12 декабря 2024

ИМИСУНЦÆ БÆГЪАТÆРИ Æ РАЙГУРÆН ГЪÆУБÆСТÆ…

28.05.2021 | 17:55

Куд алли скъола, уотæ Уорсдони гъæуи астæуккаг скъола дæр сæрустур æй æ рауагъдонтæй. Уæлдайдæр ба, Фидибæстæбæл æновуд уогæй, уой кадæ æма намусæн ка фескъуæлхтæй, уонæй. Уонæн сæ еугурей туххæй бæлвурддæрæй радзорун дæр бæргæ æнгъезуй, фал нин нуртæккæ уæхæн равгæ нæййес. Нæ дзубанди абони æй, Райгурæн бæсти ихæслæвæрд æнхæст кæнгæй, агъазиау бæгъатæрдзийнадæ ка бавдиста, уонæй еуей туххæй… Мурити Владимири фурт Владикки туххæй.

Афганистани зæнхæбæл тугъди Советон Æфсади хæйттæ ку архайдтонцæ, уæд уордæмæ æрвист æрцудæнцæ Уорсдони астæуккаг скъолай рауагъдонтæ Хъарати Витали, Туати Аслæнбег, Диамбегти Эльбрус æма Мурити Владик дæр. Етæ хъазауатонæй исæнхæст кодтонцæ сæ тугъдон ихæс. Æртемæй си цардæгасæй исæздахтæнцæ бийнонти ‘хсæнмæ, цæрунцæ сæ райгурæн гъæуи. Фал, гъулæггагæн, Мурити Владик ба уодæгасæй нæбал исæмбалдæй æ фидиуæзæгбæл, бæгъатæрдзийнадæ равдесгæй, фæммард æй афгайнаг зæнхæбæл. Æ фæсмæрдæ ин исаккаг кодтонцæ цитгин хуæрзеуæг – Тугъдон Сурх Турусай орден.

Æ рохс ном иронх нæй æ райгурæн гъæубæстæй, еудадзуг æй имисунцæ, цитгин æй кæнунцæ. Æрæги ба æдзард бæгъатæрæн, ци скъолай ахур кодта, уой фарсбæл кадгин уавæри федаргонд æрцудæй номерæн мемориалон къæйдор фæйнæг. Аци мадзалмæ æрæмбурд æнцæ Мурити Владиккæн æ хеуæнттæ, усхъæй-усхъæмæ ке хæццæ тох кодта, æ еци æмбæлттæ сахартæ Мæску æма Курскæй, æрбацудæнцæ нæ республики иннæ районтæй тугъдонтæ-интернационалисттæ, евгъуд 80-аг æнзти Владикки хузæн, интернационалон ихæс æнхæстгæнгæй, æ цард нивондæн ка æрхаста, уони хæстæгутæ дæр.

Скъолай ахурдзаутæ иуазгутæн зæрдиагæй райарфæ кодтонцæ, уæдта кезугай кастæнцæ афгайнаг тугъди туххæй финст æмдзæвгитæ, дзурдтонцæ нæ Фидибæсти анзфинсти еу хай ка иссæй, еци изол рæстæги цаути туххæй, имистонцæ, се ’мгъæуккæгтæ си хъазауатонæй куд архайдтонцæ, уой. Уæлдай бæлвурддæрæй ба си дзубанди цудæй Мурити Владикки бийнонти туххæй, уомæн е скъолай ахури рæстæги хабæртти, æ цубур, фал намусгин карни, 1982 анзи æ цард нивондæн куд æрхаста æ командири ервæзун кæнгæй, еугур еци цаути туххæй. Тугъдон-интернационалист Диамбегти Эльбруси фурт Геуæрги ба, Мурити Владикки кадæн е ’мтохгæнæг ци рæнгъитæ ниффинста, уони уоййасæбæл аййев æма зæрдибунæй бакастæй, æма, уонæмæ игъосгæй еугурей зæрдитæ дæр исхъурмæ ‘нцæ, сæ цæстисугтæ нæбал бауорæдтонцæ…

– Афгайнаг зæнхæбæл ци берæ тугъдонтæ фæммард æй, уони ‘хсæн æй нæ уарзон æмгъæуккаг дæр, – загъта скъолай разамонæг Айларти Оксанæ. – Абони æма исони фæлтæрти ихæс æй, бæгъатæрти лæгдзийнадæ зонун, зæрдæбæл дарун æма гъуди кæнун, цæмæй сæ рохс нæмттæ æностæмæ цæронцæ… Уадзæ æма Мурити Владикки цубур, фал намусгин цард махæн исуа дæнцæ. Афгани æма æндæр тугъдтити фудбæлахи цаутæ ба нæ адæмбæл макæдбал æрцæуæнтæ…

Мемориалон фæйнæг байгон кæнуни барæ лæвæрд æрцудæй Мурити Владикки æмтохгæнæг, мæскуйаг иуазæг Виктор Пучковæн æма 9-аг къласи ахурдзау Гиголати Марикæн. Фæйнæг ци æмбæрзæнæй æмбæрзт адтæй, уой æресгæй, цитгин мадзали архайгути цæстингаси размæ фестадæй æригон тугъдон… Хъæбæр зин æй, æ сорæт æностæмæ байзайдзæнæй къæйдорбæл, зæгъгæ, зæгъун, фал ци кæнæн…

Аци мадзал райзолдæр æй скъолай цитгин мадзæлттæ аразæн зали. Амудта ‘й Дигори райони афгайнаг тугъди ветеранти Цæдеси сæрдар Гамахарти Эрик. Тугъдонтæ-интернационалисттæ, уонæн сæ хеуæнттæ имистонцæ, еци тугъди рæстæг ка фæммард æй, сæ еци æмбæлтти рохс нæмттæ. Мурити Владикки туххæй сæ имисуйнæгтæ дзурдтонцæ æ хæццæ ка тох кодта, етæ. Зæрдхъурмæй ин æ цард æма ахури хабæрттæ кодтонцæ æ синхæгтæ, æ ахургæнгутæ… Зæрдæ байвардтонцæ уомæй дæр, æма ахури нæуæг анзи скъолай кълæстæй еуеми ке ниввæрдзæнæнцæ бæгъатæри номбæл сæрмагонд партæ. Баддзæнæнцæ си хуæздæрти хуæздæр ахурдзаутæ.

Нæуæгæй бабæй си райгъустæнцæ Афганистани тугъди ка тох кодта, уонæн сæхе финст æмдзæвгитæ. Зæгъæн, Хъарман-Синдзигъæуæй тугъдон-интернационалист Салхъазанти Алик бакастæй æхе финст æмдзæвгитæ. Зæрдæмæгъаргæ зар «Исасодзетæ цирæгътæ» ку райзæлдæй, уæд зали адæм лæугæй, иссугътонцæ гъиги цирæгътæ.

Мадзали кæронбæттæни Дигори райони сæргълæууæги унаффæгæнæг Дзедати Ирбек æма муггаги минæвар, райони администраций граждайнаг гъæуайкæнуйнадæ æма æнæнгъæлæги цаути хайади сæргълæууæг Мурити Марклен райарфæ кодтонцæ аци арфиаг гъуддаг исаразгутæ æма архайгутæн, уæдта сæрмагондæй Къора-Уорсдонмæ бæгъатæри ном æримисунмæ иссæун æ сæйраг ихæсбæл ка банимадта, изолæй ка иссудæй, уонæн. Иуазгутæ дæр фусунтæн райарфæ кодтонцæ, зæрдиагæй сæ ке исиуазæг кодтонцæ, уой туххæй. Уой фæсте ба арвмæ исуагътонцæ дууæ æма инсæй уорс шари – æдеугурæй гъе уойбæрцæ фæццардæй рохс дуйнебæл уорсдойнаг бæгъатæр Мурити Владимири фурт Владик…

Вероникæ ПАХОМОВА,

Дигори райони газет  «Дигори хабæрттæ»-й сæйраг редактори хуæдæййевæг.