй æрбацыд нæ зæххыл, уымæй, – мысыд арæх, – фæлæ нын нæ ныфс ноджы тынгдæр састой провокатортæ. Тынг нæ уырнын кодтой, фашисттæн басæттæн кæй нал ис, не ’фсады сæйраг тыхтæ дæрæнгонд кæй æрцыдысты, ууыл, æмæ-иу сагъæсы аныгъуылдтæн: фашизмы æлдариуæгады дæлбар куыд цæрдзыстæм?..

Хæствæлладæй здæхт йæ хъæу Цыколамæ Тегаты Сулейман, фæлæ хъæлдзæг æмæ амондджын уыд. Цыфыддæр знагимæ тохæй уæлахиз æмæ сæрæгасæй здæхт. Озречы хъæуы машинæйæ æрхызт. Уырдыгæй фистæгæй фæцагайдта Быдыры Дæргъæвсыл йæ райгуырæн хъæумæ. Æрыгон хæстоны зæрдæ рад Ирыстоны хæхты, зонгæ бынæтты уындæй, зонгæ ныхас хъусгæйæ, йæ къæхтæ йæ базыртау  уæлиæутты хастой. Сулейман бирæ уарзта йæ хъæу Цыкола, йæ историйы тыххæй ныффыста егъау уац, йæ цæрджытæй бирæтæ систы йæ очеркты хъæбатыртæ.

«Рæстдзинад»-ы кусгæйæ, Тегайы-фырт йе ’ргом тынг здæхта кæстæрты хъомыладмæ, сæ журналистон профессионалондзинады рæзтмæ, сæ куысты æмæ царды уавæртæм. Уый тыххæй йемæ уыдысты уæлдай æргомдæр дзырд æмæ йæм æдзухдæр хастой сæ хъаст, сæ сагъæс. Алы фарстайы дæр сын кодта ахадгæ æххуыс.

Сулейман кæд социалистон цардарæзтыл, партийы хъуыдытыл иузæрдион уыд, уæддæр æнкъардта йæ рæстæджы хицауады æнæрастдзинæдтæ, адæмы цард мæгуырæй-мæгуырдæр кæй кæны, уый аххосæгтæ æмæ-иу арæх зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхасы йæ маст нал баурæдта. Хæсты быдыры цы зындзинæдтæ бавзæрстой, милуангай адæм цæй сæрвæлтау радтой сæ удтæ, уымæй фыдæнхъæл кæй фесты, уый йæ æнцой нæ уагъта. Хорз ма хъуыды кæнын йæ отпусчы рæстæджы йæ хæстон æмбалы уынæг Волгограды облæстмæ куыд ацыд. Фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд йæ дзуринаджы сæр иудзæвгар йæ фысымы царды уавæртæ уыдысты.

– Ды куы федтаис, цы уавæрты цæры, уый! – йæ хъоппæг цæстытæ-иу доны разылдта, афтæмæй дæм ныууырдыг уыдаид. – Дыууæ уаты. Иуы дзы цæры йæ усимæ, иннæйы та – йæ иунæг сæгъ. Афтæмæй колхозы бухгалтерæй куыста, ныр пенсийы ис. Зымæг цæмæй цæрдзысты, нæ зонын. Гъе, уый дын дунейы карздæр хæсты уæлахизхæссæг салдаты хъысмæт! Ирыстонмæ, нæхимæ сæ кодтон, æмæ мын нæ ракуымдтой.

ТЕГАТИ Сулейман æ документалон уацтæй еуей хъайтар, зундгонд хæдзарадон æма æхсæнадон архайæг ÆЛХЪАЦАТИ Деболай хæццæ.

Йæ хæстон æмбалы, фыдбонтæ иумæ кæимæ бавзæрста, мæлæты комулæфт иумæ кæимæ банкъардтой, уый йын фæсдуармæ чи рарæцыгъта, ахæмтæ уыд æмæ ис Ирыстоны дæр. Уыдон æдзæсгом митæ уынгæ, царды тыхджынæй-тыхджындæр кæй кодтой, уый зонгæйæ маст хаста йæ зæрдæмæ. Раджы фæурс ис йæ сæры хил. Рæстæг куыд ивгъуыдта, пенсийы кармæ куыд тагъд бахæццæ, уый дæр уыд йæ сагъæс. Раст цыма йæ зонгæ кодта, пенсиисæгæй бирæ нæ фæцæрдзæн, уыйау-иу рафт-бафт систа, нырхуым-иу.

Бæрцæй цалдæр мæйæн райста пенси Тегаты Сулейман. Æмæ иу ахæмы куыстмæ афоныл нал æрбацыд. Поликлиникæйы уыдтæн, зæгъгæ, нын бамбарын кодта фæсæмбисбон, цыдæр кæнын, мæ чемы нæ дæн, мæ хидæй сфæлмæцыдтæн. Цалдæр боны ма. Дохтыртæ йæ биноныг федтой. Загътой йын операци кæнын дæ хъæуы. Уый Мæскуымæ æрвысты гæххæтт райста. Хуыздæр дохтырты æвджид бакодта йæ цард, фæлæ адзалæн мадзал нæй. Операцигæнæн стъолыл банцад йæ зæрдæ йæ куыстæй.

Йæ ныгæнæн бон бирæ адæм æрæмбырд, изæрыгæтты-иу йæ хæлæрттимæ хъæлдзæгæй абадын бирæ кæм уарзта, уыцы кæртмæ. Бирæ дзы уыд, «Рæстдзинад»-ы йæ бирæ азты куысты рæстæг хорзæй кæй ном ссардта, уыдонæй дæр. Фæндараст ын загътам, фæлæ  нæ зæрдæты баззад, куыд æй зыдтам, нæ цæстытыл уайы, Мæскуымæ йæ операци кæнынмæ куы фæндараст кодтам, уæд йæхи куыд хъæлдзæг дардта, афтæмæй.

ЦГЪОЙТЫ Хазби, фыссæг, журналист