ИРИСТОЙНÆГТÆ ЕЦИ ЛÆГÆВЗАРÆН ТУГЪДТИТИ
1942 анзи гитлерон æфсæдти 90 дивизий батудтонцæ Хонсари фронт æма бацудæнцæ Дон æма Волги ’хсæнмæ, сæ них исаразтонцæ Сталинград æма Цæгат Кавказмæ. Сталинград æнæмæнгæ багъæуай кæнун гъудæй, кенæдта гитлеронтæн фадуат фæцайдæ, бæсти арф къилдунмæ рацæугæй, цæгатæрдæмæ ниццæвунæн. Знаг Сталинград ку байстайдæ, уæд бастдзийнадæ фæххецæн адтайдæ Кавказæй, æма фашисттæ æнцонæй архайдтайуонцæ хонсари ’рдигæй. Дууæсæдæ бони цудæй агъазиау тох. Æ цæстæ ибæл æрæвардта æнæгъæнæ дуйне. Æма ами знаг æрцудæй дæрæнгонд. Æдеугурæй Сталингради бунмæ знагæй фæгъгъудæй 1,5 миллион адæймаги.
Еци уæлахез къохи бафтудæй уомæн, æма ами фæрсæй-фæрстæмæ знаги нихмæ сæхебæл нæ ауæрдгæй хуæстæнцæ Уæрæсей æма Украини, Белоруссий æма Прибалтики, Кавкази æма Сибири, Казахстани, Астæуккаг Азий – еугур советон адæмти хъæболтæ.
Сталингради бунмæ бæгъатæр тох кодтонцæ иристойнæгтæ дæр.
1942 анзи 28 ноябри фондз тугъдоней фидæ Сæлбити Гаврил райста финстæг Сталингради фронтæй: «Уæ бон хуарз, хъазар Гаврил æма Бабали! Сæрустур уотæ уæ бæгъатæр фурт Владимирæй. Е кади хæццæ æнхæст кæнуй æ ихæс. Райгурæн бæсти размæ, æнауæрдонæй дæрæн кæнуй знаги. Владимир цубур рæстæгмæ рамардта 89 фрици. Уæ фурти ном райгъустæй æнæгъæнæ фронтбæл дæр. Ахид æ бæгъатæрдзийнади кой кæнунцæ æфсæддон газетти».
Æрæдойнаг æфсæддон Зæнгиати Дзибу тугъдтити фæццудæй Сталинградæй Берлини уæнгæ. Сталингради бунмæ ци историон тугъд цудæй, уоми сержант Тогузти Хъаурбег æма е ’мбæлттæ ниппурх кодтонцæ аст танки æма хуæддзæугæ дзармадзани, æртиндæс пулемети, ниццагътонцæ 800 салдати æма афицери.
Сталингради бунмæ хуæстæй батальони комиссар, Иристони зундгонд финсæг майор Плити Грис. Ами бæгъатæрæй хуæстæнцæ 4-аг танкти нихмæ тохгæнæг дивизиони 4-аг бæхгин корпуси командири хуæдæййевæг Цуцити Барис, 1007 артиллерион полкки артиллерион дивизиони командир майор Гæбути Харитон, 228-аг хецæн пулеметон-артиллерион батальони взводи командир лейтенант Лолати Геуæрги, 80-аг гвардион минометон полкки штаби хецау, гвардий капитан Дзугати Гадæгко, 298-аг фестæг æфсæддон дивизий 886-аг полкки командир болкъон Саутæти Михал æма берæ æндæртæ. Айдагъ сæ номхигъд дæр байахæссидæ берæ бунат.
Сталингради бунмæ тугъдтити 14-аг гвардион дивизий уогæй, Советон Цæдеси Бæгъатæр Ходи Къоста равдиста устур лæгдзийнадæ. Знаг Волгæ æма Дони билтæй ледзун райдæдта Александровскийи гъæубæл. Ходи-фурт дзæхæрадонæй рагæпп кодта знаги колонни размæ æма сæбæл ралæудтæй пулеметæй. Гитлеронтæ фæттарстæнцæ æма аллирдæмæ ледзун райдæдтонцæ. Еци тугъди Ходи-фурт мæрдтæмæ барвиста 25 гитлерони, басугъта æртæ хуæдтолги, æрлæуун кодта еу рæуæг æма еу уæзласæн хуæдтолгæ. Æфсæддон газет «В бой, кавалеристы!» æ фæрстæй еуеми радзурдта еци бæгъатæрдзийнади туххæй. Уоми адтæй финст: «Гвардий сержант Ходи Константин æй, тугъди циренмæ æхе ка гæлдзуй æма алкæддæр уæлахезæй ка рацæуй, еци коммунисттæй еу».
1942 анзи фæззæги Сталингради тугъди уæлдай хъæбæрдæр раргом æй арæхстдзийнадæ 807-аг авиацион, полкки эскадрилий командир Советон Цæдеси Бæгъатæр Чочити Василийæн. Фæллад нæ зонгæй, е бомбитæ згъалдта знаги фестæг æфсæдтæбæл æма танкитæбæл, артиллерий æма минометти хуæцæн бунæттæбæл.
Еци гъунтъуз бæнтти полкки командæкæнунадæ финста тæхæги мадæмæ: «Мах дæ фурт Василийи нимайæн нæ тугъдон æмбæлтти хуæздæртæй еуебæл. Мах сæрустур ан æ бæгъатæрдзийнадæй. Идард Иристонæй æрцæугæй, е ами, Сталингради бунмæ, æ маст есуй знагæй, гъæуай кæнуй, нæ алкæмæн дæр хъазар ци ’й, уой, – Советон берæнацион паддзахадæ».
Сталингради бунмæ бæгъатæрæй тох кодта æма æ рамæлæти фæсте муггагмæ хаст æрцудæй 646-аг авиацион полкки тугъдонти номхигъдмæ кæстæр лейтенант Козати Саликъо. Е фæммард æй 1943 анзи 17 январи Сталингради фронти командæкæнуйнади сæрмагонд ихæслæвæрд æнхæст кæнгæй. Уой фæдбæл 208-аг авиацион дивизий политхайади хецау финста командæкæнуйнадæмæ: «1942 анзи фæззæги 624 авиацион полкмæ ’рбацудæй æригон тæхæг, сурхæфсæддон иристойнаг лæхъуæн Козати Василийи фурт Саликъо.
… Бæгъатæрдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй Козай-фурт 2-аг уæлдæфон æфсади еугуремæй раздæр райста Фидибæсти тугъди дуккаг къæпхæни орден, еци рæстæг ин лæвæрд æрцудæй кæстæр лейтенанти ном. 1943 анзи 17 январи Козай-фурт хуæдтæхæг У-2-бæл ратахтæй нæ раззаг хæйтти хæццæ бастдзийнадæ нæуæгæй исаразуни туххæй… Ихæслæвæрд æнхæстгонд ку ’рцудæй æма экипаж фæстæмæ ку æрбатахтæй, уæд хуæдтæхæгбæл ралæудтæнцæ знаги дзармадзантæ. Иссугъдæй æ мотор. Лæхъуæн гъавта хуæдтæхæг æрбадун кæнунбæл, фал æ къæхтæ цæф адтæнцæ. Арти пеллон бустæги бахæстæг æй тæхгутæмæ, ниггупп кодта сæ дарæс, цæститæй ракæсæн нæбал адтæй, фал уæддæр Козай-фурт æрбадун кодта хуæдтæхæг æма штурмани хæццæ рагæпп кодтонцæ содзгæ хуæдтæхæгæй… Немуцаг фашисттæ аллирдигæй уадæнцæ хуæдтæхæгмæ. Саликъойæн, æ къæхтæ цæф ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ ин нæ адтæй гъæдæмæ уайунæн æма фæдздзурдта е ’мбал Овчинниковмæ: «Ду уайæ æма нæхеуонтæн фегъосун кæнæ, нæ ихæслæвæрд ке исæнхæст кодтан, уой туххæй». Овчинников фæттагъд кодта, кæд æй е ’мбали зин рауæн ниууадзун нæ фæндадтæй, уæддæр. Уотæ амудта уавæр. Саликъомæ бауадæнцæ дууæ фашисти æма сæ фехста. Æхсæз нæмуги ма рауагъта знагбæл. Æзнæт немуцæгтæ сæхе никкалдтонцæ мард тæхæгбæл, рæхустонцæ ’й кæрдтæй».
Сталингради тугъдтити æнтæстгинæй архайдтонцæ нæ номдзуд инæлартæ Плити Иссæ, Цæликкати Хъантемур, Карсанти Хъазбег, уæдта нæ исуйнаг инæлартæ Дзилихти Михал, Билаонти Павел.
Советон Цæдеси Бæгъатæр Карсанти Хъазбег 1942 анзи октябри æ реактивон артиллерий полкки хæццæ ’рбацудæй Сталингради фронтмæ æма уайтæккæ æвæрд æрцудæй Сталингради фронти реактивон артиллерий хæйтти æфсæддон оперативон къуари хецауæй.
Инæлар Хетæгкати Геуæрги 1942 анзи кæрони нисангонд æрцудæй 3-аг гвардион æфсади штаби хецауæй. Архайдта Астæуккаг Дони немуцаг-итайлаг æфсæдти дæрæн кæнуни тугъдтити æма си фескъуæлхтæй, уой туххæй ин аккаггонд æрцудæй Кутузови фиццаг къæпхæни орден.
Берæ æма берæ ’й, нæ адæмæй Сталингради тугъдтити ка архайдта, уони нимæдзæ. Беретæ си сæ цард равардтонцæ не ’стур Уæлахези сæрбæлтау. Капитан Балати Георги фæммард æй 1943 анзи 20 январи æма нигæд æрцудæй Сталингради облæсти колхоз «8-аг мартъи»-йи зæнхæбæл. 680 фестæгæфсæддон полкки лейтенант алагираг Бутати Владимир фæммард æй 1942 анзи 1 ноябри æма ивæрд æрцудæй совхоз «Стальгрэс»-и зæнхæбæл. Некæд феронх уодзæнæнцæ еци бæгъатæрти нæмттæ адæмæй.
Сталингради тугъдтити советон æфсæдти фæууæлахез айдагъ нæ Фидибæсти нæ, фал æнæгъæнæ дуйнети дæр нимад цæуй æгæрон агъазиау æфсæддон æскъуæлхтдзийнадæбæл Махæн, Иристони дзиллæн ба уæлдай устур сæрустурдзийнадæ е æй, æма еци цитгийнаг уæлахези хъазауатонти æхсæн ке адтæнцæ нæ æмзæнхон тугъдонтæ, сæ бæгъатæрдзийнадæ абони дæр цитгингонд ке цæуй.
ХУДÆЛТИ Темирсолтан, (1921-2001) историон наукити кандидат