20 апреля 2024

ХОСТЫХЪОТЫ Зинæ: «ДЫ МА РОХ КÆН, ЛÆГ НАМЫСДЖЫН ЦÆМÆЙ У…»

21.01.2023 | 20:22

Адæм

Нырыонг дæр æнæбæрæг, æнæсгæрст

Ыстут сымах, планетæтау, мæнæн,

Æз уæм цæуын, æз уæм тæхын æдæрсгæ,

Цы уыдзæнис, нæй развæлгъау зæгъæн.

 

Фæлæ мæ фæндаг тынг зын у, æмбарын,

Цæудзынæн мигъты, нал фаг кæндзæн дон.

Куы мыл-иу арв ныккалдзæнис йæ уарын,

Куы мыл-иу æхсæв нал кæндзæнис бон.

 

Куы-иу дæлимон бабаддзæн мæ размæ,

Кæндзæн мæ уый йæ сау дзæмбытæй хурх.

Уæд-иу æрбалæуу, адæймаг, мæ фарсмæ,

Уæд-иу мæм, адæм, бадарут уæ къух.

 

Цы у сæ нысан дунейы лæгдæртæн,

Мæнæн дæр уый – мæ бæллицты сæйраг:

Планетæтæ, о, адæмы зæрдæтæ,

Тæхуды ’мæ куы ссарин уæм фæндаг!

* * *

Æз – сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн,

Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.

Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн.

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

 

Æз æфсарм дæн, нуазæн дæн уæ къухы,

Æз хæдзары – мин бæркады фынг.

Æз æдзухдæр – уе ’мдзу царды дугъы.

Фарн – мæ дзырд, ныххуыссын кæны зынг.

 

Сисут, лæгтæ, баназут мæ кадæн,

Æз уæ раттæг, уе стыр мæт, уæ хур.

Æз уæ къухы бахъуаджы бон кард дæн,

Æз уæ фидæн – уе ’нхъæлцау бындур.

* * *

О, фæлтау куы ныххауид мæ быны

Уыцы зæхх, кæмæй бахордтон ард.

Уарзты зынг куынæма ’руазал былтыл,

Хинæй мыл цæмæн разылд мæ цард?

 

Какон сындз цæмæн фестади абон

Фембæлдмæ нæ рацæуæн фæндаг?

Æз дæуыл цы сонт зæрдæ фæдзæхстон,

Уый цæмæн у адæмæн дзырдтаг?

 

Уый дæуыл куыд тынг зыдта æууæндын,

Ныр мæ риуæй мастхæрдæй фæтахт.

О, фæлтау куы ныххауид мæ быны

Уыцы зæхх, кæм фембæлдыстæм мах.

* * *

Æртæфсти цъиуыл дысоны фыдуазал,

Ныддæлгом, мæгуыр, миты уæлæ салдæй,

Мæ рудзынджы цур хаудбазырæй баззад,

Æмæ та банцад иу зæрдæ йæ цавдæй.

Тæккæ знон дæр ма хохбæрзæндты тахти,

Кæсын æм ныр мæ фæрсагæй æдзынæг…

Мæ комулæфтæй авджы их æртади,

Цыма кæуы йæ тæригъæдæй рудзынг.

 

Æрдзмæ курдиат

Æрдз, мыййаг мæ ку’ айсай ды фæстæмæ, –

Фестын кæн сæууон ыстъалы мæн,

Кæд кæсин Ирыстоны зæрдæмæ,

Калин уым æнæрмынæг тæмæн.

 

Фестын мæ кæн рухс хуры фыццаг зынг,

Хæхтыл-иу мæ цадæггай æруадз,

Фестын мæ кæн рагуалдзæджы уаз сыг,

Удхосæн мæ Иры зæхмæ ’ртадз.

 

Мæ зæрдæ

Ызнæт дунемæ райгуырдтæ, мæ зæрдæ,

Нырма рæстдзинад туджы аргъ у ам.

Хур тавы ’мхуызон хорзы æмæ ’взæры,

Нырма цæрынц лæгсырд æмæ хæрам.

 

Фæлæ уæддæр ыстыр фæрнджын у а зæхх, –

Йæ хъæдгæмттæй та равзæры цъæх бон,

Йæ риуыл уалдзæг сабийау куы хъазы,

Уæд ыл, мæ зæрдæ, бацин кæнын зон.

 

Куы уай æфхæрд, уæддæр-иу базон уарзын,

Ыссудз цырагъау, макуы ахуысс, ма.

Мæ ныфс, мæ зæрдæ, тохвæразон разын,

Цæмæй дын зæхх гыццийы къух ысуа.

 

Ды ма рох кæн, лæг намысджын цæмæй у, –

Кæйдæр мастыл дæхи мастау дзыназ…

Мæ ныфс, мæ зæрдæ, ме ’ппæт цард дæуæй у,

Мæлæт дæр, уадз, дæуæй ыссарон æз.

* * *

Уарди сыгъд, мæ зæрдæйау, дæ разы,

Кодта дын рæсугъд уарзты ныхæстæ.

Уый куыд тынг уыд цардцыбæл, тыгъдбазыр,

Фæлæ бампылд, де стъолыл ныргъæвсти.

 

Фæлæ бампылд, де стъолыл ныргъæвсти.

Раст цыма йыл хъызт æрцыди, уыйау.

Тар хъæдæй цæуылнæ йын æрхастай

Сагвæды дон, аргъауы лæппуйау?!

* * *

Æмбæрзы уалдзæг хуссæрттыл цъæх дари,

Æндзыг бæлæстыл хуры тынтæ тауы.

Ды дæр мæнæн дæ хъарм комулæфт рарвит,

Цæмæй мæ зæрдæ ног къуыпа æфтауа.

 

Нæ каурæбын фыццаг кæрдæг куы суайа, –

Æрвит мын æй! Дæ хъæбул дзы куы раид!

Мæ хъæлдзæг худт сырх уардийы куы ссарай,

Уæддæр-иу мын дæ цины цæссыг рарвит.

Ыстæй мын рарвит хорз ныфсæн фæндагмæ,

Фыдыуæзæгыл ц’ амонд и, цы фарн и, –

Дæ рæстзæрдæ – мæ бæллиццаг фæнд рагæй,

Мæн уый хуызæн цы хæзна хъæуы царды?!

 

Хъарæг

Йæ хионтæ-иу мæрддзыгоймæ скуыдтой,

Æнкъард устыты сусæг ныхас цыд.

«Мæгуыр йæ уд… æвзæр лæг æй нæ хуыдтой», –

Ныллæг хъæлæсæй лæгтæн хъуыст сæ дзырд.

 

Фæлæ фæзындтæ ды, æмæ ныццарыд

Ирон хъарæг – ирон зæрдæ, Æна, –

Нындзыг, нырхæндæг рухс арвы цъæх царыл

Нæ хурзæрин йæхæдæг дæр цыма.

 

Цыма ныртæккæ фехъуыстой сæ фыдох

Йæ сау хотæ, – сæ сæры хил тыдтой,

Нæуæг чындзытæй уайсадын дæр ферох,

Æмæ хъæрæй хæкъуырцц куыдæй куыдтой.

 

Быруйы фарсмæ ’нусыккон зæрæдтæ

Лæууынц мæсгуытау, рагбонтæ – сæ кой.

Æркъул кодтой ныр уыдон дæр сæ сæртæ,

Сæ къухуæлæрмттæй цæстысыг сæрфтой.

 

Мæнæн дæр уæд дæ хъарæджы хуыдымы

Фыццаг хатт райгуырд ме стыр фæндиаг:

Куы ссарид искуы адæмы зæрдæмæ

Дæ хъарæгау мæ зарæг дæр фæндаг.

 

Æрымысæм

                                                                Зæирæмæ

Тæхуды, искуы ма дæуимæ сбон кæ де ’хсæв,

Сæудармæ иу базыл кæрæдзи хъусты дзур!

Дæхæдæг хорз зоныс,

Нæ уыди сусæг не ’хсæн…

Уæд та мæм иунæг хатт ныр уал азы æрцу.

 

Æрцу,

Æрымысæм, Фыййагдоны цъæх былтæм

Куыд хуыдтон дидиндзуан сæумæрайсомты дæу.

Æрцу,

Æрымысæм хæххон доны уылæнтыл

Сæрдыгон бонрæфты нæ дзыккуты зæу-зæу.

 

Æрцу,

Æрымысæм нæ сæууон ивгъуыд бонтæ,

Кæм уыд цæссыгтæ дæр, фæлæ фылдæр та – цин.

Нæ рæсугъд сусæг уарзт – æнæрайы лæппутæн

Куыд кодтам не ’нгасæй дæс азы размæ хин.

 

Æви дæм ницуал и зæгъинагæй æппындæр,

Дæ зæрдæ сафтид и цъæх уалдзæджы сæнттæй?!

Æрцу уæддæр, æмæ нæ зæрдæйы тыппыртæ

Зæгъæм кæрæдзийæн ныр уал азы фæстæ.