06 октября 2024

ИГУРУЙ МА ДИГОРИ ПОЭТТÆ…

07.03.2024 | 21:59

Нæ номдзуд поэт ГУРДЖИБЕТИ Блашкайæн Мæздæги райони Мусгъæуи æ райгурæн хæдзари тургъи ци циртдзæвæн æвæрд æй, уой рази ист æй ДЗАГУРТИ Дани къарæ.

Номдзуд испайнаг финсæг, Нобели премий лауреат Мигель де Унамо уæхæн гъуди загъта: «Кæд сæ адæмихатти дини, æвзаги æма Фидибæсти гъуддæгутæ не ’ндавунцæ, уæд ма мадта цæбæл хуæст адтæнцæ еугур рæстæгути æма еугур адæмти поэттæ? Кæд аци сагъæстæй нæ цæрунцæ гъуди æма монцтæ, уæд ма цæмæй?..»

Аци курухон гъудий фæдбæл уой зæгъуйнаг ан, æма нæ Хуцау фæххайгин кодта уæхæн хуарздзийнадæй – нæ национ финсгутæн нæ маддæлон æвзаг дæр æма нæ уодварни иннæ хæзнадзийнæдтæ табуйаг кæмæн æнцæ, уодуæлдайæй хъазауат кæнунцæ сæ сæрбæлтау. Еума хуарздзийнадæ ба е æй, æма нæмæ ес, сæ фæллæнттæ кæмидæр евгъуд рæстæгути цæмæй ма батар уонцæ, фал фæлтæрæй-фæлтæрмæ тухгинæй-тухгиндæр ке фæрци кæнонцæ, уæхæн бундартæ. Уонæй еу æй Дзагурти Валодий кизгæ Данæ (æ литературон фæсномуг æй Дигорхан – уотæ ин худтонцæ æ рохсаггаг мадæ, Тауасити Сослани кизгæ Нини, искурдиадæгин æма адæмæн уарзон дохтири). Данæн аци къарæ хумæтæги нæ мухур кæнæн – е  æцæгæй æй, Гурджибети Блашкай æма иннæ номдзуд финсгути фарнæхæссæг гъуддаг абони идарддæр ка æнхæст кæнуй, уонæй. Цæйбæрцæбæл ин æнтæсуй, уомæн ба уæхуæдтæ уотæ æвдесæн – нæ газети абони 4-аг æма 6-аг фæрстæбæл мухур кæнæн æхе туххæй æрмæг, уæдта æ финст æмдзæвгитæ.

 

Адæймаг кусти сæргъи ку æрлæууй, уæд айдагъ æхе абони архайди мæтæ нæ фæккæнуй, фал ма исонибони, федæни мæтæ дæр. Æвæдæй нæ Хуцау бахезæд! Мах æхсицгæ гъæуй искурдиадæгин фæсевæд, дигорон æвзаг æма литературæ багъæуай кæнуни ихæс ка райса æхемæ исонибони, уæхæн лæхъуæнтæ æма кизгуттæ. Уомæ гæсгæ ба, хъæбæр бацийнæ кодтан, æрæги нæуæг финсæг – Дзагурти Дани æмдзæвгитæ ку байаргъудтан, уæд. Æруагæс кæнун ми байдæдта: уодзæнæй ма нæ Дигори поэттæ, игурдзæнæй ма нæмæ искурдиадæгин фæсевæд!

Нæуæг финсæг исхонунмæ дæр æй æвзаг æнхæст нæ хатуй, уойбæрцæбæл æнхæст æнцæ аллихузи поэтикон мадзалæй Дани æмдзæвгитæ, фал мин куд балæдæрун кодтонцæ, уомæ гæсгæ еци уадзевдзитæ æцæгæйдæр æ фиццаг фæлварæнтæй æнцæ. Еске зæгъдзæнæй, æма, зæгъгæ, уотæ æваст ба куд ес уæхæн хуарз æмдзæвгитæ ниффинсæн?! Ес, ес! Искурдиади бон берæ ’й, æма адæймагæн лæгигъæдæ æрдзæй лæвæрд ку уа, уæд ин цæлхдортæ нæййес!

Фиццагидæр мæ ци бафеппайун фæндуй, е æй – Данæн е ’взаги гъæздугдзийнадæ, æ рагон дигорон бундойрон дзурдти арсенал мæ æхцæуæн деси бафтудта.

Дуккагæй ба – Дзагурти Данæн æхе хецæн хузи æрмдзæф ке ес, ке неке фæнзуй æма е ’мдзæвгитæн, еци хуарз æууæлмæ гæсгæ, гъæуама уа сæхе бунат нæ гъæздуг дигорон литератури хæзнадони.

Æртиккагæй – поэти рæнгъитæй цæуй цидæр рохс. Мæнæ, киндзи ка нæ цæуй, еци кизги гъенцъун куд гъазæн-ходæн дзурдтæй, гиризæнхæццæй æвдесуй автор æмзæвги «Уæхъæци»:

Уæхъæци мин, Уæхъæци

Дунгæ сæрфуй, æвæдзи…

Тургъи къумтæ, мæ ростæ

Арт уадзунцæ мæ гъостæ!

Æмдзæвгæй ма æрхæсдзæнæн фæстаг цуппар рæнгъи:

Тъæрæ мæмæ идзулуй,

Уг ба ходæгæй мæлуй!

Æллæх, æллæх, Уæхъæци

Зæгæлкъуæрд дæн, æвæдзи!

Кæсай, куд дзæбæх æй загъта æ тухст уавæр дæр ма! Аци æмдзæвги медес ка балæдæра, уой еци-еу рæстæги сагъæси дæр бафтаудзæнæй, уæдта имæ цидæр фæлмæн гъулæгдзийнади ассоциацитæ дæр исæвзурун кæндзæнæй, фал, еумæйагæй райсгæй ба, æ зæрди уæддæр  æвæрццæг æнкъарæнтæ байзайдзæнæй.

Дзагурти Данæмæ ес философион гъудикæнуйнади менеуæг, æ уадзимистæ ’нцæ цардон æма реалистон. Хуæрзфæлуст æнцæ поэти рæнгъитæ æнæнгъæлæги фæлгонцтæ, аййев сорæттæ æма рæсугъд æнкъарæнтæй, хуарз арæхсуй психологион хузтæ, нивтæ аразунмæ. Ке ранимадтон, еци поэтикон фæрæзнитæ кæми фæййеу унцæ, уоми ба райгурæй мæнæ ауæхæн цæмæдесаг рæнгъитæ:

А уæлмæрдтæ æхгæд мин цæстемæй

Сæццæкæсæ дуйнемæ кæнуй.

(«Уæлмæрдтæ»)

Аци еунæг гъудиади ес хъæбæр устур æма арф гъуди, æма ауæхæн хъаурæгин рæнгъитæ автормæ еуцалдæр ку уа, уæддæр етæ фагæ уодзæнæнцæ уой æцæг поэт исхонунмæ.

Фæййеуварсгæнæн нæййес, Дзагурти Данæ æ Дигорæ куд æнæкæрон берæ уарзуй, уобæл дæр:

Уæ, тæходуй, мæ Дигорæ, –

Царди нивтæн сæ тала,

Арви реуæй, рæсог донау,

Фæрнугадæй æгъзæла!..

Мæ Дигорæ, уодибæстæ,

Дæ бакастæй ирæзун!

Мæ монди дæ, мæ бæлди дæ,

Азæлун ди, азæлун!..

(«Мæ Дигорæ»)

Кенæ ба цæхуæн кæдзос уарзондзийнади хæццæ финсуй поэт мæнæ аци зæрдæбæл æмбæлагæ рæнгъитæ æмдзæвгæ «Нанай рагуас»-и:

Кукæ-нана, кæсай, хъахба – дуйне,

Куд зæгъисæ, уотæ ралæудтæй…

Нæ дигорон кæрдзин адæгонтæй

Еу дæр нæбал уадзуй æнгæрон?..

Зæрдæ-нана, кæнис ходæзмолæ,

Мæнæн дæр æй сосæггай зæгъай…

Уанцон нæй! Æноси æй Дигорæ?

Дуйнетæбæл дæ тала уадзай!..

Тутай цонгбæл ивазун мæ уонтæ,

Дарддалингæй фæндур игъусуй…

Куд рæсугъд семунцæ нæрæмонтæ,

Сæ дигорон азæлуй, цæфсуй!

Поэт бæллуй, цæмæй æ хъазар, уарзон маддæлон дигорон æвзаг ма фесæфа, уæхæн хуарздзийнадæмæ, фæрсуй, «æноси йæй Дигорæ», зæгъгæ, æма æууæндуй, дуйнетæбæл æ тала ке уадздзæнæй. Еци оптимистон цæстингасæй ин игурунцæ æ фулдæр æмдзæвгитæ Данæн.

Журнал «Ирæф»-и 2023 анзи æртиккаг номери мах ниммухур кодтан Дзагурти Дани – Дигорхани æмдзæвгити цикл, æма нæмæ поэзиуарзгутæ алли рауæнтæй дзæнгæргутæ кодтонцæ, фарстонцæ, ка ’й, кæцæй æй, зæгъгæ, еци нæуæг автор. Е уобæл дзорæг æй, æма нæ дигорон дзиллæ еугур устурзæрдæ нæма иссæнцæ сæ маддæлон æвзагбæл, берети ма гъæуй киунугæ дæр, журнал дæр, газет дæр. Гъæуй сæ Дигорхани хузæн финсгутæ дæр. Мæнмæ гæсгæ, нуриуæнгæ ци æмдзæвгитæ ниффинста, етæ ин хецæн æмбурдгондæй рауадзуни аккаг æнцæ. Æууæндун, поэзиуарзгути зæрдитæ барохс кæндзæнæй уæхæн киунугæ. Мæ дзубанди цæйбæрцæбæл раст æй, уомæн ба æвдесæндар фæууæнтæ, дæлдæр ин газети фæрстæбæл ци æмдзæвгити цикл мухур кæнæн, е.

СКЪОДТАТИ Эльбрус, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор

 

 

ДЗАГУРТИ Данæ (Дигорхан)

ДЗАГУРТИ Данæ æ хеуæнтти хæццæ.

УÆХЪÆЦИ

Уæхъæци мин, Уæхъæци

Дунгæ сæрфуй, æвæдзи,

Тургъи къумтæ, мæ ростæ,

Арт уадзунцæ мæ гъостæ!

Ниммæ зелуй кинзелæ,

Фæмми соруй фудмелæ!

Хуæнхти кæмттæй азæлуй,

Мæ къохтæмæ æгъзæлуй!

Уодзæнæн дин хуарз æнкъай,

Ма кæнæ тæргай, кизгай!

Тъæрæ мæмæ идзулуй,

Уг ба ходæгæй мæлуй!

Æллæх, æллæх, Уæхъæци

Зæгæлкъуæрд дæн, æвæдзи!

 

УÆЛМÆРДТÆ

Бутъуйсинх гъæугæрон æрæнцойнæ ’й,

Е ’ндæ горен цард цæфсуй, бурсуй.

А уæлмæрдтæ æхгæд мин цæстемæй

Сæццæкæсæ дуйнемæ кæнуй.

Кир-кир кæнуй гæггог цирти сæрмæ,

Хори лæфин тавуй сау сикъит,

Идардæй æрбайгъусуй ’веппайди

Куд никкæнуй дудзигъæр мæзгит.

Æфсæн колдуар растæруй æ билтæ,

Мæрдæнцойнæ еблагъуæ зæгъуй,

А фæзбуни хецау, æнæ ’нцойнæ,

Æ цибæл сундакъæбæл цæвуй…

 

НИВТИ ГЪОЛÆ

Ци сæ еу, ци иннæ – бæдолæ,

Кæрæдземæн – устур нифс.

Еуей гоккæ фæллæг уодзæй,

Иннемæн – къулух, рист.

Уæ цард, дæ тæразæ десарæзт æй!

Æрхунтæй дæ зæнхæ аразис…

Æрхотуги батохис фæсмонтæ,

Фидиуосау геруз дæ, æвзист.

Бæрзæндтæбæл гъолæ исгæлдзисæ,

Ку фæгъгъолон уа, оххай, дæ гъаст.

Мæ цæститæй дæхе ку уинисæ,

Бæргæ некæд кæнисæ нин маст.

 

ХУÆРДÆЙРИСТ

Нæ дзиллæ мæ бæлгъур хонуй,

Æз ба уотид – хуæрдæйрист.

Нæртон лæгау фæгъгъæйт уинæ,

Мæ уйнадæ – фудæлгъист.

Æргомæй дæр, сосæгæй дæр

Мæ губун мин æй хецау,

Мæ ауодæг, мæ рæвдауæг,

Мæ цибæл ’ма мæ Хуцау.

Базургинти арв ивазуй,

Лæхдунти ба – цъимара,

Мæ сæдзæн мин дзенетхуз æй,

Мæ цæра си, мæ цæра.

 

МÆНАУ

Дæн хорæн æ гъарæй,

Арвæн – æ цъæхæй,

Зæнхæн – æ гъæздугæй,

Дунгæн – æ хъаурæй.

Æз æрдзи рæссугъдæй

Не ’рцудтæн æртæст,

Уомæн æй мæ зæрдæ

Рохс уарзтæй исæрст.

Æз дони æртæхтæй

Уæлæрвтæй тахтдæн,

Стъалути æрттивдæй

Æрттевгæ адтæн.

Æз царди уолæнти

Боц дард æрцудтæн,

Уомæй æй мæ уоди

Мæ равгæ фулдæр.

Дæ уарзти рæвдудæй

Дæн надбæл, Хуцау,

Дуйне дæ лæдæрæд,

’Ма уарзæд мæнау…

 

МÆ ДИГОРÆ

Мæ дадзинти нивесинæн

Тоги хæццæ æнхæцгонд,

Дæ фæлсугъдæй, дæ тъулинæй

Амад цæуй мæ амонд…

Мæ гъенцъунтæн сæ зæредæ

Коми тулфау исæфуй,

Дæ зæринæй, рохсалистæй

Зæрдæ ирайуй, тæхуй!..

Уæ, тæходуй, мæ Дигорæ, –

Царди нивтæн сæ тала,

Арви реуæй, рæсог донау,

Фæрнугадæй æгъзæла!..

Мæ Дигорæ, уодибæстæ,

Дæ бакастæй ирæзун!

Мæ монди дæ, мæ бæлди дæ,

Азæлун ди, азæлун!..

 

УÆЛАРВОН ФÆЗÆ

Арви реубæл уорс дæркъитау

Ниппурх æнцæ къæбæлдзуг,

Сæ бæзгини, сæ уæлиауи

Фахсбæл кæнунцæ æмдзуд,

Сæ фиййауæн æ уадиндзæй

Дзæгæргутæ æгъзæлуй,

Уæлуæлиндзæ уацамонгæй

Уарундзæг нидæн кæлуй…

Сувæрфиу цагъанахузæй

Хори лæфинттæй тæдзгæй,

Цъæх фæзбунбæл мадæ-мегъæ

Арви риндзæмæ лæсгæй,

Æ сувæдæг – фур бедаугæ,

Зæнхи комбаст ихалуй…

 

ЗÆРДИ ХЪИСМÆТ

Цæститæй мæ зæрдæ – усмæн над,

Æнæбитъиз, æнæбари, куствæллад.

Æвæлмас гупп е ’вæлхæтæ искæнуй,

Æ нæрагæ, æ тæрнадæ имисуй…

Ци ауодуй, ци агоруй, ци ’й æ тафс,

Табу-мендар ци Хуцаумæ, ци æнбаст?

Ис уæ къахон, мæ цæститæ – зиангæнæг!

Зæрди бундор кæдмæ нæма ’й æдзæрæг…

 

ЗÆРОНД БУНДОР

Зæнхæндзæр ниннæхстæн царди руни…

Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр – бедола.

Тæмæнкалди, раздæри фæзуати

Сæрбæрзондæй хундтæн кесена.

Ме ’хсидзгонæй хауинæ хæпполти,

Мæ къæсæр Уасгергийæй фæдзæхст.

Ка ’й зудта, ’ма ралæудзæй абони,

Гъарæнгæ исессæй мæ кæла…

Никкæло йæй ’веппайди мæ фарнæ,

Мæ сосдар мæ хæццæ фæммæлуй.

Бундоронти евгъуд исминæг æй,

Фæлдивд мин æй рагæй сæ цæра…

 

НАНАЙ РАГУАС

Мистæ-нана, разиндтæ фæсусмæ!..

Æдосæ дæ мæ фуни уидтон…

Æнæнгъæлти мæ фæлин нилвæст æй,

Мæ уолæфт фурцийнæй – æгæрон!

Ма рауадзæ, уæрццæ, къохидзæгтæ

Æнæрхаугæй ратонæ, цурд уо…

Ох, нана, дæу æнгъæлдзау абони

Тутай зæронд цонгбæл æз рæхцун!..

Кукæ-нана, кæсай, хъахба-дуйне,

Куд зæгъисæ, уотæ ралæудтæй…

Нæ дигорон кæрдзин адæгонтæй

Еу дæр нæбал уадзуй æнгæрон!

Зæрдæ-нана,кæнис ходæзмолæ,

Мæнæн дæр æй сосæгкай зæгъай…

Уанцон нæ ’й! Æноси йæй Дигорæ?

Дуйнетæбæл дæ тала уадзай!..

Тутай цонгбæл ивазун мæ уонтæ,

Дарддалингæй фæндур игъусуй…

Куд рæсугъд семунцæ нæ рæмонтæ,

Сæ дигорон азæлуй, цæфсуй!

 

ДЗÆМИЛÆТИ УОНАЙ

Дунгæ фахсбæл, техъул кæнгæй,

Сæрбехъулон аразуй,

Е ’рдеуагæй, æ тъæллангæй,

Хуæнхти зæрдæ ихæлуй!

Æ зелдохи, æ йах-йахи

Нидæн зарæ истæлфуй…

Комбæл хабар фæххæлеу æй:

Дзæмилæт фæлхизт рæмуй…

Æ уонай ин нæ игъосгæй,

Æ къохтæ ин нæ сæрфгæй,

Куд ма цæрдзæй дунгин науæ,

Æ талас исæскъундзæй!

Мæ фæлмæсгæ, мæ хæзна дæ,

Æнæ дæу – дуйне æмир!

Дæ зæрин уод а-зæнхонтæй

Арви уацæн æй фæлдист!

Дæ фæсмæрдæ комбæл хæссæн

Еудадзугæй дæ уонай,

Дидингути, æстъалути,

Алли ’ртæхи куд цæрай…

 

БАБАТИ ТУГЪДОН ХЪУРМÆ

Мæ баба мин, хъурмæ кæнгæй,

Æ фиди кой ку кодта,

Уæд ин, цума, фæллад къохтæй

Æ тугъдон зæрдæ сæрфта.

Æ медбилтæ байдзулидæ

Мæ уорс сæр, рæдау баба,

Æ цæстæбæл рауайидæ,

Æ цæф фидæ куд гъæрзта:

Цæруйнаг уæнтæ бæдæлттæ,

Тугъди азумæй ба – хизт!

Ма ко, баба, минкъий къохтæй

Æз дин райссæнæн дæ рист!

 

ТÆХОДУЙ

Æмидолæй ме ’сконди мæ апп,

Мæ зундæн æ баредзæ – уæлиндзæ.

Тæходуй, цард, ку уинæ аккаг

Дæ фæлвæра, кадæнгæ, бæллецтæн!

Мæ уосонгæ уидæ рохс, уæлмонц,

Мæ уæлбазур хæссинæ мæ нивæ…

Гъудий халæ ’лвесинæ æрвонг,

Дæ райдзастæн уинæ дин уадиндзæ!

 

УАЦÆУАРЗТ

Нæ мæ райссæнæ дæ къохи,

Не ’сивæрдзæнæ дзиппи,

Фал дæ зæрдæ, мæн бавзаргæй,

Заргæ кæндзæй æ гуппи…

Нæ фæййиндзæй мæ дæ цæстæ,

Нæ мæ ’рахæссæй дæ гъос,

Фал дæ зæрдæ цæстисугæй

Барæвдаудзæнæй дæ рос.

Мæн агоргæй, цард æрветис,

Æнгъæлмæ кæсис мæнмæ,

Нур нæма ’й мæнæн мæ рæстæг

Над байтаунмæ дæумæ…

Дæ зæрдæ ма фунæй кæнуй,

Мæ уагбæл нæма дæ карст,

Алке уодмæ нæ баковун,

Асхъод фæууй уацæуарзт…

 

УАЗАЙ РÆСУГЪД

Арви айдæнæ æрттевгæй,

Уазай цъопп исæвзурста:

Куд рæсугъд дæ, хуæнхти кизгæ!

Мæ уод дин аккаг феста…

Рæстæг цæуй, хæлттæ ’лвесгæ,

Æлхуйнæбæл – царди над,

Хуæнхти кизгæ, Уазай рæсугъд,

Уарзти гъарæй – боцæй дард.

Мæ зæрдæ дин, тæмæн калгæй,

Дæ къæхтæмæ ’сивæрдзæн,

Дæ рохс цæсгон, реуи даргæй,

Цардæй аргъау искæндзæн!

Мæйи рохсæй тар изæрти,

Уарзгæй, кæссæнæн дæумæ,

Ирд стъалутæй дæ къахфæндаг

Исараззæнæ мæнмæ!

Дунги хъаурæй цæугæ дæнттæ

Искæндзæнæн мийнæвар,

Ме ’гас уод дин хори гъарæй

Бакæндзæнæн æз лæвар…

Арви айдæнæ, æрттевгæй,

Уазай цъопп исæвзурста,

Дорти федар ин æ уарзтæй

Дидингутæ исуагъта…

 

ÆМДЗÆГЪД

Тарирааа, уарирааа

Нæ кæмттæбæл азæла…

Арвæй зæнхи ’хсæн – æмдзæгъд,

Нартæй байзайгæ фæдзæхст…

Æддæ-бæдæ, лæби-бæла,

Зæрдæй цæхæртæ кæла…

Еууæрæй, дууæрæй,

Фæндур – цъæхснаг æфсийнæй…

Цæнгтæ уæлиау къæдзæхтæн,

Серунцæ сахъ лæгтæй…

Дæлæлæй, уæлæлæй

Уæлæхсарæ нийвулдæй…

Дæнтти къæл-къæл игъусуй,

Царди фарнæ ахедуй…

Ка цæра – уæ цæра

Зурнавдæнæй рæвдауа…

Симд базуртæ нийтиндзта,

Уодти æмдзæгъд истахта…

 

ÆХСÆЙНАГ ДУАР

Цардуордæг тæрвазæ –

Къахкъуæрæн.

Базуртæ фæлтард –

Ервæзтæн.

Уодæн æ миздæ –

Æ кæдзос.

Æрни Барастæр –

Дæ уæлгъос.

Есап цæстуингæй –

Цæлæтæн.

Мæнгæ –

Æфсойнæ мæлæтæн.

Домæ дæхецæй

Уæлæбæл.

Æхсæйнаг дуар –

Унгæгбæл.

 

НÆХЕ ЦÆРÆНБОН!

Æрдзи реубæл фæзбуни,

Дæгæ-дæгæ, æрдунæй

Зæрди гъестæ райвазæ,

Мæлгъæн фæрсаг аразæ!

Дидингутæй – цæхæртæ,

Дæ фалдзости – цъæх зæлдæ,

Дæ мондæгтæ фæлдесæ

Де ’Скæнæгмæ зæрдесгæй!

Уарзон адæн – рæбунти,

Къумæл – ниуæзт æдбунтæ,

Гагидауæ – ирайгæ,

Ма си кæнæ фæллайгæ!

Царди тæмæн исковæ,

Удт, мæ зæрдæ, рæдовæ!

 

МЕ ’ВДЕСÆН

Зæрдæ, ду ме ’вдесæн,

Мæ зин ’ма мæ цийнæн,

Мæ ахсгиаг гъудитæ

Фæдзæхсун æз дæуæн.

Дæуæй, уæларвон зæлтау,

Мæ зарун агорун,

Дæуæй, фæндури гъестау,

Мæ мæтæ расорун.

Мæ уарунти, мæ хорти,

Мæ зæрдæ, ду ме ’мбал,

Дæ рист, дæ фæллад гуппæн

Нæ бухсун æз, нæбал…

Мæ уарзт, мæ рохс бæлдитæ,

Не ’фхуæрис, нæ сæттис,

Æносмæ царди хъаурæ

Ме ’уæнгтæн ду дæттис.

Мæ зæрдæ, ду ме ’вдесæн

Мæ раст ’ма мæ фудæн,

Дæуæй, Хуцаумæ ковгæй,

Рæсог донау æдæн…

 

ДИН МОН

Мæ дин, мæ мон,

Уæ ауодæг – мæхуæдæг.

Цæрон, мæлон –

Ма ’рзайæд уæбæл кæрдæг.

Хъибиллæн мин –

Мæ уоди Хуцау,

Уомæ ковун

Йе мин – бæстæ,

Йе мин – цирагъдар.

Хæрди, ’рдуги,

Фæзæбæл бургæй,

Цæфсгæй, тайгæй,

Уобай æхседгæй,

Фуни, асæги,

Арвæй зæнхи ’хсæн –

Дигорон дæн,

Тахæд мæ удзæл…