12 декабря 2024

ХУÆЗДÆРТÆН – БÆРЗОНД ХУÆРЗЕУГУТÆ

21.01.2023 | 20:45

Зундгонд куд æй, уотемæй 2022 анз Уæрæсей нимад адтæй нæ бæсти цæрæг адæмихæттити культурæ æма адæмон исфæлдистади Анзбæл. Уой нимайгæй, газет «Дигорæ»-йи исфæлдистадон анзи райдайæнæй фæстæмæ уагъд цудæй уæлæнхасæн сæрмагонд уæлæфтауæн «Царди айдæнæ». Уоми (аст фарсебæл) бакæсæн адтæй аллихузон æрмæгутæ нæ национ культури æма адæмон исфæлдистади агъазиаудæр фарстати, уонæми æскъуæлхтдæр архайгути туххæй. Нæ еци æргъудидзийнадæ хъæбæр фæццудæй нæ газеткæсгути зæрдæмæ, беретæ нин арфæ кодтонцæ. Æнæргъудийæй нæ байзадæй нæ республики разамунди ’рдигæй дæр – еци мадзал исаразгутæ Гæтийти Светланæ, Гибизти Риагинæ æма Джиоти Дианæн аккаггонд æрцудæй Цæгат Иристони Сæргълæууæги сæрмагонд преми 2022 анзи хуæздæр журналистон архайди туххæй. Уæхæн премитæй ма хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ æндæр дзиллон хабархæссæг фæрæзнити журналисттæ дæр. Лæвæрд ба син æрцудæнцæ, Уæрæсейаг мухури Бони (13 январи) кадæн Национ музейи арæзт ка ’рцудæй, еци цитгин мадзали рæстæг.

Журналисттæн сæ профессионалон бæрæгбони фæдбæл зæрдиагæй райарфæ кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æ радзубандий куд загъта, уотемæй рагæйдæр æма абони дæр дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ æхсæнадон царди æнцæ вазуггин къабазæ. Агъазиау æма бæрнон ихæстæ сæбæл æвæрд ке ес, уой бæлвурдæй ке лæдæрунцæ æма сæ цæсгонгинæй æнхæст кæнунбæл ке архайунцæ, уомæн мах нæхуæдтæ æвдесæн ан.

– Устур ахедундзийнадæ ес, абони мухури фæрæзнити ка косуй, уони архайдæн, – загъта Сергей Меняйло. – Бæрнонæй архайунцæ сæ равзурст дæсниади æма ци гъуддагбæл лæуд æнцæ, е æй, æнæмæнгæ, нæ республики хуæрзамондæн. Æргомзæрдæй мæ бон æй уотæ зæгъун, æма уи алкедæр æ кусти медæгæ фæнзуйнаг ке ’й. Уæ агъазиау æма хъазауатон куст уотæ æнтæстгинæй ке æнхæст кæнетæ, уомæй мин уæлдай æхцæуæн æй сумахæн уæ профессионалон бæрæгбони фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнун. Мæ зæрдæ уин зæгъуй æнтæстдзийнæдтæ æма уæлахезтæ, æнæнездзийнадæ æма амонд.

Куд зонæн, уотемæй республики Сæргълæууæги премий фæдбæл конкурс арæзт цæуй алли анз дæр. Ка си фæййархайуй, уони куститæмæ ба лæмбунæг æркæсуй сæрмагонд къамис æма си равзаруй сæ хуæздæрти. Преми лæвæрд ба фæццæуй цалдæр номинациеми. Аци анз мах редакций косгутæй уæлдай ма аллихузон номинацити хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ аллихузон газеттæ, телеуинунадæ æма радиой косæг журналисттæ Хетæгкати Зæлинæ, Æлборти Алисæ, Джиккайти Заремæ, Къæбисти Аннæ, Хъесати Элинæ, Моргуати Ладæ, Плити Динæ, Зухъуати Жаннæ, Бедойти Зæлинæ, Юлия Филатова, Махъоти Мæдинæ, Хуасдзаути Алинæ æма иннетæ.

Майдан «Иристони намусæн» лæвæрд æрцудæй телерадиокомпани «Мир»-и оператор Себетти Аланæн.

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий æскъуæлхт журналист иссæй Уилибиати Чермен; нæ республики Сæргълæууæги Арфи финстæг ба райстонцæ Хъантемурати Станислав æма Æгкацати Тамарæ.

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Кади гæгъæди лæвæрд æрцудæй Александр Ларионов æма Кейван Наджавкулиев-Даригийæн.