27 июля 2024

ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..

27.08.2022 | 15:38

Нæ республики промышленнон кустади индекси бæрæггæнæн рауадæй 110,3 проценти, хеуагъд продукций бæрцæ фæббæрзонддæр æй 3,6 проценти, 18 миллиард сомей сæрти рахезгæй. Гъæууон хæдзарадон продукций бæрцæ ба фæффулдæр æй 2,4 проценти, базаради зелдох розници рауадæй 70 миллиард сомемæй фулдæр.

Аци анзи фиццаг æмбеси цæрæнуæттæ нæ республики, фари хæццæ рабаргæй, арæзт æрцудæй 18 проценти фулдæр. Еумæйаг фæзуат ба рауадæй 185,9 мин.

***

Цæгатиристойнаг сахартæ Дигора æма Æрæдон иссæнтæ уæлахезон, «Сахарти зæрдæхцæуæн фалдзос аразун», зæгъгæ, Еугуруæрæсеуон конкурси. Уой фæрци син лæвæрд æрцудæй: Дигорайæн район – 70 миллион соми, Æрæдонæн – 90 миллион соми. Фæрæзнитæ гъæуама харзгонд æрцæуонцæ аци цæрæбунæтти æхсæнадон фæзуæттæмæ базелуни фæдбæл.

***

Уæрæсей гъæуайкæнуйнади министрадæ бахаста фæндон, Украини сæрмагонд тугъдон операций архайæг бархеуонтæй ка фæммард æй, цæмæй уони бийнонтæн фист цæуонцæ æфсæддон пенситæ. Æма еци фæндон гъæуама фæррæстмæ уа – Уæрæсей Президент аци анзи 20 июли ци унаффæ рахаста, уоми дæр загъд ес, гъома, сæрмагонд операций бархеуонæй ка архайдта æма си уотемæй ка фæммард æй, уони бийнонтæ, сæ дарæг ке бастъалдæй, уомæ гæсгæ пенси фист цæуа æфсæддон службæгæнгути хæццæ æмхузонæй.

***

Сувæллæнтти исфæлдистади Хъæбæлоти Билари номбæл Галауани идарддæр цæунцæ цалцæггæнæн куститæ: нуртæккæ бал си æййевунцæ рагон тугургъæдтæ, уæлдæфи, гъар æма электрон тухæдæттæн мадзæлттæ, идарддæр ба бавналдзæнæнцæ къæрæзгитæ æййевунмæ, медæггаг уæтти арæзтадон куститæмæ. Сæйрагдæр æй сувæллæнтти исфæлдистади Галауани агъазиау бакаст æма исконд багъæуай кæнун.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Галауани ци сæдæ исфæлдистадон къуари ес (архайунцæ си 5-18-анздзуд кæстæртæ), уони куст цалцæггæнæн куститæмæ гæсгæ гъигæдард æгириддæр не ‘рцæудзæнæй.

***

Дзæуæгигъæуи бæрæгастæу, Терки билгæрон, арæзт æрцудæй къарти равдист «Нæ сабийтæ». Æхсæнадон архайгути, культури алли къабæзти спорти минæвæртти хæццæ архайунцæ сувæллæнтти Хæдзарæ «Хори тунæ»-йи гъомбæлгæнуйнæгтæ. Аци мадзали сæйрагдæр нисанеуæг – кадимайди ба уой фæрци бийнонтæ иссериуонцæ, ниййергути æнæевгедæй ка байзадæй, еци сувæллæнттæ. Зæгъæн, фарæ аци проекти ци фараст сабий архайдта, уонæй цуппар аци амондæй фæххайгин æнцæ.