ХЪОДЗАТИ Æхсарæ ÆМГАРИ СОРÆТ (Фрагменттæ)
ДЗАБОЛАТИ Хазбийи райгурдбæл дæс æма цуппаринсæй анзи ке исæнхæст æй, уой фæдбæл ин абони æ рохс ном ерæн Цæгат Иристони адæмон поэт ХЪОДЗАТИ Æхсари имисуйнæгтæй. Бæлвурдæй уони мухур ба кæнæн уомæ гæсгæ, æма æмбæлццæнттæ адтæнцæ царди гъуддæгути дæр æма исфæлдистади дæр, сæ лимæндзийнадæ адтæй уодæй кæдзос æма зæрдæй æновуд. Хазби æ хуарз æрдхуарди цитгингæнгæй кæддæр сæрмагондæй дæр ма ниффинста мæнæ ауæхæн æмдзæвгæ:
ХЪÆРИУЫ ХОХЫ РÆБЫН
(Ме ’мбæлццон Хъодзаты Æхсарæн)
Зымты уаст – сусæг катайау,
Хæхтæ – бæрзонд, сæрыстыр.
Къултыл чырынтæ куатæйы
Апырх хъæугай Ирыстон.
Мигъ-цæргæс урссис базыртæй
Схæцыд сындæг Хъæриуыл…
Рæгътæ мæ бынмæ – каузылдæй,
Иунæг бæллиц – мæ риуы:
Бавæр, ныуулæф зарæджы
Иры сæрвæлтау зæрдæ!
Къуылдымтыл, комы нарæджы
Судзгæ фæтæх зынг зæлтæй!
Æхсарæ дæр нæ иронх кæнуй æ хуарз æмбали, ци равгæ æма гæнæн фæууй, уомæй ин æ рохс ном нерæнгæ дæр цитгин кæнуй. Кæрæдземæн цæйбæрцæбæл зæрдтагон адтæнцæ, е ба бæрæг æй, мæнæ дæлдæр ке мухур кæнæн, Æхсари еци имисуйнæгтæй дæр.
Рагацау мæ гъостæбæл уайунцæ кедæр карз уайдзæфтæ. Гъома, цитæ финсуй ейæ: литературон-критикон уац æви имисуйнæгтæ, киунуги туххæй рецензи æви эссе?
Мæ дзуапп цæттæ ‘й: мæн нуртæккæ жанри мæтæ нæййес.
Авд анзей размæ ирон литературæбæл æрцудæй устур зиан – цæрунгъæуагæй рамардæй поэт Дзаболати Хазби.
Фиццагидæр ин базонгæ дæн е ‘мдзæвгити хæццæ. Фæззиндтæнцæ газетти æма журнал «Мах дуг»-и. «Рæстдзинад»-и æ кой ахид адтæй: косуй, дан, Бурони æрзæткъахæнти, æй дæсни хонхкъæртгæнæг, æ ихæстæ æнхæст кæнуй дзæвгарæ фулдæртæй, уæдта, дан, дзæбæх æмдзæвгитæ дæр финсуй.
Е адтæй 1958 анзи. Уæд Къостай номбæл паддзахадон педагогон институти ахур кодтон. Ме ‘мдзæвгитæ ахид хастон газеттæмæ, «Мах дуг»-мæ. Журнали редакци ба уæд адтæй Куйбышеви гъæунги 6-аг хæдзари (нуртæккæ си ес телерадиоателье). Поэзий хайади разамонæгæй си куста Плити Хадо. Ци æмдзæвгитæ имæ равардтон, уонæбæл æ цæстæ рахаста æма фæлмæн гъæлæсæй загъта:
– Иннæ къуæре æрбауайдзæнæ, уæдмæ дин сæ бакæсдзæнæн…
Уæдта е стъолæй райста гæгъæдити сифтæ, къæразги размæ сæ рахаста (æвæдзи, рохсдæри туххæй) æма загъта:
– Ани бакæсай æма мин дæ гъуди зæгъæ.
Райстон сæ. Фиццаг сифæбæл рауидтон машинкæй финст: «Дзаболати Хазби». Дæлдæр ба: «Нæуæг æмдзæвгитæ». Бакастæн сæ. Ка си куд хундтæй, уой нур нæбал гъуди кæнун, фал си уадессагæй неци иссирдтон – æрзæткъахгути цардæй хецæн хузтæ (фæстæдæр, цума, æ киунугæ «Хæс»-мæ бахаудтæнцæ). Раст зæгъун гъæуй, журнали ци берæ лæмæгъ уадзимистæ мухургонд цудæй, уони рази Хазбий æмдзæвгитæ ахедудтонцæ, техники ‘рдигæй ба сæмæ мисхали бæрцæ дæр фау æрхæссæн нæ адтæй. Æма Хадойæн загътон, неци син æй, лæгъуз цума нæ ‘нцæ.
– Мæнмæ гæсгæ, аци биццеу исуйнаг æй, – загъта Хадо.
Балæдæрдтæн æй: æмдзæвгитæ бустæги хуарз ку исхудтайнæ, е æй фæндадтæй.
Уобæл цалдæр мæйи рацудайдæ, уотæ Цæрукъати Валодибæл (газет «Рæстдзинад»-и редакций куста) фембалдтæн устур гъæунги. Æ хæццæ адтæй ниллæггомау къæсхуртæ биццеу. Мæ зæрдæбæл ин дзæбæх бадардтон æ тумбул цæсгон. Æ зекъи – арф хъулуфгонд. Базонгæ ан. Е адтæй мæ фиццаг фембæлд Дзаболати Хазбий хæццæ.
– Мадта цæуæн, нæ базонгæдзийнади туххæй фæйнæ сикъайæй Хуцауи ном иссерæн, – Хазби Валодимæ разилдæй, гъома, хестæр дæ æма дæумæ ‘й каст.
Лæхъуæни фæндонбæл дууæ нæбал загътан: баздахтан гъæунги рахесфарсæй ци хуæрæндонæ адтæй, уордæмæ. Лæугæй фæйнæ сæдæ грамми уруссаг арахъ раниуазтан, цидæр уазал хуæруйнагæй исахустан æма кæрæдземæн хуæрзбон загътан: Хазби Бурони автобусмæ æрæги кодта.
Хазбийæн е ‘мдзæвгити фиццаг киунугæ «Хæс» рацудæй 1960 анзи. Цæрукъати Тайморази хæццæ исфæндæ кодтан рецензи ниффинсун. Æ финститæ ин уомæй размæ дæр зудтан, фал нур еумæ æмбурдгондæй бæлвурддæрæй зиндтæнцæ сæ хуарз менеугутæ дæр æма сæ аййеппитæ дæр. Рецензи рацудæй еци анз 2-аг июли «Рæстдзинад»-и. Нуртæккæ мæ цæсти нецибал ахедуй, фал си цума еумæйагæй раст аргъ искодтан поэти уадзимистæн. Цæветтонгæ, хастан сæмæ уæхæн фау: æмдзæвгитæй еуæй-еуетæ зæрдæ нæ агайунцæ, арф сагъæстæбæл æй нæ бафтаунцæ, финст æнцæ сор дзубандитæй, æнкъарæнтæй, фæлгонцтæй мæгургомау æнцæ. «Поэт гъæуама факттæ æма цаутæ дзоргæ ма кæнæ. Е гъæуама фиццагидæр хузæгæнæг уа», – финстан нæ еци рецензий. Дукккаг аййепбæл банимадтан, автори финститæй беретæми еухузон гъудитæ ке ес, уой. Еуæй-еу рауæнти æгæр æстауæн дзубандитæ дæр кодтан: «Æригон поэти алли æмдзæвги дæр мах уинæн адæймаги, цардбæллон, нифсхаст æма хъаурæгин советон адæймаги…»
Хазбий киунуги æнæсеккæй адтæй, фæстæдæр е ‘цæг поэтикон донвæдмæ кæцæй рахизтæй, уæхæн ратæдзæнтæ. «Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд…», «Дæ хæс цытджын æма егъау у…», «Кæуыл æрцыди цинад, хъыг…», «Мæгуыр», «Фын», «Амонд» æма æндæр æмдзæвгитæ: поэтикон æхсарæ, æргомдзийнадæ, зиндзийнæдтæй нæ тæрсун. «Ку тæрсæн еугурдæр зин рауæнтæй, уæд махæн ка ратдзæнæй æгъдау?..» – зæгъуй поэт. Æууæндæн ибæл, уомæн æма æ дзурд гъуддагæй æнхæст кодта. «Мæн агъазиау намус нæ гъæуй, зæрдæ ресдзæнæй æ коййæй, реу æмпулдзæнæй, – ку нæ уа арæзт е нæ фæллойнæй». Аци деклараций нихмæ дæр неци зæгъæг ан, раст æй. «Зæрдæ ес зари, зар ба – зæрди», – дузæрдуггаг нæмæ нæ кæсуй уæхæн гъуди дæр. Аристотель кæд æма кæд загъта: «Зæрдæ агайун кæнуй, æ зæрдæ естæбæл кæмæн тухсуй, е, маст æфтауй, æхуæдæг мæстгун ка кæнуй, е…» Бæстонгуст æнцæ æригон поэти рæнгъитæ, къох бакæнæн сæмæ зин æй.
Фал уæддæр æмдзæвгитæн цидæр нæ фагæ кæнуй. Цума гъуди æгæр игонæй райзайуй, цума рæнгъитæй «зæрди тæгти» зæлтæ æстæн хатт райгъусунцæ. Æ дзурди сæр ци ‘й, уомæн автор айдагъ е ‘ндаг хузæ уинуй. Уингæ дæр зæрди цæститæй нæ кæнуй, фал зундæй. Объекти медæгæй ци ес, уод цæмæй ресуй, е æ цийнæ цæбæл æй, уой рартасуни хъаурæ имæ нæма ес. Еци гъуддаг фæстæдæр æхуæдæр дæр бафеппайдта:
Æз мæцъисæй цъити-къултæ къахтон…
Фæлæ риуы арф хъуыды хуыссыд,
Æма риуы арф хъуыды хуыссыд,
Æмæ-иу куы айзæлд комы тагъд дон,
Мæй-иу тары комрæбын куы ссыгъд,
Уæд мæ фæндты тахтæн æмæ тахтæн…
(«Æз мæ фæндты тахтæн æмæ тахтæн»)
Нæ рецензийæй Хазби, æнгъæлдæн, хъæбæр арази нæ адтæй. Уой мин Цæрукъати Таймораз дзурдта. Литературон институтмæ ке цудæй, уой дæр фæстæдæр базудтон.
Фондз анзей фæсте каст фæцæй институт æма исæздахтæй Иристонмæ. Бустæги лимæн нæма адтан. Уæдмæ Хазби дууæ киунугей автор адтæй, мæнæн ба еу киунугæ дæр нæма рацудæй. Уæддæр æй мæ медзæрди æцæг поэтбæл нæ нимадтон. Æ дуккаг æмбурдгонд «Артдзæст»-и дзæвгарæ исирæзтæй, кæбæл финста, уомæн æй е ‘ндаг менеугутæ хъæбæр нæбал æндавтонцæ, е ‘ргом исаразта медискондмæ, уавæрмæ. Еци медуавæртæ сæйрагдæр ахæссун райдæдта æнкъарæнтæй. Базмалдæнцæ зæрди уедæгтæ. Райдæдта исфæлдистадон эволюци, лæги карæмæ цæуни процесс. Е нуртæккæ уотæ дзорун.
Гъæуама ибæл басæттон: уæдта уони нæ лæдæрдтæн. «Гъудийæй мæгургомау рауадæй Хазбийæн е ‘мдзæвгæ «Лæг фæразы йæхи уды рисæн», – финстон мæ еу уадзимиси газет «Рæстдзинад»-и. Æнæргъуди сонт дзубанди! Ци ‘мдзæвги кой кæнун, е кæд естæмæй гъæздуг æй, уæд, фиццаги-фиццагидæр, гъудийæй!
Фæндзайæймаг æнзти кæрони æма æхсайæймаг æнзти райдайæни мах цалдæр биццеуемæй еци тæвдтог, æнæрцæфæй (уогæ нæбæл цæфтæ æгæрдæр ма уадæй!..) лæгæрстан, нæ зæрди адтæй, литератури хуми амброзий хузæн ка исахид æй, еци хæмпæлгæрдæг бундзарæй исрæдовун. Еу нæуæг киунугæ дæр æнæ рецензийæй нæ уагътан, хестæр-кæстæр не ‘взурстан. Уæди газетти æма журналти мæхе æма ме ‘мбæлтти рецензитæмæ, уацтæмæ ку ‘ркæсун, уæд десæй рамæлун: куд мухур кодтонцæ уæхæн æргом дзурдтæ, уæлдайдæр ба хестæрти туххæй! Нур мæмæ уæлæнгай æма примитивон кæсунцæ (уогæ си ци уадзимистæбæл дзурд цудæй, етæ уой аккаг дæр нæ адтæнцæ – никки цауддæр, æдзæллагдæр), фал сæ дзамани сæ куст бакодтонцæ: формалистон сæрбехъулæнтти, абстракционистти игакæ нæбæл бафтудтонцæ нæ хестæрти «фæрнугдæртæ».
Мæ уæдиккон поэтикон фæлварæнтæй нур мæ зæрдæ бамæгур уй: штамп æма примитиви «хуæцгæ незæй» хе багъæуайкæнуни уодаист фæлварæнтæ, фæнзгæ миутæ, алли рæстæгути æма алли адæмти поэзий фæлгонцти хузтæбæл карст метафоритæ, дзурдбæститæ. Фал мæ федарæй æруагæс кæнуй: етæ еугурдæр гъудæнцæ. Поэзи абони куд лæдæрун, уомæ, ка ‘й зонуй, не ‘рцудайнæ, еци уодæвзарæнти нæ фæррахауæ-бахауæ кæнгæй.
Хазби ба алкæддæр уæззау зундбæл хуæст адтæй, уæдта Мæскуй ке ахур кодта, уомæ гæсгæ нæ хæццæ ахид не ‘мбалдæй, литературон буцæутæй дæр еуварс лæудтæй. Раст зæгъуй Нафи: «Никто не помнит, когда он пришел в осетинскую литературу, словно он был в ней всегда. Никто не помнит, ибо он пришел, как пахарь к весеннему полю, – работать радостно и основательно». (Хазби Дзаболаты. Обелиск и всадник. Стихи. Издательство Ир». Орджоникидзе. 1970. 99-æм фарс).
Киунугæ «Артдзæст»-и æмдзæвгæ сирддонцъеуи туххæй. Адæми цæстингас æхемæ ка не ‘здахуй, сауæнгæ ма зæрдцъæх дæр кæмæй исунцæ, гъолон миутæ ахур ка нæй, еци минкъий маргъмæ дæр цидæр раппæлуйнаг менеугутæ иссирдта поэт. Уомæн иннæ мæргъти хузæн рæсугъд гъæлæс нæййес, мадта алли фæззæг гъар бæстæмæ дæр нæ фæттæхуй, «цæмæдес цаутæ» си нæ хæссуй. Ка ‘й зонуй, зæгъуй автор, сирддонцъеу къолсæрæй, къæндзæстугæй уомæн кæсуй.
Æмæ æрмæст уæд бамбæрстон –
Æз дурзæрдæ кæй разындтæн,
Æмæ фыццаг хатт равзæрстон
Æрттиваг тæлм дæ базыртыл…
Еци «æрттевагæ тæлмæ» бæлвурд-бæрæгæй разиндтæй Хазбий исфæлдистади дæр. «Цæмæдес цаутæ» дзорунмæ нæ турнудта е ‘мдзæвгити. Уой фæндадтæй усхъæуæзæй косун, кæдæр хуæнхти бунмæ айнæг фæрстæ куд къæртт кодта, уотæ поэзий æрфитæмæ уодуæлдайæй лæгæрдун.
Цард вазуггинæй, гъолонæй æрбауолæфтæй æ уадзимистæмæ, сæ къабæзти син æцæг тухæ бауагъта: поэт æхе уодбæл бавзурста, исфæлдистадон фæлтæрддзийнадæ ‘ й æркодта уæхæн гъудимæ:
Цас уой ‘лвæстдæр хъистæ,
Уыйбæрц тонынц тагъддæр,
Фæлæ уыйбæрц искæй
Агайы сæ цагъд дæр…
(«Зæрдæ! Ды æвдисæн…»)
Институти фæсте Хазби куста Цæгат Иристони телеуинунади литературон редакций. Æз ба адтæн радиой уацхæссæг. Ахид æмбалдан. Телефонæй имæ ку бадзоринæ, кенæ æхуæдæг ку исдзоридæ, уæд еци кæдзос æма зæрдерухæй райгъусидæ æ гъæлæс: «Гъе, Хуцау дин арфæ ракæна!» Фулдæр хатт нæмæ дзубанди рауайидæ поэзий туххæй. Нæ гъудитæ кæрæдзей хæццæ хæстæг адтæнцæ. Хазби е ‘сæфт уидта, аййевадæмæ пайдай цæстæй ка кастæй, козбау миути фæрци кадæ æма ном искæнунмæ ка бæлдтæй, уæхæн поэтгæндтитæй. «Поэт! Цæстигагуйау гъæуай кæнæ дæ мадæ æма дæ бæдоли, дзиллити рохсдæр монц – поэзий. Дæуæн дæ бон нæй, æрдзæ дин ци радта, уомæй агъазиаудæр искурдиадæ райсун, фал дæ бон æй раст ун, доги æцæгдзийнадæ нæ фæггалеу кæнун. Ма рацо дæ зæрди нихмæ! Цъетейæй игурд æхсæрдзæнæн фæстæмæ цъетей сæрмæ ‘здахæн куд нæййес, уотæ поэзий дæр нæййес зæрди нихмæ цæуæн, æфсæддон лæгæн уæззау тохи тугъдон ардбахуæрд рафæлевæн куд нæййес, уотæ поэзий дæр нæййес царди æцæгдзийнадæ галеугæнæгæн. Æнкъард адæймаги игъæлдзæг ку рахонай, уæд дæбæл некæдбал баууæнддзæнæй, игъæлдзæг адæймаги æнкъард ку рахонай, уæд дæбæл æхенимæри баходдзæнæй. Ду ба дзиллити зартæгæнæг дæ, æма дæ хъазардæр хæзна æй уони æууæнкæ». Уотæ финста Хазби 1964 анзи «Поэзийы бон»-и. Ниххатир мин кæнæ, мæ кæсæг, мæ лæмæгъзæрдæ, фал мин аци рæнгъитæ мæ кæун мæ хъурмæ иссæун кодтонцæ: ци раст, ци хуæдзунд æнгарæ, ци нифсхаст, ци цæхæркалгæ искурдиади хецау фæгъгъудæй не ‘хсæнæй!
Хазбимæ е ‘ргомдзурди туххæй кадæртæ хæран дæр фæцæнцæ. Поэзий секций æмбурдтæй еуеми дзурд цудæй журнал «Мах дуг»-и цалдæр номерей туххæй. Хазби карз критикæ кодта, еу-инсæй киунуги ка раугъта, фал поэзий гъæр ка некæд балæдæрдтæй, уæхæн рацæргæ автори финститæ. Мухур кæми адтæнцæ, еци номер Хазби уæлиау исиста æма загъта:
– Мæнмæ гæсгæ, аци æмдзæвгитæн се ‘дзæллагдзийнадæ æнæ комментаритæй дæр бæрæг æй, байгъосайтæ сæмæ…
Æма кæсун райдæдта. Куддæр кæронмæ рахъæрдтæй, уотæ сæ ниффинсæг (сæ рауадзæг дæр æхуæдæг адтæй – журнали редакций куста) фурмæстæй æхе нæбал бауорæдта æма Хазбий хуæдкъилдунæй уруссагау фæгъгъæр кодта:
– Замечательные стихи!..
Æхе æмдзæвги туххæй цæрæнбонти, æвæдзи, уæхæн «хуæдæфсармæ» дзубанди некæдма неке загъта æма ибæл Хазби дæр æма адæм дæр сæхе ходæгæй рамардтонцæ. Æмдзæвги автор æхебæл фæххуæцуни æма объективон критики бабухсуни бæсти æведауцæ æсхъиудтитæбæл, федестæбæл исхуæстæй. Еци æнæууилд дзубандитæ æмбурди суагъи фæннисан кæнун гъæуй æви нæ, уой нæ зонун. Бæлвурдæй зонун æндæр хабар (фæстæдæр поэзий секци мæхе бæрни адтæй æма суагъæ мæхе цæститæй фæууидтон): æмдзæвги автор æмбурди ке нæ дзурдта, уæхæн дзубандитæ дæр фегурдæй суагъи – машинкæбæл финстæй дууæ фарсей бæрцæ. Илгъаг æдзæсгондзийнадæ, Хазби æ цубур царди бонти æвæллайгæй æма принципиалонæй ке нихмæ тох кодта, уæхæн цъумур миуæ! Уогæ «нæ тæрхони лæгтæн» е фиццаг хатт адтæй, ести!
Æрдæгæууилд дзубанди некæд неке фегъуста Хазбийæй. Æ дзоруйнаг æхенимæр радзоридæ, уæдта ‘й е ‘мгæртти тæрхонмæ хаста уæхæн райдайæни хæццæ: «Рагъудигæнгæй, мæнмæ гæсгæ» æма уотæ идарддæр. Уодхæссæг ин адтæнцæ дзæгъæлцъухтæ, æ дзурдæн бæрцæ ка нæ зудта, етæ. Кæддæр мин ракодта уæхæн хабар (фæстæдæр æй не ‘ннæ æмбæлттæй дæр фегъустон): Литературон институти ку ахур кодта, уæд еу изæр цалдæр æмбалемæй финги уæлгъос бадтæнцæ. Сæ хæццæ фæцæй еу ирон финсæг дæр (Уæлдæр литературон къурситæй).
Фæйнæ цалдæри раниуазтонцæ, уотæ дин нæхердигон финсæг дæргъвæтийнæ таурæхътæбæл ку исхуæцидæ, куд фæззæгъунцæ, донуагъд имæ фæцæй. Финги уæлгъос бадгутæ тухсун байдæдтонцæ, игъосун сæ нæбал фæндадтæй, фал æй куд бауорæдтайуонцæ: хестæр! Уæдмæ биццеутæй еуемæн зæнхæбæл æ гупп фæццудæй. Ниуазгæ мисхали бæрцæ дæр нæ бакодта, фал, мæгур, дзурдмондаг лæгмæ игъосунæй бафæлладæй. Фурфæлладæй дзой-дзой кæнун байдæдта, уæддæр е ‘фсæрми сæрти рахезун æ бон нæ бацæй, игъуста, цалинмæ æ зæрдæ нæ багъар æй æма æд къела уæлгоммæ нæ рахаудтæй, уæдмæ. Еци хабар дзоргæй Хазби ходæгæй басор уидæ. Уотæ зæрдиагæй худтæй, æма æ дзиппæмæ къохмæрзæнмæ нивналун багъæуидæ: фурходæгæй æ цæстисугтæ æруайиуонцæ.
Мæнмæ гæсгæ, Хазбий хузæн зæрдерух, æновуд, æнæнез худт кæнун неке зудта.
Ахид æримисун, 1966 анзи сæрди Хазбий хæццæ нæ уолæфуни рæстæг куд æрвистан Курттати коми. Фусунæн равзурстан мæ хæстæг хонхи Карцай цæрæг Датити Мухари. Мухар æма Хазби цубур рæстæгмæ кæрæдзей балæдæрдтæнцæ: дууæ дæр сæ сæйраг гъуддæгутæй уæлдай цауæн кæнунмæ дæр æмхец адтæнцæ. Фадуат син ку фæууидæ, уæд нæ фусуни уæгъдæ нæ уагътан. Хуæнхаг зæнхгусти косæнгæрзтæй райдайæ æма деденгути, кæрдæгути нæмттæй фæууо – нæ хинцфæрститæй нин, ка ‘й зонуй, бафæллайидæ. Мæ уæдиккон блокноти иссирдтон, Мухари дзубандитæй ке ниффинстон, хуæрунæнбæзгæ зайæгхæлтти нæмттæ æма цæфтæ дзæбæхгæнæг кæрдæгутæ.
Цардан хецæн уати. Цæветтонгæ, косунæн æма фæлладуадзунæн агоргæ æма æнæиссергæ фадуæттæ. Гъæуæн æ тæккæ астæути кæлуй цæстисугæй кæдзосдæр къададон. Æ фæйнæ фарс – гъæдæ: кæддæр ивулд дон фæрви муггæгтæ раласта æма талабæлæстæ гъæунги рахесфарс æнæгъæнæй æрæхгæдтонцæ. Уордигæй лæбурд къахнадбæл фæххæрдмæ кæнæ æма дууæ минуттемæ фестдзæнæ минкъий æрдози.
Æ алливарс æносон толдзитæ, тæгæртæ, тæрситæ хорбон сæ аууæнттæ каухалæнти хузæн сæ буни æркæлунцæ. Сифти ‘хсæнти хор æрзелуй, цума каухалæн-æндзарæнтæбæл арт бафтаунмæ гъавуй. Коми дæллаг фарс – къолаййев уæлхонх будур. Æндæдæр – тарцъæх къохтæ.
Хазби исистидæ боницъæхти. Æртæ сахаттей бæрцæ фæззелидæ къолтæбæл, гъæдти, дони билти, уæдта рæфтад афони фæззиннидæ. Мæн кенæ хуссæни æрбаййафидæ, кенæ дони били мæхе æхснæнгæ. Уарун бони дæр коми гъæбесмæ рандæуидæ. Кæсалгæ, дан, уæхæн рæстæг æнцон ахæссæн æй: дон æзмæнст фæууй æма адæймаги нæ феппайуй.
Аст сахаттебæл адтан нæ кусти уæлгъос. Æз еудадзуг бадтæн дони билæбæл. Тохгæ хуссæн мæ хæццæ рахæссинæ, бæласи буни ‘й байтауинæ æма ибæл рæстæгæй-рæстæгмæ мæхе æруадзинæ, кастæн киунуги. Хазби дæр æрбунат кæнидæ минкъий дæлдæр, кæрæдзей куд нæ хъор кодтайанæ, уотæ. Кенæ исхезидæ уæлхонх будурмæ. Изæрмелти кæрæдзей рафæрсианæ, æ бон ка куд рарвиста, уомæй. Æ куст æ зæрди фæндæуагæ ке нæ цæуй, уой туххæй мин Хазби цалдæр хатти рагъаст кæнидæ. Ка ‘й зонуй, æ фурхуæдæфсармæй уотæ дзурдта.
Кæддæр мæ баййафта Лорки киунугæ кæсгæ. «Тæккæ фулдæр си уарзун Маринæ Цветаевай тæлмац гитари туххæй», – загъта Хазби æма дзорун райдæдта:
Начинается
Плач гитары.
Разбивается
Чаша утра.
Начинается
Плач гитары.
О, не жди от нее
Молчанья,
Не проси у нее
Молчанья!
Неустанно
Гитара плачет,
Как вода по каналам – плачет,
Как ветра над снегами – плачет,
Не могли ее
О молчанье!
Так плачет закат о рассвете,
Так плачет стрела без цели,
Так песок раскаленный плачет
О прохладной красе камелий,
Так прощается с жизнью птица
Под угрозой змеиного жала.
О, гитара,
Бедная жертва
Пяти проворных кинжалов!
Æз еци ‘мдзæвгæ уой размæ нæ кастæн æма бадес дæн. Иссирдтон æй æма ‘й еци бон æнæ киунугæмæ кæсгæй дзорун базудтон. Хазбий тæвагæй!
Еууæхæни мæ тохгæ хуссæн мæ хæццæ хæссунмæ базийнадæ кодтон. Зæронд бæмпæггун мæ дæларм ракодтон æма фæрвгунмæ фæрраст дæн. Хазби исхизтæй галеуварс цъопмæ. Устур толдзи бунмæ æрбадтæн. Рæфти уæнгæ цидæртæ фæффинстон, уæдта мæ хуссæг æ буни искодта. Бæмпæггун дзæбæхдæр байтудтон æма фæзæбæл æрхустæн. Æваст тæгæрфунæй радæн. Еуафони мин мæ галеу цонги тæккæ фæттасæн цидæр нихсилкъæ кодта. Фегъал дæн. Армитъæпæн æхегъдауæй æркъæрцц кодта бæгънæг цонг. Мулдзуг тумбулæй æрзилдæй бæмпæггунмæ. Хуссæгигъæлдзæгæй имæ рамæстгун дæн, фунæй кæнун мæ ке нæ бауагъта, уой туххæй. Ракæститæ кодтон мæ алливæрсти, æма, ци рауидтон, уой дессагæй уайтæккæ мæ зæрдæ ниссæххæтт кодта: мæ уæргути рази рауидтон хелагæ. Е ‘ргом – мæнæрдæмæ. Къахдзæфи бæрцæ ма ин байзадæй. Фуртæссæй æваст фæггæпп кодтон.
Иуазæг æ бунатæй не ‘змæлуй, айдагъдæр зинна-нæзинна æ сæр фæхъхъел кодта. Катайгæнгæ агорун, цæмæй æй ниццæвон, уой. «Дорæй имæ æвналæн нæййес – кенæ ибæл исуайдзæнæй кенæ нæ…» – фегурдæй мæ сæри. Хелагæй мæ цæстæ нæ есун, уотемæй агорун. Фæстагмæ иссирдтон, метр æма æрдæги дæргъæн ка адтæй, уæхæн лæдзæг. Æ кæронбæл цубур сагелæ. Хелагæ æ бунатæй не ‘змæлуй, ниццавддор æй. Сагелæй ин æ сæр райахæстон. Цæмæндæр æй æскъæфунвæндæ дæр нæ кодта. Нилхъивтон æй хорбун гæмæхмæ. Искатай æй, лæдзæгбæл исæздухститæ ‘й. Ниммардæй, е ми ку баруагæс æй, уæд æй надмæ рахастон. Уæлхонхæй нæмæ дæлæмæ кæсуй Хазби. Уæдта сабургай мæ размæ æхе æриста. Æркæститæ кодта хелагæмæ æма еци уæзбунæй загъта:
– Цæмæн æй рамардтай? Еске-ма боргъос хелагæмæ æвналуй?..
– Боргъос æй, саугъос æй, уомæн æз неци зонун – хелагæ адтæй æма ‘й ниммардтон, – бахъур-хъур кодтон æз, уæдта ин хабар лæмбунæгдæр радзурдтон.
Тухстæн мулдзуги исæфтбæл. Фидтæлти æмбесонд æ сæр баййафта, мæгур: «Хуарз ма ракæнæ æма фуд ма иссерай».
Хазбий æртиккаг киунугæ «Къахуынæр»-и (1967 анз) ци æмдзæвгитæ ес, уонæй беретæ райгурдæнцæ Карцагоми мæхе цæстити рази, дзæбæх син зонун сæ ратадзæнтæ, сæ ниффинсунæн ци цау, ци фембæлд, ци дзубанди фæййагъаз æй, етæ. «Къахуынæр» æз нимайун поэти исфæлдистадон æскъуæлхти райдайæнбæл, уомæ гæсгæ гъæуама лæмбунæгдæрæй ракæнон е ‘мдзæвгитæй цалдæрей кой.
Еци бон ба Хазби иннæ хæттити хузæн сæумæраги цидæр æрбацæй (ахид ин æ рацуд зонгæ дæр нæ бакæнинæ). Е ‘рбаздæхунмæ æз дæр исистадтæн, мæхе æхснæнгæ мæ æрбаййафта.
– Аци бон дессаг фæууидтон, – цæмæдесæй, фал æ цийнæ уорамгæй, райдæдта е. – Гъæди фæрразелæ-базелæ кодтон, уæдта мæнæ æрдозæмæ ку æрбахъæрттæн, уæд дин саг мæ размæ ку фестидæ…
Мæнæй фиццаг хъæбæр не ‘руагæс кодтонцæ æ дзубандитæ (цауæйнонтæ æма кæсалгахæсгутæ сæхебæл аллихузон хабæрттæ ке æримисунцæ, уой хуарз зудтон, фал гъуддаг сæрæй бунмæ ку радзурдта, уæд ибæл æууæдун байдæдтон):
– Мæн ку рауидта, уæд бæласи сифтæр телгæ æ медбунати бандзуг æй, мæ цæститæмæ мин комкоммæ кæсуй. Æ раззаг къах зæнхæбæл æртъæпп кодта, æвæдзи, мæ тæрсун кодта, уæдта мæнæрдæмæ цалдæр къахдзæфи ку æрбакæнидæ. Мæхебæл ниххуæстæн. Саг æваст фæллæудтæй æма дæлдæр ниууадæй. Нæуæгæй бабæй æрлæудтæй, кæсуй мæмæ. Уæдта бæлæсти аууони фæцæй…
Цалдæр боней фæсте мин Хазби бакастæй е ‘мдзæвгæ «Сæгуыт». Айдагъ хабар æхуæдæг дæр деси бафтауй адæймаги, фал си тæккæ хъæбæрдæр мæ зæрдæбæл бадардтон фæстаг рæнгъитæ:
Фæлæ тæрсын…
Нæ нæм фæци гæрзтæ,
Æмæ хъуызынц кæрæдзийы фæстæ
Мæ зæрдæйы фæсмон æмæ æхсызгон.
Бæлвурд психологон фæззелæн. Поэт æ зæрди нихмæ нæ рацудæй, æхе бахизта мæнгæ хатдзæгæй.
Еци бонти адтан Фиййагдони дæр, исæздахтан Цимитимæ. Дессаги хуарз фусун нин разиндтæй Гаппуати Хадзибекир. Æ хуæрæ Гадизæт нин уайтæкки сæ царви ка накæ кодта, уæхæн тæнцъарæ цихтгунтæ ракодта. Уæдта тургъæмæ нæхе райстан. Æз сувæллæнтти хæццæ дзубандитæбæл фæдтæн. Хадзибекир æма Хазби ба мæсгутæ æма дзæппазтæмæ уинæг рандæнцæ. Ку æрбаздахтæнцæ, уæд мин Хазби æ цийнæ нæ римæхсгæй хабæрттæ ракодта. Мæсгутæй, дан, еуебæл ес агъазиау къохвæд, мæ армитъæпæнæй, дан, дууæ хатти устурдæр æй. Уæлдай дес ба, кодта мæсгути дуæрттæн толдзæ къума адтæй, зæгъгæ, ку фегъуста, уæд. Æз дæр катаййи бацудтæн, æма, автограф кæбæл адтæй, еци мæсуг уинунмæ рандæ дæн. Æцæг дессаг адтæй – бахезæни тæккæ фарсмæ къирæзмæнсти уæле бæрæг дардта агъазиау армитъæпæн æма æнгулдзити фæд. Уæхæн къохæвæрд ес дзæппазтæй еуебæл дæр.
Цимитимæ балций фæсте Хазби ниффинста æмдзæвгити æнæгъæнæ цикл «Хæхбæсты фарн». «Ис ахæм лæг хæхты», зæгъгæ, еци æмдзæвги исаразта кæрдзиндæттон, парахатзæрдæ хуæнхаг лæги фæлгонц. Фал æмдзæвгæ финсгæй поэтæн æ гъудий Гаппуати Хадзибекир адтæй. Уони хæдзари ке фæууидта, еци хузтæй еуæй-еуетæ иссерæн ес æмдзæвги. «Фыдæлтон сыкъайы дын рахæсдзæн нуазæн». Аци рæнгъæ кæсгæй мæ зæрдæбæл æрлæууй æцæг хабар. Хадзибекирмæ фæууидтан, æ фиди фидæй ин ка байзадæй, уæхæн тегъгун агувзæ, цæуй си… литри æрдæгмæ хæстæг. Фæстæдæр ма уой тæккæ хузæн агувзæ фæууидтон Ленингради, «Сæрдыгон цæхæрадон» ке хонунцæ, уоми музейи. Петр I, дан, æ дæлбарæ адæмæй еске естæмæй ку фæффудгин уидæ, уæд ин иварæн еци агувзæй идзаг уруссаг арахъ ниуазун кодта. «Фæдзурдзæн дын номгай æнæсгæрст къуыбыртæ, æрисдзæн дын мæсгуыты тулдзын гуыдыртæ, фæкæндзæн дын таурæгъ æнæном лæгæтыл, æнаххос уды маст, хъайтары мæлæтыл…» Æцæгæйдæр нин фусун нæ фидтæлти цард æмæ тохи туххæй берæ хабæрттæ фæккодта.
Фæстæдæр Хазби ахид æримисидæ еци балци.
Мухарæн Хъæреуи хуæнхрæбунти еу къупп, еу рауæн дæр æнæсгæрстæй нæ адтæй. Уой базудтан, æ хæццæ цауæни ку рандæ ан, уæд. Нæ балци райдæдта, нæма æрбарохс æй, уотæ. Кæстæр дæ, зæгъгæ, мин ме ‘фцæкъуати дууæ цауæйнон топпи æма еу фæндзæхстон æрауигътонцæ. Мухар гъæди хæдзаради ‘хсæвгæсæй куста æма фæндзæхстон уордигæй рахаста, уотемæй, дан, арсбæл ку фембæлæн). Мадта мæбæл фæндаггæгти дæр «баууæндтæнцæ».
Хæрдти æма урдугти еу-цуппар сахаттей бæрцæ фæццудан. Еуæй-еу рауæнти кæрдæг уæргутæмæ хъæрдтæй, думги уолæнтæ ибæл фæд-фæди цудæнцæ æма æ хузæ раййевæ-баййевæ кодта. Е ‘хсæнæй сæ сæртæ исдариуонцæ аллихузон деденгутæ. Сæ карз тæф ратайидæ цъæх-цъæхид сатæг уæлдæфи, сæр си зилдæй. Фæллайгæ дæр куд нæ бакодтон, фал исдзорун ка ‘ндеуй: еуемæй хестæр æй нæ надамонæг, иннемæй Хъæреумæ исхезуни фæндæ нæхецæй рацудæй.
(Уодзæнæй ма).