06 октября 2024

ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..

08.07.2022 | 17:45

Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр, Монголий Адæмон республики Бæгъатæр Плити Исси бюст æвæрд æрцудæй Башкирий, Иглини райони гъæу Улу-Теляки æнсувæрон адæмти бæгъатæрти Аллейи. Зæгъун гъæуй уой, æма си бюститæ æвæрд цæунцæ нæ бæсти алли адæмихæттити æхсаргин адæймæгутæн, се ‘хсæн – Минигали Шаймуратов, Рихард Зорге, Александр Маринеско… Аци мемориал арæзт æрцудæй Башкирий цæрæг Хасан Идиятуллини хъæппæреси фæрци.

***

Сабати, 9 июли рацæудзæнæй Цæгат Иристони мотокросси еристи 1 этап æма Цæгат-Кавказаг федералон зилди Кубок рамолунбæл мотокросси 2 этап.

Хуцаубони, 10 июли ба Дзæуæгигъæуи мотодроми (Сурхгвардион хеди рази) рацæудзæнæнцæ мотокросси иннæ этапти еристæ.

***

Куд нисангонд цæуй, уотемæй Цæгат Иристон исиуазæг кæндзæнæй фольклорон фестиваль – конкурс «Алтын Майдан – Алания». Уоми архайунмæ сæ исфæлдистадон коллективтæ æрбарветунбæл нерæнгæ бал арази ‘нцæ Буряти, Чуваши, Татарстан, Башкири, Нижний Новгород, Мæску, Хъалмухъ.

***

Нæ республики номдзуд коллективтæй еу, Е. Вахтангови номбæл Академион уруссаг театр 13 – 16 июли исфæлдисталон балций уодзæнæй сахар Твери. Æма равдесдзæнæй цуппар спектакли. Фæстæдæр 21 – 26 сентябри ба Дзæуæгигъæуи исфæлдистадон балций уодзæнæй Твери драмон академион театр, æма ардигон театрдзаутæн равдесдзæнæнцæ цуппар спектакли.

***

Кафти Паддзахадон академион ансамбльтæ «Алан» æма «Вайнах» 26 июли Цæгат Иристони Тæбæхсаути Балой номбæл  академион театри равдесдзæнæнцæ еумæйаг концерт. Райдайдзæнæй 18 сахатти æма 30 минуттебæл. Хабæрттæ бæлвурддæрæй базонæн ес тел.: 8-918-827-22-85; 64-98-22; 8-962-744-23-31.

***

Еугуруæрæсеуон нимаддзийнæдтæй зундгонд фæсевæдон форум «Машук» аци анз дæр бабæй рацæудзæнæй сахар Пятигорски 13-27 августи. Цæгат Иристонæй си архайдзæнæнцæ æртинсæй адæймаги.

***

Маддæлон капиталæй испайда кæнуни туххæй курдиæдтæ ка балæвардта, Цæгат Иристони еци 1950 бийнонтæн Пенсион фонд радех кодта 665 миллион соми. Еци бийнонтæн сæ 65% гъавунцæ материалон капитали фæрци сæ цæрæн уавæртæ фæххуæздæр кæнун. Сæ 7,5% ба ‘й исхарз кæнуйнаг æнцæ сæ кæстæрти ахуради фарстати фæдбæл.