20 апреля 2024

ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..

05.08.2022 | 15:44

***

Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-и ци берæ адæм – хуæдтолгитæбæл косгутæ æма бæлццæнттæ – бамбурд уй, уонæн сæ уавæр фенцондæр кæнуни туххæй син бæгæнифицæн хæдзарæ «Бавари»-й косгутæ барвистонцæ сæрмагонд мийдауæнти æвгæд ниуазуни дон – 500 къоппемæй фулдæр. Аци хуарздзийнадæ исаразгутæн сæ зæрди адтæй, цæмæй Цæгат Иристони зæнхæбæл цæуæг бæлццæнттæ маци æгудзæгдзийнадæ æййафонцæ, цæмæй сæ балцийæй зæрдрохс уонцæ.

***

Бехъани æма Красногори ‘хсæн 2026 анзи уæнгæ æмгъудмæ гъæуама арæзт æрцæуа хуæрзмуггаг балеркæсалгæ дарæн центр. Нуртæккæ цæттæгонд цæунцæ исуйнаг центри проектон гæгъæдитæ. Рагацау сагъæсгонд цæуй, ка си косдзæнæй, уæхæн специалисттæ бацæттæ кæнунбæл дæр. Хуæнхон паддзахадон аграрон университетæй ци студентти æрбахонуйнаг æнцæ, уони бал рарветдзæнæнцæ Астрахани облæсти сæрмагонд ахургæнæндонæмæ, цæмæй сæ исонибони дæсниадæ хуæздæр базононцæ.

***

Рæхги, 18-19 августи Цæгат Иристони кустуат «Фат-Агро»-й фæзуæтти рацæудзæнæй фарæстæймаг Æхсæндуйнеуон наукон-практикон форум «Картофи муггаги кустадæ: инновацион технологитæ æма нæуæг хуæрзнисанеуæги хузтæ». Архайдзæнæнцæ си 150 картофикустгæнæгемæй фулдæр Уæрæсей æма фæсарæнти алли рауæнтæй.

***

Евгъуд къуæрей дæргъи Цæгат Иристони æрцудæй 39 зингисервæзти. Анзи райдайæнæй ба нæ республики æрцудæй 699 сугъди, цуппар адæймаги си фæммард æнцæ.

***

Наригъæуи фæцæнцæ Хетæгкати Къостай Хæдзарæ-музейи реконструкций куститæ. Етæ æнхæстгонд цудæнцæ Аланибæл исаргъуди 1100 анзи бæрæг кæнуни фæдбæл нисангонд программæмæ гæсгæ.

***

Ахури нæуæг анзбæл хуæрзцæттæй исæмбæлуни туххæй Цæгат Иристони арæзт цæуй еугур гъæугæ мадзæлттæ дæр. Нæуæггонд æрцæудзæнæнцæ 19 скъолай, уонæй 11 байгон уодзæнæнцæ 1 сентябрьмæ, 8 ба – 1 ноябрьмæ. Аци анз байгон уодзæнæй 450 фиццаг къласи, уордæмæ бацæудзæнæнцæ 9 мин фиццагкъласони. Уонæн цæттæ кæнунцæ сæрмагонд лæвæрттæ дæр.

***

Дзæуæгигъæуи космонавтики Скъолай фæззиндтæй еудадзугон экспозици – уоми фæууинæн ес астрокъаресæг Сæбанти Валерийи куститæ. Аци искурдиадæгин лæхъуæн берæ уарзта хуæнхтæмæ исфæлдистадон балцити цæун. Гъулæггагæн, 2020 анзи июли æ балций рæстæг фæммард æй. Цудæй ибæл æдеугурæй 23 анзи… Æ райгурæн бони – 27 июли – æ номерæнæн ин æ бийнонтæ æ куститæ балæвар кодтонцæ аци скъолайæн.