04 октября 2024

ИРИСТОЙНÆГТÆ ПАДДЗАХИ ÆФСАДИ

28.02.2023 | 14:01

Паддзахи рæстæг Уæрæсей æфсади иристойнæгтæй ка службæ кодта, уони еу къуар.

Уæрæсей хуæдхуæцæг паддзах еудадзуг архайдта æ политикæ Кавкази дæр федар кæнунбæл. Æма уой фæдбæл аразта аллихузон мадзæлттæ. Зæгъæн, 1887 анзи Александр III указ бафинста хуæнхаг адæмихæттити минæвæртти æфсадмæ кæнуни туххæй. Анз фæстæдæр цæгаттаг ирон хъазахъæгтæй службæ кæнун райдæдтонцæ Æрæдони станици, бæлвурддæр ба – Фиццаг сунжæйаг-дзæуæгигъæуккаг полкки, хонсайраг ирæнттæ ба бахаудтæнцæ кавказаг фестæг æфсади дружинæмæ æма адтæнцæ Тифлиси губерний. Фæстæдæр Терки облæсти ка райгурдæй, уæхæнттæй арæзт æрцудæнцæ хецæн æфсæддон хæйттæ: 1890 анзи Ирон бæхгин дивизион, 1916 анзи ба – Ирон фестæг бригадæ.

 

ТУГЪДОН ГЪУДДАГМÆ РАЗÆНГАРД ÆМА СИ ЛÆГИГЪÆДГУН АДТÆНЦÆ ХУÆНХОН ФÆСЕВÆД

Раст ку зæгъæн, уæд паддзахи укази фæззинди размæ дæр хуæнхаг минкъий адæмихæттити минæвæрттæ æфсади сæхе равдистонцæ намусгинæй. Сауæнгæ XVIII æноси кæронæй фæстæмæ ирон бархеуонти фæууинæн адтæй Дзæуæгигъæуи æма Мæздæги гарнизонти. Ахид уруссаг æфсæддон хæйттæн агъаз кодтонцæ, хуæнхон тæссаг нæдтæбæл Гурдзимæ ку цудæнцæ, уæд.

Фæстæдæр ирæнттæ службæ кæнун райдæдтонцæ хъазахъæгти рæнгъити. Гъæуай кодтонцæ Терки билгæрæнттæ Новоосетинская æма Черноярскаямæ  станицитæмæ хæстæг. 1838 анзи Елхотти ци хуæнхæгтæ æрбунæттон æнцæ, етæ сæхемæ ихæсæн райстонцæ, уобæлти ци над цудæй, уой гъæуай кæнун. Аци хабæрттæй къуар анзи раздæр Дзæуæгигъæуи комендант болкъон Скворцов хецауадæн фегъосун кодта, Тæгиатæй дууадæс бархеуони сæхе ке ниффинсун кодтонцæ турккаг фронтмæ сæ рарветуни туххæй.

Уруссаг командæкæнуйнадæ аргъ кæнун зудта, хуæнхæгтæй ин агъаз ка кодта, уонæн. Уæлдай кадгиндæр адтæнцæ дæсни бæхбæлбадгутæ æма æхсаргардæй хуарз ка арæхстæй, уæхæн тугъдонтæ.

Æфсæддон гъуддаги æнæмæнгæ гъæугæ менеугутæ æнхæстæй ке адтæнцæ ирæнттæмæ æфсæддон служби, уой туххæй сæ 1845 анзи император Никъала I и схуарзæнхгин кодта Адæмон кадгин турусайæй. Уомæй уæлдай 1817-1864 æнзти Кавкази тугъди рæстæг Иристони сæрæнигурдтæй беретæ райстонцæ аллихузон хуæрзеугутæ. Уæлдай хъæбæрдæр фескъуæлхтæнцæ берæгъзæнггаг Гæбути Урус æма Новоосетинская станицæйаг хъазахъаг Сабети Барис. Дууемæй дæр хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ æфсæддон уæлдæр хуæрзеугутæй – Геуæргий дзиуæрттæй. Фæстæдæр бæгъатæрдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй Геуæргий æртæ дзиуари райста Гæздæнти Елдзарихъо дæр.

Не ’мзæнхон бархеуонтæ айдагъ Терки облæсти нæ службæ кодтонцæ, фал ма Фæскавкази æма Астæуккаг Азий дæр. Нæудæсæймаг æноси астæу Хонсар Иристонæй фондзинсæй бæхбæлбадæги службæ кодтонцæ гурдзиаг дружини æма адтæнцæ тæккæ цæттæгонддæр. Сæ гъунгун ходти ку фæззинниуонцæ тугъди будури, уæд знæгтæн сæ сæр сæ кой исуидæ.

Паддзахадон архивти берæ ес ирæнтти бæгъатæрдзийнадæбæл дзорæг æрмæгутæ. 1878 анзи Ирон бархеуонти дивизион уруссаг æфсади командæкæнуйнадæй райста Георгий туруса, Дунайи тугъди ке фескъуæлхтæй, уой туххæй. Фæстæдæр дивизион ниххæлеу æй, уæд еци туруса ба кадгин бунати лæудтæй хъазахъаг æфсади турусай фарсмæ Терки облæсти хецауи косæн хæдзари. Уæди рæстæги Шипки бæгъатæр инæлар Скобелев устур аргъ кодта ирæнтти еузæрдиуондзийнадæн. 1880 анзи Туркестанмæ тугъдон экспедиций ку цудæй, уæд си нæ феронх æнцæ бæгъатæр хуæнхæгтæ æма æ хæццæ бархийæй фæххудта фондзинсæй бæхбæлбадæги.

Хуæнхæгти æфсадмæ кæнун ке райдæдтонцæ, уомæн адтæй политикон нисанеуæг. Паддзахади уæди хецаудзийнади фæндадтæй æ империй еудзийнадæ равдесун, уæлдайдæр хонсайраг зæнхитæ æносмæ Уæрæсей ке ’нцæ, уомæй æндæр бæстити баруагæс кæнун.

 

АДÆМ АЛКÆД АРАЗИ НÆ АДТÆНЦÆ СÆ ФУРТТИ СИН  ÆФСАДМÆ ÆНÆБАРИ КÆНУНБÆЛ

Аци фæндитæ царди рауадзун ке гъудæй, уомæн æвдесæн æй е, æма 1887 анзи уруссаг губернитæй æфсадмæ конд æрцудæй 250 мин адæймаги. Кавкази устур регионтæй ба айдагъдæр дууæ мин æфсæддони. Гъуддаг идарддæр æнæ дессаги хабæрттæй нæ рахецæн æй. Цæветтонгæ, 1888 анзи мæздæггаг Цибирти Андрейи рацох кодтонцæ Дагестайнаг бæхгин полккæй. Ами ба службæ кодта бархийæй, цæмæй имæ фæстæдæр æвæндонæй фæдздзурдтайуонцæ æфсадмæ.

Уæди рæстæги нæ адæмæй æфсадмæ кодтонцæ куд киристæнтти, уотæ пусулмæнтти дæр. Цæгат Кавкази цæрæг иннæ хуæнхаг адæмихæттитæй уруссаг æфсадмæ неке кодтонцæ, æфсади службæ кæнуни бæсти фистонцæ хъалон – алли хæдзарæй дæр фондз соми.

Официалон пропагандæ æ уодæй арт цагъта, цæмæй равдеса, цума æфсади службæ кæнун хуæздæр лæвар æй. Фал фæсевæд æфсадмæ бархийæй ке нæбал цудæнцæ, уой туххæй адæм хъæбæр мæстгун кодтонцæ. Берæ фидтæлтæ сæ фуртти нæбал уагътонцæ æртæ анзей дæргъи салдатæй хафунмæ. 1887 анзи сентябри Зилги, Заманхъули, Елхотти, Пусулмонгъæуи, Санатигъæуи, Кæрдзини, Тлаттатигъæуи, Донифарси æма иннæ гъæути цæргути æвзурст лæгтæ хецауадæй курдтонцæ, цæмæй æфсадмæ цæуни бæсти етæ дæр кæсгæнтти, цæцæйнæгти, мæхъæлæнтти, дагестайнæгти хузæн хъалон федун райдайуонцæ, уой туххæй.

Гъулæггагæн, фæстæдæр Кавкази æфсæддон зилди командæгæнæг инæлар Дондуков-Корсакови амунддзийнадæмæ гæсгæ æфхуæрæн миутæ аразун райдæдтонцæ уæлдæр амунд гъæути. Дзадзати Ибрагим æма Бетанти Айдарухъ æрвист æрцудæнцæ Георгиевскмæ. Пусулмонгъæу æма Донифарси гъæути хецæуттæ Хъарати Хазби æма Хъæдохти Дибой ба ахæстдони исмедæг кодтонцæ, пъиристæфæй барæ нæ райсгæй, æвзурст лæгтæн Тифлисмæ цæуни туххæй гæгъæдитæ ке равардтонцæ, уой туххæй.

 

«БÆРГÆ НÆ ФÆНДУЙ РАЙГУРÆН БÆСТИ СÆРБÆЛТАУ НÆ ТУГЪДОН ÆХСАРÆ НИВОНДÆН ÆРХÆССУН…»

Æригон лæхъуæнтæ разæнгарддæрæй цæмæй цæуонцæ æфсади рæнгъитæмæ, уой туххæй паддзахи администраци æфсæддон фæдздзурди къамистæмæ бакодта бунæттон цæргутæй тæккæ дзурддзæугæдæр лæгти – дæлболкъон Хоранти Созурихъой, майор Хъæстуати Тугъани æма Алагири кадгин хестæр Бесолти Тæтæрхъани. Фал хецауадæ цийфæнди гъæддухæй кæд архайдта, уæддæр службæ кæнун кæмæн гъудæй, дæсгай уæхæн лæхъуæнтæ нæ цудæнцæ фæдздзурдон хайæдтæмæ. Æма уой туххæй Нари зилдæй дууемей Дзанайти Григори æма Александр бахаудтæнцæ ахæстдонæмæ.

Хуæздæр нæ рауадæй 1892 анзи гизæйлæгтæ Хъиргъати Дзамболат æма Тасолтани, тлаттатигъæуккæгтæ Мукагъати Дзанго æма Дзуццати Дриси гъуддаг дæр. Гъæути еумæйаг æмбурдти сæ нæ бафæндадтæй, бунæттон гъæздугутæ æфсадмæ æрветуни туххæй ци номхигъдтæ исаразтонцæ, уони исфедар кæнун æма ахæст æрцудæнцæ. Уæхæн хабар адтæй Зилги дæр. Фал аци гъæуи цæргутæ не ’сгъæр кодтонцæ «æзмæнтгути» æма Дзæуæгигъæуи зилди хецауи багъудæй гъæуи хецау юнкер Дзараси-фурти æ бунатæй исуæгъдæ кæнун.

Дæс æма инсæй анзей дæргъи авд мин адæймагемæй фулдæр баслужбæ кодтонцæ Ирон бæхгин дивизиони. Сæ фулдæр адтæнцæ зæнхкосгутæ, гъæздуг хæдзæрттæй ка рацудæй, уони ба, куд фæззæгъунцæ, ранимайæн адтæй къохи æнгулдзитæбæл. 1887 анзи не ’мзæнхон æфсæддонтæй уруссагау дзорунмæ æма кæсун арæхстæнцæ айдагъдæр дæс адæймаги. Архиви æрмæгути байзадæй фиццаг ирон бæхгинти кой, етæ адтæнцæ: Будайти Яков, Зембатти Никъала, Золойти Дзабо, Хъалæгати Ислам, Кокайти Харлампи æма Цогойти Майрæм.

Нæ лæхъуæнти фулдæр хай уруссагау дзорун ке нæ зудтонцæ, е сæ æгириддæр неци хъор кодта æфсæддон цæттæдзийнадæ райсунæн. Уæди æнзти Ирон бæхгин дивизиони службæ кодтонцæ штаб-ротмистртæ Гурдзибегти Никъала æма Хъанухъати Георги, штабс-капитан Дзугати Хадзимуссæ, корнеттæ Абациати Дауит æма Михал, Хабæти Иван æма Хъайирти Михал, прапорщиктæ Козати Харитъон, Торчинти Бицко æма Цæллагти Микъала.

Кæд дивизиони 200 æхсаргардемæй æндæр нæ адтæй, уæддæр æй нимадтонцæ хецæн æфсæддон хайбæл. Æ исарæзтбæл цалдæр анзи ку рацудæй, уæд паддзахæй райста зæлдагæ туруса. Еуæрдигæй адтæй Кæдзос Уасгергий хузæ, иннердигæй ба – паддзах Никъала I сорæт, цилле хæлттæй конд, турусай кæрæнтти ба цæхæртæ калдтонцæ сугъзæрийнæ дууæсæрон цæргæстæ. Уомæй уæлдай ма дивизионæн адтæй æхе тохи зар дæр Уасгергий номбæл.

Фиццаг дуйнеуон тугъд ку райдæдта, уæд æфсадмæ кæнуни уагæвæрд фендæрхузон æй æма цалдæр мин ирон лæхъуæни службæ кæнун райдæдтонцæ Уæрæсей алли рауæнти. Райгурæн бунæттæй ке фæххаудтæнцæ, уомæй уæлдай ба ма сæмæ «хестæр æфсæддонтæ» карз ке дзурдтонцæ, уомæй тухстæнцæ. Стъараполи губерний Гатчински 112-аг полкки службæгæнæг æфсæддон Гутъиати Геуæрги еци рæстæги Дзæуæгигъæуи (уæд – Владикавкази) сæргълæууæг Байати Гаппомæ финста: «Ами нин раст нæ тог ниуазунцæ, æвудæй дæр нæ фудгин кæнунцæ æма нæ къæхтæбæл нæбал лæууæн. Кæд ма уæ уæ кæстæртæ гъæунцæ, уæд нæ ардигæй фæййервæзун кæнетæ…»

Фæстæдæр, бæлвурддæр ба 1915 анзи мартъий Байи-фурт идард Харбинæй райста Гусай-фурт ке бафинста, уæхæн телеграммæ дæр: «Æфсади службæгæнæг ирæнтти фæндуй райгурæн бæсти сæрбæлтау сæ тугъдон æхсарæ нивондæн æрхæссун. Корæн, цæмæй байархайай мах нæхе мобилизацион зилдмæ раййевунбæл…»

Уæхæн берæ фæндæнттæ хинцгæй æма иристойнаг æфсæддонтæй тугъдгъон æфсæддон хæйттæ исаразуни туххæй Байати Гаппо фарста æрæвардта уæлдæр командæкæнуйнади размæ. Æ хъæппæрес хуарзбæл нимад æрцудæй – ирæнттæй бæхгин полктæ арæзт цудæнцæ уруссаг æфсади. Ирон бæхгин дивизион ба устур бæгъатæрдзийнадæ равдиста австриаг фронти. Фæстæдæр æй æ командæкæнуйнадæ раййивта Кавказмæ æма си арæзт æрцудæй полк. 1916 анзи Иристони цæрæг æфсæддонтæй бантæстæй Ирон фестæг бригадæ исаразун дæр.

 

СÆ ИХÆС ИСÆНХÆСТ КÆНГÆЙ, СÆРБÆРЗОНДÆЙ ÆРÆЗДАХТÆНЦÆ СÆ РАЙГУРÆН БÆСТÆМÆ.

Дууæ æфсæддон хаййи дæр идарддæр рахъæртун кодтонцæ иристойнæгти намусгин служби традицитæ. Рæнгъон æфсæддонтæ æма афицертæй арæзт бригадæ сæ бæгъатæрдзийнади туххæй райстонцæ райгурæн бæсти хуæрзеугутæ. Феврали революций фæсте Ирон бæхгин полк æма ирон фестæг бригади бакодтонцæ Кавказаг («Гъæддаг») дивизимæ. Октябри революци ку райдæдта, уæд дивизий æфсæддонтæ нæ бакумдтонцæ, паддзахи хецаудзийнади нихмæ ка исистадæй, еци косгути ниссабур кæнуни туххæй мадзæлтти архайун. Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте не ’мзæнхон æфсæддонтæ æрæздахтæнцæ сæ райгурæн бæстæмæ æма райдæдтонцæ сабур цард аразун.

 ЦОГОЙТИ Валоди, историон наукити кандидат.