ХЪУРМАНТӔ – РАЙДЗАСТХӔССӔГ ӔМА НИФСДӔТТӔГ БӔРӔГБОН!..
Пусулмон динӕн Уӕрӕсей цардарӕзти цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау ӕма ахсгиаг ахедундзийнадӕ ес, уой фӕдбӕл нӕ бӕсти Президент Владимир Путин уотӕ загъта: «Ӕности дӕргъи нӕ бӕсти парахат кодтонцӕ рохсадон пусулмон дини фӕткитӕ. Ӕма Уӕрӕсей хӕларӕй цӕрунцӕ аллихузон адӕмихӕттитӕ, динтӕ, уоми, ӕнӕмӕнгӕ, ес пусулмон уммӕ агъазиау ӕскъуӕлхтдзийнадӕ. Е аккаг байвӕрд бахаста не ‘хсӕнади аразидзийнадӕ исбӕрзонд кӕнунмӕ ӕма алкӕддӕр тундзтӕй медӕггон ӕма ӕхсӕндинон рахастдзийнӕдтӕ, ӕмхецдзийнадӕ динбухсунади бундорон уавӕртӕбӕл аразунмӕ.
Нӕ бӕсти Президенти аци загъд зӕрдӕбӕлбадаруйнаг ӕй уомӕн дӕр, ӕма пусулмон дини цардаразон ахедундзийнадӕ лӕдӕрд ӕй нӕ еугуруӕрӕсеуон ӕхсӕнади дӕр. Уомӕн ӕвдесӕн – мӕнӕ аци бӕнтти куд цитгинӕй бӕрӕггонд цӕуй пусулмӕнтти сӕйрагдӕр бӕрӕгбӕнттӕй еу – Хъурмантӕ (райдӕдта 20 июли ӕма бӕрӕггонд цӕудзӕнӕй ӕртӕ боней дӕргъи).
Цӕгат Иристони пусулмон дзиллӕ!
Ӕргомзӕрдӕй уин арфӕ кӕнун Хъурманти бӕрӕгбони фӕдбӕл!
Хъурмантӕ ӕнцӕ, берӕ ӕности дӕргъи адӕм ке исфӕткон кодтонцӕ, сӕ бундори ӕууӕндундзийнадӕ ӕма ихӕсбӕл еузӕрдиуондзийнадӕ, рӕстадӕ ӕма хеуони карнӕбӕл мӕтӕ кӕнун кӕмӕн ӕнцӕ, еци уодварнон хӕзнати нисанӕвдесӕг.
Аци райдзаст бӕрӕгбони еума хатт уӕ зӕрдӕбӕл уой ӕрлӕуункӕнуйнаг дӕн, ӕма Цӕгат Иристон ӕй, нӕ адӕмӕн сӕ дини бӕрӕгбӕнттӕ, сӕ уодварнон цардарӕзти ӕнӕфӕххецӕнгӕнӕн хай кӕми иссӕнцӕ, уӕхӕн берӕнацион ӕма берӕконфессионалон республикӕ.
Сӕрмагондӕй ма уой дӕр баханхӕ кӕнуйнаг дӕн, ӕма пусулмон ӕхсӕнадӕ разӕнгардӕй ӕма ӕновудӕй ке архайуй нӕ республики райрӕзти, агъазиау байвӕрд ке хӕссуй ӕ культурон берӕхузондзийнадӕ багъӕуай кӕнуни арфиаг гъуддагмӕ.
Уадзӕ ӕма Хъурмантӕ бӕрӕг кӕнуни бӕнттӕ нӕ республики исуӕнтӕ нӕ рагфидтӕлтиккон зӕнхӕбӕл сабурдзийнадӕ ӕма фарни еугӕндзондзийнадӕ федарӕй-федардӕр кӕнуни, нӕ хеуӕнтти ӕнӕнездзийнади ӕма цардгъондзийнади, нӕ бийнонти амонди, нӕ цӕуӕти ӕма уони цӕуӕти зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр исонибони туххӕй ӕргомзӕрдӕй ковуни рӕстӕг, ӕууӕндӕг пусулмӕнтти зӕрдитӕ байдзаг уӕнтӕ цийнӕдзийнадӕ, уодӕнцойнӕдзийнадӕ ӕма райдзаст нифсӕй.
Бӕрӕгбони хуарзӕнхӕ уӕ уӕд, хъазар ӕмбӕлттӕ!..
Сергей МЕНЯЙЛО,
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг.
Цӕгат Иристони пусулмӕтти Уодварнон управлений номӕй дӕр ӕма мӕхе номӕй дӕр зӕрдибунӕй арфӕ кӕнун нӕ республики еугур цӕргутӕн дӕр Хъурманти бӕрӕгбони фӕдбӕл.
Меккӕмӕ цитгин хадж искӕнуни бӕнттӕ цитгинӕй райевгъудӕнцӕ, ӕма уомӕй пусулмӕнтти зӕрдитӕ байдзаг ӕнцӕ цийнӕ ӕма устур арфитӕй. Не ‘Скӕнӕгӕн е ‘гӕрон хуӕрзауодӕн ӕма битиради фӕдбӕл, нӕ тӕрегъӕдтӕ искӕдзос кӕнуни фӕдбӕл ци нивӕндтӕ хӕссӕн, уомӕй мах нӕ уодтӕ ӕма нӕ зӕрдитӕй сорӕн сау гъудитӕ, федар си кӕнӕн хуарздзийнадӕ ӕма рӕстадӕбӕл ӕууӕндундзийнадӕ.
Мингай ӕнзти дӕргъи аци бӕрӕгбон дзиллӕн хӕссуй тӕккӕ хуӕздӕр ӕма райдзастдӕр ӕнкъарӕнтӕ. Аци бӕрӕгбон еу кӕнуй адӕми, ӕхсӕнади федар кӕнуй фӕлмӕнзӕрдӕдзийнади ӕма кӕрӕдзей нимайуни хуӕрзӕнхӕсти менеугутӕ, ӕргом нин кӕнуй пусулмон дини уодварни гъӕздугдзийнӕдти арф ӕнкъарӕнтӕ.
Федарӕй ми ӕруагӕс кӕнуй, Цӕгат Иристони пусулмон ӕхсӕнадӕ идарддӕр дӕр ке архайдзӕнӕй аллихузон динти ‘хсӕн рахастдзийнӕдтӕ федардӕр кӕнунбӕл, фидтӕлтӕй нин ци ‘гъдӕуттӕ байзадӕй, уонӕн аргъ кӕнун.
Уадзӕ ӕма Хъурманти бӕрӕгбон нӕ республики цӕргутӕн уа еугӕнӕги фӕрӕзнӕ, сӕ рохс фӕндитӕ цардмӕ хӕссуни гъуддаги агъазгӕнӕг, алли хӕдзарӕмӕ дӕр хӕсса уоди гъардзийнадӕ, цийнӕ ӕма кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ. Мӕ зӕрдӕ уин зӕгъуй федар ӕнӕнездзийнадӕ, амонд ӕма сабур цард, фарнӕ ӕма райдзастдзийнадӕ!
ГУӔЦӔЛТИ Хаджиморат,
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий муфтий.