ИРИСТОНИ СПОРТСМЕНТӔ – ЕУГУРЕМӔЙ УӔЛАХЕЗОНДӔР!..
Сергей Меняйло ӕма Михаил Мамиашвили сӕ фембӕлди рӕстӕг сӕмӕ ци зӕрдиуагон дзубанди рауадӕй, уоми ӕмхузонӕй баханхӕ кодтонцӕ еу ӕхцӕуӕн гъуди: спорти аллихузон хузти Цӕгат Иристони фӕсевӕдӕй ка архайуй, етӕ си ӕнтӕстгинӕй ӕвдесунцӕ сӕхе, бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кӕнунцӕ Уӕрӕсей спортивон кадӕ ӕма намус. Еци гъуддаги уӕлдай агъазиау ӕнцӕ не ‘мзӕнхон гъӕбесӕйхуӕцгути ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ. Михаил Мамиашвили куд фегъосун кодта, уотемӕй Цӕгат Иристон ӕй, уӕгъдебарӕ хуӕцунӕй Уӕрӕсей Олимпаг еугонд команди тӕккӕ фулдӕр ке минӕвӕрттӕ фӕуунцӕ, еци регион. Мӕнӕ нур дӕр Токиой рӕхги ци Олимпаг гъӕзтитӕ райдайдзӕнӕнцӕ, уордӕмӕ цӕуӕг Уӕрӕсей национ командӕмӕ хаст ӕрцудӕнцӕ ӕртӕ иристойнаг богали: Сидахъати Заурбег (74 килограммей уӕнгӕ уӕзи), Найфонти Артур (86 килограммей уӕнгӕ уӕзи) ӕма Кодзирти Сергей (125 килограммей уӕнгӕ уӕзи). Уой фӕдбӕл дзоргӕй ма уотӕ дӕр баханхӕ кодта, ӕма Цӕгат Иристон алкӕддӕр игъустгонд адтӕй ӕма ‘й ӕ спортивон фӕткитӕй, уой хӕццӕ ба – уӕгъдебарӕ гъӕбесӕй хуӕцунӕй.
Аци фембӕлди рӕстӕг ма дзубанди цудӕй профессионалон спортсментӕ цӕттӕ кӕнунӕн ӕма спорт парахат кӕнунӕн Цӕгат Иристони гъӕугӕ мадзӕлттӕ аразунӕн еугур равгитӕй дӕр ӕнхӕстӕй испайда кӕнуни фӕдбӕл. Сергей Меняйло куд загъта, уотемӕй спортивон объектти инфраструктурӕ ӕма материалон-техникон уавӕртӕ нерӕнгӕ ма хъӕбӕр фӕккӕсуйнаг ӕнцӕ кетаргонддзийнадӕ ӕма сӕ идарддӕри райрӕзти.
Нӕ республики спортсменти ӕнтӕстдзийнӕдти туххӕй дзоргӕй, аци анз Олимпаг анз ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ амунд ӕрцудӕй, Цӕгат Иристон ке исгъомбӕл кодта цуппӕрдӕс олимпаг чемпиони, уонӕй дӕс ӕнцӕ уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕсти богалтӕ. Олимпаг гъӕзтити фиццаг уӕлахездзау иссӕй Андиати Сослан, ӕма ин ӕ намуси аккагӕй сӕхе ӕвдесунцӕ нӕ абониккон цӕгатиристойнаг богӕлттӕ. Уой туххӕй ма, ӕвӕдзи, фӕстӕдӕр, сӕрмагондӕй дзордзинан, абони ба нӕ фӕндуй Олимпаг гъӕзтитӕ куд фӕззиндтӕнцӕ ӕма ӕнӕгъӕн дуйней дӕр тӕккӕ нимаддӕр куд иссӕнцӕ, уой туххӕй уин цубурӕй рахабар кӕнун. Ци радзоруйнаг ан, уой, ӕвӕдзи, кадӕртӕ зондзӕнӕнцӕ, фал сӕ ка нӕ зонуй, уонӕн ба, махмӕ гӕсгӕ, цӕмӕдессаг уодзӕнӕнцӕ.
КУТЕМӔЙ РАЙДӔДТОНЦӔ ОЛИМПИАДИТӔ
Сорбонни устур зали 1894 анзи 16 июни ӕрӕмбурд ӕнцӕ кадгин лӕгтӕ. Етӕ Парижмӕ ӕрбацудӕнцӕ берӕ бӕститӕй, уони хӕццӕ Уӕрӕсей минӕвӕрттӕ дӕр, ӕма исфӕндӕ кодтонцӕ рагон грекъӕгти намусгин традицитӕ нӕуӕгӕй райдайун. Уӕд баунаффӕ кодтонцӕ нуриккон фиццаг Олимпаг гъӕзтитӕ дууӕ анзей фӕсте Греций рарветун, уомӕн ӕма уоми цалдӕр мин анзей размӕ хъаури, рӕсугъддзийнади ӕма сабурдзийнади кадгин бӕрӕгбонмӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ бӕсти ӕма ӕ фӕсденгизаг зӕнхити хъаурӕгиндӕр атлеттӕ.
Фал Олимпаг гъӕзтитӕ нӕуӕгӕй райдайуни гъуди фӕззиндтӕй, Сорбонни ци ӕмбурд адтӕй, уомӕй берӕ раздӕр. Спорт ка уарзуй, уонӕй уӕд еу, уӕд иннӕ сауӕнгӕ евгъуд ӕноси фиццаг ӕмбеси фӕндон хаста алли бӕстити спортсменти фембӕлдтитӕ аразуни туххӕй. Олимпаг гъӕзтитӕ аразуни гъудитӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр истухгин ӕнцӕ, цалдӕр адӕймаги 1887 анзи къахӕнти ӕма белти хӕццӕ ку ӕрбацудӕнцӕ, уой фӕсте. Етӕ адтӕнцӕ ахургӕндтӕ, архайдтонцӕ немуцаг археологион экспедиций. Етӕ дзӕвгарӕ рӕстӕг зӕрдиагӕй къахтонцӕ зӕнхӕ, цалинмӕ мраморӕй конд колоннити сӕститӕбӕл, берӕ рӕстӕг кӕбӕл рацудӕй ӕма цъӕх изгӕхуз ка иссӕй, уӕхӕн статуятӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, уӕдмӕ. Статуятӕ конд адтӕнцӕ бронзӕй. Етӕ адтӕнцӕ, тӕккӕ рагондӕр дуйней хъӕбӕр зундгонд ке нӕмттӕ адтӕнцӕ, еци бӕгъатӕрти статуятӕ. Къахгӕй никкидӕр ма иссирдтонцӕ дорӕй ӕма бронзӕй конд дисктӕ, грекъаг тугъдонти ӕрцити сӕститӕ, тохи уартитӕ.
Археологтӕ цитӕ иссирдтонцӕ, етӕ ци адтӕнцӕ, уой бӕлвурддӕр базудтонцӕ рагон историкти ӕма поэтти уадзимистӕмӕ гӕсгӕ.
XIX ӕноси цӕрӕг адӕм фӕстӕдӕр базудтонцӕ, рагон эллинтӕ куд цардӕнцӕ, уӕлахезбӕл куд тох кодтонцӕ ӕма се ’стур бӕрӕгбони – Олимпаг гъӕзтити куд игъӕлдзӕг адтӕнцӕ, уой. Адӕм еци хабӕрттӕ цӕйбӕрцӕбӕл фулдӕр зудтонцӕ, алли бӕстити ахургӕндтӕ Олимпий пурхӕнти цӕйбӕрцӕ уӕлдӕр гъуддӕгутӕ ӕргом кодтонцӕ, уоййасӕ адӕми хъӕбӕрдӕр фӕндадтӕй сабурдзийнади ӕма хӕлардзийнади бӕрӕгбон, уой ӕгъдӕуттӕ ӕма традицитӕ нӕуӕгӕй райдайун.
Фал еци арфи нисан уӕди рӕстӕги беретӕ лӕдӕрдтӕнцӕ алли хузти. Еуӕй-еу паддзахадон разамонгутӕ бустӕги зӕрдиагӕй дзурдтонцӕ, Олимпаг гъӕзтитӕ нӕуӕгӕй райдайун гъӕуй, уони фӕрци адӕм сӕ уӕззау цард цӕмӕй иронх кӕнонцӕ, айдагъ уой туххӕй, зӕгъгӕ. Иннетӕ ба дзурдтонцӕ, уӕхӕн устур спортивон еристӕмӕ, гъома, олимпиадӕмӕ цӕттӕ кӕнун нӕ бӕститӕн фӕййагъаз кӕндзӕнӕй хъаурӕгин ӕма фӕразон тугъдонтӕ цӕттӕ кӕнунӕн, зӕгъгӕ. Фал амонди гъуддаг адтӕй, е, ӕма олимпаг змӕлди райдайӕни уой сӕргъи лӕудтӕнцӕ, паддзахӕдти разамонгути хузӕн нӕ, фал бустӕги ӕндӕр хузи ка гъуди кодта, уӕхӕн адӕймӕгутӕ. Ӕма уонӕй еу адтӕй Пьер де Кубертэн. Уомӕй гъӕуама ӕнӕмӕнгӕ арфиаг уонцӕ идарддӕри фӕлтӕртӕ. Еци хуарз адӕймаги туххӕй бӕлвурддӕр радзорун ӕнгъезуй.
Кубертэн университет каст ку фӕцӕй, уӕд ӕхецӕн равзурста ахургӕнӕги куст. Е адтӕй, Франций спортивон змӕлди сӕргъи ка ӕрлӕудтӕй, уонӕй еу. Ӕ ном иссӕй хъӕбӕр зундгонд. Пьер де Кубертэни равзурстонцӕ Франций спортивон ӕхсӕнӕдти цӕдеси Генералон секретарӕй. Франций хецауадӕ ин бафӕдзахста, физикон гъомбӕлади гъуддаг алли бӕстити куд ӕвӕрд адтӕй, уой базонун. Кубертэн дуйней еугур паддзахӕдтӕмӕ рарвиста пъисмотӕ ӕма фарста, спортивон гъомбӕладӕ кӕми куд ӕвӕрд адтӕй, уой туххӕй, уӕдта ӕхуӕдӕг дӕр адтӕй фӕсарӕнти. Кубертэн фагӕ ӕрмӕг ку ӕрӕмбурд кодта, уӕд ӕй исахур кодта лӕмбунӕг ӕма ӕрцудӕй уӕхӕн хатдзӕгмӕ: атлетикӕ (уӕди дзамани уотӕ хундтӕнцӕ спорти еугур хузтӕ) анзӕй – анзмӕ ӕдзӕллагдӕрмӕ цӕуй. Ӕма ци бакӕнун гъӕуй, ӕдзӕллагмӕ цӕмӕй мабал цӕуа, уой туххӕй?
Кубертэн бафеппайдта, спортивон клубтӕ ахид хӕран цӕстӕй ке кастӕнцӕ кӕрӕдземӕ. Гимнасттӕ буцӕу кодтонцӕ бӕлӕгътӕргути хӕццӕ, бӕлӕгътӕргутӕ – фехтовальщикти хӕццӕ, етӕ ба теннисистти хӕццӕ. Алкедӕр ӕхе спорт нимадта хуӕздӕрбӕл.
Кубертэн ӕ дзамани иннӕ зингӕ архайгути хӕццӕ ӕрцудӕй уӕхӕн хатдзӕгмӕ, ӕма спортсменти фиццагидӕр байеу кӕнун ке гъудӕй алли бӕстити дӕр, уӕдта уой фӕсте етӕ ке гъӕуама байеу адтайуонцӕ еу организаций.
– Рагон эллинтӕ куд кодтонцӕ, уотӕ бакӕнӕн цӕмӕннӕ ес? – гъуди кодта Кубертэн. – Рагон эллинтӕ цуппар анземӕ еу хатт ӕрӕмбурд ӕнцӕ Олимпаг гъӕзтитӕмӕ. Адӕмтӕмӕ исӕвзурун кӕнун гъӕуй сӕребарӕдзийнадӕмӕ, ерис кӕнунмӕ ӕма иуӕнгти хъаурӕ хъаурӕгиндӕр ӕма хуӕздӕр кӕнунмӕ турнундзийнадӕ! – дзурдта еци ниллӕггомау ӕма къӕсхур адӕймаг.
Кубертэн зилдӕй алли бӕститӕбӕл, къаролтӕн ӕма хецауеуӕггӕнгутӕн дзурдта, цӕмӕй ӕрлӕууонцӕ ӕ фӕндони фарс ӕма фӕййагъаз кодтайуонцӕ олимпаг змӕлдӕн. Ӕма, Кубертэни фӕндонмӕ гӕсгӕ 1894 анзи арӕзт ӕрцудӕй Дуйнеуон спортивон конгресс.
Зӕгъун гъӕуй, уӕди дзамани ефстагӕй фӕстӕмӕ ке нӕ адтӕй, алли бӕстити спортсменти фембӕлдтитӕ ке бон адтайдӕ, уӕхӕн дуйнеуон спортивон организацитӕ. Алли бӕстити фиццаг спортивон еугӕндтӕ – бӕлӕгътӕруни Дуйнеуон Федераци ӕма къахдзонӕгътӕбӕл уайуни дуйнеуон цӕдес арӕзт ӕрцудӕй айдагъдӕр 1892 анзи. Фал уӕддӕр дуйнеуон спортивон организаци исаразуни гъуддаг размӕ цӕун байдӕдта. Олимпаг змӕлд еугур бӕстити дӕр цӕмӕй разиндтайдӕ, уой туххӕй конгресси баунаффӕ кодтонцӕ Дуйнеуон олимпаг комитет исаразун. Еци комитети сӕргъи ӕрлӕудтӕй Пьер де Кубертэн. «Бӕрзонд ӕй уӕлахези кадӕ, фал никки бӕрзонддӕр ба ‘й тох кӕнуни кадӕ». Кубертэни аци дзурдтӕ иссӕнцӕ олимпаг девиз.
Олимпаг гъӕзтитӕ иснӕуӕг кӕнуни туххӕй ку баунаффӕ кодтонцӕ, уӕд иннӕ ахсгиаг фарста ба е адтӕй, ӕма фиццаг хатт кӕци бӕсти гъӕуама рацӕуонцӕ. Махмӕ гӕсгӕ, лӕдӕрд ӕй, еци кадгин барӕ Грецийӕн ке равардтонцӕ, е. Фал фӕззиндтӕй устур зиндзийнӕдтӕ: Грецийӕн ӕ финансон ӕма ӕндӕр равгитӕ уоййасӕбӕл кадавар адтӕнцӕ, ӕма паддзахадӕ еунӕгӕй нӕ исхъаурӕ кодтайдӕ Олимпиадӕ рарветунӕн.
Уомӕ гӕсгӕ ба Кубертэн ӕвӕстеуатӕй рандӕ ‘й Афинтӕмӕ, адтӕй къаролмӕ ӕма фембалдӕй бӕсти къароли хӕццӕ. Уой уӕлӕмхасӕн ба ма Кубертэн е ‘мцӕдесон кодта уӕди дзурддзӕугӕ ӕма фӕййагъаз кӕнун ке бон адтайдӕ, уӕхӕн адӕймӕгути, баууӕндун сӕ кодта, ци гъуддаг исаразуйнаг ӕнцӕ, е цӕйбӕрцӕбӕл ахсгиаг ӕй, уобӕл. Еузагъдӕй, хъӕбӕр ӕновудӕй байархайдта, цӕмӕй Олимпаг гъӕзтитӕ ӕнтӕстгинӕй рацӕуонцӕ, ци ӕхцатӕ багъудайдӕ, уони ӕрӕмбурд кӕнунбӕл. Хецӕн адӕймӕгутӕ ци ӕхцатӕ равардтонцӕ, уони фӕрци фестурдӕр ӕма фӕххуӕздӕр кодтонцӕ мраморӕй арӕзт стадион Афини.
Ӕма 1896 анзи апърели райдайӕни кадгин уавӕри, федауцӕй-федауцӕдӕр бӕрӕгбони хузӕнӕй райдӕдтонцӕ нӕуӕг доги Фиццаг Олимпаг гъӕзтитӕ. Раст зӕгъун гъӕуй, еристи программӕ устур нӕ адтӕй – рӕуӕг атлетикӕ, теннисисттӕ, накӕгӕнгутӕ, гимнасттӕ, классикон гъӕбесӕйхуӕцгутӕ, штангисттӕ, велосипедисттӕ, топпӕйӕхсгутӕ ӕма бӕлӕгътӕргутӕ. Еристӕн ӕма тӕрхон кӕнунӕн еу ӕгъдӕуттӕ нӕ адтӕй, спортивон ӕнтӕстдзийнӕдтӕ устуртӕ нӕ адтӕнцӕ – нуртӕккӕ спортивон разряд кӕмӕ ес, сауӕнгӕ еци скъоладзаутӕн дӕр сӕ бон ӕй уонӕй устурдӕр спортивон ӕнтӕстдзийнӕдтӕ равдесун. Фал уӕддӕр Олимпиадӕ иссӕй дуйнеуон спорти хъӕбӕр устур ӕнтӕстдзийнадӕ. Олимпиадитӕ райдӕдтонцӕ. Уӕд фиццаг Олимпиади фӕрци фӕззиндтӕнцӕ дуйнеуон рекордти фиццаг таблицитӕ дӕр, фиццаг чемпионтӕ ӕма рекордсментӕ дӕр.
Уотӕ фӕззиндтӕнцӕ фиццаг сӕрдигон Олимпаг гъӕзтитӕ.
– Ӕма мах цӕмӕй лӕгъуздӕр ан? – загътонцӕ спорти зуймон хузти минӕвӕрттӕ.– Махӕн дӕр нӕ бон ку ӕй нӕхе Олимпиадитӕ рарветун зумӕги.
Аци гъуддаг, куд хуӕздӕр адтайдӕ олимпаг ӕзмӕлдӕн еумӕйагӕй, еци хузи райаразунмӕ бавналдта Пьер де Кубертэн.
Ӕма французаг Альпити минкъий курортон сахар Шамонийи 1924 анзи январи райдӕдтонцӕ фиццаг зуймон Олимпаг гъӕзтитӕ. Архайдтонцӕ си ӕхсӕрдӕс бӕстей спортсментӕ.
***
Олимпаг гъӕзтитӕ нӕуӕгӕй аразун ку байдӕдтонцӕ, уӕд сӕ нисанеуӕг адтӕй еу: дуйней еугур паддзахӕдти спорти тухгиндӕрти еристӕ гъӕуама цӕуонцӕ рӕстадӕ ӕма ӕмбарӕдзийнади бундорбӕл, ӕма уотемӕй адӕмти ‘хсӕн кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ парахатдӕр кӕнун. Архайдтонцӕ, цӕмӕй е адтайдӕ ӕцӕг бӕрӕгбон, цийнаг уа еугур адӕмтӕн дӕр. Берӕ рӕстӕгути уогӕ дӕр уотӕ адтӕй.
Фал фӕстаг рӕстӕгути Олимпиадитӕ аразуни гъуддӕгутӕ ӕдзӕсгон «аразгути» къохти бафтудӕнцӕ ӕма син сӕ раздӕри нисанеуӕг алли гириззаг миутӕй исусхъуммитӕ кодтонцӕ. Цитӕ си аразунцӕ, е рӕстзӕрдӕ дзиллӕй неке зӕрдӕмӕ цӕуй, фал уони гъуди ка нимайуй? Нуртӕккӕ паддзахеуӕг кӕнунцӕ цъумурӕйдзаг политикӕ ӕма ӕхцатӕ, ӕхцатӕ, ӕхцатӕ… Кӕд ӕма кӕми фӕууидтайсӕ уой, ӕма спортивон ӕгъдауӕй дуйней тӕккӕ тухгиндӕр паддзахади спортсменти Олимпиади архайуни рӕстӕг сӕ Паддзахадон турусай хӕццӕ рацӕуни барӕ ма уӕд, ка си фӕууӕлахез уа, уой кадӕн ба ӕ Паддзахадон Гимн цагъд ма цӕуӕд?!.
Уогӕ е лӕмбунӕгдӕр дзубандий фарста ‘й, ӕма уой туххӕй фӕстӕдӕр нӕ зӕгъуйнӕгтӕ зӕгъдзинан. Абони ба нӕ фӕндуй цубурӕй базонгӕ кӕнун, Олимпаг гъӕзтити иристойнаг спортсментӕй (фиццаг – Советон Цӕдеси, уой фехӕлди фӕсте ба – Уӕрӕсей Федераций еугонд командити иуонгтӕ уогӕй) ка архайдта ӕма си ка фескъуӕлхтӕй, уони хӕццӕ.
Иристонӕн ӕ спортивон кадӕ бӕрзонд кӕнунцӕ
Нӕ спортсментӕй Олимпаг гъӕзтити фиццагидӕр ка архайдта, етӕ адтӕнцӕ уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕцгутӕ Хъулати Барис (Бадзи) ӕма Бестаути Алимбег. Австралий 1956 ази ци Олимпаг гъӕзтитӕ цудӕй, уонӕми Хъулай-фурт иссӕй ӕвзестӕ призер, Бестауи-фурт ба райста бронзӕ майдан.
Аци дууӕ богали нӕ республики спортивон анзфинсти ахӕссунцӕ зингӕ бунат. Иристойнаг спортсментӕй фиццагидӕр Бадзи райста Олимпаг гъӕзтити уӕлдӕр хуӕрзеугутӕй еу – кӕд е ӕвзестӕ майдан адтӕй, уӕддӕр ӕ кадӕ ба сугъзӕрийни ӕмбӕрцӕ адтӕй, хумӕтӕги ин нӕ равардтонцӕ ССР Цӕдеси спорти ӕскъуӕлхт мастери ном, кӕци уӕд лӕвӕрд цудӕй айдагъдӕр чемпионтӕн. Мадта Бестаути Алимбегӕн дӕр айдагъ Иристони нӕ, фал Уӕрӕсей спортивон анзфинсти дӕр ӕ ном байзадӕй ӕностӕмӕ – не ‘мзӕнхон уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕцгутӕй е фиццаг иссӕй дуйней чемпион. Уой хӕццӕ ба ма советон атлеттӕй фиццагидӕр уомӕн, номдзуд тренер Дзгойти Аслӕнбеги гъомбӕлкӕнуйнагӕн, бантӕстӕй дуйней Кубок рамолун.
Абони Иристони спортивон анзфинст гъӕздуг ӕй нӕ олимпаг уӕлахезонтӕй. Фиццагидӕр фескъуӕлхтӕй Андиати Сослан (гъулӕггагӕн, не ‘хсӕн нӕбал ӕй, рохсаг уӕд…) Е иссӕй олимпаг дууӕ хатти чемпион (1976 анзи – Монреали Олимпаг гъӕзтити, 1980 анзи ба – Мӕскуй). Уой фӕсте Олимпаг гъӕзтити ӕртӕ хатти чемпион иссӕй Таймазти Артур (2004 анзи – Афинти, 2008 анзи – Пекини, 2012 анзи – Лондони, 2000 анзи ба Сиднейи райста ӕвзестӕ майдан). Олимпаг гъӕзтити дууӕ хатти чемпионтӕ иссӕнцӕ Фадзайти Арсен (1988 анзи Сеули, 1992 анзи ба – Барселони), Хӕдарцати Махарбек (1988 анзи – Сеули, 1992 анзи – Барселони, 1996 анзи Атланти ба райста ӕвзестӕ майдан). Олимпаг гъӕзтити чемпионтӕ ма алли ӕнзти иссӕнцӕ Хабелати Лери (1992 анзи Барселони), Богити Вадим (1996 анзи Атланти), Таймазти Тимур (1996 анзи Атланти, уой размӕ, 1992 анзи Барселони ба райста ӕвзестӕ майдан), Мусульбес Давид (2000 анзи Сиднейи, 2008 анзи Пекини ба райста бронзӕ майдан), Тедети Эльбрус (2004 анзи – Афинти), Гуӕцӕлти Хаджиморат (2004 анзи – Афинти), Бӕройти Хасан (2004 анзи – Афинти, 2008 анзи Пекини ба райста ӕвзестӕ майдан), Хугати Алан (2012 анзи – Лондони), Рӕмонти Сослан (2016 анзи – Рио-де-Жанейройи). Нӕ олимпаг уӕлахезон лӕхъуӕнти фӕнзун райдӕдтонцӕ нӕ кизгуттӕ дӕр. Уонӕй фиццагидӕр фескъуӕлхтӕй Санати Аидӕ – е 2008 анзи Пекини рапирӕй командон еристи архайгӕй е ‘мбӕлтти хӕццӕ райста сугъзӕрийнӕ майдан, 2012 анзи еристи ба рапирӕй командон еристи архайгӕй райста ӕвзестӕ майдан.
Сӕрдигон XXXII Олимпиадӕ гъӕуама рацудайдӕ Токиой 2020 анзи, фал пандемий фудӕй си неци рауадӕй ӕма ‘й рахастонцӕ аци анзмӕ. Райдайдзӕнӕнцӕ Токиой 23 июли ӕма фӕууодзӕнӕнцӕ 8 августи. Уони хуӕдразмӕ куд гъӕуама нӕ расагъӕс кӕнӕн: «Нӕ иристойнаг спортсментӕй си ка архайдзӕнӕй, уонӕй ке нӕмттӕ бафтуйдзӕнӕнцӕ нӕ номдзуд олимпӕгти номхигъдбӕл?..»
Ӕма еци фарстатӕй рагацау дзуапп раттун нӕ бон ӕй фиццагӕн. Куд базудтан, уотемӕй етӕ ‘нцӕ аст спортсмени: уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй – Сидахъати Заурбег, Найфонти Артур ӕма Кодзурти Сергей; дзюдойӕй – Таймазти Мӕдинӕ ӕма Хубецти Алан; уӕззау атлетикӕй – Нанити Тимур; теннисӕй – Хъарацати Аслан; бӕхти спортӕй – Митин Андрей.
Федарӕй ни ӕруагӕс кӕнуй: нӕ республики олимпӕгтӕ еци гъӕзтити устур ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ ӕнӕмӕнгӕ бавдесдзӕнӕнцӕ!..
Ӕрмӕг мухурмӕ бацӕттӕ кодта
ХЕКЪИЛАТИ Маринӕ.