09 майя 2024

«ХУАРЗÆН ДÆР Æ ХУАРЗ УÆЛАРВÆЙ НЕ ‘РХАУЙ…»

18.11.2023 | 13:59

Нæ рагфидтæлтæн сæ зундирахаст æвдесæнæн нин ци берæ фæдзæхститæ байзадæй, етæ абони дæр, бæргæ, фæппайда уиуонцæ, раст сæ ку лæдæрианæ æма сæ ку æнхæст кæнианæ, уæд. Зæгъæн, мæнæ ауæхæн загъд: «Хуарз ракæнун уодибæстæ æй!..» Æцæгæйдæр, адæймаг ести хуарз ку ракæнуй, уæд, фиццагидæр, æхе уодæн куддæр фехцæуæн уй, уой хæццæ ба имæ фæззиннуй разæнгарддзийнадæ никкидæр ма ести хуарздзийнæдтæ исаразунмæ.

Уæлдай æхцæуæн ба е фæууй, æма уæхæн зурдирахаст ку фæббæрæг уй нæ кæстæрти уодиконди.

Уомæ гæсгæ арфиаг æй, æгайтима нæмæ нæ абони цардарæзти уомæн ес берæ æвдесæнтæ. Зæгъæн, æрæги арæзт æрцудæй Цæгат Иристони регионалон фæсевæдон ахурадон форум «Хуарздзийнади академи». Архайдтонцæ си нæ республики фæсевæдон æхсæнадон æнæкоммерцион æма бархеуон организацити дæс æма дууинсæй минæвари. Æртæ боней дæргъи етæ архайдтонцæ интеллектуалон æма исфæлдистадон мадзæлтти, лекцити, фембалдæнцæ федералон æма регионалон экспертти хæццæ.

Форуми кусти архайдта нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз. Æма уой игон кæнгæй, е æ радзубандий баханхæ кодта аци мадзали сæрмагонд ахедундзийнадæ:

– Аци форум ахурадонбæл хумæтæги нимад нæ цæуй. Ахурадæ ‘й нæ цардиуаги гъæугæ гъуддæгутæн сæ еугурей райрæзти дæр сæйраг рахуæцæнтæй еу, æма еугур гæнæнтæй дæр пайда кæнун гъæуй профессионалон зонундзийнæдтæ райсунæн, ацъагъуæгиндæр кæнунæн. Уой хæццæ ба ма уой дæр лæдæрун гъæуй, æма нæ цард алливæрсуг æй, æма нæ рæстæг ни ци берæ æнхæсткæнуйнæгтæ агоруй, уони æхсæн сæйрагдæртæй еу æй æхсæнадон архайд, уомæ гæсгæ ба си алкедæр ни æнæмæнгæ гъæуама бунат иссера æхецæн, ихæсгин кæна æхе уоми исфæлдистадон æгъдауæй æскъуæлхунæй.

Æ радзубандий ма Тускъай-фурт куд фæббæрæг кодта, уотемæй нæ бæстæ рагæй нурмæ дæр бæрæг ке дардта æ хуæрзауодæни æгъдæуттæ æма фæткитæй, æма фæсевæдæн  бафæдзахста, цæмæй бархеонти æзмæлди архайгæй, «ахур кæнонцæ хецæн адæймæгути цард æма архайди хабæрттæ æма сæхе карни райрæзтбæл архайди сæ хуарзæй фæнзонцæ, тундзонцæ уони хузæн лæгигъæдгун æма рæстзæрдæ унмæ…»

Форуми фæлгæти нæ бæсти адæми царди хуæрзгъæдæдзийнадæ фæххуæздæр кæнунæн агъазгæнæг хъæппæрести Æхсæнадон преми «МЫВМЕСТЕ»-йи регионалон къæпхæни уæлахезонтæн исаккаг кодтонцæ сæрмагонд премитæ. Уони син дæтгæй, Тускъати Таймораз загъта:

– Мæнæн хъæбæр æхцæуæн æй æхсæнадон архайд зæрдиагæй ка кæнуй, уонæн абони сæ уодуæлдай фæллойни туххæй зæрдиагæй арфæ кæнун. Абони мах хуæрзеугутæ кæмæн дæттæн, уони архайд уой æвдесæн æй, æма сæ куст ахсгиаг ке æй, не ‘хсæнади æнæмæнгæ гъæугæ ке æй, сæйрагдæр ба – бæрæг æй, аци кизгуттæ æма лæхъуæнтæ цæйбæрцæбæл рæстуодæй цæрунцæ нæ дзилли сагъæстæй.

Номинаци «Наций æнæнездзий-надæ»-йи бæрзонд аргъ кæмæн искодтонцæ, еци проекттæй еу арæзт æй æстæгути хъанз лæвар дæттуни пропагандæ æма Цæгат Кавкази федералон зилди цæргути ‘хсæн Уæрæсей æстæгути хъанзи Национ регистр фæуурухдæр кæнуни нисанеуæгæй. Проекти разамонæг æй Цæгат Иристони медицинон академий цуппæрæймаг къурси студенткæ Гиголати Ланæ, проект царди рауадзунмæ ба ин агъаз кæнуй Хуæрзауодæн фонд «Быть добру».

– Донорти марафони фæрци республики цуппар адæймаги иссæнцæ æстæгути хъанзи донортæ, æртæ минемæй фулдæр ба гъавунцæ уæхæн донортæ исунмæ, – зæгъуй проекти разамонæг.

Номинаци «МЫВМЕСТЕ-Россия»-йи хуæздæр проекти ‘хсæн – Хуæрзауодæн фонд «Быть добру», бархеуондзийнадæ «Кавкази бархеуон»-и Цæгат Кавкази фæрæзнити Центр.

Мадзали рæстæг ма æ архайгутæн фæцæй равгæ Тускъати Тайморазмæ нæ абони цардарæзти берæ аллихузон гъуддæгутæ æма хабæртти фæдбæл фарстатæ раттун æма син е дæр алкæмæндæр бæстон дзуапп равардта, уой хæццæ ба ма син бафæдзахста, сæ карнæ аразгæй цæмæ бæллунцæ, етæ син цæмæй бантæсонцæ, уой туххæй куд гъæуама архайуонцæ, ци син уа гъæуама æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг.

Регионалон фæсевæдон ахурадон форум бархеуондзийнади къабази «Хуарздзийнади академи» арæзт цæуй 2021 анзæй фæстæмæ Цæгат Иристони фæсевæди гъуддæгути Комитет æма культури паддзахадон бюджетон уагæдонæ «Фæсевæди галауан»-и хъæппæресæй. Архайгæ ба си кæнунцæ 16-25-анздзуд фæсевæд.

Нæ рагфидтæлтæй ма нин байзадæй уæхæн загъд дæр: «Хуарзæн æ хуарз уæлæрвтæй не ‘рхауй!..» Гъома, хуарз мæмæ æхуæдæг еу кæддæр фæззиндзæнæй, зæгъгæ, æнгъæлмæ кæсун нæ гъæуй, фал хе хъаурæ æма равгитæй æй аразун гъæуй. Æма нимади дæр уæд уодзæнæй…