25 апреля 2024

ХОРЗӔЙ БАЗЗАЙ, ИР…

13.08.2021 | 17:41

КАЛОТЫ Хазби

Ӕз цӕуын… Цӕуын, ӕмӕ, чи зоны, фӕстаджы балцы… Гъей, цӕй даргъ у, цӕй алыхуызон у мӕ фӕндаг! Хорзӕй баззай, мӕ райгуырӕн Ир!.. Уарзын дӕ… Уарзын дӕ ӕмӕ курын, ма мӕ ферох кӕн. Ницы дын радтон хорзӕй, нӕ уыд рӕстӕг… Ехх! Фӕлӕ мӕ бон уыд уарзын, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм уарзондзинадӕй.

О цас уарзын!..

Бабын уа, мах чи фӕхицӕн кодта, нӕ цард нын чи сызмӕста, уый бын бауа!

Цавӕр фӕндтӕ уыд мӕ сӕры, цӕмӕты бӕллыдтӕн!.. Гъей, бӕллиццаг цард!..

Ӕгъгъӕд ӕнкъарддзинад! Схӕц-ма дӕхиуыл, мӕ хорз ӕмбал, дӕ цӕстысыгтӕ куы ‘руагътай! Цӕй тыххӕй уӕд?.. Ӕви дӕм кӕуинаг кӕсы мӕ хъысмӕт?.. Нӕ, рӕдийыс… Бауром сӕ. Ӕз нӕ уарзын цӕстысыгтӕ, ма сӕ хардз кӕн, ӕвгъау сты… Бахуд фӕлтау, бахуд дӕ мидбылты ӕмӕ мын мӕ цӕстытӕм кӕс. Ӕз нӕ фефсӕрмы уыдзынӕн… Кӕнӕ та райс дӕ фӕндыр, фӕндарасты цагъд мын ӕркӕн. Уадз ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мауал цӕуа мӕ риуы, рӕдува йӕхи ӕддӕмӕ, уадз ӕмӕ ӕхсида мӕ туг дӕ цагъдмӕ!..

Ехх, цы бауромдзӕн мӕн!

Бауырнӕд дӕ, ды мӕ Батрадзы ныфс бауадздзынӕ, мӕ тыхӕн кӕрон нал уыдзӕн, ацахсдзынӕн мӕ уаддымд ӕфсургъы барц, нынтъухдзынӕн ӕм мӕхи ӕмӕ тымыгъау уайдзынӕн мӕ дард фӕндагыл. Циу тугкалӕн хӕст мӕнӕн? Ӕз ахӕсдзынӕн дӕ цагъды аив мыртӕ мӕ риуы, лӕбурдзынӕн фыранкау, никӕцы тых басӕтдзӕн мӕн. Уырны мӕ, иу бон дӕм кӕй фӕзындзынӕн, иу бон дын ӕнӕнхъӕлӕджы дӕ рудзынг кӕй бахойдзынӕн, уый. Ӕнхъӕлмӕ кӕс… Ма ферох кӕн!..

1941  аз

РЕДАКЦИЙӔЙ:

Нӕ ӕдзард бӕгъатӕр тугъдон ӕма алӕмӕти искурдиадӕгин поэт Калоти Александри фурт Хазбийи райгурдбӕл 15 августи ӕнхӕст кӕнуй сӕдӕ анзи (1921-1943). Уой фӕдбӕл нӕ газети абони номери мухур кӕнӕн (6-7-аг фӕрстӕбӕл) Хазбийи туххӕй ӕ хуӕрз ӕрдхуард Дзодзиккати Аслӕнбеги имисуйнӕгтӕ, уӕдта Хазбийӕн е ‘мдзӕвгитӕй цалдӕр, кӕцидӕрти ба уруссаг ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй.