ХОДÆГИ ХАЛÆ РАХУÆРÆ!
***
Минкъий кизгæ æ мадæн агъаз кæнуй Нæуæг анзи бæрæгбони фингæ цæттæ кæнунмæ. Кард райста æма къалбас устур хæйттæй лух кæнуй. Æ мадæ ин бауайдзæф кодта:
– Кизгæ, тæнæгдæр хæйттæй сæ лух кæнæ!
– Æма æз уони мæхецæн лух кæнун.
***
– Мæ мадæ, цæхуæн лæвар дæ гъæуй Нæуæг анзмæ?
– Тæккæ хуæздæр лæвар – дæ хуарз бæрæггæнæнтæ скъолай!
– Байрæги кодтай, мамæ, æз дин духи балхæдтон!
***
Вовочки фæрсуй æ мадæ:
– Нæуæг анзи бæрæгбони фæсте æз адгийнаг нæбал хуæрдзæнæн, дæ фидæ ба æ тамаку думун ниууадздзæнæй. Ду ба?
– Æз ба, ка ’й зонуй, скъоламæ цæун ниууадзон…
***
– Мамæ, мамæ, нæ назу бæласæ цæфсуй!
– Нæ, цæфсгæ нæ кæнуй, фал тæмæнтæ калуй.
– Мамæ, мамæ, кæсай!.. Нæ къæразгæмбæрзæнтæ дæр тæмæнтæ калун райдæдтонцæ!
***
– Нæ хъазар биццеу, Нæуæг анзмæ дин ци балæвар кæнæн?
– Танк, лего гъазт… æма мæ æртæ бони исуæгъдæ кæнетæ дæндæгутæ æхснунæй!..
***
– Баба, ба ’й зонай, кæци поезд хъæбæрдæр æрæгæмæ кæнуй?
– Кæци, биццеу?
– Ду мин фарæ Нæуæг анзмæ зæрдæ кæмæй байвардтай, е!
***
Минкъий биццеуæн Нæуæг анзмæ балæвар кодтонцæ куй сенбернар. Фал æй, мæгур æ бон, сувæллон нæ балæдæрдтæй: ке си кæмæн балæвар кодтонцæ, уой.
***
– Уæхæн идард балций дæ уоси мади ракæнунмæ дæ нифс куд бахастай?
– Уотæ мин загъта, Сау денгиз, дан, ку фæууинон, уæд мæ рамæлæтбæл дæр арази дæн.
***
– Хуарз лæг, дæ уосæн бæрæгбонмæ балхæнæ деденгутæ!
– Æз уосгин нæ дæн.
– Мадта дæ уарзон кизгæн.
– Уарзон кизгæ дæр мин нæййес.
– Балхæнæ ’й мадта, уæхæн æнæмæтæ цард ке кæнис, уой туххæй.
***
– Дохтир, дæ агъаз мæ багъудæй. Нæ лæг цидæр æнахур незæй фæссæйгæ ’й.
– Гъома?
– Æнæгъæнæ сахат ин мæ гъæститæ фæккодтон, е ба мæ, цума игъосгæ дæр нæ кæнуй…
– Хуарз уосæ, е нез нæй, е æй устур искурдиадæ.
***
– Аци анз ма дин фæстаг хатт зæгъун: æфстау ми ци дæс мин соми райстай, уони мин уæддæр Нæуæг анзмæ гæсгæ фæстæмæ радтæ.
– Хуарз æй, фæстаг хатт ма мин ке зæгъис, е. Æндæра де ’хца коруни хабарæй мин мæ зæрдæ исцъæх кодтай.
***
– Нæ лæг, зæгъай мин, аци анз циуавæр нæуæг модæ уодзæнæй?
– Æз си федарæй дууæ хузи пъолций зонун: фиццаг – дæ зæрдæмæ ка нæ фæццæудзæнæй, уæхæн. Дуккаг ба – мæнæн мæ бон балхæнун ка нæ бауодзæнæй, уæхæн.
***
Дууæ лæги бадунцæ финги уæлгъос:
– Дæ цæститæ ци ницъцъундæ кæнис, водкæ ку фæнниуазис, уæд?
– Мæ бийнойнагæн федар дзурд равардтон, æз аци ниуæзтæмæ кæсгæ дæр ке нæбал бакæндзæнæн, уой туххæй.
***
– Не ’фсийнæ, нæ бор карк цидæр мæтъæл æй. Куд дæмæ кæсуй, ливзæ си искæнæн?
– Кæд ин уомæй æ зæрдæ барохс кæндзæнæ, уæд имæ мабал кæсæ…
***
– Абони еу газети бакастæн, гъома, дан, адæймаг анзмæ гъæуама бахуæра æртæ кили цæнхæ, – загъта сехуарбæл уосæ æ лæгæн.
– Е бæргæ раст æй, мæ хъазар, фал еу хуæрдæн нæ, – цæхгун басæ хуппитæгæнгæй ин дзуапп равардта лæг.
***
Трамваймæ уæззау хæссуйнæгти хæццæ бахизтæй рацæргæ силгоймаг. Фæсевæдбæл æ цæстæ радардта, æма си æ бунатæй ку неке базмалдæй, уæд загъта:
– Гæрр, аци вагони еу уосгор лæхъуæн дæр нæййес?
– Уосгортæ æма си киндздзон кизгуттæ бæргæ берæ ес, фал æ бунат хестæрæн ка радта, уæхæн ба си, æвæдзи, нæййес, – загъта бæлццæнттæй еу.
***
Зæлинæ фæрсуй Мæдини:
– Зæгъай, ме ’мбал, мæ нæуæг лæг дæмæ куд кæсуй?
– Лæги ходæ даруй?
– Мадта ци гъæуама дара!
– Гъема хъæбæр хуарз… Дæу æндæр ку неци гъæуй!..
***
– Фусунтæ сæ иуазгути гъæугæронмæ цæмæн рафæндараст кæнунцæ?
– Цæмæй сæ баруагæс уа, æцæгæй ке рандæ ’нцæ, е.
***
Фидæ дзоруй æ фуртмæ:
– Биццеу, мæ хор, равдесай мæмæ дæ бонуг.
– Мæхемæ нæй папæ, ме ’мбалмæ æй равардтон æ фиди тæрсун кæнунмæ.
***
– Папæ, мамæ дин дæ зæрдæ цæмæй фæхходун кодта?
– Лæдæрис æй, мæ кизгæ, Нæуæг Анзи бæрæгбонмæ æз дæ мадæн норкити царæй конд шубæ балæвар кодтон, е ба мин дасæн лезвитæ.
– Папæ, æма дæу дæр норкитæй конд шубæ гъудæй?
***
Цума ма нæ постхæссæгæй сæрæндæр æма зæрдхæлардæр адæймаг разиндзæнæй…
– Уагæр кæми фескъуæлхтæй?
– Газеттæ нæ рафинстон, уотемæй мæмæ алли бон дæр цалдæр æрбадæттуй.
***
Карз ниуæзтæ хæссуй устур бæлæхтæ, – дзоруй лектор адæмæн. – Уой азарæй еу æма дууæ бийнонти нæ рахецæн æнцæ…
– Дæ хуарзæнхæй, бæлвурддæр æй зæгъай, уой туххæй цæйбæрцæ баниуазун гъæуй? – æхе нæбал бауорæдта Хъилцæ.
***
– Дæумæ гæсгæ, æдули ке ес исхонæн?
– Е æй уæхæн адæймаг, æма ин еу дзоруй, фал си уомæн æ сæри неци цæуй. Балæдæрдтæ?
– Неци ин балæдæрдтæн.