11 октября 2024

ИРИСТОН СИН РӔДАУ ФУСУН ИСУОДЗӔНӔЙ!..

11.03.2022 | 11:42

Республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой амундӕй, ӕрӕги адтӕй алликъуӕреуон аппаратон ӕмбурд.

Ӕмбурди архайгутӕ еу минут ӕдзӕмӕй ралӕугӕй, иссирдтонцӕ е ‘фсӕддон ихӕс ӕнхӕст кӕнгӕй, Украини ка фӕммард ӕй, уӕрӕсейаг еци салдӕттӕ ӕма афицерти рохс нӕмттӕ. Цӕгат Иристонӕй си ка фӕммард ӕй, еци ӕфсӕддонти хӕстӕгутӕн еугурвӕрсуг агъаз бакӕнун – уӕхӕн ихӕс Сергей Меняйло исӕвардта республики Хецауадӕ ӕма муниципалитетти размӕ.

Ӕмбурди архайгутӕ сӕйраг ӕргом раздахтонцӕ Донецк ӕма Лугански адӕмон республикитӕй лигъд адӕми фарстатӕ лух кӕнунмӕ. Абони нӕ республикӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ 156 адӕймаги, уонӕй 112 – сувӕллӕнттӕ. Сӕ еугурдӕр ӕрбунат кодтонцӕ санаторий «Ӕвзонгадӕ» ӕма сувӕллӕнтти реабилитацион центр «Тӕмиски».

Республики ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министр Тебиати Сослан куд радзурдта, уотемӕй алли социалон косӕндонӕбӕл дӕр бафедар кодтонцӕ, Донецк ӕма Лугански цӕргутӕн медицинон агъаз бакӕнун, уой хӕццӕ, психологон агъаз кӕми кӕндзӕнӕнцӕ, еци поликлиникити. Сергей Меняйло бафеппайдта, сӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕ ка ниууагъта ӕма рӕстӕгмӕ нӕ республики ка ӕрбунат кодта, еци адӕмӕн сӕ фарсмӕ ӕнӕсцохӕй ке гъӕуама уонцӕ медицинон косгутӕ ӕма гъӕуайгӕнгутӕ.

Республики наукӕ ӕма ахуради министр Алибегти Эллӕ куд радзубанди кодта, уотемӕй Донецк ӕма Лугански сувӕллӕнттӕн гӕнӕн уодзӕнӕй Цӕгат Иристони скъолати сӕ ахур раидарддӕр кӕнунӕн.

– Абони нӕмӕ ӕрцудӕй лигъд адӕми дуккаг къуар. Уонӕй 49 сувӕллони ахур кӕндзӕнӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи скъолати. Муниципалитеттӕ син фӕййагъаз кӕндзӕнӕнцӕ къанцелярон товартӕй. Скъолати син уодзӕнӕй гъар хуӕруйнаг. 63 сувӕллони ба цӕрдзӕнӕнцӕ ӕма ахур кӕндзӕнӕнцӕ «Тӕмиски», – загъта министр.

Сергей Меняйло куд бафеппайдта, уотемӕй сувӕллӕнтти ахури фарстай еунӕг къулумпи дӕр гъӕуама ма уа. Фӕллойнӕ ӕма социалон ирӕзти министради ӕргом ба раздахта, паддзахадон арӕнти сӕрти рахезӕг нӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕг еци лигъд адӕмӕй, ка син ӕмбӕлуй, еци 10 мин соми алкедӕр райста ӕви нӕ, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ.

– Ӕнӕ еци бафистӕй еунӕг адӕймаг дӕр куд нӕ байзайа, уотӕ, – баханхӕ кодта республики Сӕргълӕууӕг.

Украини цӕуӕг тугъдон цаути Цӕгат Иристонӕй ци ӕфсӕддонтӕ архайуй, уонӕн ӕрӕги ӕрвист ӕрцудӕй гуманитарон агъаз. Уомӕй уӕлдай, нӕ республикӕ Донбассмӕ рарветдзӕнӕй машинӕ арӕзтадон ӕрмӕгути хӕццӕ. Сергей Меняйло республики разамундӕн ӕ размӕ исӕвардта никкидӕр ма еу ахсгиаг ихӕс – ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ товартӕ ӕма хуаллаги ӕргъти ӕнӕбундор ирӕзт не ‘руадзун ӕма еци гъуддагмӕ еудадзугдӕр цӕстӕ дарун.

Ӕхсӕнадон транспорти фӕндаггаги тарифтӕмӕ ба цӕстӕ дарун республики Сӕргълӕууӕг бабарӕ кодта транспорт ӕма фӕндаггон инфраструктури Комитетӕн.

Уомӕй уӕлдай ӕмбурди архайгутӕ ӕркастӕнцӕ социалон-экономикон фарстатӕмӕ, республики эпидемиологон уавӕрмӕ, уӕдта, Уӕрӕсей Федераций Президенти ӕма нӕ бӕсти Хецауади унаффитӕ куд ӕнхӕстгонд цӕунцӕ, уомӕ.


Цӕгат Иристони ахурадӕ ӕма науки министри хуӕдӕййевӕг Мӕхъити Людмилӕ куд фегъосун кодта, уотемӕй Донецк ӕма Лугански Адӕмон Республикитӕй нӕмӕ ӕрбацӕуӕг сувӕллӕнтти сӕ ниййергути аразийӕй байуардзӕнӕнцӕ нӕ республики ахургӕнӕндӕнттӕбӕл.

Куд ма загъта, уотемӕй цӕгатиристойнаг уӕлдӕр ӕма астӕуккаг профессион ахургӕнӕндӕнтти студенттӕй исаразтонцӕ бархеуонти штаб. Лигъд сувӕллӕнттӕн психологон агъаз кӕнунӕн уавӕртӕ дӕр арӕзт цӕудзӕнӕй. Республики уӕлдӕр скъолати цӕттӕкӕнунади психологон-педагогон къабӕзти бархеуонтӕ-студентти дӕсни психологтӕн агъаз кӕндзӕнӕнцӕ.

Уомӕй уӕлдай, бархеуонтӕ алли ахургӕнӕндони дӕр косдзӕнӕнцӕ зундамонгутӕй, уӕдта сувӕллӕнттӕн хӕдзарон ихӕслӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнунӕн агъаз кӕндзӕнӕнцӕ. Сувӕллӕнттӕ къласи аллихузи аййевадон къуӕртти дӕр архайдзӕнӕнцӕ.